Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАТРАДЗ СОСЛАНЫ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА



БАТРАДЗ СОСЛАНЫ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА

Кадзиты Сатана йæ лæппуйæн арæзта кæхц æмæ рарвыста Кадзиты чызджытæн сæ рæсугъддæрты æмæ сын загъта:

— Ацæут Нарты Сатанамæ кæхцгур; лæвæрттæ уын фæкæндзæн, æмæ-иу фæстæмæ афоныл раздæхут.

Араст сты чызджытæ. Нарты цæхæрцæст Сослан фыдбылыз кæм нæ уыд! Фембæлди фæндагыл Кадзиты чызджытыл æмæ сын фыдмитæ фæкодта. Фæстæмæ ныццыдысты чызджытæ мæстæйдзагæй Кадзиты Сатанамæ. Сатана сæ фæрсы:

— Цы баистут?

— Фыдвæд, фыдамонд фæхæссæд, кæхц кæмæн кæныс, уый дæр, æмæ нæ кæхцгур кæмæ æрвыстай, уый дæр: Сослан ныл фембæлдис æмæ нын фыдмитæ фæкодта, — загътой чызджытæ.

Уæд Сатана фæдзырдта Кадзитæн сæ фæстæмæкъахджынтæм.

— Ацæут, Сослан кæмдæриддæр и — ссарут æй æмæ мæм æй æркæнут!

Араст сты фæстæмæкъахджынтæ. Сосланæн цуанæй цæй фæцухгæнæн уыди æмæ йæ ’рцахстой кæмдæр фæндагыл, иу мæгуыр лæджы фыртимæ, æмæ йæ ныккодтой Кадзиты Сатанамæ.

Кадзиты Сатана дыууæйы дæр сæ пысултæй байтыгъта уаты къулыл.

Нал зыны Сослан фæстæмæ, уæдæ цы уыдаид!

Æртæ Нарты сыстадысты æмæ иннабонæй-иннабонмæ фæцагуырдтой Сосланы йæ цуаны цæуæнты æмæ йæ хæтæнты, фæлæ — никуы дæр йæ хауæн, никуы дæр йæ мард.

Батрадз уыдис балцы, кæмдæр дард бæсты.

Æртæ Нарты бадынц æнкъардæй æртæ раны. Хъынцъым кæнынц: «Нæ дарæг, нæ уромæг — Сослан! Чемæ ма цæрдзыстæм! Де стæгдар ма нын уæддæр куы ’рхæццæ уыдаид Нарты уæлмæрдтæм».

Уалынмæ Батрадз æрхæццæ ис йæ балцæй æмæ бацыдис Уæллаг Нартмæ æмæ сæм дзуры:

— Уе ’зæр хорз уæд, Уæллаг Нарт!

Зæхмæ кæсынц адæм, ныхас сæ никæй дзыхæй хауы.

Рараст ис уырдыгæй, Астæуккаг Нартмæ ’рцыд.

Уыдонæн дæр та загъта, уе ’зæр хорз, зæгъгæ.

Уыдонæй дæр та йæм ничи ницы сдзырдта.

Дæллаг Нартмæ ’рцыдис Батрадз. Сæргуыбырæй лæууынц Дæллаг Нарты адæм.

— Уе ’зæр хорз уæд, Дæллаг Нарт! — дзуры та уыдонмæ дæр Батрадз.

Æппындæр та йæм ничи ницы сдзырдта Дæллаг Нартæй дæр.

Араст и мæстæйдзагæй Батрадз æмæ Сатанамæ бацыд æмæ йæ фæрсы:

— Дæ хуыцауы тыххæй, Сатана, Нартыл цы зиан æрцыдис? Æртæ Нартмæ дæр бацыдтæн, алкæмæн дæр сæ загътон, уе ’зæр хорз, зæгъгæ, æмæ мын дзы æппындæр æгъдау ничи радта, дзургæ дæр мæм дзы ничи скодта.

Сатана йын загъта:

— Цы кæнæм, Батрадз, Сослан нын фесæфти. Æртæ Нарты сыстадысты, чидæриддæр сæ цæуынхъом у, уыдонæй фæсте ничиуал баззад, фæцагуырдтой йæ иннабонæй-иннабонмæ, фæлæ — никуы дæр йæ хауæн, никуы дæр йæ мард.

