![]()
|
|||||||
ФРАНЦАГ ÆВЗАДЖЫ УРОКТÆ. Радзырд. РУДОЛЬФИЯ. РадзырдРУДОЛЬФИЯ Радзырд Фыццаг хатт фембæ лдысты трамвайы. Чызг ын йе уæ хскмæ бавнæ лдта. Лæ ппу йæ цæ стытæ куы байгом кодта, уæ д ын чызг, рудзынгмæ ацамонгæ йæ, загъта: — Ам хизгæ дын у. Уæ дмæ трамвай æ рлæ ууыд, æ мæ лæ ппу, йæ рæ мбыныкъæ дзтæ й йæ хицæ н фæ ндаг гæ рдгæ, йæ фæ дыл рагæ пп ласта. Чызг уыди бынтон æ рыгон. Цыдаид ыл фылдæ р-фылдæ р фынддæ с-æ хсæ рдæ с азы. Уый лæ ппу уайтæ ккæ дæ р бафиппайдта, цæ мæ й йын бузныджы ныхас зæ гъа, уый тыххæ й йæ м фæ стæ мæ куы ракаст æ мæ йын йæ тымбыл цæ сгом куы ауыдта, уæ д. — Бузныг, — загъта лæ ппу. — Ды куы нæ уыдаис, уæ д мæ трамвай дарддæ р аластаид. Лæ ппу бамбæ рста, йæ ныхæ стæ чызгмæ фаг кæ й нæ фæ кастысты, уый, æ мæ ма сæ м бафтыдта: — Ацы бон афтæ бафæ лладтæ н æ мæ мæ сæ р æ ппындæ р нал кусы. Аст сахатыл мæ м ахсджиаг хъуыддаджы фæ дыл æ рбадзуринаг сты æ мæ, Хуыцау хорз, æ мæ ды мæ цуры фæ дæ, æ ндæ р байрæ джы кодтаин. Чызгæ н цыма йæ ныхæ стæ æ хсызгон уыдысты, афтæ йæ м фæ каст æ мæ дыууæ йæ дæ р, сæ рæ зты цы машинæ æ рцæ йтахт, уый разæ й фæ уыныл архайгæ йæ, фæ ндаджы иннæ фарсмæ базгъордтой. Мит уарыд æ мæ машинæ йы раззаг рудзынг сыгъдæ ггæ нæ н куыд дыууæ рдæ м кодта, уый лæ ппу бафиппайдта. Ахæ м фæ лмæ н мит куы фæ уары, уæ д адæ ймагмæ афтæ фæ кæ сы, цыма бæ рзонд арвыл кæ мдæ р цавæ рдæ р æ нахуыр мæ ргътæ сæ пакъуы фезгъалынц, æ мæ лæ джы йæ хæ дзармæ йæ къах нал фæ хæ ссы. «Телефоны дзæ нгæ рæ гмæ банхъæ лмæ кæ сдзынæ н, — скарста лæ ппу йæ хинымæ р, — æ мæ фæ стæ мæ рацæ удзынæ н». Чызгимæ уыйбæ рц рæ стæ г æ нæ дзургæ йæ цæ уын аив кæ й нæ у, уый æ мбæ рста æ мæ йын цы зæ гъа, ууыл хъуыдытыл фæ ци. Уæ вгæ, йемæ цæ уыл дзурæ н ис æ мæ цæ уыл дзурæ н нæ й, уый нæ зыдта æ мæ йæ хи мидæ г стыхсти. Хуыцау хорз, æ мæ йæ чызг уыцы уавæ рæ й йæ хæ дæ г фервæ зын кодта: — Æ з дæ зонын. — Æ цæ гæ й? — бадис кодта лæ ппу. — Цæ мæ й? — Ды цæ рыс сæ дæ дыууадæ сæ м хæ дзары, æ з та сæ дæ цыппæ рдæ сæ мы. Къаддæ р-уæ ддæ р къуыри дыууæ хатты трамвайы сæ мбæ лæ м. Ды мæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, никуы бафиппайыс. — Диссагæ й цы кæ ныс! — Уым диссагæ й ницы ис. Сымах, хистæ ртæ, хистæ рты йеддæ мæ никæ й уынут. Стæ й иууылдæ р тынг хиуарзон стут. Раст нæ зæ гъын? Чызг йæ сæ р рахизæ рдæ м разылдта æ мæ йæ м галиуæ рдыгæ й