|
|||
СОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТАСОСЛАН КОСЕРЫ КУЫД РАКУЫРДТА Иу изæр Сослан Нарты хъæуы уынгты уæлæмæ фæцæуы. Иу тигъмæ схæццæ ис, æмæ дзы лæппу-фæсивæд лæууынц. Сосланы нæ уынынц æмæ дзурынц: «Сослан цæй Сослан у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!» Дыккаг тигъмæ схæццæ ис. Уым дæр лæууынц лæппу-фæсивæд æмæ дзурынц: «Сослан цæй Сослан у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!» Æртыккаг тигъмæ схæццæ ис. Уым дæр та лæууынц фæсивæд æмæ дзурынц: «Сослан цæй Сослан у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!» «Мæ хуыцауыстæн, адоны мын æнæ бавзаргæ нæй», — загъта Сослан æмæ æрæмбырд кодта фæсивæды иу ранмæ. — Гъей мардзæтæ! — дзуры сæм Сослан. — Уарбийы ’фсæдтæ Хызыны ’фцæгыл ссæуынц, æмæ сын сæ ис, сæ хæзна байсæм. Алчи уæ æд фæндаггаг, æд хæцæнгарз райсом боны цъæхыл рæвдзæй куыд рацæуа, афтæ. Сразы сты фæсивæд. Сослан сæ разæй, фæсивæд йæ фæстæ, афтæмæй араст сты æмæ фæцæуынц. Хызыны ’фцæгмæ схæццæ сты. Акастысты уырдыгæй, æмæ Уарби дæлæ комы ссæуынц гыбаргыбургæнгæ. Нарты фæсивæдæй Уарбийы ’фсадмæ чи акæсы Хызыны ’фцæгæй, уый фæстæмæ лидзæг фæвæййы: æфсæдты гыбар-гыбурæй фæтæрсы. Фæстæмæ фæкаст Сослан, æмæ иунæгæй аззад — иууылдæр алыгъдысты йе ’мбæлттæ. «Гъей куыйтæ! Уæдæ иу æхсæв хъæбæр куы дзырдтат, уæд ныр цы фестут?» — загъта Сослан; йæхæдæг Уарбийы ’фсадимæ хæцын байдыдта. Байста сын сæ ис, сæ хæзна, — хорздзинадæй сæм цыдæриддæр ссардта, уыдон, æмæ сæ ’рхаста Нарты хъæумæ. Нарты хъæуы змæлæг нал ис. «Куы цыдтæн, уæд сæ дзæбæхæй куы ныууагътон, уæд ныр цы фесты?» — зæгъгæ, хъуыды кæны Сослан. Иу нæуæг чындз донмæ рацæйцыди, æмæ йæ фæрсы Сослан: — Мæ хъæу, мæ дзыллæ цы фесты? Ницы йæм дзуры чындз: уайсадгæ йæм кодта. — Дæ хуыцауы тыххæй, уыцы æфсæрмытæ ныууадз, фæлæ-ма мын зæгъ, нæ адæм цы фесты? — дзуры та йæм Сослан. — Косер-рæсугъд йæ тæхгæ мæсыджы сбадти æмæ арвыл ныллæууыди æмæ дзырд радта: кæй фат мæм схауа, уый — мæ мойаг, зæгъгæ, æмæ адæм уымæ кæсынмæ ацыдысты. Уæдæ искæй фат раздæр куы схауа, зæгъгæ, Сослан уыциу тахт аласта, адæм кæдæм ацыдысты, уырдæм. Уæлгоммæ æрхуыссыдис адæмимæ Сослан быдыры. Фат фелвæста æмæ йæ фехста — Косер-рæсугъдæн йæ цæугæ мæсыджы дуары уæллаг тарвазы ныссагъдис. Дыккаг фат фехста, æмæ уый та рудзынджы уæллаг тарвазы ныссагъд. Равнæлдта Косер æмæ фæттæ йæхимæ байста. «Мæ хур акæнæд, адон дыууæ дæр иу лæджы фæттæ сты», — загъта Косер æмæ йæ мæсыг æруагъта зæхмæ, дзыллæйы ’хсæнмæ. — Адон кæй фæттæ сты, уый мæ мойаг, хæстæг мæм æрбацæуæд, — дзуры Косер. Фырцинæй Сослан мæсыджы фæмидæг ис. — Фæлæуу, æрра, фæлæуу, æрра! Мæсыгæн ницы бамбардзынæ, куыд æй суадзын хъæуы, куыд æруадзын, — дзуры йæм Косер. Сослан нæ байхъуыста. Уæд Косер фыддæрадæн мæсыг уæлæмæ суагъта, йæхæдæг зæххыл баззади. Сослан хæрдмæ фæтæхы. Уый афтæ æнхъæлдта, æмæ Косер дæр мæсыджы ис; агуры йæ, фæлæ йæ нæ ары. «Уæдæ мæ уыцы налат фæсайдта!» — загъта мæстыйæ Сослан йæхицæн. Уалынмæ мæсыг дæр арвы хæд бын ныллæууыди. Уыцы мæстыйæ ралиуырдта