Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАТРАДЗЫ МÆЛÆТ



БАТРАДЗЫ МÆЛÆТ

Уымæй фæстæмæ зилын райдыдта зæдтæ æмæ дауджыты фæдыл Батрадз æмæ сыл кæм хæст кодта, уым сæ тыхсын кодта, цагъта сæ.

Уæд зæдтæ æмæ дауджытæ ’рæмбырд сты æмæ хуыцаумæ бахъаст кодтой:

— Хæмыцы фырт Батрадз нæ цæрын нал уадзы, æмæ йæ фесаф!

— Цы уын кæнон? Уый ме ’вастæй равзæрд, æмæ йын мæ къухы мæлæт нæй, — загъта сын хуыцау.

Батрадз куы бамбæрста, зæдтæ æмæ йыл дауджытæ хуыцаумæ хъаст кæнынц, уый, уæд загъта йæхицæн: «Цавæр хуыцау у, зæдтæ æмæ дауджытæ сæ хъаст кæмæ хæссынц, уый? Цон æмæ йæ бабæрæг кæнон».

Æмæ барæвдзытæ кодта йæхи æмæ араст ис уæларв хуыцаумæ. Цæуы йæ фæндагыл. Хуыцау куы базыдта, Батрадз æм ссæуы, зæгъгæ, уый, уæд ын зæххы æмуæз дзæкъул йæ размæ æрæппæрста. Батрадз цæугæ-цæуын уæлбæхæй дзæкъулы бын ехсыхъæд фæтъыста æмæ йыл схæцыд, æмæ йæ бæх суанг йæ гуыбыны онг зæххы афардæг ис, ехсыхъæд дæр фæмуртæ ис. Ай цавæр диссаг у, зæгъгæ, рахызти бæхæй Батрадз æмæ схæцыди дзæкъулыл; фæиртæсын æй кодта зæххæй, фæлæ йæхæдæг дæр йæ уæрджыты онг зæххы аныхсти. Ныууагъта дзæкъул йæ бынаты æмæ та цæуы дарддæр. Уæд та хуыцау Батрадзы размæ раппæрста сызгъæрин сæхъис къуыбылой. Зæххыл уидагæй цыдæриддæр ис, уыдон æмдæргъ æмæ уыдон æмфидар.

«Ацы къуыбылой мын Сатанайæн кæрц æмпъузынæн бабæздзæн», — зæгъгæ, йæм æрæвнæлдта Батрадз уæлбæхæй. Къуыбылой змæлгæ дæр нæ фæкодта йæ бынатæй. Æрхызти йæ бæхæй, схæц-схæц фæкодта къуыбылойыл, фæлæ йæ сисын нæ бафæрæзта.

«Ис ма мæнæй тыхджындæртæ», — загъта Батрадз æмæ раздæхти фæстæмæ.

Цæуы æмæ арвыл авд Уастырджийы æмæ авд Елиайы ауыдта. Ралæууыди сыл æмæ дзы æртæ Уастырджийы æмæ æртæ Елиайы амардта. Чи ма дзы аирвæзт, уыдон та хуыцаумæ бацыдысты æмæ дзурынц:

— Хуыцау, кæнæ дын мах, кæнæ Хæмыцы фырт Батрадз!

Хуыцау сæм дзуры:

— Йæхæдæг йæхи ’гъдауæй куы нæ амæла, уæд ын мæлæт нæй. Æмæ ацæут æмæ Хурæн зæгъут, афæдзæй-афæдзмæ йæм цы тæвд ис, уый иу бон куыд радта, афтæ. Сымах асайут Батрадзы Хæзмы быдырмæ, зды дурнад кæнут æмæ йыл æй афтæмæй цæвут. Уый фырхæстæй куы сзынг уа, уæд йæ доннуазæн суадонмæ цæудзæн, цæмæй йæ тæвд æрцæуа, уый тыххæй, фæлæ æз суадон байсысын кæндзынæн. Уырдыгæй цæудзæн фурдмæ, æмæ æз фурды дæр байсысын кæндзынæн.

Зæдтæ æмæ дауджытæ бацыдысты Хурмæ æмæ йын загътой хуыцауы ныхас. Хур, афæдзæй-афæдзмæ йæм цы тæвд уыди, уый иу бон радта. Зæдтæ æмæ дауджытæ асайдтой Батрадзы Хæзмы быдырмæ æмæ йыл уым зды дурнадæй згъалын байдыдтой. Батрадз сæ фæстæмæ æхста, æмæ дзы афтæмæй цыппар Уастырджийы æмæ æртæ Уациллайы æрхаудта. Хæцынц ноджы зæдтæ, дауджытæ æмæ болат Батрадз. Хур ныккасти. Батрадз зынг кæнын байдыдта. «Багъæцут, мæхи ауазал кæнон, стæй фендзыстæм», — зæгъгæ, сæм æртхъирæн кæны Батрадз. Бауади йæ доннуазæн суадонмæ, фæлæ дзы доны ’ртах нал ис. Азгъордта фурдмæ, фæлæ уый дæр — хуыскъ. Бынтон сзынг ис Батрадз. Йæ хуылфы ма иу тъанг æнæсæрыдæй баззад, йæхи куы сæрын кодта Куырдалæгонмæ, уæд. Уый куы асыгъди, уæд æрхаудта Батрадз æмæ амарди. Зæдтæ æмæ дауджытæ йæ сæрты ратæх-батæх кæнын байдыдтой. Уæд Батрадз ахæм тæф рауагъта æмæ зæдтæ æмæ дауджытæй бирæ суртæ фæци, бирæ та дзы мæлгæ акодта. Бацыдысты та хуыцаумæ æмæ та хъаст кæнынц:

— Йе ’гас нын уый нæ кодта, йæ мард нын цы кæны. Æгасæй нæ цас бакайдта, уымæй нæ фылдæр бакайдта мардæй.

Хуыцау сæм дзуры:

— Ацæут æмæ йæ уæларв Софиайы зæппадзы бавæрут!

Рацыдысты зæдтæ æмæ дауджытæ, фæлæ Батрадзы сисын нæ фæразынц. Сифтыгътой йыл дыууадæс цæды галтæ, фæлæ никуы æмæ ницы — фенкъуысын кæнын дæр сын нæ комы.

Бамидæг та сты зæдтæ æмæ дауджытæ хуыцаумæ, æмæ сын хуыцау загъта:

— Ацæут æмæ йыл Тутыры гуырд дыууæ уæныджы сифтындзут.

Сифтыгътой йыл Тутыры гуырд дыууæ уæныджы, уæдæ цы уыдаид, æмæ йæ уæд Софиайы зæппадзмæ бæргæ сластой, фæлæ та йын зæппадзмæ бахæссынæн ницыуал амал ардтой: йæ сæр-иу размæ куы уыд, уæд-иу йæ рæмбыныкъæдзтæ ныббыцæу кодта зæппадзы дуармæ, йæ къæхтæ размæйæ та — йæ къæхтæ. Ацыдысты та ноджы хуыцаумæ æмæ йын радзырдтой хъуыддаг. Хуыцау сæм дзуры:

— Уый мæнæй лæвар агуры.

Æмæ йыл æртæ цæссыджы æрæппæрста хуыцау.

Уыйадыл зæдтæ æмæ дауджытæ Батрадзы бахастой Софиайы зæппадзмæ æмæ йæ уым бавæрдтой.

Хуыцауы æртæ цæстысыджы кæм æрхаудтой, уым февзæрди æртæ кувæндоны: Таранджелоз, Мыкалгабыртæ æмæ Реком.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.