Батрадз нал дæр кæрдзын бахордта, нал дæр æндæр, — мæстæйдзагæй ныххуыссыд. Райсомраджы фестади, æмæ йын Хуры чызг æрдхорд хо уыдис, æмæ йæхицæн загъта: «Цон ма, ме ’рдхорд хойы бафæрсон, кæд уый исты базыдта, мыййаг».

Араст ис æмæ уæларвмæ ссыдис.

Хуры чызг æм рауади худгæ-худгæ.

Батрадз æм æнкъардæй кæсы. Хуры чызг æй фæрсы:

— Батрадз, нæ чысылæй нырмæ куы стæм кæрæдзийæн æрдхорд хо æмæ ’фсымæр, æмæ дæ ныры хуызæн æнкъардæй куы никуы федтон, уæд цы кæныс?

Батрадз загъта:

— Цы ма кæнон — Сослан нын фесæфтис. Æртæ Нарты йæ фæцагуырдтой иннабонæй-иннабонмæ — никуы дæр йæ хауæн, никуы дæр йæ мард.

Уæд Хуры чызг ныххудтис æмæ йын загъта:

— Сосланы диссæгтæм чи нæ касти, Батрадз: Кадзитæ йæ ’рцахстой мæгуыр лæджы фыртимæ, æмæ йæ Кадзиты Сатана байтыгъта йæ уаты къулыл.

Батрадз йæ былтæ ахсыдта æмæ фæстæмæ фездæхтис æмæ араст ис Кадзитæм, æмæ йыл фæндагыл фембæлыди иу мæгуыр лæг.

Батрадз æм дзуры:

— Дæ бон хорз æмæ дæ фæндаг раст!

— Хорз дæ хай уæд, Батрадз! — дзуапп ын радта лæг.

— Цы агурыс, мæгуыр лæг? — фæрсы йæ Батрадз.

— Иу лæппуйы хицау уыдтæн, æмæ фесæфт, æмæ гъе уый агурын.

— Æз та уæдæ Сосланы агурын, — дзуры йæм Батрадз, — æмæ мауал фыдæбон кæн, æз дыл райсом æмбæлын кæндзынæн дæ лæппуйы — Сослан кæм и, дæ лæппу дæр уым ис.

Мæгуыр лæджы уым ныууагъта Батрадз, йæхæдæг араст ис Кадзитæм. Ныццыди Кадзиты хъæумæ. Æрцахста Кадзиты Сатанайы æмæ йын зæгъы:

— Тагъд, ме ’фсымæр Сослан кæм и, уый мын зæгъ, кæннод мын додойаг дæ къона кæны!

Кадзиты Сатана фæтарсти æмæ зæгъы Батрадзæн:

— Уæртæ æргъæу уаты къулыл тыгъдæй лæууы.

Батрадз бауадис уатмæ. Сосланы тыгъдæй куы федта, уæд йæ дынджыр цæстытæ доны разылдта.

— Цы фыдбылыз дæ ’рхаста ардæм цуаны? — дзуры Сосланмæ. — Дæ цуры дын мæгуыр лæджы лæппуйы тыххæй барст фæуæд, æндæра дæ ныууагътаин ацы ран къулыл тыгъдæй.

Рафтыдта дыууæйы дæр къулæй Батрадз, стæй азылдтытæ кодта Кадзиты хъæуыл æмæ сæ цæгъдын байдыдта æмæ сæ сухы цагъд ныккодта. Цыдæриддæр фæллой æмæ чызг-уацайраг æмæ лæппу-уацайраг ссардта хъæуы, уыдон йæ фыццаг скодта æмæ рараст ис Нартмæ.

Лæппуйы йæ фыдыл сæмбæлын кодта.

Кадзитæй цы фæллой рахаста Батрадз, уыдонæй мæгуыр лæгæн ахъаззаг хай радта, иннæты Нартмæ ’рхаста æмæ сæ байуæрста Нарты мæгуыртæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.