Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФЫЦЦАГ АРХАЙД. Фыццаг сценæ



 

Журнал «Мах дуг», 2001, №1. Ходы Камалы тæ лмац

 

Леонгард Франк[1]

 

ФÆ ЗИЛÆ Н

Æ ртæ архайдон пьесæ

ФЫЦЦАГ АРХАЙД.. 2

Фыццаг сценæ. 2

Дыккаг сценæ. 4

Æ ртыккаг сценæ. 5

Цыппæ рæ м сценæ. 6

Фæ ндзæ м сценæ. 7

Æ хсæ зæ м сценæ. 8

Æ вдæ м сценæ. 9

ДЫККАГ АРХАЙД.. 11

Фыццаг сценæ. 11

Дыккаг сценæ. 11

Æ ртыккаг сценæ. 12

Цыппæ рæ м сценæ. 12

Фæ ндзæ м сценæ. 15

Æ хсæ зæ м сценæ. 15

Æ РТЫККАГ АРХАЙД.. 18

Фыццаг сценæ. 18

Дыккаг сценæ. 19

Æ ртыккаг сценæ. 19

Цыппæ рæ м сценæ. 20

Фæ ндзæ м сценæ. 21

Æ хсæ зæ м сценæ. 21

Æ вдæ м сценæ. 22

 

АРХАЙДЖЫТÆ:

 

Лæ г.

Ус.

Бухгалтер.

Директор.

Шофыр.

Пъæ лицæ йы инспектор.

Мад.

Спортсмен-автомобилист.

Æ лхæ нæ г.

ФЫЦЦАГ АРХАЙД

Фыццаг сценæ

Сосавæ ндаджы был — зыбыты иунæ г хæ дзар агуыридурæ й. Арæ зт у дыууæ хайæ: галиу хай — машинæ тæ мзилæ н æ рмадз, рахиз та — цæ рæ н уат.

Лæ г (иу-дыууиссæ дзаздзыд, йæ сæ р фæ халас, бæ зджын тар рихитæ. Цалхы камерæ асгары, ноджыдæ р ма йæ адымсы, дымсæ нæ н йæ сыланг разилы, камерæ ма иу хатт басгары æ мæ йæ къулы рæ бынмæ баппары). Æ гъгъæ д уал фæ уæ д абон! (Къраны донæ й йæ къухтæ ахсы, йæ кусæ н дарæ с раласы. )

Ус — иу-фондз æ мæ ссæ дзаздзыд. Йæ уæ лæ аив ирд къаба тæ нæ г хъуымацæ й, у хæ рзконд æ мæ зæ рдæ мæ дзæ угæ. Æ рмадзы дуарыл æ рбахизы, хъавы, лæ г æ й куыннæ фена, афтæ мæ й уаты фæ мидæ г уæ вынмæ.

 

Лæ г (нæ уæ ндон хъæ лæ сæ й, бæ рæ г у, йæ усæ й рæ вдауæ н ныхас арæ х кæ й нæ хъусы, уый). Мартæ, кæ м уыдтæ?

Ус (кæ сгæ дæ р æ м нæ фæ кодта). Æ мæ дæ у та цы хъуыддаг ис?

Лæ г (фæ лмæ нæ й). Ау, уый та куыд... Зæ гъ мын æ й — кæ м уыдтæ?

Ус (бацæ уы уатмæ, стъолмæ бавналы). Гъа-ма, фæ кæ с мæ м!

Стъол уатæ й рахæ ссынц, змис зæ рст цы фæ зыл ис, уый тæ ккæ былгæ ронмæ æ мæ сбадынц, се ’ргом залы ’рдæ м, афтæ мæ й.

(Кæ сы æ хцафснайæ н чиныгмæ ). Æ з уыдтæ н æ фснайæ н кассæ йы. Æ д проценттæ нын баисты цыппарсæ дæ маркæ йы.

Лæ г. Æ цæ гæ й цыппарсæ дæ баисты?

Ус. Абон ма сæ м дæ с æ мæ ссæ дз бафтыдтон... Кассир мын афтæ: «Ацы аз уæ хъуыддæ гтæ хуыздæ р цæ уынц. Сабыргай, фæ лæ цæ уынц». Зæ гъын æ гæ р сабыргай!

Лæ г. Уæ дæ, уæ дæ, ды ницæ мæ й æ фсæ дыс...

