Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФОНДЗ КЪАМБЕЦЫ ÆМÆ ÆХСÆЗ ЦÆДЖЫНДЗЫ



ФОНДЗ КЪАМБЕЦЫ ÆМÆ ÆХСÆЗ ЦÆДЖЫНДЗЫ

Иу заманы Вьетнамы цардис лæг æмæ ус. Сæ исбонæн ныккæнæн дæр нæ уыди, фæлæ æгас хъæуы сæхицæй чъындыдæр нæ разындаид. Дыууæ зæронды куы амардысты, уæд се ’ппæт хъæздыгдзинад: æнæхъæн зæххы тъæпæнтæ, фондз хæсгæ къамбецы ныууагътой сæ иунæг чызгæн.

Чъынды лæг ма æгас куы уыди, уæд йæ къамбецтæ бакодта йе ’ххуырстытæй иуы æвджид. Куыддæр мард фæдæлсыджыт, афтæ чызг сфæнд кодта къамбецты æххуырстæй байсын æмæ сæ сæхимæ дарын. Йæ чъынды фыдæй дæлвæд-уæлвæд ницы ныууагъта. Изæрмилтæ фæци, афтæ æххуырсты хæдзармæ араст, уæдæ ныр къамбецтæн хизынæй се ’ртæрын афон у, зæгъгæ.

Скъæты къæсæргæрон алæууыди æмæ кæсы. Æххуырст къамбецты кæвдæсмæ скъæры æмæ дзы алкæй дæр хицæн цæджындзыл бæтты. Уалынмæ дын чызг скъæты рæбыны ’рдыгæй иу цæджындз афтидæй ауыдта, йæ мидбынаты фестъæлфыди: «Мæ фыд мын йæ амæлæты размæ дзырдта, ме ’ххуырстмæ мын цалдæр къамбецы ис, зæгъгæ, — ахъуыды кодта хъæздыг лæджы кæрæф чызг. — Фæлæ мын, цал сты, уый нæ загъта! Иу цæджындз дзы афтид куы у. Æнхъæлдæн æмæ дзы иу къамбец фæхъуыди».

Æмæ æрыгон хицау йе ’ххуырстыл схъæртæ кодта, мæ фыд дæм цал къамбецы ныууагъта, зæгъгæ.

Зæронд, мæгуыр, дисæй мæлгæ загъта:

— Дæ цытджын фыд мæм ныууагъта фондз къамбецы, мæнæ куыд уыныс, афтæ.

Фæлæ чызджы кæм бауырныдтаид, уымæй афтæ йæ сайгæ кæны. Æрбамæсты æмæ йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта:

— Кæд къамбецтæ фондз йеддæмæ нæ уыдысты, уæд скъæты æхсæз цæджындзы цæмæн ис? Къамбец цы фæци, дын зæгъын!

Ныр хъуыддаг та афтæ уыди: уый размæ бон цæджындзтæй иу асасти, æмæ зæронд лæг ног цæджындз ныссагъта, стæй дыккаг бон саст цæджындзмæ дæр базылди, æмæ афтæмæй æхсæз баисты. Фæлæ уыдæттæ дзæгъæлы дзырдта мæгуыр æххуырст, дзæгъæлы йын сомытæ кодта, — ахæм зыд æмæ кæрæф адæймаджы цы хъуамæ бауырныдтаид, йæ зæрдæ фæйнæрдæм тыдта, къамбецтæй æцæг фесæфын æнхъæлæй.

— Гæды ныхæстæ кæныс, æнаккаг зæронд! — фырмæстæй хъæр кодта чызг. — Иу къамбец дзы фесæфти. Æниу дын цы базындæуа, кæд æй æмбæхсгæ бакодтай, уæддæр!

Зæрондæн уыцы ныхæстæм хъусынæй йæ зæрдæ фæцæйтыдта, ау, йæ сæр куы сурс, æмæ хъæубæсты æхсæн рæстæй куы фæцард, нымад куы у, уæд уый та куыд! Фæлæ хъæздыджы кæрæф чызгмæ уыдæттæ нымады дæр нæ уыдысты, æххуырстмæ бартхъирæн кодта, ныртæккæ хъæдмæ цæугæ æмæ къамбец ссар, зæгъгæ. Уымæй афтæ зæронд æмбæхсгæ бакодта къамбецы æмæ йын æй бирæ рацагур-бацагур нæ бахъæудзæни. Зæронд йæ бон куы базыдта, уæд уыцафон араст ис хъæдмæ. Кæрæф чызг ма йæ фæстæ хъæр кодта, куы нæ ссарай къамбецы, уæд дæ мæ цæстæй дæр куыд нæуал фенон, афтæ, зæгъгæ.