Сослан мæсыджы сæрæй æмæ зæхмæ куы ’рхæццæ ис, уæд æй бынмæ йе ’мбæрц ныттыдта — авд дæлдзæхы фæци æмæ хæйрæджытæм ныххаудта. Дунейыл дзæбæхдзинадæй йын цы нæ хæссынц хæйрæджытæ, ахæм нæй, фæлæ уæддæр бонæй-бон æнкъарддæр кæны Сослан. — Уæ, нæ хорз уазæг, — дзуры йæм хæйрæджыты ’лдар, — дзæбæхдзинадæй нæм цы ис, уыдон дын куы ’вдисæм, уæддæр бонæй-бон æнкъарддæр куы кæныс? — Æз ахæм лæг дæн, — загъта Сослан, — æмæ йе цуан куы нæ кæнон, йе хæцгæ, уæд цæрын нæ зонын! Уалынмæ æрбайхъуысти, хæйрæджыты рæгъау фæтардæуы, зæгъгæ. Хæйрæджыты ’лдар дзуры: — Дзындз-аласайы йын раласут нæ уазæгæн, æмæ йæ бавзарæм, кæддæра, дзыхæй куыд дзуры, лæгæй дæр ахæм лæг у. Фæдисы мачи ацæуæд йæхи йеддæмæ. Сбадтис Сослан Дзындз-аласайыл æмæ ацыдис фæдисы иунæгæй хæйрæджыты рæгъауы фæстæ. Æрбатардта фæстæмæ рæгъау æд тыхгæнджытæ. — Амæн ауадзæн нал ис: ай хуызæн лæг мах бæсты никуы ис, — загъта хæйрæджыты ’лдар. Æмæ ракодта уæд йе ’ртæ уарзон чызджы Сосланмæ æмæ йын загъта: — Ме ’ртæ чызджы дын бинонтæн дæттын. Ахæм рæсугъдтæ никуы ссардзынæ ды, дæ цæрæнбонтæ амондджын æмæ хъæлдзæгæй арвитдзынæ семæ. Бирæ фæхаттис Сослан, бирæ федта чызджытæ дæр, фæлæ уыцы чызджытæй фыдуынддæр чызг никуы федта йæ цæрæнбонты. Уæддæр хæйрæджыты ’лдары зæрдæ балхæныны тыххæй загъта: — Бирæ бауарзтон дæ чызджыты, мæ хорз æлдар, фæлæ мын Нарты бæсты æртæ усы ис. Нæ фидауынц уыдон æппындæр сæ кæрæдзиимæ: æдзух дæр загъд æмæ хыл кæнынц. Нæ мын бафидаудзысты дæ буц чызджытимæ дæр, æмæ дын æнамонд фæуыдзысты. — Уæд та дæ цы ис, цы бон хъæуы махæй? — фæрсы йæ хæйрæджыты ’лдар. — Æрмæст мæ дзыллæйыл куы сæмбæлин, æндæр мæ ницы хъæуы сымахæй, — загъта Сослан. — Ацæут æмæ йын дыууæ зæронд дзабыры рахæссут! — загъта æлдар йæ адæмæн. Ацыдысты æмæ йын дыууæ зæронд дзабыры æрбадавтой. — Адон дæ къæхтыл бакъуыр æмæ ныккув хуыцаумæ: «Хуыцæутты хуыцау, уæдæ мæ нæ дуармæ фестын кæн!» Сослан дзабыртæ йæ къæхтыл бакъуырдта æмæ скуывта — уадидæгæн йæ тæккæ дуармæ фестади. Сатана йæ куы ауыдта, уæд ныццин кодта: «Хуыцау, дæ рынтæ дын бахæрон, мæнæ ма мæ лæппу кæцæйдæр фæзынди». Косер куы базыдта, Сослан фæстæмæ ссыдис, уый, уæд хъуыды кæны йæхимидæг: «Цымæ ма мæм фыццаджы зæрдæ дары?» Йæ мæсыджы та сбадт æмæ та арвæй зæххы астæумæ сдзæхст ласта. — Сатана, цы бакæнон ныр? Уыцы налаты тыххæй авд дæлдзæхы куы фæдæн, уæд афтæ сбадон мæхицæн? — дзуры Сослан Сатанамæ. — Уымæн дын æз уынаффæ бакæндзынæн, — загъта Сатана. — Æз дæ зилгæ дымгæ фестын кæндзынæн, æмæ йæм афтæмæй балæуу. Сатана йæ зилгæ дымгæ фестын кодта Сосланы, æмæ афтæмæй, гъæйдæ-мардзæ, зилгæ-зилгæ фæцæуы уæлæмæ. Мæсыг кæм лæууыд, уырдæм схæццæ ис æмæ рудзынгæй мæсыджы фæмидæг ис. Уыцы ран дымгæ фесæфт — Сослан фестад. — Гъæ, мæнæ налат, ныр та ма мын кæдæм ирвæздзынæ?! — дзуры Сослан Косер-рæсугъдмæ. — Æмæ æз цы кодтон, аххос дæхирдыгæй куы уыд! Æз ардæм дæр уый тыххæй куы ссыдтæн ныр, æмæ ма мыл иузæрдион уыдзынæ æви нæ, уый базонон. Бафидыдтой уым Сослан æмæ Косер-рæсугъд. Мæсыг баздыхтой æмæ йæ зæхмæ æруагътой.
|
|||
|