Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;ХСÆЗ ГУЫППЫРСАРЫ АМОНД КУЫД АГУЫРДТОЙ



ÆХСÆЗ ГУЫППЫРСАРЫ АМОНД КУЫД АГУЫРДТОЙ

Куыд дзурынц, афтæмæй ацы хабар æрцыдис незаманы. Цардис æмæ уыдис мад æмæ фырт. Лæппу хуынди Нонг. Уый йæ чысылæй фæстæмæ дæр æххуыс кодта йæ мадæн. Райсомæй-иу суанг изæрмæ куыста быдыры. Къамбец сæм куыд нæ уыди, уымæ гæсгæ-иу лæппу дзывыры баифтыгъта йæхи. Уæззау куыстыты сфæлтæрдта, æмæ йыл æстдæс азы куы рацыд, уæд æгас хъæуы йæхицæй тыхджындæр ничиуал уыди. Адæм æй бирæ уарзтой: чи йæ хъаруйы тыххæй, чи та йæ куыстуарзоны тыххæй.

Иу хатт Нонг йæ мадæн афтæ зæгъы:

— Мæ зынаргъ ныййарæг. Мах тынг мæгуыр стæм. Дарддæр афтæ цæрæн нал ис. Ауадз мæ, æмæ искуы æхца дæр самал кæнон æмæ пырындз дæр. Æз хъуамæ нæхи цард дæр æмæ нæ сыхбæсты цард дæр исты хуызы федыхстдæр кæнон.

Цы гæнæн уыди мадæн, йæ фырты ныхасыл дыууæ нал загъта. Нонг æрæмбырд кодта, сæ хæдзары цы æнæхъуаджы æфсæйнаг дзаумæттæ уыдис, уыдон, куырдадзмæ сæ ахаста æмæ йæхицæн дынджыр æфсæйнаг лæдзæг скæнын кодта. Йæ мадæн хæрзбон загъта æмæ сæ хæдзарæй рацыд.

Лæппу араст ис хурныгуылæнырдæм, уымæн æмæ йæм рагæй дæр афтæ касти, цыма сæйраг горæт уыцырдыгæй ис. Сæйраг горæты та, йæ мæгуыр зæрдæйæ, самал кæнæн уыди æхца дæр, сызгъæрин дæр, зынаргъ дуртæ дæр.

Æнæхъæн мæй аивгъуыдта, фæлæ уæддæр Нонг горæтмæ нæма бахæццæ. Бирæ дæтты æмæ хæхты сæрты рахызти, бирæ зын фæндæгтыл фæцыди, бирæ тæссаг рæтты-иу бахауди, алыхуызон адæмтимæ-иу амбæлди. Иу хатт куы уыди, уæд Нонг баййæфта фондз лæппуйы æмæ семæ баиу ис. Амондагур кæй цæуы, уый сын рахабар кодта æмæ загъта, уæдæ нæ кæрæдзийæ ма фæхицæн уæм, зæгъгæ. Лæппутæ сразы сты, стæй дзæбæхдæр куы базонгæ сты, уæд сæ зæрдæмæ тынг фæцыди Нонг. Афтæмæй æхсæзæй араст сты сæ фæндагыл амонд ссарын æнхъæлæй.

Нонгæн йæ ног зонгæтæ хуымæтæг адæм нæ разындысты. Сæ алкæмæ дæр исты арæхстдзинад уыди.

Сæ иу асæй уыди бæрзæндтæ арæзт æмæ диссаджы хъаруйы хицау. Йæ дыууæ къухы кæуыл не ’ххæссынц, ахæм бæлæстæй-иу уыцы иу февнæлдæн дæсгæйттæ фелвæста. Фыццаг хъæдмæ цæуаг уыди уыцы лæппу, йæ дыууæ къухæй-иу хъæддых лианæтæ тыдта, пыхс саста, гъе, стæй-иу æнæхъæн хъæбысыдзæгтæ суг йе ’ккойы баппæрста æмæ сæ-иу хъæумæ уæй кæнынмæ æрдавта. «Вак» дæр æй уымæн схуыдтой фæсномыгæй, ома «Ставд мæкъуыстæг».

Иннæ лæппу уыди тынг цырддзаст. Иугæр æм мысан иучысыл дæр зынæд, уый йеддæмæ-иу æй никуы фæивгъуыдтаид. Цыбыр дзырдæй, йæхицæй рæстдзæфдæр ничи разындаид. Уымæ гæсгæ йæ фæсномыгæй хуыдтой «Ван» — «Рæстдзæф».

