|
|||
УЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНАУЫРЫЗМÆГ ÆМÆ САТАНА САТАНА УЫРЫЗМÆДЖЫ УС КУЫД ССИ Уырызмæг йæ лæджы бынатмæ куы ахæццæ ис, уæд ракуырдта Алæгаты рæсугъд Елдайы. Сатана дæр рæзын байдыдта: мæймæ афæдздзыды цахъхъæн кодта, афæдзмæ та — æртæаздзыды цахъхъæн. Йæ конд, йæ уындæн та æмбал нæ уыди — сызгъæринхил, цæхæрцæст. Мой кæнын афон ын куы ’рцыди, уæд йæ зæрдæйы дзуры: «Мой бæргæ скæнин, фæлæ мæ мойаг кæм и, уый нæ зонын». Хъуыды кодта æмæ зæдты ’хсæн дæр Уырызмæгæй хъаруджындæр æмæ зондджындæр никæй ардта. Йæхи зæрды сфæнд кодта: «Ехх, кæд мын уа Уырызмæг, кæннод нæ мой кæнын!» Ныр цы кæна Сатана: йæхи дзыхæй зæгъын ын уæндгæ нæ кæны, æндæр искæй дзыхæй йын бамбарын кæна, уый та йæ фæндгæ нæ кæны. Æмæ зæгъы уæд йæхицæн: «Цæй, мæ сау цæсгом сыхалон æмæ йæм мæхæдæг бауæндон». Æмæ загъта Уырызмæгæн: — Уырызмæг, йæ хорзы æддæмæ ничи дæтты. Искæй мыггагмæ ацæуынæн æвгъау дæн, мæнæн æндæр хос нæй, ды мæ мой куы нæ уай! Уырызмæгæн йæ хъустæ ссыгъдысты, йæ сæрыхъуын уырдыг сыстади: — Кой дæр æй мауал скæн, — зæгъы, — адæмæй худинаг у, Нарты ’хсæнмæ ма цы цæсгомæй ацæудзынæн! Цас рацыдаид, чи зоны, фæлæ иуахæмы Уырызмæг афæдзбалцы цæуын сфæнд кодта æмæ дзуры йæ ус Елдамæ: — Æз цæуын афæдзбалцы, æмæ-иу хæрд, нозт сцæттæ кæн ме ’рыздæхынмæ: адæм мæм æгасцуай зæгъынмæ цæудзысты. Æмæ ацыди афæдзбалцы. Йæ афæдзы бон куы ’рхæстæг ис, уæд ын йе ’рцыдмæ йæ ус скодта ронг. Фыцгæ йæ хорз скодта, фæлæ йыл æнтуан куы ныккодта, уæд нæ сæнхъызти: уымæн Сатана — арвы хин, зæххы кæлæн — скодта хин æмæ йæ æппын æнхъизын нæ уагъта. Елда тыхсын байдыдта — иу уад йæ ронгмæ кæны, иннæ уад Сатанамæ: — Сæ чызг, мæ худинаджы рæстæг æрцыди: мæ ронг нал æнхъизы; де ’фсымæр мæ æдзæллагæй куы ’рæййафа, уæд мæ маргæ кæндзæни. — Æмæ дын цы кæнон, — зæгъы йын Сатана, — мæ хъуыддаг нæу. Уæддæр йæ зæрдæ нæ лæууы чындзæн, — иу уад ронгмæ кæны; иннæ уад уатмæ, Сатанамæ: — Цы кæнон, мæ уд æрдуйæ нарæгдæр куы сси, ме сæфт куы ’рцыд! Куы йæ бауырныдта Сатанайы, гъеныр сфæлмæцыдис чындз, йæ лæгæй тæрсы æмæ тыхсы, зæгъгæ, уæд дзуры: — Рæсугъд Елда, ды мын дæ чындздзон къаба æмæ кæлмæрзæн куы авæрис, уæд æз иу æхсæв Уырызмæджы фыдæнхъæл фæкæнин, дæуæн дæр дæ ронг ранхъизын кæнин. — Хорз, — загъта чындз. Сатана бацыди, æндæр æнхъизæн бантыдта æмæ ронг сæнхъизын кодта. Уалынмæ Уырызмæг дæр æрцыди. Куывд скодтой, æмæ Нарт ронг фæнуæзтой. Изæрæй куывды адæм сæ хæдзæрттæм фæцыдысты. Сатана скодта йæ уæлæ Елдайы чындздзон дзауматæ æмæ æхсæвы Уырызмæджы уатмæ бацыди. Уырызмæг