Зæронд æххуырст бæлæсты æхсæнты размæ тыххæй цыди, йæ развæндаг нæ уыдта, афтæмæй. Лианæтæ æмæ къутæртæ йæ къухæй фæйнæрдæм кодта. Æрыгон хицауы цъаммар ныхæстæй йæ зæрдæ скъуыди. Маст æмæ æфхæрдæн чи фæразы. Зæронд сфæнд кодта йæхи амарын ахæм æгад царды бæсты. Йæ рон райхæлдта, бæласы къалиумæ йæ афидар кодта, йæ иннæ кæрон ын йæ хурхыл æрбабаста, æмæ лæг бæласыл ауыгъдæй аззади.

Куыддæр йæ зæрдæ йæ кусынæй банцади, афтæ сау маргъ фестади. Маст æмæ æфхæрд маргъы зæрдæйы дæр баззадысты. Хъæздыджы налат чызгмæ мæстæй мæлгæйæ, æнафоны тар хъæды астæу ратæх-батæх кодта æмæ йæ хъæр бæстæ арыдта: «Бат ко, чои кот!» — «Хæцут уыцы чызгыл, цæджындзмæ йæ сбæттын хъæуы!» Фæлæ маргъы ныхас адæмæй искуы иу йеддæмæ чи бамбæрстаид, æнафоны тар хъæдмæ цæуын йæ ныфс хæсгæ ничи кодта, маргъ та-иу хур скæсын афон бæласы мæрайы кæнæ къæдзæхы скъуыды бабырыди, адæм æй куы феной æмæ йын йе ’нахуыр конд æмæ уындыл куы худой, уымæй тæрсгæйæ.

Зыд æмæ кæрæф чызг баззади зæронд æххуырсты хæдзары. Лæг куы нал æмæ куы нал зынди, уæд йæ зæрдæйы тас бацыди æмæ мæт кæнын райдыдта. Фæстагмæ сфæнд кодта, уæдæ къамбец агурæг мæхæдæг фæцæуон, зæгъгæ. Араст и, уæдæ цы, кæд цæсты къух фæтъыссæн нæ уыди, уæддæр. Йæ иу къухы цырагъ, афтæмæй хуыцауы дзæгъæлы сау хъæды дзæвгар фæразил-базил кодта, стæй йæ бон куы базыдта, уæд фæстæмæ рацæйздæхти. Уалынмæ дын дымгæ уыцы иу футт æрбакодта, æмæ йæ цырагъ ахуыссыди. Арв уыди саумылазон, æмæ чызг йæ развæндаг нал уыдта. Фыркатайæ иу стыр бæласы раз алæууыд æмæ уынгæг куыд ныккодта. Бон куы æрбацъæх æмæ фыццаг хуры тынтæ тар хъæды пыхсбыныл куы сæмбæлдысты, уæд хъæздыджы чызг йæ кæуынвæллад цæстытæй ракасти æмæ чысыл æддæдæр къахвæндаг ауыдта. Уæдæ ныр ауылты мæ хæдзармæ фæхæццæ уыдзынæн, зæгъгæ, цыппæрвадæй азгъордта. Фæлæ куыд дарддæр кодта, афтæ хъæды арфдæрæй-арфдæр цыди. Адæмæй-иу хъуыста, зæгъгæ, уыцы ран тугдзых сырдæй йæ тæккæ дзаг у, æмæ уымæ гæсгæ йæ ныфс никуы ма ничи бахаста уырдæм бацæуынмæ. Бафæллад чызг, йæ бон иу къахдзæф акæнын дæр нал уыд, æмæ зæххыл уыцы иу гуыпп нылласта.

Æххормаг æмæ дойныйæ йæ хъару басасти, мæлыны къахыл ныллæууыди, зæрдæ йæ кусынæй банцади. Æмæ уæд хъæздыг лæджы чъынды чызг фестади æвирхъау фыдуынд маргъ. Æмæ та афтæмæй дæр уыди зыд æмæ налат. Атахти фынæй хъæды æмæ йæ хъæлæсыдзаг хъæр кодта: «Нам чау, шау кот!» — «Фондз къамбецы, æхсæз цæджындзы!» Уыцы мæргътæ фæзынынц æрмæст æхсæвыгон, сæуæхсиды хибар ран сæхи æраууон кæнынц. Уыдон тæрсынц, боны рухсмæ сыл алы хъылма цæрæгойтæ куы худой, уымæй. Фæлæ куы фембæлынц уыцы дыууæ маргъы, уæд сæ кæрæдзийæ се сæфт фæуынынц, æндæр ницыуал фембарынц.

— Нам чау, шау кот! — ныхъхъæр кæны сæ иу налат хъæлæсæй.

— Бат ко, чои кот! — дзуапп ратты иннæ хъæхъхъаг, уастгæнгæ.

Æмæ Тхай-Нгуены, Бок-Каны, стæй æндæр рæтты цæрджытæ, уыцы мæргъты уаст фехъусгæйæ, алы хатт дæр ракæнынц хъæздыг лæджы цъаммар чызг æмæ зæронд æххуырсты хабар.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.