|
|||
УЫРЫЗМÆДЖЫ ФÆСТАГ ФОСЫ КОНДУЫРЫЗМÆДЖЫ ФÆСТАГ ФОСЫ КОНД Базæронд ис тынг Нарты Уырызмæг, басасти йæ тых. Нал цыдис стæры, нал æй фарстой зондæй Нарты фæсивæд. Фæцис-иу Нарты хъал фæсивæды ’хсæн ахæмтæ дæр, худгæ йыл чи кодта, ницыуал пайда нын у, зæгъгæ-иу чи загъта. Райсомæй-иу рацыдис Ныхасмæ æмæ иу йæ бон уым арвыста адæммæ хъусгæйæ; кастис-иу, куыд æхстой фатæй Нарты фæсивæд, æмæ-иу æрлæууыдысты йæ лæппуйы бонтæ йæ зæрдыл, æмæ та-иу изæры æнкъардæй бацыдис йæ хæдзармæ. — Гъæй-джиди, искуы ма фосы конды фæу! — загъта иухатт Уырызмæг æмæ рацыди Нарты стыр Ныхасмæ. Ныхасы бадтысты Нарты фæсивæд, æмæ сæм дзуры: — Мæ чысылæй мæ зæронды бонмæ уын мæ зонд никуы бахæлæг кодтон, ныр базæронд дæн, æмæ уын мæ зæронд сæр фыдæбоны йеддæмæ ницæмæнуал бæззы, мæнæй уын ницыуал пайда ис. Райсом мын стыр æнгом чырын саразут, уым мæ нывæрут æмæ мæ фурды баппарут: мæнæн Нарты уæлмæрдты нæй ныгæнæн. Фæсивæдæй иутæ загътой: «Нæ зондамонæг Уырызмæг нæ уæле куы нæ уа, уæд цæрынæн ницы бакæндзыстæм»; иннæтæ загътой: «Базæронд ис æмæ нæ ницæмæнуал хъæуы». Фæлæ йын уæддæр йæ фæнд сæххæст кæныныл не сразы сты, йæ коммæ нæ бакастысты. Уæд та сæм рацыдис Уырызмæг дыккаг изæр дæр æмæ та сын загъта: — Цæмæн мæ фыдæбонæй марут? Саразут мын чырын æмæ мæ фурды баппарут. Гæнæн куынæуал уыди, уæд сразы сты фæсивæд æмæ æртыккаг бон сарæзтой егъау чырын æмæ йæ фурды былмæ ныххастой æмæ дзы Уырызмæджы нывæрдтой; нывæрдтой йын йемæ хæринаг дæр къуыриваг; æнгом æй ныхгæдтой æмæ йæ афтæмæй фурды баппæрстой. Фурд чырыны йæ сæрыл систа æмæ йæ ласынтæ байдыдта. Цас æй фæласта, чи зоны, фæлæ йæ иу æхсæв Саденджызы ’лдары бæхты дондарæны раппæрста кæронмæ. Райсомæй æлдары æххуырстытæ бæхтæ раскъæрдтой дон дарынмæ. Бæхтæ донмæ æмгæрон нал цæуынц: ныххуыррытт кæнынц æмæ фæстæмæ лидзынмæ фæвæййынц. Ай цы уа, зæгъгæ, бацыдысты æххуырстытæ хæстæгдæр. Кæсынц, æмæ дондарæны — чырын. Раппæрстой чырын былмæ, сæппæрстой йын йæ сæр æмæ уынынц — чырыны хуыссы зæронд лæг, кæрцы мидæг. Фæджих сты æххуырстытæ: «Циу ай, цы диссаг у, цы йæ ’рхаста?!» Æмæ фæрсынц Уырызмæджы: — Цы дæ, цавæр дæ, цы хуыцау дæ ’рхаста ардæм? — Æз дæн Нарты Уырызмæг. Базæронд дæн, мæ цардæй сфæлмæцыдтæн æмæ мæхи доны баппарын кодтон. Æххуырстытæй иу азгъордта ’лдармæ æмæ йæм дзуры: — Дæ фыдæхæй фесæфон, æлдар, дæхи базонынæй нырмæ æрцахсынмæ кæмæ бæллыдтæ, уый ныр бафтыд дæ къухы — Нарты Уырызмæг! Æлдар фæхъæр кодта йæ лæггадгæнджытæм: — Ныртæккæ йæ ардæм куыд ракæнат, афтæ! Скодтой Уырызмæджы æлдармæ. Бацин кодта æлдар, Уырызмæг йæ къухы