Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАТРАДЗ ÆМÆ СОХЪХЪЫР УÆЙЫГ ÆФСÆРОН



БАТРАДЗ ÆМÆ СОХЪХЪЫР УÆЙЫГ ÆФСÆРОН

Йæ фырты сæфты фæстæ йæ фæрстæ цъæх арт уагътой сохъхъыр уæйыг Æфсæронæн. Нартæй йæ маст цæмæй райса, ууыл архайдта æмæ алы фæндтæ кодта. Батрадзæн йæхимæ кæм бауæндыдаид, фæлæ, дын, иубон куы уыди, уæд бахуыдта йæхимæ уазæгуаты Нарты зæрæдты — Уырызмæг æмæ Хæмыцы. Йæ фырттæн бафæдзæхста: «Фæсхæдзар æмбæхстæй лæуут; нозт тых кæнын куы байдайа Нарты зæрæдтæн, уæд уæм бæрæг кæндзынæн, æмæ-иу уæхи хæдзармæ хæстæг ласут».

Нæ бацауæрста цæхх æмæ кæрдзыныл Æфсæрон — сырды фыдæй фынгтæ зæхмæ тасыдысты, рахаста нозт æмæ дæлæмæ рæгъ, уæлæмæ рæгъ, афтæмæй нуазын райдыдта Уырызмæг æмæ Хæмыцимæ.

Ницы фыдæнхъæл уыдысты Нарты дыууæ зæронды æмæ нозтæй сæхимæ куыннæ фæкастаиккой? Гъа ныр сæм нозт хъарын байдыдта, зæгъгæ, афтæ, дын, Æфсæроны фырттæ хæдзармæ сæхи хæстæг баластой.

Уæд сохъхъыр уæйыг стыр куыси райста йæ къухмæ æмæ Уырызмæгмæ худæндзастæй радзырдта:

— Зæгъ-ма, Уырызмæг, дæ хорзæхæй — фыдæлтыккон зарæг дын азарон æви нырыккон зарæг?

— Зарынмæ дæсны кæй дæ, нæ фысым, уый фехъуыстон, æмæ нын кæд иугæр дæ буц хъæлæсы уаг æвдисын сфæнд кодтай, уæд нын нырыккон зарæг азар — фыдæлтыккон зарджытæ ма, чи зоны, искуы фехъуыстаиккам, — зæгъгæ, йæм бадзырдта Уырызмæг.

Æмæ ныззарыди сохъхъыр уæйыг.

«Уæд, дын, иу фæззыгон мигъ бон бæзджын хъамылмæ æрбафтыди дыууæ нæл хуыйы. Ссырджын хъæхъхъаг куыйтæ сæ алфамбылай æрзылдысты. Æвæццæгæн, нал аирвæздзысты уыцы дыууæ нæл хуыйы уыцы ссырджын куыйтæй, — фаркгай сæ куы скæндзысты, фаркгай, уæдæ!»

Цы бамбарын хъуыд Уырызмæг æмæ Хæмыцæн, уыцы зарæг цы амыдта, уый. Сæ нуæзт фесæфти; лидзыныл дæр нæ бацауæрстаиккой, фæлæ сын фадат нал уыд.

Уыцы афон Батрадз уыд уæлхохы; айхъуыста Æфсæроны зарæг, рагæпп кодта бæрзондæй æмæ сохъхъыр уæйыджы кæрты æрхаудта. Уырызмæг æй йе ’ндоны хъæрæй уайтагъд дæр базыдта. Куыннæ бацин кодтаид зæронд, æмæ ныззарыди:

 

Ой, дæ цæрæнбон бирæ уа,

Нæ рæдау фысым!

Сырды фыдæй нæ бæргæ хорз федтай,

Бæргæ нæ бахъæлдзæг кодтай

Дæ сызгъæрин хъæлæсæй,

Фæлæ зарæг йæ кæронмæ

Куы нæ ахæццæ кодтай, мæ хур!

Хъуыды ма кæнын — зарæг дарддæр

Афтæ у: «Нæл хуытæм æххуыс кæнынмæ

Хохы бæрзондæй фæзынди иу фыранчы лæппын, —

Æвзыгъд æмæ цæхæрцæст.

Æвæццæгæн, æмæ уыцы ссырджын куыйтæ

Ныр нал фервæздзысты —

Астигъдзæн сæ уыцы фыранчы лæппын!»

 

Йæ зарæг конд фæци Уырызмæг, афтæ Батрадз хæдзары смидæг ис, тарваз ратыдта æмæ, — дæ балгъитæг афтæ, — уæйгуыты фыдæй, фыртæй ныттæбæкк кодта.

Йæхæдæг Уырызмæг æмæ Хæмыцы рахуыдта æмæ сæ Нартмæ æрхæццæ кодта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.