|
|||
К. Д. УШИНСКИЙСтр 1 из 22Следующая ⇒
К. Д. Ушинский. Два козлика. Перевод на осетинский язык А. Саламова. Северо-Осетинское книжное издательство. Орджоникидзе, 1968
Константин Дмитриевич Ушинский ДЫУУÆ ЦÆ УКЪАЙЫ
К. Д. УШИНСКИЙ.. 2 БИШКÆ... 2 ГÆ ДЫ.. 2 XЪУГ. 2 БÆ X. 2 УАСÆ Г ЙÆ БИНОНТИМÆ... 2 БАБЫЗ. 3 ЦÆ У.. 3 ЦЫППАР ФÆ НДОНЫ.. 3 МЫДЫБЫНДЗЫТÆ... 3 УРСЗАЧЪЕ ЗЫМÆ ДЖЫ Æ РТХЪИРÆ НТÆ... 4 ФÆ РАЗ БАНХЪÆ ЛМÆ КÆ СЫН.. 4 ЗÆ ХКУСÆ Г Æ МÆ АРС.. 5 РУВАС Æ МÆ ДУРЫН.. 5 ХЪЫРИХЪУПП Æ МÆ КÆ САГЛАС.. 5 ЦЫ БАЙТАУАЙ, УЫЙ Æ РКÆ РДДЗЫНÆ... 6 УАСÆ Г Æ МÆ КУЫДЗ. 6 ХИНÆ ЙДЗАГ ГÆ ДЫ.. 6 ДЫУУÆ ЦÆ УКЪАЙЫ.. 8 БÆ Х Æ МÆ ХÆ РÆ Г. 8 АРС Æ МÆ КЪОДАХ.. 8 ЦÆ РГÆ С Æ МÆ ГÆ Д Ы.. 8 ДАДА.. 9 ТÆ ППУД ВАНЯ.. 9 КУЫРМ БÆ Х.. 9 АХУЫРГОНД АРС.. 11 ИУ ФÆ ТКЪУЫ БÆ ЛАСЫ ТАУРÆ ГЪ.. 11 САУ КАЛМ.. 12 Æ ЦÆ ГÆ ЛОН АЙК.. 12 ЦÆ ВАГ ХЪУГ. 13
К. Д. УШИНСКИЙ Бирæ азты размæ Уæ рæ сейы царди диссаджы хорз уырыссаг ахуыргæ нæ г — Константин Дмитриевич Ушинский. Ушинский райгуырдис 1824 азы. Йæ сабийы азтæ æ мæ лæ ппуйы бонтæ уый арвыста чысыл горæ т Новгород-Северскы. Уым ахуыр кодта гимназы. Уый фæ стæ каст фæ ци университет Мæ скуыйы. «Мæ райгуырæ н бæ стæ йæ н куыд фылдæ р гæ нæ н ис, уый бæ рц пайда раттын — гъе уый у мæ царды иунæ г хæ с», —дзырдта-иу Ушинский. Константин Дмитриевич стыр æ мæ ахсджиаг хъуыддагыл нымадта уырыссаг адæ мы рухсады куыст рапарахат кæ нын. Уый тырныдта уымæ, цæ мæ й Уæ рæ сейы уа фылдæ р скъолатæ, стæ й дзы ахуыр кæ ной хуымæ тæ джы уырыссаг адæ мы цот. Бирæ азты дæ ргъы Ушинский сывæ ллæ тты йæ хæ дæ г ахуыр кодта скъолайы. Уыдонæ н уый йæ хæ дæ г сарæ зта ахуыргæ нæ н чингуытæ — «Дет-ский мир» æ мæ «Родное слово». Уыцы чингуыты Ушинский йæ гыццыл чиныгкæ сджытæ н дзырдта адæ мы цард æ мæ куысты тыххæ й, æ рдзы диссæ гты тыххæ й, стæ й нæ алфамбылай дуне куыд стыр æ мæ алыхуызон у, уый тыххæ й. Уый сывæ ллæ тты ахуыр кодта хи адæ мы æ мæ хи мадæ лон æ взаг зæ рдæ бынæ й уарзыныл. Бирæ фыдæ бæ ттæ федта Ушинский йæ царды. Паддзахы хицауад ын йæ куыстмæ касти æ нæ уынон цæ стæ й. Цытджын уырыссаг ахуыргæ нæ гæ н йæ царды фæ стаг азты нал радтой скъолайы сывæ ллæ тты ахуыр кæ ныны бар. Ушинский амардис 1870 азы. Ацы чиныджы мыхуыргонд æ рцыдысты Ушинскийы гыццыл радзырдтæ æ мæ сывæ ллæ ттæ н кæ сынæ н кæ й рацарæ зта, уыцы уырыссаг адæ мон аргъæ уттæ.
|
|||
|