Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





НАРТ ÆМÆ УÆЙЫДЖЫ СТÆГ



НАРТ ÆМÆ УÆЙЫДЖЫ СТÆГ

Нарт дыууадæсæй хæтæны ацыдысты. Цас фæцыдысты, чи йæ зоны, фæлæ никуы ницæуыл сæмбæлдысты. Афтæмæй ныфтыдысты иу быдырмæ. Уым сыл æрталынг ис. Фæцæуынц, æмæ Сосланæн йæ арц цæуылдæр фæхæцыди. Сгарынц æй, æмæ лæгæты хуызæн цæмæдæр бацыдысты. Дис кæнынц: «Ам куынæ хъæд и, куынæ дур, уæд ай циу?»

Æхсæв уым баззадысты. Сæумæрайсом кæсынц, æмæ æхсæв кæм арвыстой, уый кæд уыди иу стыр сæры кæхц.

Нарт скуывтой: «Уæ хуыцауты хуыцау! Ацы лæг удæгасæй цы хуызæн уыд, афтæ йæ фестын кæн, æрмæст цæстæй куыннæ уына, афтæ».

Хуыцау фехъуыста Нартæн сæ куывд. Сæры кæхцыл йе ’ннæ стджытæ бандæгъдысты, æмæ уæйыг райгас и — æрмæст цæстæй нæ уыны. Рабадти æмæ йæхи ныйивæзтытæ кодта. Нарт стыр дисы бацыдысты. Уæйыг сын сæ ныхас хъусы æмæ сæ фæрсы:

— Чи стут? Цавæр стут?

— Мах Нарты адæм стæм, — загъта Сослан.

Уæд æм уæйыг дзуры Сосланмæ:

— Дæ къух-ма мæм авæр — дæ буары хъæд дын фенон.

Сослан æм хæстæг фæцæйцыд, фæлæ йæ уæйыджы комы тæф ныццавта æмæ йæ фæстæмæ аппæрста. Уæд æм фæстæрдыгæй бацыд Сослан æмæ йæм йæ къух радта. Уæйыг ын йæ цонджы хъултæ æрысгæрста æмæ йæм дзуры:

— Куыд лыстæг кæндтытæ стут? Зæгъут-ма мын, уæ цард цæмæй у?

Сослан ын загъта:

— Кæрдзын æмæ сырды фыдæй.

Уæд уæйыг йæ къух ауыгъта æмæ загъта:

— Уæдæ уе сæфт куы ’рцыди.

Сослан æй фæрсы:

— Æмæ сымах цард та цæмæй уыди?

— Мах цард уыди зæххы сойæ.

— Æмæ зæххы сойæ куыд цардыстут?

Уæд уæйыг йæ цонг фæфистæг кодта æмæ йæ зæххы ауагъта, суанг йе уæхсчы онг. Йæ армы дзаг сыджыт систа æмæ дзуры Сосланмæ:

— Дæ армытъæпæнтæ ’рбадар!

Сослан æм йæ къухтæ бадардта. Уæйыг сыджыт ныллæмæрста, æмæ Сосланы къухтæ сойæ айдзаг сты.

— Гъеныр æй бастæр, — дзуры йæм уæйыг.

Сослан æй бастæрдта, æмæ йын нард фыдау йæ зæрдæ ныццавта.

Æмæ йæм уæйыг дзуры:

— Гъеныр дæ хæрын нал бахъæудзæн æстæмæй-астмæ.

Сослан æй фæрсы:

— Уæдæ уæ рæстæджы уæ хъæзтытæ та цы хуызæн уыдысты?

Уæйыг ын загъта:

— Уæртæ уым стыр обау уыныс?

— Уынын, — зæгъгæ, загъта Сослан.

— Уæдæ, гъе уый сæрмæ ссу, æмæ дын æз нæ хъæзтытæ фенын кæнон.

Сослан обауы сæрмæ ссыди æмæ уæйыгмæ ныхъхъæр кодта, ам дæн, зæгъгæ, стæй уайтагъд йæ бынат аивта æмæ иуырдæм алæууыд. Уæйыг, стырдæр цы бæлас уыд, уый æд уидæгтæ стыдта æмæ йæ обауыл ныццавта. Бæлас обауы йæ бындзарæй сфæлдæхта æмæ йæ фæйнæрдæм фæхаста. Уæйыг фæрсы Сосланы:

— Цы фæдæ? Нæ дыл ауади?

— Ницы мыл ауад, мæхи фæтылиф кодтон.

Æмæ йын уæд уæйыг загъта:

— Мах тылифæн ницы зыдтам. Сымах хæйрæджыты мыггаг цыдæр стут. Ныууадзут мæ, курын уæ, мауал мæ мæстæй марут.

Уæд Нарт скуывтой: «Уæ хуыцæутты хуыцау, куыд уыди, афтæ йæ фестын кæн!»

Æмæ, æцæгдæр, уæйыг куыд уыди, афтæ фестади.

Нарт сæ хæдзæрттæм æрфардæг сты æмæ та цæрынтæ æмæ хæрынтæ байдыдтой, диссæгтæ æмæ алæмæттæ хастой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.