Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЧИ КÆЙ САХУЫР КОДТА ЧЪЫНДЫДЗИНАДЫЛ



ЧИ КÆЙ САХУЫР КОДТА ЧЪЫНДЫДЗИНАДЫЛ

Раджы заманы царди иу хъæздыг лæг. Иннæ хъæздгуытау уый дæр уыди тынг мæрддзæст. Иудадзыгдæр æм афтæ касти, цыма йе ’хца зыбыты дзæгъæлы хардз кæны. Иу хатт куы уыди, уæд сфæнд кодта ахуыргæнæг баххуырсын, ома йæ чъындыдзинадыл ноджы хуыздæр куыд сахуыр кодтаид, афтæ.

Иу бон ын ахуыргæнæг афтæ зæгъы:

— Базармæ ацу, бæркады хуыцауæн скувыны тыххæй балхæн иу чысыл кæрдзын. Æцæг-иу æхца дзæгъæлы мацæуыл схардз кæн.

Ахуыргæнæг ын куыд бафæдзæхста, афтæ мæрддзæст лæг æппæты чысылдæр кæрдзын равзæрста, йæхæдæг бавдæлд æмæ ма иу ногуагъд карчы цъиу дæр алхæдта.

— Уый та ма дын цы у? Чи дын загъта, æмæ æхца хуыцауы дзæгъæлы схардз кæнай? Демæ бæллæхы нæ фæдæн! — сзагъд кодта ахуыргæнæг, карчы цъиу куы ауыдта, уæд. — Афтæмæй мæгуырмæ куы æрцæудзынæ!

Хъæздыг лæг æнцад фæхъуыста, стæй афтæ зæгъы:

— Мæнмæ гæсгæ нын карчы цъиуы балхæд фæсмойнаг нæу. Кæрдзыны æрдæг куы скувæм, йе ’ннæ æрдæг ын куы бахæрæм, уæд дзы муртæ куыннæ аззайдзæн. Æз цъиу уымæн балхæдтон, цæмæй муртæ дзæгъæл сæфты бæсты ахæра. Куы скарк уа, уæд æй ауæй кæндзыстæм, æмæ ныл исчердыгæй фæзындзæн.

Ахуыргæнæг дисæй амарди.

— Ницыуал зæгъын, — сдзырдта æппынæрæджиау. — Ныр мæ бауырныдта, ды мæнæй ноджы мæрддзæстдæр кæй дæ. Ды чъындыдзинадыл мæн дæр ма сахуыр кæндзынæ.

ТХИЕНЫ ИСБОН БАФТЫДИ ДИАМÆ[1]

Раджы заманы цардис дыууæ лæппуйы — Тхиен æмæ Диа. Сæ хæдзæрттæ уыдысты æмкъул. Сæ дыууæйæн дæр сæ ныййарджытæ раджы амардысты, æмæ хъомыл кодтой зынвадæтты. Диа бафиппайдта, Тхиен æрдзон зондæй хъуаг кæй нæу, стæй ахуырмæ æвæджиауы зæрдæргъæвд кæй у. Иу хатт куы уыди, уæд ын афтæ зæгъы:

— Цæй æмæ иумæ бацæрæм. Æз быдыры куыстытæ дæр кæндзынæн, хæдзары дæр цыдæриддæр хъæуы, уый мæхимæ исын, ницы хъуаг дæ уадздзынæн, ды та бавдæл æмæ æрмæст ахуыр кæн. Стыр ахуыргонд куы суай, уæд мын ды дæр мæ дзæбæхдзинад нæ ферох кæндзынæ.

Тхиен цинæй амарди Диайы фæндоныл. Уыцы бонæй фæстæмæ хуры скастæй хуры аныгуылдмæ Диайы йæ сæр схъил кæныны бон дæр нал уыди, куыста йæхи зæхх дæр, Тхиены зæхх дæр. Тхиен та æрмæст чиныджы каст, æмæ йæ зонындзинæдтыл бонæй-бонмæ æфтыди. Иу рæстæджы сфæнд кодта стыр ахуыргонд адæмтæм хæстæгдæр балæууын, йæ зонындзинæдтыл ма ноджыдæр цæмæй бафта, уый тыххæй. Диамæ æхцайæ цы уыди, уыдон ын иууылдæр радта, æмæ Тхиен араст сæйраг горæтмæ.

