Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАТРАДЗ УЫРЫЗМÆДЖЫ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА



БАТРАДЗ УЫРЫЗМÆДЖЫ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА

Æхсæртæггаты гуыппырсартæ хæтæны ацыдысты. Хъæуы ма дзы баззади æрмæст зæронд Уырызмæг. Æрæгмæ здæхтысты фæстæмæ гуыппырсартæ. Адæм дзырдтой: «Æхсæртæггаты тыхджынтæ хæтæны ацыдысты, кæмдæр сыл сæхицæй тыхджындæртæ сæмбæлди, æмæ, æвæццæгæн, фæцагъды сты».

Борæтæ загътой: «Æхсæртæггатæй змæлæг нал ис, æмæ сæ фæллой хæссыны фыдæй лæууы. Фæлæ ма дзы иу зæронд лæг ис, æмæ йæ, цом ныммарæм æмæ æввонг фæллой рахæссæм!»

Иубон æрæмбырд сты Борæтæ æмæ бауынаффæ кодтой: «Куывд скæнæм, æрхонæм Уырызмæджы, баназын ын кæнæм æмæ йæ амарæм æмæ Æхсæртæггаты фæллой нæхи бакæнæм».

Цалдæр боны фæстæ куывд сцæттæ ис Борæты æрдамонгæ хæдзары, æмæ загътой Борæтæ:

— Хонæг чи бацæудзæн Уырызмæгмæ?

Сырдон сæм дзуры:

— Æз бацæудзынæн æмæ йæ æрбакæндзынæн.

Бацыди Сырдон Уырызмæгмæ, йæ разы абадти æмæ йæм дзуры:

— Борæтæ куывд кæнынц се ’рдамонгæ хæдзары æмæ дæ хонынц. Кæд дæ фæнды — рацу, кæд дæ нæ фæнды — ма рацу.

— Уый дын чердыгон ныхас у, ахæм хуынд дæр ма вæййы?! — загъта Уырызмæг.

— Вæййы, — зæгъгæ, фæкодта Сырдон.

— Ацу, уæдæ, арфæ сын ракæн æмæ сын зæгъ: «Абон рынчын дæн, æмæ куывдмæ ацæуын æмæ уым æгъдауыл фæбадын мæ бон нæ бауыдзæн».

Сырдон ацыди, Уырызмæг Сатанамæ дзуры:

— Базæронд дæн, не ’фсин, æмæ мын Нарт кад нал кæнынц, уыййеддæмæ уый чердыгон хуынд у: кæд дæ фæнды — рацу, кæд дæ нæ фæнды — ма рацу?

— Æцæг базæронд дæ, æцæг, мæ сæры хицау, æмæ дзурæджы дзырд нал æмбарыс. Уый дыл Борæтæ фыдвæнд скодтой, æмæ дын æй Сырдон æмбарын кодта, — загъта йын Сатана.

Сырдон Борæтæн куы загъта, не ’рбацæудзæн Уырызмæг, зæгъгæ, уæд бакатай кодтой æмæ дзурынц: «Ног чындзы йæм барвитæм, æмæ ма кæд йæ уд йæ мидæг ис, уæд ын æнæ ’рбацæугæ нæй».

Ног чындз араст ис. Бацыди æмæ дуар бахоста. Сатана йæм ракастис.

— Махонтæ куывд кæнынц æрдамонгæ хæдзары æмæ мæ уæ зæронд лæгмæ хонæг рарвыстой, — зæгъы ног чындз.

Сатана фæстæмæ баздæхти æмæ чындзы ныхас рафæзмыдта Уырызмæгæн. Бæргæ ныккатай кодта Уырызмæджы зæронд, фæлæ ма йын нæй æнæ сразы уæвæн уыд?!.

«Хуыцау ма ныббарæд йæ рарвитджытæн!» — зæгъгæ, бакодта Уырызмæг æмæ дзуры Сатанамæ:

— Ацу, мæ хур, æмæ йын зæгъ: «Нарты фæтк нæ фехалдзынæн, чындз хонæгæн „нæ“ зæгъæн нæй, æмæ ныртæккæ æмбæлдзынæн». Сатана рацыди, йæ зæронды дзуапп чындзæн рафæзмыдта. Баздæхти фæстæмæ æмæ дзуры Уырызмæгмæ.

— Тæрсгæ ма кæ, мæ зæронд! Мæнæ ацы зæлдаг кæлмæрзæн демæ ахæсс, æмæ, тыхсын райдыдтай, зæгъгæ, уæд-иу æй зæхмæ æрæппар, стæй дын уæд исты хос уыдзæн фервæзынæн. Мæнæ дын ноджы хæтæл. Бакæн æй дæ кæрцы мидæгæй. Сбад-иу фистын гобаныл. Нозт-иу хæтæлы уадз, æмæ гобаныл кæлдзæн æмæ уым хъардзæн..

Уырызмæг айста кæлмæрзæн æмæ хæтæл, йæ роны сæ бакодта, сыстади, йæ тинты кæрц йæ уæнтыл æркодта, райста йæ цирхъ æмæ йæ йæ кæрцы мидæгæй йæ сины æртъыста, афтæмæй араст ис куывдмæ. Бахæццæ ис. Кæсы — Борæтæ цæлхæмбырдæй бадынц. Уырызмæджы куы федтой, уæд сыстадысты, хистæрæй, кæстæрæй.

— Фарн уæ хæдзары æмæ уæ куывд барст, Борæтæ! — загъта сын Уырызмæг.

— Æгас нæм фæцæуай, æгас, Уырызмæг! — дзурынц æм Борæтæ æмæ йыл мæнгард цинтæ кæнынц. Сбадын æй кодтой уæле, авд рæгъы сæр. Куывд райдыдта. Алы рæгъыл дæр Уырызмæгмæ дæттынц авд нуазæны. Цас æй фæнды, уыйас дзы нуазы Уырызмæг, иннæ хæтæлы уадзы, нозт гобаныл кæлы æмæ уым хъары.

Сырдон зæххы хин, арвы кæлæн кæм нæ уыди! — базыдта Уырызмæджы хъуыддаг æмæ йæ бамбарын кодта Борæтæн.

— Цæй, ныр бæхджыны нуазæнтæ баназæм, — зæгъгæ, радзырдтой Борæты хистæртæ.

Сыстадысты. Уырызмæг йæ сæр ныттылдта, фæлæ «нæ» зæгъын йæ сæрмæ нæ бахаста æмæ нозта. Нозт ын хæтæлы уадзæн нал уыд, æмæ дзой-дзой кæнын байдыдта.

— Нæ зæронд галæн йе ’ргæвдын афон æрхæстæг кæны, — зæгъгæ, дзуры Борæты Бурæфæрныг кæстæртæм. Бамбæрста зæронд Уырызмæг, йæ царды кæрон кæй æрхæццæ кæны, уый, æмæ зæлдаг кæлмæрзæн æрæппæрста зæхмæ. Кæлмæрзæн Сатанамæ февзæрди. Сатана бамбæрста хъуыддаг. Тагъд-тагъд æртæ мыдамæсты ракодта, Кувæн къуыпмæ ауади, æртæ мыдамæсты æмæ ронджы дурынимæ, æмæ скуывта: «Хуыцауты хуыцау, мæхи хуыцау! Кæд мæ истæмæн скодтай, уæд ме ’нæныййаргæ фырт Батрадз Донбеттыртæм ис, æмæ ам цы фесты, уый ды радт!»

Скуывды хæдуæлвæд Батрадз фурдæй ратæррæст кодта æмæ Сатанайы уæлхъус алæууыд.

— Цы ’рцыд, мæ мад? — фæрсы Сатанайы.

— Дæ зæронд фыдыфсымæры дын Борæтæ æгады мардæй марынц, — дзуапп ын радта Сатана.

— Кæм ис, чердыгæй ис? — афарста йæ Батрадз.

— Борæты æрдамонгæ хæдзары.

Батрадз азгъордта. Бахæццæ ис Борæтæм æмæ хæдзары къæсæрæй бахъæр кодта. Аххæрджытæ ныррызтысты йæ хъæрæй æмæ сæгтæ æркалдысты; куывды бадджытæй бирæтæ фæсуртæ сты сæ бынæтты.

— Гъæйтт, зæронд, мард дæ æви ма мын æгас дæ? — бадзырдта Батрадз Уырызмæгмæ.

Йæ зæрдæ куыннæ фæфидар уыдаид Уырызмæгæн, Батрадз фæзынди, уый куы бамбæрста, уæд! Фырцинæй дзурынмæ дæр нал арæхст, фæлæ ма уæддæр радзырдта:

— Мард нæ дæн, фæлæ мæрдон æгас дæн.

— Уæдæ рындзыл бадыс æви сургæ ракæндзынæ? — фæрсы йæ Батрадз.

— Мæнæн сурын мæ бон нал у, фæлæ рындзыл абаддзынæн, — дзуапп радта Уырызмæг æмæ къæсæрмæ рауад, йæ синæй йæ цирхъ фелвæста æмæ йæ тарвазæй иннæ тарвазмæ хидæвæрд акодта, йæ ком мидæмæ, афтæмæй.

Сырдон та уайтагъд хъуыддаг бамбæрста æмæ тæссæй ердойыл сгæпп кодта æмæ афардæг ис.

Батрадз хæдзары цæджындзтæй иу ратыдта æмæ, дæ балгъитæг афтæ, стыггай ахаста Борæты се ’рдамонгæ стыр хæдзары къуымты. Кæй нырриуыгъы, уый атæбæкк вæййы. Æддæмæ дзи чи лидзынвæнд кодта, уыдон та Уырызмæджы цирхъыл æмбæлдысты, æмæ сæ гуыртæ æддæмæ хаудысты, сæ сæртæ мидæгæй задысты.

Иуахæмы Батрадз астæуккаг цæджындзыл схæцыди æмæ хæдзары цар уæлæмæ систа. «Лидзæн нын фæци», — зæгъгæ, зыхъхъырмæ сæхи ныккалдтой, Борæтæй ма удæгас чи уыд, уыдон. Батрадз сыл цар фæстæмæ æруагъта, æмæ уым сагъдæй баззадысты.

Афтæмæй сухы цагъды фесты Борæтæ.

Батрадз Уырызмæджы дæларм бацыд æмæ йæ Сатанайыл сæмбæлын кодта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.