бынæ й хæ рдмæ скаст. Лæ ппу ницы сдзырдта, уымæ н æ мæ, чызгимæ йæ хи куыд дарын хъæ уы, уый нæ ма зыдта. Иуцасдæ р хъусæ й фæ цыдысты. Чызг размæ комкоммæ кæ сгæ йæ йе ’мбæ лццонæ н загъта: — Дæ ном дæ р мын нæ ма загътай... — Æ мæ дæ уый зонын æ нæ мæ нг хъæ уы? — О. Æ мæ уым диссагæ й цы ис? Иуæ й-иуты, сæ ном цы хуыйны, уымæ й куы бафæ рсай, уæ д сæ м цæ мæ дæ р гæ сгæ афтæ фæ кæ сы, цыма фæ рсæ г йæ размæ цыдæ р нысантæ февæ ры. — Хорз, — загъта лæ ппу. — Бамбæ рстон дæ. Кæ д дæ æ цæ г истæ мæ н хъæ уы, уæ д дын мæ ном зæ гъдзынæ н: Рудольф. — Куыд? — Рудольф. — Рудольф. — Чызг ныппыррыкк кодта. — Цæ уыл худыс? Чызг ноджы хъæ рдæ рæ й ныххудти. Лæ ппу æ рлæ ууыд æ мæ йæ м кæ сынтыл фæ ци. — Ру-дольф. — Чызг йæ былтæ фæ цъупп кодта æ мæ та йыл худæ г бахæ цыд. — Ру-дольф. Æ з æ нхъæ лдтон, сырддоны пылты йеддæ мæ афтæ никæ й хонынц. — Цы загътай?! — Мæ сты ма кæ н, — чызг ын йæ дысыл фæ хæ цыд. — Фæ лæ дын, раст куы зæ гъон, уæ д мæ м тынг худæ джы ном кæ сы. — Сывæ ллон дæ нырма, — тæ ргайхуызæ й загъта лæ ппу. — Сывæ ллон дæ н, уæ дæ цы дæ н! Ды та ас адæ ймаг. — Цал азы дыл цæ уы? — Æ хсæ рдæ с. — Мæ ныл та аст æ мæ ссæ дз. — Омæ дын нæ загътон, ас адæ ймаг дæ, зæ гъгæ? Рудольф дæ хуымæ тæ джы хонынц?! Чызг та ныххудти, галиуæ рдыгæ й йæ м бынæ й уæ лæ мæ кæ сгæ йæ. — Дæ ном та цы хуыйны? — Мæ ном? Ницы хуызы йæ базондзынæ. — Æ з базон-базонтæ й нæ хъазын. — Куы хъазай, уæ ддæ р æ й нæ базондзынæ. Мæ ном хуыйны Ия. — Куыд? — Ия. — Нæ дæ ’мбарын. — Ия. Æ ндæ р æ взагмæ йæ куы раивай, уæ д амоны «æ мæ æ з». Маст исыны рæ стæ г æ гæ р тагъд дæ р ма ралæ ууыд. Лæ ппу афтæ тынг хъæ рæ й ныххудти, æ мæ йæ уромæ г уромын нал фæ рæ зта. Куы-иу æ м бакаст, уæ д та-иу дæ лгæ мттæ кæ нынмæ фæ ци. Ия, зæ гъгæ -иу, йæ бон тыххæ й-фыдæ й сдзурын баци æ мæ та-иу ноджы хъæ рдæ рæ й ныххудт. Чызг йæ алыварсмæ тарстхуызæ й кæ сгæ йæ æ нхъæ лмæ каст, лæ ппу йæ худынæ й кæ д банцайдзæ н, уымæ, стæ й иу заман куы фæ сабырдæ р, уæ д бустæ хуызæ й загъта: — Худæ г дæ м кæ сы, нæ? Уæ дæ уым æ ппындæ р худæ гæ й ницы ис. Ия у хуымæ тæ джы ном. Иннæ тæ й ницæ мæ й хицæ н кæ ны. — Ма мæ м фæ хæ рам у, — йæ мидбылты худгæ йæ чызгмæ æ ргуыбыр кæ нгæ йæ, загъта лæ ппу. — Æ цæ гæ йдæ р мæ м худæ джы ном фæ каст. Кæ рæ дзийæ н фаг фестæ м: ды мæ ныл ахудтæ, æ з — дæ уыл. Ныр кæ рæ дзийæ ницыуал дарæ м. Афтæ нæ у? Чызг йæ сæ р батылдта, разы дæ н, зæ гъгæ. Раздæ р бахæ ццæ сты чызджы хæ дзармæ. Уый сæ фатермæ схизæ ны дуармæ æ рлæ ууыд æ мæ лæ ппуйы бафарста: — Дæ телефоны номыртæ -ма мын зæ гъ... — Ницæ мæ н дæ хъæ уынц, — загъта лæ ппу. — Тæ рсыс, нæ? — Æ з æ ндæ р цæ уылдæ р хъуыды кæ нын. — Хистæ ртæ зæ ххы цъарыл цæ мæ й нæ тæ рсынц, ахæ м нæ й. — Уымæ й раст зæ гъыс. Чызг йе ’рмкъух раласта æ мæ йæ къух лæ ппумæ бадаргъ кодта. Къух уыди ихы къæ ртты хуызæ н уазал. Лæ ппу йæ нылхъывта. — Ныр уæ химæ згъоргæ, Ия. Лæ ппу та ныххудти. Чызг къæ сæ ргæ рон фæ лæ ууыди: — Ацы хатт мæ трамвайы базондзынæ? — Куыннæ ма?! — Уæ дæ уал фембæ лдмæ... трамвайы... — Чызг йæ къух йæ сæ рмæ бæ рзонд систа. —... иумæ кæ м цæ удзыстæ м, — йæ ныхæ стыл ма йын бафтыдта лæ ппу. *** Дыууæ боны фæ стæ лæ ппу цæ гатмæ командировкæ йы ацыд. Фæ стæ мæ æ рбаздæ хт дыууæ къуырийы фæ стæ. Ам, горæ ты, уалдзæ г кæ й æ рбахæ ццæ кæ ны, уый бæ рæ г дардта. Цæ гатаг мигъты фæ стæ алцыдæ р зынди дзæ вгар ирддæ рæ й, суанг ма трамвайтæ дæ р. Сæ химæ куы бацыд, уæ д ын йæ ус загъта: — Алы бон дæ р дæ м цавæ рдæ р æ рыгон чызг телефонæ й дзырдта. — Цавæ р чызг? — Нæ зонын. Æ нхъæ лдтон, ды йæ зоныс. — Ницы йæ зонын. — Стыхстæ н дзы. — Цымæ чи уыдаид? — загъта лæ г æ мæ æ нæ бары худт бакодта. Телефоны дзæ нгæ рæ г райхъуыст, лæ г ваннæ йы йæ хи куы ’хсадта, уæ д. Мидæ мæ йæ м хъуыст, ус цы дзырдта, уый: æ рцыд, йæ хи ’хсы, фæ стæ дæ р-иу æ рбадзур. Лæ г йæ хуыссæ н бацагурынмæ хъавыд, афтæ та телефоны дзæ нгæ рæ г райхъуыст. — Хъусын дæ м, — дзуапп радта лæ г. — Рудик, де ’зæ р хорз. Фæ зындтæ? — райхъуыст телефоны хæ тæ лы кæ йдæ р хъæ лдзæ г хъæ лæ с. — Де ’зæ р дæ р хорз! — хъавгæ йæ загъта лæ г. — Чи дæ? — Нæ мæ базыдтай? Рудик, Рудик... Æ з дæ н, Ия. — Ия, — чи йæ м дзырдта, уый базонгæ йæ загъта лæ г æ мæ æ нæ бары бахудт. — Салам, салам. Диссаджы ном мын æ рхъуыды кодтай. — Дæ зæ рдæ мæ фæ цыд? — Афтæ мæ хуыдтой, дæ карæ н куы уыдтæ н, уæ д. — Дæ хицæ й ма ’ппæ л. — Цæ мæ н дæ м афтæ кæ сы? Дыууæ йæ дæ р ныхъхъус сты. Æ рæ джиау лæ ппу бафарста: — Уæ ддæ р дæ цы хъуыди? — Уый дæ ус уыди? — О. — Бинонтæ дын ис, уый мын цæ уылнæ загътай? — Хатыр дæ курын, — хъазгæ мхасæ н загъта лæ г, — нæ йæ зыдтон, уымæ н исты ахадындзинад ис, уый. — Куыннæ ма йын ис ахадындзинад! Æ мæ йæ уарзыс? — Уæ дæ! — дзуапп радта лæ г. — Ия, байхъус-ма мæ м, дæ хорзæ хæ й: мауал мæ м æ рбадзур. — Фæ -тарс-тæ? — йæ ныхас айвазгæ йæ, бафарста чызг. — Рудик, мацæ мæ йæ бамбар. Кæ д дæ фæ нды, уæ д йемæ цæ р. Мæ нæ н хъыг нæ уыдзæ н. Фæ лæ дæ ныхæ стæ мæ зæ рдæ мæ нæ цæ уынц: мауал, дам-иу æ рбадзур. Уæ д та мæ исты хъуыддаджы тыххæ й бахъуыдтæ. — Цавæ р хъуыддаджы тыххæ й? — худгæ йæ бафарста лæ г. — Куыд цавæ р хъуыддаджы тыххæ й? Зæ гъæ м... зæ гъæ м, иу резервуарæ й иннæ мæ мæ бон тæ нгъæ д рауадзын нæ у, — фæ царæ хст чызг, — уæ д дæ р дæ м нæ й дзурæ н? — Нæ зонын. — Мæ нмæ гæ сгæ, ис. Ма дзы тæ рс, Рудик, мах дыууæ стæ м, уый та — иу. — Кæ мæ й? — нæ йæ бамбæ рста лæ г. — Дæ усæ й, æ ндæ р кæ мæ й? — Хæ рзæ хсæ в, Ия. — Бафæ лладтæ, нæ? — О. — Омæ хорз. Мæ дзæ мбы мын нылхъив æ мæ мын хæ рзæ хсæ в зæ гъ. — Æ лхъивын дын дæ дзæ мбы. — Дæ усимæ дзургæ дæ р ма кæ н. — Хорз. — Æ мæ ныххудти. — Иунæ г ныхас дæ р æ м нал скæ ндзынæ н. Йæ мидбылхудт нæ фехæ лд, афтæ мæ й йæ усы цурмæ бацыд. — Уый Ия уыди, — загъта лæ г. — Уыцы æ взонг чызджы афтæ хонынц. Æ нæ хуыр ном дæ м нæ кæ сы? — Кæ сы, — иуцасдæ р æ дзæ мæ й алæ ууыны фæ стæ загъта ус. — Йæ хынцинаг скæ нын йæ бон нæ уыди. Æ хсæ зæ м кæ нæ æ вдæ м къласы ахуыр кæ ны, æ нхъæ лдæ н. — Æ мæ йын баххуыс кодтай? — Нæ гъ! Ферох мæ сты. Ахæ м хынцинæ гтæ зын кæ нын сты. *** Бон цъæ хтæ кæ нын райдыдта, афтæ райхъуыст телефоны дзæ нгæ рæ г. Цæ й цъæ хтæ æ мæ цæ й цыдæ р — иу цъæ х дæ р дзы нæ уыд æ мæ иннæ дæ р: горæ ты цæ рджытæ сæ хъарм фынтæ уынгæ йæ уыдысты. Йæ хуыссæ нæ й стгæ йæ Рудольф, сæ бакомкоммæ цы хæ дзар уыд, уый рудзгуытæ м фæ комкоммæ, фæ лæ дзы иуæ й дæ р рухс нæ калд. Æ рмæ стдæ р хæ дзармæ бацæ уæ нтæ дзыхæ йцæ гъдгæ фæ ндыртау цыппар æ мхуызон рæ гъæ й æ рттывдтытæ калдтой. Телефоны дзæ нгæ рæ г цагъта æ мæ цагъта. Рудольф йæ цурмæ куы бахæ ццæ, уæ д сахатмæ æ ркаст: уыди æ хсæ зæ м æ рдæ г. — Хъусын! — мæ сты дзуапп радта лæ г. — Рудик, Рудик... Лæ гæ н йæ маст пихылæ йттæ скалдта: — Ия, цы ми кæ ныс, уый æ мбарыс? — Рудик, — йæ ныхас ын æ рдæ гыл фескъуыдæ уыд, — ма мæ сты кæ н. Ды хъуыддæ гтæ н ницыма ’мбарыс. — Цы ’рцыди, зæ гъ-ма йæ, — йæ маст тыххæ й уромгæ йæ, бафарста Рудольф. — Рудик, ды Рудольф кæ й нал дæ, уый зоныс? Ардыгæ й фæ стæ мæ хуыйндзынæ Рудольфия, — стыр æ хсызгондзинад фехъусынгæ нæ гау фæ уæ лахизуæ вæ джы хъæ лæ сæ й загъдæ уыд