кæй бафтыдис, ууыл. Йæ къухтæ æмæ йын йæ къæхтыл стыр къуыдыртæ бабастой æмæ йæ афтæмæй акодтой мæсыгмæ. Мæсыг сæхгæдтой, æрмæст ма дзы, кæрдзын кæцæй лæвæрдтаиккой, ахæм хуынкъ ныууагътой. Чысыл рæстæг рацыди, бирæ рæстæг, хуыцауы йеддæмæ йæ чи зоны, фæлæ Уырызмæг бады мæсыджы. Хъуыды кæнын байдыдта, уæдæ цы бакæнон æмæ куыд бакæнон, зæгъгæ, æмæ æрхъуыды кодта. Иу бон куы уыд, уæд та йын кæрдзын балæвæрдтой, æмæ кæрдзындзаумæ дзуры: — Уе ’лдар цæй æдылы у!.. Ам, мæсыджы, амæлдзынæн, уымæй йыл цы бафтдзæни? Уый бæсты ахæсты аргъ æркурæд. Кæрдзындзау бацыди æлдармæ æмæ зæгъы: — Дæ фыдæхæй фесæфон, нæ хорз æлдар, нæ ахæст диссæгтæ дзуры: уе ’лдар, зæгъы, цæй æдылы у! Æз, зæгъы, ам амæлдзынæн, уымæй йыл цы бафтдзæни? Фæлтау, зæгъы, ахæсты аргъ æркурæд. — Ацæут, йæ къуыдыртæ йын рафтаут æмæ йæ ардæм ракæнут, — радзырдта æлдар. Ацыдысты лæггадгæнджытæ, Уырызмæджы къæхтæ æмæ къухтæй къуыдыртæ рафтыдтой æмæ йæ æлдармæ ’рбакодтой. — Гъы, Нарты Уырызмæг, цы мын бафиддзынæ ахæсты аргъмæ, куы ницы дæм ис? — фæрсы йæ æлдар. — Мæ бинонтæ æмæ мæ хъæу куы базоной, нæ хистæр удæгас у æмæ ахæсты ис, зæгъгæ, уый, уæд сæ фæллойыл æппындæр нæ бацауæрддзысты. Мæхи бирæ фæллой цæуыл нæ сæххæссой, æртæ ахæмы мæ хъæу ратдзысты. — Уæддæр мын цы бафидинаг дæ? — фæрсы та йæ æлдар. — Кæд мæ фиддæн дæ зæрдæмæ фæцæуа, уæд дын куыннæ бафиддзынæн: сæдæ сæдæ иусион галтæ, сæдæ сæдæ дысионтæ, сæдæ сæдæ æртысионтæ, сæдæ сæдæ цыппæрсионтæ, сæдæ сæдæ фæндзсионтæ. Æлдарæн æхсызгон куыннæ уыдаид! Арвит, уæдæ, дæ хъæумæ, зæгъгæ, загъта Уырызмæгæн. — Уæдæ мын иу саухил æмæ иу бурхил лæг радт, мæ дзырд мын чи фæхæццæ кæна Нарты хъæумæ æмæ сын ардæм фæндаг чи бацамона, ахæмтæ, — загъта Уырызмæг. Æлдар арвыста, æмæ йын æрбакодтой дыууæ лæджы: сæ иу уыди саухил, иннæ та — бурхил. Бацамыдта уыдонæн Уырызмæг фæндаг Нарты бæстæм æмæ сын загъта: — Ацæут æмæ зæгъут Нартæн: «Уырызмæг Саденджызы ’лдары къухты бахауд, æмæ йын рарвитут ахæсты аргъ: сæдæ сæдæ иусион галтæ, сæдæ сæдæ дысионтæ, сæдæ сæдæ æртысионтæ, сæдæ сæдæ цыппæрсионтæ, сæдæ сæдæ та фæндзсионтæ. Сау галы æмæ сын бур галы сæ разæй скæнут, фæндагамонæг; кæд уын раст фæндагыл нæ цæуой, уæд-иу сау галы сæр ракæнут æмæ-иу æй бур галы ’фцæджы бафтаут, æмæ уын уый уæд фæндагыл цæудзæни раст». Саухил лæг æмæ бурхил лæг араст сты Нарты бæстæм. Бирæ фæцыдысты, чысыл фæцыдысты, хуыцауы йеддæмæ йæ чи зоны, фæлæ иу изæрыгон бахæццæ сты Нартмæ. Нырт бадынц Ныхасы. — Уе ’зæр хорз уæд! — загътой бæлццæттæ. — Хорзæй цæрат, хорз уазджытæ! — загътой Нарт. — Цы хур, цы