Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СЫРДОНЫ ТОХЪХЪЫЛЫ ÆРГÆВСТ



СЫРДОНЫ ТОХЪХЪЫЛЫ ÆРГÆВСТ

Сырдонмæ уыдис хæрзхаст тохъхъыл. Нарт æм бабæллыдысты æмæ йæ сфæнд кодтой бахæрын. Иубон та Ныхасы бадтысты æмæ дзурынц Сырдонмæ.

— Хъаймæт æрхæццæ кæны, Сырдон, æмæ дæ тохъхъыл афтæмæй фесæфынæн æвгъау у, фæлтау бавдæлæм æмæ йæ аргæвдæм доны был. Физонджытæ скæндзыстæм, æмæ уæд хуыцау кæсдзæн æмæ махмæ.

Сырдон уæлдай ницыуал загъта, сразы ис.

Иу хур бон Нарт ацыдысты доны былмæ; Сырдон дæр аласта йæ тохъхъыл. Æрбынат кодтой донбыл иу бæласы бын, раргæвстой Сырдоны тохъхъылы æмæ йæ уайтагъд асыгъдæг кодтой. Цæй, нæхи уал ауазал кæнæм, зæгъгæ, сæ дзаумæттæ раластой æмæ сæхи найын байдыдтой. Сырдон баззад кусарты уæлхъус. Нарт сæхи найынц. Сырдоны хуыцауы ’лгъыст сын сæ дзаумæттæ рамбырд кодта æмæ сæ арты бакалдта. Нарт сæхи над куы фесты, уæд рацыдысты донбылмæ. Сæхицæн загътой: «Цом ныр æмæ Сырдоны тохъхъылæй нæхи хорз фенæм». Фæлæ кæсынц, æмæ сæ дзауматæ цыдæр фесты.

— Нæ дзауматæ нын цы хæйрæг йæхимæ фæхаста? — фæрсынц Нарт Сырдоны.

— Мæнæ сæ арты бакалдтон, — дзуапп радта Сырдон.

— Ау, уый та куыд?

— Æмæ ма сæ цы кæнут, хъаймæт тагъд уыдзæн, зæгъгæ, куы загътат, уæд, — зæгъы сын Сырдон.

Нарт кæрæдзимæ бакастысты, фæлæ ницыуал сдзырдтой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.