Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАТРАДЗ НАРТЫ ДЗУАРЫ КУЫД ФÆНАДТА



БАТРАДЗ НАРТЫ ДЗУАРЫ КУЫД ФÆНАДТА

Иухатт Нартæн сæ дзуар æргом рацыд. Устытæ йæм иугай-дыгай цыдысты æмæ йын лæгъстæ кодтой: «Хорз нывы конд мын радт, хорз нывы конд мын радт!»

Иннæты хынцмæ йæм Батрадзы ус дæр ссыд æмæ йæм бадзырдта:

— Табу дæхицæн, нæ дзуар! Мæ кувинæгтæ мын айс æмæ мын исты хæрзиуæг бакæн.

Дзуар æм радзырдта:

— Дæ хуызæн мондаджджынтæн æз хæрзиуæг нæ кæнын.

Ус ма цы загътаид, аздæхт æмæ мæстæйдзагæй сæ хæдзармæ ныццыди.

Батрадз сæхимæ нæ уыд — балцы та ацыд кæдæмдæр.

Бады æнкъардæй Батрадзы ус.

Уæд мæнæ зæрватыкк æрбатахт æмæ хæдзары ердойыл абадт. Батрадзы ус æм дзуры:

— Батрадзмæ мын фæтæх — кæд бадгæ кæны, лæугæ скæнæд, кæд лæугæ кæны, бадгæ мауал скæнæд, фæлæ мæм тагъд хæццæ кæнæд!

Зæрватыкк атахт Батрадзмæ æмæ йын йæ усы ныхæстæ рафæзмыдта.

Батрадз йе ’фсургъыл абадти æмæ уайтагъд æрхæццæ ис сæхимæ. Фæрсы йæ усы:

— Цы кодтай? Цæуыл бауынгæг дæ?

Ус ын радзырдта:

— Нæ хицауты дзуар æргом рацыд. Устытæ йæм цыдысты æмæ дзы амæндтæ куырдтой. Æз дæр æм ссыдтæн. Уый мæ æвзæр фелгъыста æмæ мæ расырдта.

Батрадз ацыд хъæдмæ, тулдз лæдзджытæ фæарæзта, йæ дæларм сæ бакодта, Нарты дзуары размæ ссыди æмæ йæм бадзырдта:

— Нарты дзуар, æддæмæ-ма ракæс!

Дзуар афтæ фенхъæлдта, чидæр та мæм куывды ’рбацыди, зæгъгæ, æмæ ракасти.

Батрадз йæ дæлармæй иу лæдзæг фелвæста æмæ дзы дзуарыл тъæнг-тъæнг ралæууыд. Дзуар ныййарц ис æмæ лидзы. Батрадз йæ фæстæ уайы æмæ йæ хойы, иу лæдзæг куы асæтты, уæд та иннæ райсы, афтæмæй.

Йæ уд йæ хъуырмæ схæццæ ис, афтæмæй Уациллатæм баирвæзт Нарты дзуар. Батрадз хъæр кæны Уациллатæм:

— Мæ куырмæдзæуæг хъуг сымахмæ бацыд, æмæ мын æй радде кæнут, кæннод уын уæхи дæр фыдбоны хай фæкæндзынæн.

Уациллатæ фæтарстысты сæхицæн æмæ ратардтой дзуары.

Фæлидзы та дарддæр. Батрадз дæр та уайы йæ фæстæ æмæ йæ нæмы. Иу лæдзæг куы асæтты, уæд та иннæмæй райдайы.

Дзуар смидæг ис Сафатæм. Сафатæ рацыдысты Батрадзмæ æмæ йын лæгъстæ кæнынц:

— Мах тыххæй йын ныббар, Батрадз, æмæ йæ ныууадз, уый уæддæр нал фервæздзæн.

— Сымах хуызæн саухъусты тыххæй йын куыд хъуамæ ныббарон! Ратæрут æй тагъд, кæннод уæхиуыл дæр тугуарæн кæны! — фæхъæр сыл кодта Батрадз.

Ратардтой та йæ уыдон дæр — цы бон сæ уыд æндæр! Лидзы дзуар дарддæр. Батрадз дæр йæ фæдыл уайы æмæ йын йе рагъдзарм дауы стыр тулдз телыгæй.

Йе ’взаг раласта дзуар, афтæмæй та Тутыртæм баирвæзт. Тутыр рацыд Батрадзы размæ æмæ йæм дзуры:

— Гъæйтт-мардзæ, Нæртон Батрадз, курæджы куырдæн аргъ скæн æмæ йын ныббар!

— Бæргæ йæ нал ныууагътаин афтæмæйты, фæлæ цæй, цы кæнон, цæсгом армыдзаг йеддæмæ нæу — курæджы куырды сæрты куыд ахизон! — дæу тыххæй йын барст фæуæд, Тутыр! — загъта Батрадз æмæ аздæхти фæстæмæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.