Ус. Æ мæ дæ умæ та бирæ кæ сынц? (Амоны æ фснайæ н чиныгмæ. ) Дæ фаг сты дæ лæ уыдон? Афæ дзмæ æ дæ ппæ т нывæ рдтам цыппарсæ дæ маркæ йы. Æ нæ хъæ н афæ дзмæ!.. Кæ д нæ хъул сах абада, уæ д ссæ дз азмæ аст мины бамбырд кæ ндзыстæ м. Нæ зæ ронды бон нæ цæ мæ й баныгæ ной, уый фаг. (Райдайы хæ рын. )

Лæ г. Ныртæ ккæ ахæ м заман у, æ мæ, къæ бæ ры фаг кæ й кусын, ууыл дæ р цин хъуамæ кæ нæ м.

Ус (исдуг ницы сдзуры). Мæ нæ ацы ран ныффæ тъæ н дæ тыгъд быдыры, цы дзы хъуамæ бакусай! Чи та ма уалæ горæ ты самал кæ ны иу æ рмадзы къуым, æ рвылбон дæ капеччы мур уæ ддæ р кусис!

Лæ г. Æ з афтæ ’нхъæ лдтон, ам, фæ ндаджы тæ ккæ былгæ рон, фылдæ р куыст уыдзæ ни, ноджы нæ алфамбылай иунæ г æ рмадз дæ р нæ й.

Ус. Бæ ллæ х дæ р уый мидæ г и, æ мæ раст кæ й не ’нхъæ лдтай. Бон кæ д дыууæ цалхы бампъузыс, уæ д хорз. Фыццаг аз та нæ м иунæ г æ рбацæ уæ г дæ р нæ уыди.

Лæ г. Омæ, цæ уыл тыхсыс, Мартæ? Ацы аз æ взæ р куы нæ рауадысты нæ хъуыддæ гтæ...

Ус. Æ з æ й хорз зонын, ацы хуынчъы цæ й охыл бабырыдтæ, уый. Ам хæ снагыл дæ р ссарæ н нæ й иунæ г нæ лгоймаг! Хæ рзаг дæ хинымæ ры загътай: горæ ты канд æ з нæ уыдзынæ н, уым бирæ нæ лгоймæ гтæ ис. Æ рмæ стдæ р уый тыххæ й ныссагъдтæ ам.

Лæ г. Омæ, афтæ дæ р фæ уæ д? Афтæ куы уа, уæ ддæ р цы? Цал азы фенхъæ лмæ кастæ н, цалынмæ ды байрæ зтæ, стæ й ма уый фæ стæ дæ р цал азы фæ калдтон мæ сур хид, цæ мæ й исты капеччытæ бамбырд кæ нон æ мæ иу къуым мæ хицæ н балхæ нон... Куыннæ йæ ’мбарыс, Мартæ, мæ нæ н а дунейыл дæ уæ й зынаргъдæ р ницы ис! Зæ гъгæ, ды нæ дæ мæ фарсмæ, уæ д мæ м мæ цард мисхалы аргъ дæ р нал кæ сид!

Ус. Уыдæ ттæ ма фехъуыстон!

Лæ г. Омæ, афтæ у æ цæ гæ йдæ р, Мартæ, æ цæ гæ йдæ р у афтæ!

Ус. О, фæ лæ ахæ м цард мæ зæ рдæ мæ цæ уы æ ви нæ цæ уы, уымæ й мæ н та фæ рсгæ дæ р нæ кæ ныс.

Лæ г. Нæ мæ уарзыс?

Ус. Æ дылы фарстатæ ма дæ тт! Нæ дæ м смой кодтон?

Лæ г. Уый раст у! Фæ лæ уæ д нырма царды фæ зилæ нтæ дзæ бæ х нæ ма зыдтай.

Ус. Æ з алцыдæ р зонын рагæ й дæ р, стæ й дæ уæ й бирæ хуыздæ р.

Лæ г. Омæ дын уæ дæ цы нæ фаг кæ ны?! Уæ дæ, Хуыцау æ вдисæ н, æ ххормаг дæ р никуы баййæ фтай мæ хæ дзары.

Ус. Гъе уый ма мын нæ фаг кæ ны! Тыхст æ мæ уырыд бонтæ ’рвит, — уартæ фыццаг аз куыд уыди, афтæ, — æ мæ ма ноджы афтид гуыбынæ й дæ р бад. Хæ сты бын фестæ м, нæ хæ дзар ауæ й кæ нынмæ нæ бирæ нал бахъуыди... Æ мæ уæ д та уынджы къæ йыл аззадаиккам — æ нæ иу капеккæ й, æ нæ иу сæ рфæ цæ вæ нæ й.

