Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;ХСÆРТÆГГАТÆ ÆМÆ БОРÆТЫ ХÆСТ



ÆХСÆРТÆГГАТÆ ÆМÆ БОРÆТЫ ХÆСТ

Æхсæртæггатæ æмæ Борæтæ уыдысты дыууæ мыггаджы. Уыдысты сыхæгтæ. Кæрæдзийæ дардтой фæйнæ авд туджы.

Иубон куы уыд, уæд Æхсæртæггаты лæппутæ къорийæ хъазгæ æрбацæйцыдысты. Сæ къори Борæты куырдадзмæ батылди, æмæ лæппу йæ фæстæ бауади. Борæты куырд уыдис куырдадзы; лæппуйы рацахста, фæмард æй кодта æмæ йæ лæглæууæн дзыхъхъы ныппæрста, уæлæмæ куыд нæ зындаид, афтæ. Æхсæртæггатæ агурын райдыдтой сæ лæппуйы. Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан арвы кæрæтты хаттысты сæ лæппуйы агурæг.

Уырызмæгмæ хуыскъ хъуг уыдис. Сырдон куы базыдта, Уырызмæг лæппуйы агурæг ацыд, уый, уæд бавдæлд æмæ хъуджы сæргæвста. Изæрæй Ныхасы бадтысты лæгтæ. Сырдонæн уыдис авд лæппуйы; йæ иу лæппу æрбауад Ныхасмæ æмæ Сырдонмæ дзуры:

— Баба, сау гал хос нæ хæры.

Æмæ йын Сырдон загъта:

— Рамбырдтæ йын кæнут хосы муртæ æмæ йын сæ йæ разы нывæрут æмæ кæд хæра, уæд хæрæд, кæннод æй мардæн бахæрдæуæд (ома лыстытæ рамбырд кæнут æмæ сæ аджы бын бандзарут, æмæ кæд фыца, уæд сфыцæд).

Уыцы фæсномыг ныхæстæ Æхсæртæггаты лæппутæ бамбæрстой. Ауылты-ууылты акодтой æмæ Сырдоны хæдзары смидæг сты. Бакастысты, æмæ сæ хъуджы фыд уæларт пæлхъ-пæлхъæй фыцы.

Уыдон баздæхтысты æмæ йын йæ авд лæппуйы рацахстой æмæ сæ аджы ныппæрстой — уым нæ хуыскъ хъуджимæ фыцут, зæгъгæ!

Сырдон бацыд йæ хæдзармæ æмæ хъæр кæны:

— Кæм стут, лæппутæ, иу дæр уæ ма баззайа!

Куы ничи йæм зынди, уæд цæвнæлдта агмæ æмæ дзы йæ лæппуты уæнгтæ систа фыдисæй. Æхсæв-бонмæ сау æрдиаг фæкодта, уæдæ цы кодтаид...

Райсомæй дуармæ рацыд æмæ йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодта:

— Уæ, куыйтæ, Æхсæртæггатæ! Мæнмæ та уын цы бауæндын хъæуы, фæлæ уæ лæппуйы мард дæлæ Борæты куырдадзы куы æмбийы, уæд уыдонæн цæуылнæ исты бакæнут?!

Æхсæртæггатæн хъыг уыдис, фæлæ сæ лæгтæй сæхимæ ничи уыд, æмæ лæппутæ цы бакодтаиккой.

Борæтæ ницæмæйуал тарстысты æмæ бынтон хынджылæг кодтой Æхсæртæггатæй.

«Уæдæ ма сын цы хъыгдæр уыдзæн Æхсæртæггатæн?» — бафарстой Сырдоны. Æмæ сын Сырдон бацамыдта: «Ацæут æмæ сын уæ куырдадзæй сæ лæппуйы мард скъахут, йæ сæр ын ралыг кæнут æмæ йæ кауы михыл æрсадзут æмæ йæ уырдæм æхсут — уымæй хъыгдæр ницы уыдзæн Æхсæртæггатæн».

Æцæгдæр, Борæтæ афтæ бакодтой.

Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан æртæ азы фæцагуырдтой сæ лæппуйы, зæххыл цы нæ къуым басгæрстой, ахæм нал баззади. Уырызмæг раздæхти, Хæмыц æмæ ма Сослан агуырдтой лæппуйы зæрдæхсайгæ рæтты.