Паддзахы экзаменты фæстæ Тхиенæн лæвæрд æрцыди уæлдæр ахуырадон къæпхæн чанг-нгуены ном. Диа хуым куыд кодта, афтæ йын йæ сыхаг дзырдта уыцы хабар. Лæппу ныццин кодта æмæ загъта, уæдæ куывд скæнон, зæгъгæ, фæлæ йæм æхца нæ уыди. Уæд бавдæлд æмæ къамбецæй, гутонæй, суанг йæ ницæйаг хæдзарæй, йæ чысыл зæххы хайæ — цыдæриддæр æм уыди, уыдон ныууæй кодта æмæ хъæугуывд сарæзта. Уыйбæрц фæлхæсты фæстæ иу суарийы хицау дæр нал уыди, фæлæ йæ мæгуырдзинад ницæмæ дардта: ау, ныр Тхиен стыр исбоны хицау куы уыдзæни, уæд йæ рагон æрдхорды ферох кæндзæн. Фæлæ рæстæг цыди, æмæ Тхиен зынæг нæ уыди... Бонтæ бонты фæдыл згъордтой. Диа бамбæрста, Тхиен æй хъуыды дæр кæй нал кæны, афтæмæй баззади æнæ хæдзар, æнæ зæххы гæбазæй.

Иу заман куы уыди, уæд Тхиен фæзынди æд фæсдзæуинтæ, æд æххуырстытæ. Йæ дуармæ цы дыууæ хъахъхъæнæджы лæууыди, уыдон Диайы, мæгуыр, æмгæрон дæр нæ бауагътой.

Раздæхти лæппу, уæдæ цы кодтаид. Араст и, кæдæм цæуы, уый йæхæдæг дæр нæ зыдта, афтæмæй. Цæуы, цæуы, æмæ иу доныбылмæ бахæццæ, æрбадти былгæрон æмæ уынгæг куыд ныккодта. Уалынмæ дын ауыдта иу чысыл лодкæ, уылæнтæ йæ тæккæ былмæ æрбатардтой. Уыцы рæстæг лæппу йæ хæд сæрмæ айхъуыста кæйдæр сусæг ныхас:

— Тыхсгæ ма кæн, æрбынат кæн ацы ран, фæндаггæтты доны иу фарсæй иннæ фарсмæ лас, æмæ дæхицæн къæбæрваг кусдзынæ. Фидæнмæ кад æмæ радимæ дæ райгуырæн бæстæм аздæхдзынæ... Йæ алывæрстæм бирæ фæракæс-бакæс кодта Диа, фæлæ йæм чи сдзырдта, уый йæхи нæ равдыста. Лæппу йæ коммæ бакасти.

Афæдзы дæргъы Диа лодкæтæрæгæй фæкуыста. Йæхицæн тыххæй-фыдæй мамæлайы къæбæры фаг амал кодта. Йæ дарæс æгасæй дæр алæзæрдис. Раст мæрдты бон уыди, æмæ Диа йæ ныййарджыты ном цæмæй ссардтаид, уый йæм æгæр-мæгуыр кæрдзыны къæбæр дæр нæ уыд. Æнæхъæн æртæ боны хойраджы хъæстæ нæ фæци. Бадтис иунæгæй æмæ сагъæсты аныгъуылди, уæдæ æндæр ницы, фæлæ иу æрхуы æхца уæддæр куы бакусин, зæгъгæ. Хур фæсрагъмæ ныттылди, йæ фæстаг тынтæ тадысты арвгæрон, æхсæвы тар йæ пæлæз зæххыл айтыдта, æрмæст ма мигътыл иугай рухсы тæлмытæ ферттив-ферттив кодтой. Уалынмæ Диа кæсы, æмæ дын фаллаг фарс иу фæндаггон февзæрди æмæ йæ къухæй æмбарын кодта, лодкæтæрæг æй хъæуы, уый. Лæппу лодкæйы абадти. Доны тæккæ астæумæ куы бахæццæ, уæд ауыдта иу хæрз æрыгон чызджы. Уый йæм дзырдта фæлмæн æмæ рæсугъд хъæлæсæй:

— О цытджын лодкæтæрæг, доны иннæ фарсмæ мæ бахæццæ кæн!

Диа баленк кодта чызгмæ, лодкæйы йæ сбадын кодта æмæ цæстыфæныкъуылдмæ былгæрон февзæрдысты. Змисмæ куы рахызтысты, уæдмæ бынтон æрталынг, арвыл стъалытæ тыбар-тыбур кодтой.

— Мæ хæдзар ардæм дард у, — загъта чызг, — ахсæв мæ дæхимæ нæ бауазæг кæнис?

— Мæ сыфтæр халагъуд дæу аккаг нæу, — дзуапп радта Диа, — дæуыл хорз дарæстæ ис, æмæ куыд уыдзынæ.

— Ницы кæны, — мидбыл худгæйæ загъта чызг. Акодта йæ Диа йæ халагъудмæ, радта йын йæ хъæзæй конд хуыссæн, йæхæдæг та айдагъ зæххыл схуыссыди.

Æмбисæхсæвтæ уыдаид, афтæ уазæг Диайы райхъал кодта. Лæппу дисгæнгæ ракасти.