фалæ рдыгæ й. — Рудольф-ия! Дæ зæ рдæ мæ нæ цæ уы? Ныртæ ккæ йæ æ рхъуыды кодтон. Рудольф æ мæ Ияйæ рауади Рудольфия. Итайлæ гтæ н дæ р ахæ м нæ мттæ ис. Зæ гъ-ма йæ, кæ ддæ ра дæ дзыхы та куыд фидауы. — Рудольфия! — Тынг у. Ныр нын дыууæ йæ иу ном уыдзæ н — ничиуал нæ фæ хицæ н кæ ндзæ н. Ромео æ мæ Джульеттæ йы хуызæ н. Ды дæ р Рудольфия, æ з дæ р Рудольфия. — Æ рбайхъус-ма мæ м, — иуцасдæ р йе ’муд æ рцæ угæ йæ загъта лæ г. — Ацы хатт ма мын ног ном куы ’рхъуыды кæ най, уæ д-иу йæ фехъусын кæ нынæ н хуыздæ р рæ стæ г ссар. — Куыннæ йæ ’мбарыс, йæ фехъусын кæ нынмæ æ рхъæ цмæ кæ й нал хъæ цыдтæ н, уый? Стæ й дæ уæ н дæ р стын афон у. Рудольфия, æ стæ м æ рдæ гыл дæ м трамвайы æ рлæ ууæ ны æ нхъæ лмæ кæ й кæ сдзынæ н, уый дæ ма ферох уæ д. — Абон æ з трамвайы нæ цæ удзынæ н. — Цæ уылнæ? — Улæ фæ н бон мын у. — Къуырийы астæ у? — О, уымæ й размæ иу бон уæ лдай бакуыстон. — А-а, — загъта, фыдæ нхъæ лы мыртæ кæ мæ й хъуыст, уыцы хъæ лæ с. — Æ мæ уæ д æ з та? — Нæ зонын. Комкоммæ скъоламæ ацу. Мæ нмæ ма ’нхъæ лмæ кæ с. — Дæ усæ н дæ р улæ фгæ бон у? — Нæ у. — Уæ дæ уæ д хорз. Æ рмæ ст дæ ма ферох уæ д, нæ ном Рудольфия кæ й хуыйны, уый. — Мæ хи тынг амондджын хонын уымæ й. Телефоны хæ тæ л æ рæ вæ рдта æ мæ хъуырхъуыргæ нгæ йæ хицæ н цайæ н дон æ вæ рынмæ ацыд. Фынæ йы кой кæ нгæ дæ р нал кодта, уымæ н æ мæ зыдта, хуыссæ г æ й кæ й нал æ рцахсдзæ н, уый. Ноджы сæ бакомкоммæ хæ дзары æ ртæ рудзынгæ й рухс кæ лын дæ р райдыдта. *** Æ мбисбон дуары хойын ссыд. Лæ г уыцы рæ стæ г уыд йæ тæ ккæ пъолтæ æ хсгæ йæ. Йæ къухы цы хуылыдз хæ цъил уыд, уый фæ свæ д æ рæ вæ рынмæ дæ р нал фæ царæ хст, афтæ мæ й йæ чызг æ рбаййæ фта. — Дæ бон хорз, Рудольфия. — Ды? — дисхуызæ й загъта лæ ппу. — Цы ’рцыди? — Мæ нæ н дæ р абон улæ фты бон у. Чызджы цæ сгомыл амонд æ рттывдтытæ калдта. Æ фсæ рмæ н дзы йæ кой дæ р нæ уыд. — Æ цæ г зæ гъыс? — ныфсджынæ й фæ хъæ р кодта лæ ппу. — Уæ дæ, зæ гъыс, улæ фыс, и? Гъемæ мидæ мæ рахиз. Иугæ р æ рбацыдтæ, уæ д ам цы лæ ууыс?! Æ з ныртæ ккæ фæ уыдзынæ н. Чызг йæ дзаумæ ттæ нæ раласта, афтæ мæ й, рудзынджы цур цы къæ лæ тджын уыд, ууыл æ рбадти æ мæ, лæ ппу хæ цъилимæ куыд архайдта, уымæ каст. — Рудольфия, мæ нмæ гæ сгæ, дæ бинонтæ й амонд нæ фæ ци, — загъта чызг иу уысм хъусæ й алæ ууыны фæ стæ. Лæ ппу йæ астæ у сраст кодта. — Бирæ ма дзур, — йæ мидбылты худгæ йæ, загъта