Æртыккагæн йæ рæуджытæ уыдысты куырдадзы куынцау. Куы-иу раулæфыди, уæд-иу, цыма тыхджын дымгæ рацыди, раст уыйау уыди. Цæстыфæныкъуылдмæ иу-ссæдз къæртайы бæрц пырындз дымгæмæ адардта. Ахæм миниуæг æм кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ фæсномыгæй схуыдтой «Зё», ома «Дымгæ».

Цыппæрæм лæппу та уымæй диссаг уыди, æмæ йæ уайгæ-уайын иу адæймаг дæр нæ баййæфтаид. Цæугæ та кодта æрмæст иу къахæй, йе ’ннæ къах та-иу йе уæхскыл авæрдта. Æвæдза йæ дыууæ къахæй райдыдта цæуын, зæгъгæ, афтæ-иу æй цыппар ифтыгъд бæхы дæр нал аййæфтаиккой. Адæм æй хуыдтой «Фи», ома «Уайаг».

Фæндзæм лæппуйы бон уыди йæ алыварс тæвд кæнæ уазал фестын кæнын, куыд бахъуыдаид, уымæ гæсгæ. «Нонг-Лань» дæр æй уымæн схуыдтой, ома «Тæвд-Уазал». Нонг-Ланæн йæ уыцы миниуæг æмбæхст уыди йæ диссаджы худы. Куыддæр-иу йæ худ йæ рахиз сæрыфахсыл æркодта, афтæ-иу адæймагæн фыруазалæй йæ туг ныллæууыди, æвæдза йæ галиу сæрыфахсыл æй æркодта, зæгъгæ, уæд-иу æнтæфæй сулæфæн нал уыди, адæймаг-иу йæхи нал æмбæрста. Æппæтæй диссагдæр та уый уыди, æмæ уыцы худ æрмæстдæр йæ хицауы коммæ касти, æндæр искæй къухы йæм ахæм тых нæ уыди.

Гъе, ахæм æхсæз гуыппырсары араст сты хъæздыгдзинад æмæ амонд агурæг. Æхсæзæй дæр сæ кæрæдзиимæ тынг бахæлар сты. Зыны сахат сæ кæрæдзимæ сæ цæст дардтой. Хатгай-иу тар хъæдмæ бафтыдысты æмæ-иу фæндаг нал ардтой. Æртыгай-цыппæргай бонтæ-иу хойраджы хъæстæ нæ фесты, уæддæр-иу сæ комы комдзаг æнæ кæрæдзи нæ хордтой. Зындзинады-иу куы бахаудтой, уæд-иу кæрæдзийæн зæрдæтæ авæрдтой:

— Æмбæлттæ! Ацы ран хъуамæ фæуæлахиз уæм, кæннод уазал æмæ стонгæй фесæфдзыстæм, стæй канд нæхæдæг нæ, фæлæ, махмæ æххуысмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уыдон дæр мæгуырæй баззайдзысты. Уæдæ æдæрсгæ размæ цомут, æмæ, цæмæ бæллæм, уый нæ къухы бафта!

* * *

Бонтæ цыдысты. Аивгъуыдта цалдæр мæйы. Фæстагмæ æхсæз гуыппырсары бахæццæ сты горæтмæ. «Мæнæ горæт, ам пырындзæй, æхцайæ — алцыдæр уыдзæн фаг!» — хъуыды кодтой лæппутæ сæхи мидæг. Фæлæ фæфыдæнхъæл сты. Æххормаг, фæллад æмæ бæгънæг адæмæй горæты уынгты къах авæрæн нæ уыди. Мæгуыр адæм ницæйаг капеччытыл саубон сауизæрмæ хæрæджы куыст кодтой. Æхсæз гуыппырсарæн уыдæттæ фенгæйæ сæ ныфс асасти: «Æвæццæгæн нæ зыбыты афтидæй здæхын бахъæудзæни», — хъуыды кодтой уыдон.

Иу хатт лæппутæ паддзахы галуаны дуармæ ауыдтой ахæм хъусынгæнинаг:

«Йæ иуыл бæрзонддзинад паддзахы чызг сиды, йемæ дугъы уайынмæ йæ ныфс чи хæссы, уыдонмæ. Йæ бæрзонддзинады разæй чи фæуа, уымæн паддзах ракæндзæн стыр лæвар: йæ чызджы йын ратдзæн. Æмбылды чи фæуа, уымæн та марыны тæрхон рахæсдзысты».