къæвда уæ ’рхаста, ацы бæстаг куы нæ стут, уæд? — Гъе, уæ рын бахæрæм, хорз адæм, — загътой уазджытæ, — мах стæм Саденджызы æлдары бæстаг. Нарты Уырызмæг бахаудис не ’лдары къухты. Æлдар дзы æрцагуырдта ахæсты аргъ. Уырызмæг сразы ис æмæ нæ рарвыста ардæм ахæсты аргъмæ. Нарт куы фехъуыстой, Уырызмæг æгас у, зæгъгæ, уый, уæд сын тынг æхсызгон куыннæ уыди! Æмæ фæрсынц уазджыты: — Гъе, уæ рын бахæрæм, хорз уазджытæ, цы фиддæн æрцагуырдта уе ’лдар Уырызмæгæй? Уазджытæ загътой: — Уырызмæг нын загъта: «Рарвитут мын ахæсты аргъ: сæдæ сæдæ иусион галтæ, сæдæ сæдæ дысионтæ, сæдæ сæдæ æртысионтæ, сæдæ сæдæ цыппæрсионтæ, сæдæ сæдæ та фæндзсионтæ». Ноджыдæр ма нын загъта: «Сау галы æмæ-иу сын бур галы сæ разæй скæнут фæндагамонæг, æмæ уын фæндагыл раст куы нæ цæуой, уæд-иу сау галы сæр ракæнут æмæ-иу æй бур галы ’фцæджы бафтаут, æмæ уын уый уæд фæндаг раст амондзæни». Нарт уазджыты акодтой æхсæвиуат кæнынмæ. Сæхуыдтæг тæрхон кæнын байдыдтой: «Галтæн сæ иугай сыкъатæ ракæндзыстæм, æмæ, афтæмæй уыйбæрц иусион галтæ ссардзыстæм, дысионтыл дзырд нæй, фæлæ æртысионтæ, цыппæрсионтæ æмæ фæндзсионтæ та кæм ссарæм, ахæм галты кой куы никуы фехъуыстам?!» Маст кæнын байдыдтой, катайы бацыдысты. Куы ницы фæрæз ардтой, уæд сфæнд кодтой Сатанайы бафæрсын. Бацыдысты йæм æмæ йын загътой: — Уырызмæг нæм Саденджызы æлдары бæстæй æрæрвыста ахæсты аргъмæ: иусион галтæм, дысионтæм, æртысионтæм, цыппæрсионтæм æмæ фæндзсионтæм. Гъа, иусион галтæ ма ссардзыстæм, дысионтæн сæ иугай сыкъатæ асæтдзыстæм, афтæмæй дысионтæ нæм ис, фæлæ æртысионтæ, цыппæрсионтæ æмæ фæндзсионтæ кæцæй æркæнæм, ахæм галты кой хъусгæ дæр куы никуы фæкодтам?! Сатана бамбæрста, хъуыддаг цæй мидæг ис уый, йæ дзыхы дзаг ныххудтис æмæ сын зæгъы: — Уыцы зæронд лæг уын куы нæ уа, уæд фесæфдзыстут! Кæмдæр та уын ссардта æнæхæрд бæстæ æмæ уæ хоны уый хæрынмæ: иусион галтæ хоны фистæг æфсад, дысион галтæ — бæхджын æфсад, æртысионтæ — æрцджын æфсад, цыппæрсионтæ — згъæрджын æфсад, фæндзсионтæ та — алцыппæт хæцæнгæрзтæй æххæст æфсад. — Æмæ уæдæ, сау галы сæр ракæнут æмæ йæ бур галы ’фцæджы бафтаут, зæгъгæ, уый та цы у? — фæрсынц æй адæм. — Уый та амоны уый, æмæ æфсадæй куы ацæуат уæд саухил лæг æмæ бурхил лæджы уæ разæй скæндзыстут, цæмæй уын фæндаг амоной. Уыйбæрц æфсад куы феной уыдон, уæд уын фæндагыл раст нал цæудзысты, ракæ-бакæ кæндзысты, æмæ-иу уæд саухил лæджы сæр ралыг кæнут æмæ-иу æй бурхилы ’фцæджы бафтаут, æмæ уын уый уæд фæндаг раст амондзæни. Уæд Нарты фæсивæд ныххæррæтт кодтой æмæ æртæ бонмæ æфсад сцæттæ кодтой. Саухил