Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАБЫЗ. ЦÆУ



БАБЫЗ

Вася бады доныбыл æ мæ кæ сы, бабызтæ цады куыд сæ рбихъуырæ йттæ кæ нынц, уымæ: сæ фæ тæ н бырынчъытæ доны арф ауагътой, сæ бур къæ хтæ хурмæ дарынц. Васяйæ н сæ химæ бафæ дзæ хстой бабызты фæ хъахъхъæ нын; уыдон доны смидæ г сты — мадæ лтæ дæ р æ мæ лæ ппынтæ дæ р, — ныр ма сæ куыд акæ на сæ химæ! Æ мæ уæ д Вася бабызтæ м сидын райдыдта: «Баби, баби-бабитæ! Æ нæ фсис сыфкъах бабитæ! Æ гъгъæ д уын у уаллæ ттæ æ мæ хъуыппитæ ахсын, кæ рдæ гыл хизын, уæ гуцъатæ дзаг кæ нын, — афон уын у хæ дзармæ цæ уынæ н! »

Бабызтæ Васямæ байхъуыстой, сурмæ рахызтысты æ мæ узгæ -узгæ сæ химæ араст сты.

ЦÆ У

Фæ цæ уы хъуынджын цæ у, фæ цæ уы боцъоджын, йæ сыкъатæ тилгæ, йæ боцъо фæ йлаугæ, сæ фтджытæ й къупп-къупп кæ ны, цæ угæ -цæ уын уасы, сæ гътæ æ мæ сæ ныччытæ м сиды. Сæ гътæ та сæ сæ ныччытимæ цæ хæ радонмæ бацыдысты, кæ рдæ гыл хизынц, бæ лæ сты цъæ рттæ æ хсынынц, ног сагъд талатæ сафынц, сæ лæ ппынтæ н æ хсыр æ мбырд кæ нынц; сæ ныччытæ та æ хсыр æ фсæ стæ й быруйы сæ рмæ схызтысты æ мæ сыкъайæ хæ цынц.

Фæ лæ уут, фæ лæ уут, æ рбацæ удзæ н уæ м уæ боцъоджын хицау æ мæ уе ’ппæ тæ н дæ р фенын кæ ндзæ н — æ рсабыр уæ кæ ндзæ н!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.