Лæ г. Уый фыццаг аз уыди. Фæ лæ ацы аз нæ хиуыл дзæ бæ х куы фæ хæ цыдыстæ м. (Сабыр æ мæ бæ лвырд хъæ лæ сæ й. ) Ныр та дын хъуамæ зæ гъон, мæ къæ хтыл цæ й руаджы слæ ууыдтæ н, уымæ н йе ’цæ г æ фсон.

Ус. Йæ зонын дæ р мæ нæ фæ нды.

Лæ г (ныхкъуырдæ й). Гъемæ цы гæ нæ н ис, хæ цдзынæ н мæ дзыхыл... Сахуыр афон мын нæ ма у!

Ус. Цæ й, цы мæ дæ цæ стытæ ныссагътай?.. Дзургæ, о! Царциаты диссæ гтæ, мыййаг, куы нæ радзурдзынæ...

Лæ г. Куыдфæ нды дæ р уæ д, фæ лæ мæ бон хъизæ мар кæ нын нал у... Никуы йыл ахъуыды кодтай, ацы аз нæ цард бæ лвырд цæ мæ н фæ рогдæ р, ууыл?

Ус. Уыдæ ттыл дæ р ма æ з хъуамæ сæ ттон мæ сæ р? Æ ви мын æ ндæ р ницы куыст и?

Лæ г. Афæ дзы размæ, бæ лвырддæ р дзургæ йæ та, 20 июлæ й фæ стæ мæ — уæ д æ мхасæ нтæ кодтон мæ къухтæ м — æ васт нæ хъуыддæ гтæ нывыл цæ уын цæ мæ н байдыдтой?

Ус. Раст 20 июлы горæ тмæ кæ рдзын æ лхæ нынмæ ацыдтæ н, фæ лæ мын дзулгæ нæ г нал радта æ фстау. Мæ къухтæ мæ дæ лæ рмтты, афтæ мæ й фæ стæ мæ æ рыздæ хтæ н. Уыцы бон уымæ й уæ ддæ р бадардтон мæ зæ рдыл. Уый дын никуы ныххатыр кæ ндзынæ н.

Лæ г. О, нæ мын æ й ныххатыр кодтай. Æ ниу мын кæ д цы ныххатыр кодтай!

Ус. Гъы, æ мæ цы ’рцыди?

Лæ г. Ссæ дзæ м июлы, — раст афæ дзы размæ, — изæ рдалынгты æ з фыццаг хатт ацыдтæ н æ мæ сосайыл зæ гæ лтæ акалдтон.

Ус. Цы, цы? Цавæ р зæ гæ лтæ?

Лæ г. Цæ фхады зæ гæ лтæ, чи сызгæ, ахæ мтæ... Æ нæ хъæ н асыччы дзаг мæ м дзы уыди. Уартæ нæ рекламæ йы фæ йнæ г кæ м сагъд и, фæ зилæ ны, уымæ н йæ фале дæ р æ мæ йæ ацырдыгæ й дæ р мæ хи рацубацугæ нæ г скодтон æ мæ зæ гæ лтæ фæ ндаджы рыгмæ калдтон.

Ус (хъарын æ м райдыдта). Æ мæ? Æ мæ цы дарддæ р?

Лæ г. Цæ лхытæ дæ р уæ дæ й фæ стæ мæ райдыдтой хуынчъытæ кæ нын. Бон иуцалдæ р! Куыст мын уыдис хъуырмæ! Æ мæ дæ нал бахъуыдис мæ нæ дæ хæ дзар ауæ й кæ нын, Мартæ?

Ус. Æ мæ уæ дæ мæ н тыххæ й афтæ бакодтай?

Лæ г. Хуыцау — æ вдисæ н, дæ у тыххæ й æ рмæ стдæ р!

Ус. Æ мæ уæ дæ аххосджын дæ р æ з дæ н?

Лæ г. Нæ, нæ! Аххосджын æ з мæ хæ дæ г дæ н æ рмæ стдæ р. Дæ уæ й бавдæ лон уыдаин, уый мæ нæ фæ ндыди. Уæ д ма мæ цардæ й цы кодтон!

Ус. Æ мæ мын уæ д адæ ттæ дзургæ та цæ й охыл кæ ныс? Æ з дзы цалæ м дæ н? Ныронг мын æ й куы никуы схъæ р кодтай. Уæ д мын ныр цы рахабар кодтай дæ цæ стфæ лдахæ н митæ?