æй нæ базыдта: йæхи ус æй фæхуыдта. — Алæгаты чызг, фыццаг æхсæвæй ныр хуыздæр дæ, — дзуры йæм Уырызмæг. — Нæ мыггаджы хъæд афтæ у, — дзуапп ын радта чызг, цæмæй йыл нæ фæгуырысхо уыдаид, уый тыххæй. Æхсæвы Сатана царыл фестын кодта мæй æмæ стъалыты хуызтæ. Куы сбон ис, уæд Уырызмæг дзуры: — Бон уыдзæнис ныр, стын афон у. — Кæм ис нырма бон, уæлæ-ма скæс, нырма мæй æмæ стъалытæ арвыл куы зынынц, — загъта Сатана. Елда дуæрттæ хоста, рауай-бауай кодта æмæ йын дуар куы нæ кодтой, уæд мæстæй фæзæрдæдзæф — амард. Сатана уый куы базыдта, уæд мæй æмæ стъалыты хуызтæ царæй фесæфта æмæ лæгмæ дзуры: — Сыст, бон уыдзæнис ныр. Уырызмæг æй куы ауыдта, уæд фæджихау ис æмæ загъта: — Ай Сатана куы дæ! Уый йын загъта: — Æмæ уæдæ дысон-бонмæ кæимæ уыдтæ?! Цы гæнæн ма уыди Уырызмæгæн. Марды баныгæдтой. Уырызмæг хъыг кодта: — Фæхудинаг мæ кодтай, Сатана, Нарты ’хсæн ма куыд фæцæрдзыстæм, цы цæсгомæй ма равдисдзыстæм нæхи?! — Адæмы фидис — дыууæ боны, бирæ худинаг нæу, — загъта Сатана. — Худинаг цæмæй ферох уа, уымæн дын æз амал скæндзынæн. Баздæх æмæ хæрæгыл сбад фæстæрдæм æмæ йыл æртæ здæхты акæн Ныхасы астæуты. Ныхасы адæммæ кæс, æмæ чи куыд кæна, уый-иу мын радзур. Уырызмæг хæрæгыл сбадтис фæстæрдæм æмæ ацыдис Ныхасы астæуты. Нарты адæм — стырæй, чысылæй, зæрондæй, ногæй — худæгæй ныффæлдæхтытæ сты, сæ фырхудтæй уæлæмæ стын дæр нал фæрæзтой. Фæстæмæ æрбаздæхт, æмæ ма чи бахудтис, чи — нал, бирæ йæм кæсгæ дæр нал ракодта, бирæтæ ма йыл хъынцъым дæр бакодтой, сæрра ис нæ зондамонæг Уырызмæг, зæгъгæ, Ноджы: та ацыд, æмæ йыл æппындæр ничиуал бахудт. «Уый хуымæтæджы не сбадти хæрæгыл фæстæрдæм, цыдæр хæйрæгдзинад та æрхъуыды кодта, æвæццæгæн», — загътой адæм. Æрбацыди фæстæмæ, йæ хæдзармæ, Уырызмæг, æмæ йæ Сатана фæрсы: — Гъы, куыд кодтой адæм? — Фыццаг куы ацыдтæн, — загъта Уырызмæг, — уæд адæм худæгæй ныффæлдæхтытæ сты, сæ фырхудтæй уæлæмæ стын дæр нал фæрæзтой. Фæстæмæ куы сыздæхтæн, уæд ма чи бахудти, чи — нал, бирæтæ та ма хъынцъым дæр кодтой, сæрра ис нæ зондамонæг Уырызмæг, зæгъгæ. Æртыккаг здæхт куы акодтон, уæд мыл ничиуал бахудти, æмæ дзырдтой: «Уый æрра не сси, стæй хуымæтæджы дæр не сбадти хæрæгыл фæстæрдæм, фæлæ та цыдæр хæйрæгдзинад æрхъуыды кодта, æвæццæгæн». Сатана йын загъта: — Гъе уæдæ мах хъуыддаг дæр афтæ у: ахуддзысты ныл, стæй нæ хъуыды дæр ничиуал æркæндзæнис. Куы базыдтой адæм, Уырызмæг йæ хо Сатанаимæ бацард, уый, уæд сыл фыццаг ахудтысты, стæй сæ, æцæг, хъуыды дæр ничиуал кодта. Афтæмæй Сатана æмæ Уырызмæг лæг æмæ усæй цæргæйæ баззадысты.
|
|||
|