Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ХÆМЫЦЫ ФЫРТ БАТРАДЗ ÆМÆ ДЕДЕНÆДЖЫ ФЫРТ АРÆХДЗАУ



ХÆМЫЦЫ ФЫРТ БАТРАДЗ ÆМÆ ДЕДЕНÆДЖЫ ФЫРТ АРÆХДЗАУ

Нарты хъæуы, Нарты Уырызмæджы хæдзары, Æхсæртæггаты зæронд хæдзары, цыдæртæ архайдта хæдзары æфсин Нарты Сатана.

Къонайыл, дæлтъурыл, арты фарсмæ бады иу лæппу бæгъæмзæнгæй æмæ къусбæрттæ кæны сæ фæныкæй. Артмæ бадынæй цъыхыры сысты лæппуйы зæнгтæ.

Чидæр æрбадзырдта кæрты дуарæй. Дзурынмæ рацыди Нарты Сатана.

— Уазæг, æгас цу!

— Зæрдырай фæу! Уæ лæгтæй ам ничи ис?

— Нæй, фæлæ лæгты хæдзар ам ис; мидæмæ нæм рацу, фысым дын уыдзыстæм; хорз дæ фендзыстæм: кæд дæ фæнды фæздæгджын сихорæй, кæд дæ фæнды — æвæздæг сихорæй.

— Бузныг, хорз ус, арфæгонд у хуыцауæй, фæлæ мæ æхсызгон хъæуы Нарты Сослан.

Нæ лæгтæ хуынды сты Ацæтæм, Фæс-Нарт Хусдзæгаты.

— Фæндаг мын чи ацамонид Хусдзæгатмæ, иу ахæмы мын мемæ бафтау, бузныг дæ уыдзынæн, хорз ус.

— Хæдзары нæ иу æнахъом саби йæ зæнгтæ арты фарсмæ дары; нæ зонын, истæмæн дын сахъаз уа. Ныртæккæ дæм æй рарвитдзынæн.

Уыйадыл Нарты Сатана уазæджы дуармæ фæуагъта, хæдзармæ бацыд æмæ дзуры:

— Уæлæмæ, стъæлды фæуай! Кулдуармæ уазæг; уайгæ æмæ йæ нæ лæгтæм фæхон Фæс-Нарт Хусдзæгатмæ, Ацæты куывдмæ.

Фæныкгуыз дæлтъурæй фестад, йæхи айвæзта æмæ уазæджы уæлхъус балæууыд.

Хусдзæгатмæ араст сты — уазæг бæхыл, фæныкгуыз фистæгæй.

Иудзæвгар куы ауадысты, уæд уазæг дзуры лæппумæ.

— Рауай, мæ фæсарц æрбабад.

Лæппу бакаст барæгмæ, барæджы бæхмæ æмæ загъта:

— Уазæг, дæ бæх, дыууæ чи ахæсса, ахæмы каст нæ кæны.

— Гъæ, куыдзы хъæвдын! Тагъд æрбахиз дын куы зæгъын, на æмæ дæм мæнæ ацы ехсæй хорз базилдзынæн дæ зонаджы тыххæй.

Лæппу балиуырдта барæджы фæсарцмæ, æмæ араст сты дарддæр. Уалынмæ, сæ цыды кой кæнгæйæ, лæппу æрбалвæста бæхы фæрстæ йæ уæрджытæй. Бæх ныццудыдта, æмæ ахст туджы къуыбæрттæ скалд йæ хъæлæсæй.

— Нæ дын загътон, нæ, дæ бæх, дыууæ чи ахæсса, ахæм нæу, зæгъгæ.

— Дæ бонæй уай, дæ бонæй, Хæмыцы фырт Батрадз!

— Хорзæй цæрай, хорзæй, Деденæджы фырт Арæхдзау, — æмæ лæппу барæджы фæсарцæй æргæпп кодта.

Фæндагыл иу тæссармæ сæ бахæццæ, афтæ Арæхдзау æрлæууыди, бæхæй æрхызт æмæ дзуры лæппумæ:

— Нæ фæттæ фехсæм, Батрадз! Бавзар уал разæй.

— Уазæджы разæй фатдонæй не сласдзынæн æз мæ фат, — загъта Батрадз.

Арæхдзау фатдонæй систа йæ фат, систа йе ’рдын, асгæрста фат, æрдынбос. Куыд æмбæлд, афтæ æрбахæстытæ кодта æрдынбосыл æмæ суагъта йæ фат; фат кæмдæр фæндагыл æрхауд.

Батрадз дæр фехста йæ фат. Фат Ацæты уæлкъæсæр ныссагъди.

Банкъуысыди Ацæты зæронд хæдзар, фынгæй хæринæгтæ æрызгъæлдысты зæхмæ; куывды бадджытæ кæрæдзимæ бакастысты фæрсæгау.

— Уæ бадæнтæй ма змæлут, хорз адæм, — сдзырдта Нарты Сослан, — уый нæ фыдуаджы фат у... Не ’рра æрбацæуы, не ’рра!

Чысыл фæстæдæр Деденæджы фырт Арæхдзау æмæ Хæмыцы фырт Батрадз дæр бахæццæ сты Ацæтæм.

Хæдзарæй тагъдгомау йæхи райста Сослан, æгасцуай загъта уазæгæн; стæй фездæхт Батрадзмæ æмæ йын ныдздзæхст ласта йе ’хсæрфарс:

— Куыдзы хъæвдын! Уый дын фат æвзарæггаг æнахъомæй.

Батрадз уыциу æхст фæкодта йæхи авд хохы сæрты æмæ сæ хæдзары балæууыд.

Бады та фæныкгуыз къонайыл æмæ та къусбæрттæ кæны сæ фæныкæй.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.