æмæ бурхилы сæ разæй акодтой æмæ араст сты Саденджызы ’лдары бæстæм. Дзæвгар куы ацыдысты, уæд саухил æмæ бурхил загътой, адон хинæйдзаг æфсад сты, зæгъгæ, æмæ сын фæндаг раст нал амыдтой: куы-иу чердæм ацыдысты, куы чердæм. Нарты æфсад саухил лæджы сæр ралыг кодтой æмæ йæ бурхилы ’фцæджы бафтыдтой. Бурхил дæр уæд йæхицæн марынæй старст æмæ фæндагыл раст цæуыныл ныллæууыди. Уырызмæг зыдта Нарты ’фсæдтæн сæ ныццæуын афон æмæ, иу бон куы уыд, уæд загъта æлдарæн: — Цом-ма, мæсыджы сæрæй акæсæм, кæд, мыййаг, æрбазындысты дæ фос. Схызтысты мæсыджы сæрмæ æмæ кæсынц уырдыгæй: быдыры кæрон, дардæй, æрбазындис сау æндæрг. Уырызмæг базыдта, Нарт кæй æрхæццæ сты, уый, æмæ дзуры æлдармæ: — Гъе, гъе, далæ дын ахæсты аргъ æрбаскъæрынц, фæлæ, дæ къухы цыдæриддæр адæм ис, уыдон куыд арвитай сæ размæ, афтæ, æрмæст хæцæнгарз мачи ахæссæд йемæ, æндæра уыдон ахæм знæт фосы мыггаг сты, æмæ куыддæриддæр феной хæцæнгарз, афтæ ныппырх уыдзысты æмæ фæлидздзысты — дæ къухы дзы иу дæр нал бафтдзæнис, æмæ уæд æз аххосджын нæ уыдзынæн. Æлдар арвыста Нарты ’фсæдты размæ, цыдæриддæр æм адæм уыдис, уыдон, æмæ сын загъта: «Чидæриддæр уæ йемæ уис æмæ лæдзæджы йеддæмæ æндæр исты ахæсса, уыдон ныццæгъддзынæн!» Æлдары адæм Нарты ’фсæдтæм куы бахæццæ сты æмæ сæ куы ауыдтой, уæд хорзау нал фесты. Нарты ’фсæдтæ сæ цæгъдын байдыдтой, æмæ сæ сæрмæ рыг мигъау сбадти. Æлдар æмæ сæм Уырызмæг кæсынц мæсыджы сæрæй. Æмæ ’лдар фæрсы Уырызмæджы: — Уартæ уый фæздæджы хуызæн куы у, уæд уый цы у? — Уæззау фос æрцæуынц, æмæ уый сæ комы тæф æмæ сæ къæхты рыг у. — Æмæ дзы хæсты хъæры хуызæн куы цæуы, уæд уый та цы у? — фæрсы та æлдар. — Уæззау фос сты, æмæ уый сæ къæхты хъæр у, — загъта та йын Уырызмæг дæр. Нарты ’фсæдтæ уым æлдары адæмы сухы цагъд ныккодтой. Уырызмæг уый куы базыдта, æлдары адæм фæцагъды сты, зæгъгæ, уæд æлдарæн йе ’хсæрфарсæн иу цъыкк нылласта æмæ йын загъта: — Ды Уырызмæджы марынмæ хъавыдтæ?! Акæс-ма далæ де ’фсадмæ, уым дын сæ куыйты цагъд ныккæнын кодтон! — йæхæдæг ын йæ къабазыл фæхæцыдис æмæ йæ разыввытт кодта мæсыджы сæрæй. Нарты ’фсæдтæ бацыдысты æмæ Уырызмæджы куы федтой, уæд ыл тынг фæцин кодтой. Уырызмæг сын загъта: — Мæ зæронд сæр уын куынæ уа, уæд уæ халон йæ ахстонмæ фæхæсдзæни. Цыдæриддæр Саденджызы æлдары бæстæйы фос ссардтой, уыдон раскъæрдтой, йæ фæллой йын иууылдæр рахастой æмæ æрцыдысты фæстæмæ, Нартмæ. Цы фæллой рахастой, уый иууылдæр байуæрстой Æртæ Нартыл, иу адæймаджы дæр дзы æнæ хай нæ ныууагътой, фосæй та афæдзæй-афæдзмæ фæкодтой номы куывдтæ æмæ номы хæрнæджытæ.
|
|||
|