Æхсæз гуыппырсары айтæ-уыйтæ нал фæкодтой, афтæмæй паддзахы галуанмæ бараст сты. Æппæты фыццаг паддзахы чызгимæ ерысы хъуамæ бацыдаид Нонг.

Дугъ снысан кодтой дыккаг бонмæ. Нонг æрцыди, кæдæм ын загътой, уырдæм. Фæзы адæмæй къух бакæнæн нæ уыди, иууылдæр сæ каст лæппумæ скодтой. Се ’ппæтдæр мæты бацыдысты, мæгуыр лæппуйы хъуыддаг куыд рауайдзæн, ууыл. Афтæ сæм касти, æнæмæнг æмбылды фæуыдзæн, зæгъгæ. Дугъ, мыййаг, фыццаг хатт нæ арæзта паддзах, фæлæ йæ чызг ахæм уайаг уыди, æмæ иу хатт дæр йæ разæй ничи ма фæци. Бирæ лæппутæ бахордтой сæ сæртæ, паддзахы чызгыл кæй нæ фæуæлахиз сты, уый тыххæй. Нонг уыдæттæ зыдта, уæзбын кæй у, уый дæр дзы рох нæ уыди, фæлæ йæ зæрдæ йæ хъаруйыл дардта.

Дугъы уавæртæ адæмæн куы бамбарын кодтой, уæд Нонг æмæ паддзахы чызг фæрсæй-фæрстæм æрлæууыдысты, стæй тæрхонгæнæг бар радта, æмæ дугъ райдыдта. Нонг йæ тых, йæ бонæй архайдта, цæрдæг чызджы фæсте куы нæ баззаин, зæгъгæ; иу рæстæджы иу цалдæр санчъехы йæ разæй дæр фæци, æмæ адæмы цинæн кæрон нал уыди. Фæлæ куыдфæстæмæ зындæрæй-зындæр кодта Нонгæн уайын, фæстагмæ уыцы хъуыдыйыл сси, уæдæ дзы фæсте уæддæр куы нæ баззаин, зæгъгæ.

Хъуыддаг афтæ рауади, æмæ дыууæйæ дæр иумæ бахæццæ сты бæрæггонд бынатмæ.

Æртæ боны фæстæ сæ куыст дарддæр кодтой. Ныр та Фи-Уайаджы рад уыди чызгимæ дугъы згъорын.

Ног уавæртæм гæсгæ хъуамæ азгъордтаиккой, паддзахы галуанæй дæс æмæ дыууиссæдз лийы[2] æддæдæр цы цъай ис, уый онг. Алчи йæ дурын айдзаг кодтаид донæй æмæ фæстæмæ сæ бынатмæ æрбаздæхтаиккой.

Гонг ныззыланг кодта — Уайаг æмæ чызг згъорынмæ фесты. Лæппу уайтагъддæр фæразæй, цæхгæрмæ уынджы иннæрдæм фæзылди. Фæстæмæ ма иу каст фæкодта, фæлæ йæм чызг нал зынди. Уымæ гæсгæ загъта, уæдæ цъаймæ бахæццæ уон, дурын донæй айдзаг кæнон æмæ, фæстæмæ куы раздæхон, уæд фæндаггæрон цъæхнæууыл мæ фæллад суадздзынæн. Куыд загъта, æцæгдæр афтæ бакодта — кæрдæгыл йæхи уæлгоммæ аппæрста, йæ ком ныйивæзта, æмæ йæ хуыр-хуыр ссыди.

Уæдмæ чызг дæр, йæ цурмæ æрбацæйхæццæ кодта. Дардæй ауыдта, лæппуйы дурын донæй йе дзаг у, уый. Куыддæр йæ размæ бахæццæ, афтæ дзыхълæуд фæкодта, дон йæхи дурыны акодта æмæ фæстæмæ лидзынмæ фæци.

Уыцы рæстæг бæрзонд мæсыджы бадти Рæстдзæф æмæ хъуыддæгтæ кæрæй-кæронмæ федта. Сфæнд кодта Уайагæн феххуыс кæнын. Йе ’рдын райста, Уайаджы хъусыл цы къогъо абадти, уымæ ныхъхъавыди æмæ йыл йæ фат баскъæрдта. Фат дæс æмæ ссæдз лийы бæрц атахти, къогъойы фæцæф кодта, Уайаджы хъус дæр фæцагайдта. Уыйадыл лæппу йæ фынæйæ фехъал ис.