— Курын дæ, æмæ иумæ бацæрæм, — загъта чызг. — Мæн фæнды, цæмæй мах уæм лæг æмæ ус.

Диа дзы йæ цæстытæ нал иста, фырдисæй йæ дзыхы дзырд нал бадти. Чызг дарддæр дзырдта:

— Æз цæрын дзæнæты цæхæрадоны. Уæларвон бардуаг фехъуыста, ды уæздан æмæ рæстзæрдæ адæймаг кæй дæ, æмæ мæ рарвыста дæуæн феххуыс кæнынмæ. Зон, æз дын амонд кæй æрхæсдзынæн...

Чызг йæ ныхас нæма фæци, афтæ Диайы халагъуд фестади рæсугъд хæдзар, алы дзаума æмæ алы хъæздыгдзинадæй — йæ тæккæ дзаг. Зæххы бынæй февзæрæгау фæзындысты дæлимонтæ: Æмæ Диайы фыды ном ссарынæн цыдæриддæр хъæуы, уый цæстыфæныкъуылдмæ ацæттæ кодтой. Дыккаг бон райсомæй Диа йæ уæлæ скодта хæрдгæхуыд зынаргъ дарæс, æмæ йын йæ ус куыд загъта, уымæ гæсгæ араст ис Тхиенмæ, — цæвиттон æй хъуамæ æрбахуыдтаид.

Тхиен ма фырхъалæй кæуыл æрвæссыди, байхъуыста мæгуыр лæппумæ æмæ йын былысчъилæй афтæ зæгъы:

— Кæд мæ тæккæ къæсæрæй суанг дæ дуары онг зынаргъ гауыз райтауай, æрмæст дæр дæм уæд сразы уыдзынæн уазæгуаты ацæуыныл.

Диа сæхимæ куы æрбаздæхти, уæд хъуыддаг йæ усæн радзырдта. Уадидæгæн сæм стыр рæсугъд гауыз февзæрди.

Тхиен гауызыл схъæл цыд фæцæйкодта йе ’рдхорды хæдзармæ. Куыддæр бахæццæ, афтæ бæрæчеты фынгыл йæхи ныццавта, æмæ уайтагъд нозт йæ сæры скуыси. Уыцы рæстæг агъуыстмæ бацыди Диайы ус. Тхиенмæ сæ хъæздыгдзинадæй сылгоймаджы рæсугъддзинад ноджы диссагдæр фæкасти. Дзæбæх куы барасыг, уæд æй йæ къах æппындæр нал хаста йе ’рдхорды хæдзарæй. Тхиенмæ уал нæ уыди, Диайы уæхск æрхоста æмæ йын афтæ зæгъы:

— Хъус-ма, цæй æмæ баивæм: ды мын ратт дæ ус, дæ хæдзар æмæ де ’ппæт исбон, æз та дын мæ галуан, усæй-æндæрæй дзы цыдæриддæр ис, уыдонимæ.

— Мæ усимæ ауынаффæ кæнон, — загъта Диа.

Ус ын уайтагъд сразы:

— Кæд дæхæдæг разы дæ, уæд баив. Фæсмонгонд нæ фæуыдзынæ.

Диа загъта Тхиенæн, разы кæй у, уый. Уыцы фæдыл бадзырд сарæзтой, сæ къухтæ дзы бафыстой æмæ йыл мыхуыр æрæвæрдтой. Тхиены галуанмæ араст и Диа, уæдæ цы уыдаид, йæ зонгæ бынæттæ куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ фырцинæй йæ риуы рацæйтыдта. Тхиен уæдмæ бынтон срасыг ис, йæ исбоныл йæ цæст куы ахæссид, уый йæ бæргæ фæндыди, фæлæ къæсæргæрон ныццудыдта, къуыммæ йæхи бахаста æмæ уайтагъд йæ хуыр-хуыр ссыди.

Иу афон куы райхъал, уæд йæ алыварс йæ цæст ахаста, æмæ налдæр хæдзар, налдæр хæзна, налдæр рæсугъд ус, йæхæдæг хуыссы сыфтæртæй арæзт гæвзыкк халагъуды...

Уæдæй фæстæмæ Тхиен фырмæгуырæй йæ къухтæ йæ дзыхмæ схæссынхъом нал сси, фæлæ йын иу адæймаг дæр никуы фæтæригъæд кодта. Куыд æнæрвæссон æмæ чъынды уыдис, уый алчидæр хорз хъуыды кодта. Диа йæ диссаджы галуаны царди амондджын æмæ хъæздыг цардæй. Уый тыххæй адæм ныр дæр ма фæдзурынц:

 

Тхиен, дам, мæнгардæй фæцарæзта исбон,

Диа сæ фæстæмæ æрбахаста иу бон.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.