Уырызмæг сæ хъæумæ куы ’рцæйхæццæ кодта, уæд йæ хъустыл фаты ’хситт суади. Фаты ’хситтытæ æгæр куы цыди, уæд йæ бæх тагъддæр раскъæрдта: «Чидæр нæм тыхгæнæг æрцыдис, æмæ мæнæн худинаг у, фæдисы куы нæ фæуон, уæд».

Куы ’рбахæстæг ис, уæд базыдта, сæ лæппуйы сæры къуыдырæй сын кæй хъазынц Борæтæ, уый, æмæ сæ бафарста:

— Уый цы ми кæнут, цы ’хсут?

Уыдон ын загътой:

— Уæртæ иу куыдзы сæр фатæй æхсæм, æмæ йæм фæттæ æмгæрон дæр нæ цæуынц!

— Мæнæн дæр бар радтут, æмæ æз дæр фехсон! — загъта Уырызмæг.

— Марадз, фехс, — зæгъгæ, йын зæгъынц Борæтæ.

Уырызмæг скуывта: «О хуыцау, кæд нæ лæппуйы сæр у, уæд мæ фаты фехстмæ мæ хъæбысы абадæд!»

Æцæгдæр, сæры къуыдыр фесхъиудта æмæ Уырызмæджы хъæбысы абадт.

Уалынмæ Хæмыц æмæ Сослан дæр æрыздæхтысты. Куыннæ сын уыдаид хъыг, хъуыддаг куы базыдтой, уæд.

Адæм дыууæ мыггаджы æхсæн бацыдысты, æмæ Æхсæртæггатæй куырдтой, цæмæй бафидыдтаиккой, уый; сæхи чызг дæр сæм хатыдта, фæлæ уæддæр нæ разы кодтой. Схæцыдаиккой, æмæ уымæ дæр сæ ныфс тынг нæ хастой, уымæн æмæ Борæтæй бирæ къаддæр уыдысты.

Адæмы зæрдæйы уаг куы бамбæрстой Æхсæртæггатæ, æнæ бафидаугæ сæ нæ ныууадздзысты, уый, уæд бæхтыл абадтысты æмæ Борæты рæзты ехсæй къæрццытæгæнгæ рараст сты Кæфты-Сæр-Хуыйæндон-æлдармæ æфсад курæг.

Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан куы рараст сты Кæфты-Сæр-Хуыйæндон-æлдармæ, уæд сæ сæхи мыггагæй чызг ралгъыста:

«Æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг хуыцау афтæ саккаг кæнæд, æмæ авд азы дæргъы уæ арæхстдзураг дзых дзургæ куыд нæуал кæна, уæ кæрдаг кард — кæрдгæ, уе ’мбæлаг фат — æмбæлгæ, уæ уайаг бæх — уайгæ, кæд нæ фидаут, уæд!»

Æхсæртæггатæ Кæфты-Сæр-Хуыйæндон-æлдармæ ныххæццæ сты. Æлдармæ барвыстой, æмæ сæм æлдар рацыд. Ныхæстæ йын кæнынц, æмæ цы дзурынц, уый æлдар не ’мбары — сæ дзыхы дзырд ныггалиутæ ис. Æлдар загъта:

— Уæртæ уал сæ кæркдонмæ бакæнут æмæ сæ бафсадут.

Иубон куы уыди, уæд хъæубæсты туджы тæрхон уыди.

«Уазджытæй нæ исчи куы уаид», — зæгъгæ, Уырызмæгмæ барвыстой, бакодтой йæ сæхимæ æмæ йын зæгъынц:

— Уазæг, исты радзур.

Уырызмæг ныхæстæ кæны, æмæ йын йæ ныхæстæй ницы æмбарынц тæрхоны лæгтæ æмæ йæ ныууагътой.

Иу ран та дугъ уыди, æмæ барвыстой Æхсæртæггатæм, уæ бæхтæй иуы дугъы рауадзут, зæгъгæ.

Уырызмæджы хъулон бæхы арвыстой Æхсæртæггатæ.

Дугъæттæ рауадысты, Уырызмæджы Хъулон хист дæр нал æрæййæфта, афтæ фæстиау баззади.

Дугъы фæстæ хъабахъ æхстой, æмæ сæм барвыстой:

— Рацæут æмæ хъабахъ фехсут.