Бæргæ ма фæтæррæтт ласта, фæлæ кæсы, æмæ йæ дурыны доны æртах нал. Фелвæста дурын æмæ цъаймæ згъорынмæ фæци. Дон дзы авгæдта æмæ фæстæмæ фездæхти. Ныр æй згъорын бахъуыди йæ тых, йæ бонæй. Паддзахы чызджы фæсте фæуагъта æмæ нысангонд бынатмæ йæ разæй бахæццæ. Адæм фырцинæй сæ хъæлæсыдзаг хъæр кодтой. Амбылдта Уайаг, уæдæ цы уыдаид. Кæдæй-уæдæй паддзахы чызджы разæй фесты.

Фæлæ Уайагмæ моймæ ацæуыныл не сразы ис паддзахы чызг, лæппу йе уындæй рæвдздæр нæ уыди, йе дарæсæй аивдæр. Чызг фырмæстæй йæ бадзырды гæххæтмæ фæлæбурдта æмæ йæ цæстуынгæйæ апырхытæ кодта.

Адæм куыннæ æрбамæсты уыдаиккой. Мæгуыр лæппуйы кæй фæсайдта, уый тыххæй йын алывыд акалдтой.

Уæдæ нæ хъуыддаг хорз нæу, зæгъгæ, паддзах Уайагмæ фæдзырдта æмæ йын афтæ зæгъы:

— Йæ иуыл бæрзонддзинады дæумæ моймæ ацæуын нæ бафæндыди, æмæ йын нæ бон циу, фæлæ æз уыйбæрц хæларзæрдæ адæймаг дæн, æмæ, дæ дзыхæй цыдæриддæр зæгъай, уый бакæндзынæн.

— Кæд афтæ у, уæд нын паддзах раттæд сызгъæрин æрмæст «æккойы дзаг», — загъта лæппу.

Уæдæ æккойы дзаг бирæ нæу, зæгъгæ, паддзах уадидæгæн сразы ис.

Дыккаг бон æхсæз гуыппырсары семæ дынджыр голлаг æрбахастой æмæ дзы паддзахы сызгъæринтæ иууылдæр сæвгæдтой. «Ставд мæкъуыстæг» кæй хуыдтой, уый голлаг йе ’ккоймæ рогæн сæппæрста æмæ-иу паддзах кæм бадти, ууылты араст и. Уый ауынгæйæ паддзахæн йæ хуыз фæцыди: мæ ис, мæ бон цавæрдæр дзæгъæлдзуты баци, зæгъгæ. Фæлæ иугæр дзырд радта, уæд йæ фæсайын кæй бон у, — уыцы рахъуыды-бахъуыды фæкодта паддзах, йæ сызгъæрин ма йæхи цы амалæй бауа, ууыл, æмæ йæхинымæр скарста: «Уæдæ сæ æхсæзæй дæр амарын хъæуы».

Уыцы бон атауыс кодтой, изæры паддзахмæ стыр куывд уыдзæни, зæгъгæ, сæхæдæг гуыппырсарты дæр æрбахуыдтой. Куывд йæ тæккæ тынгыл куыд уыди, афтæ паддзах æмæ йæ чызг аивæй фæдуарæдде сты æмæ се ’ххуырстытæм фæдзырдтой, иннæтæн рацæуæн куыннæуал уа, дуæрттæ сыл афтæ сæхгæнут, зæгъгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æххуырстытæ февнæлдтой, залыл арт бандзæрстой. Фæлæ хинæй кæуыл рацыдаиккой, ахæм лæппутæ дзы нæ уыди. Тæвд-Уазал йæ худ галиу сæры фахсыл акодта, æмæ уазалæй фæлæууæн нал уыди. Уалынмæ Дымгæ-гуыппырсар арт фу кæнынмæ фæци, æмæ паддзахæн йе ’ннæ агъуыстытæ дæр схæцыдысты. Арт чи хуыссын кодта, уыцы æххуырстытæ цæрдудæй сыгъдысты.

Уæдæ, æхсæз гуыппырсары куыд басыгъдысты, уый фенон, зæгъгæ, паддзах кæсы, æмæ йæ зæрдæ куыннæ атыдта: æхсæзæй дæр бæрæчетты стъолы алыварс бадынц, цъæррæмыгъд дæр сæ ничи фæци, афтæмæй æмæ минас кæнынц. Паддзах ма йæ фыркатайæ цы акодтаид, уый нал зыдта æмæ æххуырстытæм фæдзырдта, горæты дуæрттæ байгом кæнут æмæ сæ ауадзут, зæгъгæ.

