|
|||
СОСЛАН САТАНАЙЫ ЗЫНДОНЫ ЦАДÆЙ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТАСОСЛАН САТАНАЙЫ ЗЫНДОНЫ ЦАДÆЙ КУЫД ФЕРВÆЗЫН КОДТА Иуахæмы Сослан дард балцы цæуын сфæнд кодта æмæ араст ис Хурыскæсæны ’рдæм. Йæ мигъæмдзу æмæ уадæмдых бæх æй арвæй зæххы астæуты фескъæфы. Нартæй чидæртæ Сосланмæ мæсты уыдысты. Хъуыды кæнын байдыдтой, йæ зæрдæ йын тынгдæр цæмæй фæриссын кæнæм, цы фыд ын скæнæм, зæгъгæ, æмæ сæ фæнд ууыл ахицæн ис: «Йæ мад Сатанайы йын цæрдудæй мæрдтæм барвитæм — зындоны цады йæ баппарæм». Барвыстой Сатанамæ: «Абон — майрæмбон, иннæ майрæмбоны дын цæрдудæй зындоны цады æнæ ныппаргæ нæй, æмæ дæм тæригъæдæй цы ис, уыдоныл уæдмæ фæкув». Куыд нæ бауынгæг уыдаид Сатанайæн йæ зæрдæ. Нырдиаг кодта, йæ цæстысыг ставд цæппузырæй нызгъæлдта. Хъуыды кæнын байдыдта Сатана, ме ’нæныййаргæ лæппу Сосланæн цы амалæй фехъусын кæнон, зæгъгæ. Мадзалджын дæр куыд нæ уыди! Æртæ мыдамæсты ракодта, доны былмæ ныццыди æмæ, Сослан цы дурæй райгуырдис, уыцы дурыл сбадти. Скуывта Сатана: «Хуыцау, ахæм маргъ ратæхын кæн, æмæ мын Сосланмæ мæ ныхас чи фæхæццæ кæна!» Бады, æнхъæлмæ кæсы. Уалынмæ иу хъæрццыгъа æрбатæхы йæ сæрты. Сатана дзуры хъæрццыгъамæ: — Уæ уæлæ хъæрццыгъа, Сосланмæ мын Хурыскæсæнмæ фæдисхъæргæнæг куы фæуис, дæ мады дын де знæгтæ цæрдудæй мæрдтæм æрвитынвæнд скодтой æмæ тагъд æрбахæццæ у, зæгъгæ, уæд дын стыр лæвар ракæнин. — Ноджы фыддæр фыдтæ куы уынид Сослан! Алы ком, алы адаг сырды мардæй байдзаг кæны, уæддæр ма мæ холы хæргæйæ æхсгæ фæкæны, — загъта хъæрццыгъа æмæ атахтис. Уалынмæ ’рбатахти йæ сæрты хъуахъгæнгæ халон. Сатана та уымæ дæр мæлгъæвзагæй дзуры: — Гъæйтт, ставдбæрзæй сау халон, Хурыскæсæнмæ мын сынтхъæргæнæг æмæ халонуасæг куы фæцæуис Сосланмæ, дæ мады дын зындоны цады æппарынц, зæгъгæ, уæд дын, мыггагмæ дæ зæрдыл кæй фæдарай, ахæм лæвар ракæнин. — Куыннæ дын фæцæудзынæн, Сатана, сынтхъæргæнæг æмæ халонуасæг, дæ фырт Сослан комы дзаг сырдтæ куы ныццæгъды, уæд мын уыдонæй никуы ницы ныууадзы æмæ! — загъта халон. — Фыддæр фыдтæ ма дын куы уынин! — Хауæггаг фæу, — ралгъыста йæ Сатана, æмæ халон атахтис. Бады Сатана, кæуы, кæй ма фервитон фæдисхъæргæнæг, зæгъгæ, катайы бацыд. Уалынмæ нарæгбæрзæй дзæгъындзæг йæ разы абадт æмæ цъыррыкк-цъыррыкк кæны. Сатана та уымæ дæр дзуры: — Сослан Хурыскæсæны ’рдыгæй ис, æмæ мын æм фæдисхъæргæнæг куы фæуис, дæ мады дын цæрдудæй зындоны цады æппарынц, зæгъгæ, уæд дын стыр лæвар ракæнин. — Сосланæн мæ цæст уый фена! — загъта дзæгъындзæг. — Дæхæдæг дæр ма йæ хъуыды кæндзынæ, дæ кæркдонæй дын карчы айк куы раскъæфтон, уæд мæ уисойæ куыд ныххафт ласта, уый. Никæд мæ ферох уыдзæнис уый мæ дунейыл дæр, тыххæй ма дзы аирвæзтæн. Уæд Сатанайы раз ныцъцъыбар-цъыбур кодта зæрватыкк. — Цы кæныс, мæ ирвæзынгæнæг, цæуыл кæуыс? — дзуры зæрчатыкк Сатанамæ. — Цæуыл ма дын кæуон, — загъта Сатана, — не знæгтæ мæ майрæмбоны зындоны цады удæгасæй æппарынц; ме ’нæныййаргæ фырт дард балцы ис, æмæ мæ сæрыл дзурæг нæй. — Кæд дæ мæ сæр истæмæн хъæуы? — дзуры йæм зæрватыкк. — Иухатт мын мæ цъиуты гæдыйы дзыхæй куы байстай, æхсыры цады сæ куы цынадтай, афтæмæй сæ мæ ахстоны куы нывæрдтай, уый ма мæ зæрдыл лæууы. — Уæдæ мын Сослан Хурыскæсæны афæдзбалцы ис, æмæ мын æм фæдисхъæргæнæг куы фæцæуис, дæ мады дын де знæгтæ зындоны цады æппарынц майрæмбоны, æмæ мæм тагъд фæзын, зæгъгæ. — Уæ номдзыд Сатана, æз дæуæн фæдисхъæргæнæг куыннæ фæуыдзынæн! Æз куыд ферох кæндзынæн, хорз Сатана, дæуæн дæ дзæбæхдзинæдтæ, — загъта зæрватыкк, — фæлæ мыл куы нæ ’ууæнда, уæд ын цы кæндзынæн? Сатана йæ къухдарæн фелвæста æмæ йæ зæрватыччы хъуырыл бакодта. Айтыгъта уæд зæрватыкк йæ базыртæ æмæ тæхынтæ байдыдта Хурыскæсæнмæ. Авд къуыри æмæ авд бонмæ Нарты Сослан йæ мигъæмдзу бæхыл кæдæм фæхæццæ ис, уырдæм зæрватыкк Бонвæрноны скастмæ фæхæццæ ис. Иу ран, пыхсбыны, Сослан цъæх нæууыл хуыссы йæхицæн æнæ мæтæй. Зæрватыкк ын ссардта йæ бынат. Бæласы цъуппыл абадтис æмæ уырдыгæй мин æвзагæй ныууасыди: — Гъæйтт, Нарты номдзыд нæрæмон Сослан, дæхицæн цъæх кæрдæгыл цы дзæбæх хуыссыс! Дæ уарзон мад Сатанайы дын майрæмбоны де знæгтæ удæгасæй зындоны цады æппаргæ куы кæнынц, æмæ уый йæ цæстысыгтæ цæппузырæй куы калы, хуры тынмæ æнхъæлмæгæсæгау дæ фæзынынмæ æнхъæлмæ куы кæсы! Сослан æм дзуры: — Адæмы лымæн зæрватыкк, дæ ныхас дын æмбарын, фæлæ дыл цæмæй баууæндон? Зæрватыкк йæ хъуырæй Сатанайы къухдарæн фелвæста æмæ йæм æй æрæппæрста. Куыд нæ базыдтаид Сослан йæ мады къухдарæн! Йæ мигъæмдзу æмæ уадæмдых бæхыл уыциу æппæрст йæхи бакодта æмæ фæцагайдта уырдыгæй. Цас рауади, хуыцау зоны, афтæ кæсы, æмæ иу ран фæндагыл иу мæгуыр лæг ныффæлдæхтис æмæ уæлæмæ стын нал фæразы. — Гъæйтт, Нарты Сослан, æз де уазæг! — дзуры лæг Сосланмæ. Сослан æм йæ бæхæй æргæпп ласта æмæ йæ фæрсы: — Цы кæныс, цы дæ хъæуы? Цæмæй дын баххуыс кæнон? — Стонгæй мæлын, æмæ мæ фервæзын кæ, — загъта лæг. Сосланмæ, тагъд куыд кодта, уымæ гæсгæ хæринагæй ницы фæцис, фæлæ йæ сæрмæ не ’рхаста стонг лæджы зæфцы фыдæй мæлынмæ ныууадзын, — хъæды фæмидæг ис æмæ дзы уайтагъд саджы мард рахæццæ кодта лæгæн. Арт ын акодта, стæй йын хæрзбон загъта. Мæгуыр лæг дæр ын раарфæ кодта, уæдæ цы. Йæ бæх ныццæлхъытæ ласта Сослан æмæ уайын байдыдта йæ фæндагыл. Цæйбæрц та ауадис, чи зоны, фæлæ та кæсы, æмæ иу цæргæс йæ дзæмбыты сывæллон рахæссы. Сослан фат фелвæста æмæ фехста цæргæсы. Цæргæс æд сывæллон донмæ æрхаудис. Рагæпп ласта Сослан йæ бæхæй æмæ сывæллоны донæй райста æмæ йæ йемæ рахаста. Хъæугæрон сывæллоны мады, йæхи тыдта, афтæмæй баййæфта. Йæ сывæллоны йын радта. Мад ын раарфæ кодта, мæгуыр сидзæргæс ус дæн, иунæг ацы сывæллон мын ис, æмæ мын æй ды фервæзын кодтай, зæгъгæ. Цæуын та байдыдта Сослан дарддæр йæ фæндагыл. Бахæццæ ис Нарты хъæумæ, фæлæ йын æгæр байрæджы ис: йæ бацыдмæ йын йæ мады цæрдудæй зындоны цады ныппæрстой. Бæргæ ма багæпп кодта йæ фæстæ Сослан, фæлæ ницыуал: нал æй ссардта. Раздæхтис фæстæмæ цадæй Сослан æмæ йæ хæрæмтты карз бафхæрдта. Уый фæстæ, мæрдты Барастырæй ракурон, кæд мын мæ мады фæстæмæ радтид, зæгъгæ, араст ис мæрдты бæстæм. Мæрдты дуармæ бацыдис æмæ дуар бахоста. Мæрдты Барастыр æм йæхæдæг рацыд, æмæ дзы Сослан йæ мады курын байдыдта. Барастыр ын загъта: — Тæригъæдджын хъуыддæгтæ дæр бирæ кæныс, фæлæ, дæ мадмæ фæдисы цæугæйæ, стонг лæджы адзалæй кæй фервæзын кодтай, стæй мæгуыр сидзæргæсы сывæллоны цæргæсы ныхтæй кæй байстай, уымæ гæсгæ дын дæттын дæ мады. Рауагъта Барастыр Сатанайы. Сослан æмæ Сатана фæстæмæ ссыдысты Нартмæ æмæ та цæрын байдыдтой дзæбæхæй.
|
|||
|