Хæмыц æмæ Сослан цалдæр æхсты фæкодтой, фæлæ се ’хст хъабахъмæ хæстæг дæр нæ бацыди.

Сосланы кард райстой гал æргæвдынмæ, фæлæ галы хурхæй хъуын дæр нæ ратыдта кард.

Кæфты-Сæр-Хуыйæндон-æлдар Æхсæртæггатæм кæсгæ дæр нал кодта, ницæмæуал сæ дардта.

Авд азы ахицæн сты, афтæ Сослан рацыд æмæ фырмæстæй йæ кард цыргъ кæнын райдыдта сигæцыл, йæ цæстысыг доны бæсты сигæцыл згъæлдис, афтæмæй. «Гъæ, уæууæй, гъе, фæлтау нæ хуыцау сафгæ куы фæкæнид!. Фæлæ Хуыйæндон-æлдарæн æнæ бафхæргæ нæй, кæй ныл не ’рвæссы, уый тыххæй». Цæстысыгæй ныхсадта Сослан йæ кард, фырмæстæй дзы дур æркъуырдта, æмæ дур дыууæ дихы фæцис, афтæмæй зæххы аирвæзти кард. Ахæм цæхæртæ скалдта æмæ Арыхъхъы фæсæлттæ ссыгъдысты йæ цæхæртæй. Сослан сцин кодта.

Уæд та хъæубæсты уыдис туджы тæрхон, æмæ та Уырызмæджы бакодтой уырдæм æмæ йын загътой:

— Зæронд лæг, исты раныхас кæн!

Æмæ Уырызмæг раныхас кодта. Ныхасгонд куы фæци, уæд йæ ныхæстыл æфтаугæ дæр ницыуал бакодтой, æппаргæ дæр дзы ницыуал акодтой, — афтæ хорз фæкастысты адæммæ.

Ноджы та дзы дугъ дæр уыди. Дугъы дæр та сын иу бæхы бар радтой. Уырызмæджы Хъулоны та рауагътой дугъы. Иннæ бæхтæ æмбис фæндагыл дæр нæма уыдысты, афтæ Уырызмæджы Хъулон æрхæццæ ис. Фæндагыл кæй куыд æййæфта дугъæттæй, афтæ кæмæн йæ къæдзил тыдта, кæмæн йæ хъус.

Сосланы кард ракуырдтой хисты гал æргæвдынмæ; кард куы ’рбавæрдтой галыл, уæд цæстыфæныкъуылдмæ галы хурх фæлыг кодта æмæ аирвæзти æмæ, æргæвдгæ чи кодта, уый уæрджыты дæр фæлыг кодта.

Стæй та сæ хъабахъ æхсынмæ дæр бахуыдтой. Сослан бæхыл сбадт, афтæмæй ацыд хъабахъ æхсынмæ. Бæхыл хъазгæйæ фæхъавыди хъабахъмæ æмæ йæ акъуырдта.

Дунейыл айхъуысти сæ кой.

«Ахæм адæм сты, æмæ сæ лæгимæ дзурæн нæй, сæ бæхимæ уайæн нæй, гæрзарæхстæй дæр афтæ сты».

Сæ кой æлдармæ байхъуысти, æмæ сæм æлдар рацыди æмæ сын загъта:

— Ныббарут мын, уазджытæ, ахæм адæм стут, уый нæ зыдтон. Ныр уæ фæрсын, — цавæр стут, цы агурæг стут?

Уыдон загътой:

— Мах дæм æрцыдыстæм æфсадгур. Куы дæм цыдыстæм, уæд нæ ралгъыстæуыд, æмæ авд азы уый тыххæй фæхъизæмар кодтам.

Æлдар загъта:

— Ме ’фсæдтæн дæттæн нæй, цал сты, уый чи нæ зона, уымæн; стæй ме ’фсæдтæн сæ хæцыны хъуыддаг афтæ у, æмæ знаджы куы фенынц, уæд бæхджынтæ иууылдæр аскъæрынц. Раздæр каудуар кардæй чи ныццæва, уымæн хъуамæ балæвар кæнат уæ хистæры усы, уый фæстæ чи ныццæва каудуар, уымæн та йæ бæх.

Сæхимидæг бахъынцъым кодтой Æхсæртæггатæ, стæй загътой: «Цом æмæ Сатанайы бафæрсæм, — уый куы ницы схос кæна, уæд мах ницы бакæндзыстæм».