Гуыппырсартæ ацыдысты, фæлæ паддзахы маст нæма сихсыди. Йæ инæлæрттæй сæрæндæр чи уыди, уымæ фæдзырдта æмæ йын бахæс кодта, лæппуты куыд баййафа æмæ сын сæ сызгъæрины голлаг куыд байса. Инæлар æнæхъæн салдæтты полкъимæ лæппуты сурынтæ байдыдта, сурынтæ байдыдта.

Цы базонын хъуыди гуыппырсартæн, фæдисæттæ сæ æрбасурынц, уый. Гъеныр салдæттæ æрбахæстæг кæнынц, зæгъгæ, афтæ Тæвд-Уазал йæ диссаджы худ галиуырдæм æрсагъта, и! — уыйадыл æнтæфæй сулæфæнтæ нал уыди, æмæ салдæттæ размæ акъахдзæф кæнын нал фæрæзтой. Цас рæстæг рацыдаид, чи зоны, афтæ та ногæй лæппуты сурын байдыдтой, æмæ, чысыл ма бахъæуа, баййафой сæ. Уалынджы Тæвд-Уазал бæстæ асæлын кодта, æмæ салдæттæ сæ мидбынатæй азмæлынхъом нал уыдысты. Бонтæ ивгъуыдтой, æмæ æфсад куынæгмæ цыди, фæлæ уæддæр инæлар размæ бырсыны кой кодта. Фондзыссæдзы бæрц йеддæмæ куынæуал баззади салдæттæй, уæд инæлар дзырд радта, сæ фæттæ æмæ се ’рдынтæ куыд æррæвдз кæной æмæ лæппуты æхсын куыд райдайой. Фæлæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты: Дымгæ-гуыппырсар йæ тых, йæ бонæй куы раулæфыд, уæд тыхджын уад сыстади, æмæ салдæттæн сæ фæттæ сæхирдæм тæхын райдыдтой.

Инæлар фырадæргæй иуырдæм дæр нал арæхсти. «Æндæр гæнæн нæй, — хъуыды кодта уый. — Уæддæр мын паддзах мæ сæр атæхын кæндзæн, куыддæр афтидæй баздæхон, афтæ. Фæлтау ацы æнаккæгтимæ тох кæндзынæн, мæ бон кæдмæ уа, уæдмæ!» Уыцы ныхæстимæ йæхæдæг размæ азгъордта. Фæлæ йæ Рæстдзæф йæ хъæрæй дзыхълæуд æркæнын кодта:

— Ардæм-ма æрбайхъус, инæлар! Дзæгъæлы дæхи ма тухæнæй мар, нæ голлаг байсын дæ бон нæ бауыдзæн. Фæлтау æнæ мастæй дæхи айс. Дæхионтæ куы кæнай, уæд дæ дзыхъмард фæкæндзынæн. Рагацау дын хъусын кæнын, æмæ-иу хъаст ма ракæн!

Исчи дзуры, нæ дзуры — инæлармæ хъаргæ дæр нæ бакодта. Æмæ та йæ фæстæ фæтæхы.

Уæд Рæстдзæф фат æрдыны авæрдта æмæ инæларæн йæ тæккæ цæстмæ ныхъхъавыди. Инæлар йæ дзыхыдзаг ныцъцъæхахст кодта, йæ цæстмæ фæлæбурдта æмæ фæстæмæ лидзынмæ фæци. Салдæттæ дæр йæ фæстæ ныххæррæтт кодтой.

Гуыппырсартæ фæдисæттæй фервæзтысты æмæ сæхицæн дарддæр æнæмæтæй цыдысты. Фæндагыл мæгуыртæй кæуылдæриддæр æмбæлыдысты, се ’ппæтæн дæр лæвæрдтой сызгъæрины къæрттытæ, æмæ сын уыдон дæр арфæтæ кодтой.

Хъæуты цæрæг адæм сызгъæрин ивтой уæлæйы дарæсыл. Æхсæз лæппуйы хъæбатырдзинадыл зарджытæ арæзтой. Иу бинонтау хæлар æмæ уарзонæй цæрын райдыдтой æхсæз гуыппырсары; сæ кæрæдзимæ зулдзыхæй никуы сдзырдтой, афтæмæй куыстой иумæ. Иу мадæй райгуыргæ æфсымæртау баисты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.