Лæ г. Уымæ н æ мæ мæ бон нал у. Æ гъгъæ д фæ уæ д. Знон ма фæ стаг хатт бакодтон афтæ. Фæ лæ дысон ард бахордтон. Хæ с никæ мæ йуал дарæ м. Чысыл хиуылхæ цгæ дæ р цард куы кæ нæ м, уæ д истæ мæ йты ирвæ здзыстæ м!

Ус. Хиуылхæ цгæ дæ р! Æ мæ æ нæ уый дæ р хæ ринаджы фаг тыхамæ лттæ й куы кусыс. Уæ дæ та рæ хджы дуканигæ сæ н табутæ кæ ндзынæ н, цæ мæ й нын мамæ лайы комдзаг æ фстау раппара. Фæ стæ мæ та нæ гаччы абаддзыстæ м. Фæ лæ дын зæ гъын рагацау: мæ нæ й мацы ныфсытæ æ вæ р дæ хицæ н.

Лæ г. Ацы изæ р цементгæ нæ н заводы директормæ бацæ уинаг дæ н. Комкоммæ — йæ хæ дзармæ. Ахæ м бардзырд куы раттид, заводы уæ зласæ н машинæ тæ цæ мæ й мах æ рмадзы цалцæ г кæ ной, уæ д нæ сæ рнизæ й мыггагмæ дæ р фервæ зиккам. Уæ д мын фаг куыст уаид, стæ й алы бон дæ р. Фагæ й дæ р фылдæ р.

Ус. Куыннæ стæ й! Згъоргæ, йæ цæ стытæ дæ м ныуурс сты директорæ н!.. Æ мæ дæ м æ гæ р-мæ гуыр зырнæ йзилæ н тæ рх дæ р куы нæ и, хуымæ тæ джы лæ сгæ р цæ мæ й саразай, ахæ м!.. Цал æ мæ йæ м цал хатты бамидæ г дæ! Æ мæ дæ, æ гæ р-мæ гуыр, йæ кабинеты къæ сæ рæ й мидæ мæ уадзгæ дæ р куы никуы бакодта.

Лæ г. Кæ д мæ м ацы хатт байхъусид, Мартæ. Зæ гъдзынæ н ын, иннæ мастертæ й дæ къаддæ р исдзынæ н мызд, зæ гъгæ. Зырнæ йзилæ н тæ рх та æ лхæ нгæ бакæ ндзыстæ м. Цыппарсæ дæ маркæ йы нæ м ис æ вæ рд.

Ус. Дæ цæ сты кæ ронæ й дæ р сæ нæ фендзынæ. Куыд æ вæ рд сты, афтæ æ вæ рдæ й лæ удзысты, бадар æ й дæ зæ рдыл...

Лæ г. Омæ хорз. Цыдæ риддæ р у, уæ ддæ р мын ацы изæ р нæ й директормæ æ нæ фæ цæ угæ.

Ус (ахъуыды кæ нгæ йæ ). Æ мæ ныр ацы зæ гæ лты хабар куы раргом уа, уæ д та?.. Уæ д цы уыдзæ н, ууыл ахъуыды кодтай?

Лæ г. Ууыл æ з хъуыды кодтон æ хсæ вæ й-бонæ й. Ахæ стонæ й уыйбæ рц нæ тæ рсын. Фæ лæ æ з æ мæ ды кæ рæ дзийæ куы фæ хицæ н уæ м, Мартæ... (Йæ къухмæ йын бавналы. )

Ус йæ къух скъæ фгæ нæ акæ ны, фæ лæ иуварсæ рдæ м, æ лгъгæ нгæ йæ цæ стæ нгас аздахы.

Лæ г (æ фхæ рд æ мæ æ нæ бонхуызæ й). Цæ мæ н афтæ стæ м, Мартæ, æ з æ мæ ды, цæ мæ н?

Ус (йæ уæ хсчытыл схæ цы). Не ’мбарæ м кæ рæ дзи. Хæ стæ г мæ м куы ’рбацæ уыс, уæ д куыддæ р мæ буар ныддур вæ ййы...

Лæ г. Æ з та уæ дæ никæ й уынын ацы дун-дунейыл дæ у йеддæ мæ.

Кæ сгæ йæ м нæ кæ ны, афтæ мæ й йын ус йæ сæ рыхъуынтæ армæ й æ рсæ рфы.

Дзæ нгæ рæ г.

Ус. Æ вæ ццæ гæ н, Эмиль у, цементгæ нæ н заводы бухгалтер. Ацафон фæ цæ уы уый.

Лæ г. Бад, бад. Æ з ын бакæ ндзынæ н. (Ацæ уы æ мæ æ рмадзы дуар байгом кæ ны. )

Ус фынг æ фснайынмæ бавналы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.