Æмæ Уырызмæг рараст ис сæхимæ. Æрцыди йæ хæдзармæ æмæ мæстыйæ æрбадти бандоныл.

Сатана йæм бауади æмæ йæ фæрсы:

— Цы кæныс, зæронд лæг?

— Цы ма кæнон... Æфсæдтæ бæргæ ссардтам, фæлæ сæ раздæр Борæты каудуар чи ныццæва, уымæн хъуамæ балæвар кæнон дæу; уый фæстæ чи æрхæццæ уа, уымæн та хъуамæ балæвар кæнон мæ бæх; бæхыл бæргæ нæ мæт кæнын, фæлæ... фæндагыл фæфæлвæрдтам, æмæ дзы æртæйы мæ бæх æппын не ’ййафы. Æмæ цы бакæнон?

— Уымæй мын æппындæр ма фæтæрс, зæронд лæг, уыдонæн дын æз схос кæндзынæн, — дзуры йæм Сатана.

— Ноджы ма иу хъуыддаг: Кæфты-Сæр-Хуыйæндон-æлдар афтæ зæгъы: «Ме ’фсадæн, дам, сæ нымæц чи нæ базона, уымæн сын дæттæн нæй».

Сатана йæм дзуры:

— Уымæй дæр мын ма фæтæрс; ныр уал дæ фæллад æруадз, райсом æй базондзынæ.

Сатана хуыйыныл æрбадти. Æртыкъахыг хæлаф акарста æмæ йæ ахуыдта. Бонырдæм куы фæци, уæд æй мæсыджы къулыл ацауыгъта.

Нарты Сырдон хæйрæг кæм нæ уыди! Мæсыджы цурты æрцæуы, хæлафмæ скаст æмæ зæгъы: «Уæу, мæнæ диссæгтæ! Сæдæ сæдæ Борæты ’фсæдтæ сты; уæдæ дыууæ уый бæрцы та Æхсæртæггаты æфсад сты; ис дзы къуылыхтæ, сохъхъыртæ, цæнкуылтæ, фæлæ дзы æртыкъахыг нæ федтон, æмæ Сатанайы цæмæн хъæуы ацы æртыкъахыг хæлаф?»

Сатана байхъуыста Сырдоны ныхæстæм æмæ сæ Уырызмæгæн рафæзмыдта. Уырызмæг æрцыди æмæ радзырдта йе ’мбæлттæн хъуыддæгтæ.

Хуыйæндон-æлдар загъта:

— Сбадут, уæдæ, ныр уæ бæхтыл æмæ, æнæ фæстæмæ фæкæсгæйæ, размæ тæхут; фæстæмæ куы ракæсат, уæд ме ’фсад уæ фæстæ нал ацæудзысты.

Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан абадтысты сæ бæхтыл æмæ фæцагайдтой сæхирдæм. Куы рауадысты иудзæвгар, уæд Уырызмæг фæстæмæ фæкасти, уæдæ нæ, мыййаг, кæд сайгæ фæкодта Хуыйæндон-æлдар, зæгъгæ. Кæсы, æмæ быдыртæ сау адардтой æфсадæй.

— Цæмæн ракастæ фæстæмæ, — зæгъгæ, йæм иу æфсæддон фæдзырдта. Уырызмæг фæстæмæ куы фæкаст, уæд, æфсæдтæ цы мæсыгæй цыдысты, уый дуар ахгæдта, æмæ иннæтæн рацæуæн нал уыд.

— Æгъгъæд нын сты адон дæр, — дзуры Уырызмæг.

Бæхджынтæн сæ иу уыциу тахт скодта æмæ, æвæдза, ныр ныххафт ласа йæ кардæй Борæты каудуар, афтæ Сатана скуывта: «О хуыцау, фыццаг барджытæ æртæйæ дæр цы фæкæлой, сæ удæн куыд ницы уа, афтæмæй, æмæ Уырызмæг сæ разæй цы фæуа, уый радт!» Сатана куыд загъта, афтæ ’ртæ дæр фæкалдысты. Каудуармæ Уырызмæг йæхæдæг баразæй ис, нытътъæпп æй ласта, æмæ фегом ис.

Æфсæдтæ ныццагътой Борæты. Сывæллон æмæ сылгоймагæй фæстæмæ, кæйдæриддæр бынаты баййæфтой, уыдонæй никæйуал ауагътой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.