Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАТРАДЗ НАРТЫ ГУЫППЫРСАРТЫ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА



БАТРАДЗ НАРТЫ ГУЫППЫРСАРТЫ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА

Уæд та иухатт Нарты гуыппырсартæ — Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан ацыдысты цуаны. Авд боны æмæ авд æхсæвы фæхаттысты, æмæ сыл сырдæмбæлæг нæ фæци.

Хæлцæй дæр æмæ дарæсæй дæр схъуаг сты Нарт æмæ сфæнд кодтой фæстæмæ раздæхын. Цæуынц, цæуынц, æмæ сыл иу тар хъæды кæрон иу урс саг фембæлди — сæ фæндаг сын разæргæвст æркодта, афтæмæй фæлидзы.

Нарт сæ номдзыд хотыхтæ фелвæстой æмæ йæ афтæмæй сурынтæ байдыдтой. Саг сæм æхстбæрцмæ æрлæууы, стæй та дарддæр алидзы. Нарт дæр æй сурынц, уæдæ цы! Авд хохы æддæмæ сæ басайдта саг æмæ уым цыдæр æрбаци.

Бон йæ бартæ суагъта, æмæ æхсæвы йæ тар къабæзтæ зæххыл æрытыдта. Стонг сæ хъуырмæ кæнын байдыдта Нарты. Катайы бацыдысты: сæхимæ цæуой, æмæ байрæджы ис, уым лæууой, æмæ æхсæвæрæн цы хос скæндзысты?!.

Кæсынц, æмæ, дын, иу ранæй рухс кæлы. Уыцы рухсмæ сарæзтой Нарты гуыппырсартæ се ’ргом æмæ цæуынц. Бахæццæ сты дойнаг дурæй амад мæсыгмæ æмæ бахъæр кодтой мидæмæ.

Уыцы мæсыджы кæд царди авд уæйыджы. Рауадысты хъæрмæ. Стыр цин бакодтой уæйгуытæ, хæххон дзиглотæ нæм сæхи къахæй æрцыдысты, зæгъгæ.

Бахуыдтой Нарты сæ хæдзармæ. Уым сæ рабадын кодтой, сæхæдæг сæ цæстытæ сæ кæрæдзимæ ныкъулынц. Æртæ дзы уæхстытæ кæнынмæ фæци, иннæ цыппар та арт кæнын байдыдтой. Нарты гуыппырсартæ куыннæ старстаиккой, мæнæ не сæфты рæстæг æрцыд, зæгъгæ.

Уæд Хæмыц дзуры уæйгуытæм:

— Цæй, не сæфты рæстæг æрцыди, уый базыдтам, фæлæ ма нын уæддæр ныззарыны бар радтут — Нарт кæддæриддæр сæ мæлæты рæстæджы заргæ фæкæнынц.

Уæйгуытæ хъæрæй ныххудтысты, сæ бинаг былтæ кæфæйтты хуызæн ныйисты.

— Заргæут, хæххон дзиглотæ, уæддæр уæ хæргæ кæндзыстæм, — зæгъгæ, дзурынц Нартмæ.

Нарт сæ тых-сæ бонæй ныззарыдысты, æмæ сын уæларвмæ сæ зарыны хъæр фехъуыста Нарты болат Батрадз. Уыциу æхст раласта йæхи; хохыл сæмбæлди, æмæ йе ’ндоны зæлангæй кæмттæ, хъæдтæ æмæ быдыртæ ныййазæлыдысты.

Нарт бамбæрстой, Батрадз кæй фæзынди, уый æмæ æмхуызонæй ныххудтысты.

— Худут, худут, хæххон дзиглотæ, — зæгъгæ, сæм дзурынц уæйгуытæ.

Гъа ныр уæхстытыл бакæнæм Нарты, зæгъгæ, куыд загътой сæхинымæры уæйгуытæ, афтæ сæ мæсыджы фарс æрбакалди, æмæ дзы æрбагæпп кодта Хæмыцы фырт болат Батрадз. Тымбыл къухæй ралæууыд уæйгуытыл. Кæй дзы нырриуыгъы, уый йæ къах атилыны бон дæр нал фæвæййы, афтæмæй йæ уд фелвасы. Бынцагъд сын ныккодта, уæдæ цы!

Ракодта Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сосланы, дунейы сырдтæ сын ныццагъта æмæ сæ стыр цинимæ рарвыста Нартмæ.

Йæхæдæг та фæстæмæ уæларвмæ сфардæг ис.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.