лæ ппу. — Æ ви, зæ гъыс, раст нæ дæ н? — Æ з ницы зæ гъын. — Уæ дæ дзы уый ис. — Уый бæ сты дæ дзаумæ ттæ ралас. — Тæ рсгæ дæ кæ нын, — рудзынгæ й акæ сгæ йæ загъта чызг. — Цы загътай? — Ды та уæ ддæ р нæ лгоймаг дæ. — Мæ нæ цæ уылты хъуыды кæ ны! — ныххудти лæ ппу. — Уыцы хуызæ нæ й ардæ м цæ уын куыд æ рбауæ ндыдтæ? — Омæ мах дыууæ йæ иумæ не стæ м, Рудольфия? — Уымæ й раст зæ гъыс. Мæ нæ й уый æ рбайрох и. Уыцы хъуыддаг мыл цыдæ р хæ стæ æ вæ ры. — Дæ уæ н уый загъдæ уа. Чызг иуцасдæ р хъусæ й лæ ууыд. Лæ ппу цалынмæ бедраимæ архайдта, уæ дмæ æ нцад бадт. Лæ ппу куы ’рбацыд, уæ д чызджы пъалто къæ лæ тджыны уæ хскыл ауыгъдæ й æ рбаййæ фта. Ияйы цæ сгом уыд æ нкъард æ мæ сагъæ схуыз. — Рудольфия, абон æ з бирæ фæ куыдтон, — йæ мидхъуыдытæ æ нæ нхъæ лæ джы æ ргомæ й загъта чызг. — Уагæ ры цæ уыл, Ия? — Ия нæ, фæ лæ Рудольфия. — Уагæ ры цæ уыл, Рудольфия? — Мæ хистæ р хо мæ фæ кæ уын кодта ацы улæ фты боны тыххæ й. Нæ мын æ й уагъта исын. — Мæ нмæ гæ сгæ, дæ хо раст уыд. — Нæ уыди, Рудольфия, нæ. — Чызг фестади æ мæ рудзынджы цурмæ бацыд. — Иу хатт улæ фты бон райсын æ мбæ лы. Куыннæ йæ ’мбарут? Мæ нæ ныртæ ккæ демæ кæ й ныхæ стæ кæ нын, уымæ й куыд тынг амондджын дæ н, уый куы зонис, уæ д афтæ нæ зæ гъис... Чызг та ныхъхъус. Лæ ппу йæ м кæ сыныл фæ ци. Йæ тæ нæ г къабайæ, æ нахуыр цъиутæ лæ ппынтæ кæ м рауадзынц, дыууæ ахæ м чысыл ахстонау къуыпп дардтой йæ риутæ. Лæ ппуйы цæ стытыл ауад, афæ дзы фæ стæ чызджы цæ сгом куыд фендæ рхуызон, фæ рæ сугъддæ р уыдзæ н, уый. Йæ фарсмæ йæ хи хуызæ н æ рыгон лæ ппу кæ й фæ зындзæ н, ууыл куы ахъуыды кодта, уæ д цæ мæ ндæ р фенкъардхуыз. Лæ ппу чызджы цурмæ бацыд, йе уæ хсчытæ йын кæ рæ дзимæ æ рбалхъывта æ мæ йæ мидбылты бахудгæ йæ загъта: — Тыхсгæ ма кæ н, алцыдæ р хорз уыдзæ н. — Æ цæ г зæ гъыс, Рудольфия? — О. — Æ ууæ ндын дыл, — загъта чызг. — Æ ууæ нд мыл. Лæ ппу йæ цурæ й ацæ уынмæ хъавыд, фæ лæ йæ м чызг фæ дзырдта: — Рудольфия! — Уæ й. — Ус курыныл цæ мæ н батагъд кодтай? Дыууæ азы ма куы банхъæ лмæ кастаис, уæ д дын æ з бакуымдтаин. — Тагъд ма кæ н. Ды æ нæ уи дæ р ацæ удзынæ чындзы... иу дзæ бæ х лæ ппумæ. — Мæ н чындзы дæ умæ ацæ уын фæ ндыди. — Уый мæ нæ й хуыздæ р уыдзæ н. — Куыннæ стæ й, — дызæ рдыггæ нгæ йæ загъта чызг. — Дæ умæ гæ сгæ, хуыздæ ртæ вæ ййы? — Мин хатты хуыздæ ртæ дæ р. — Фæ лæ уый ды нæ уыдзынæ... — æ мæ арф ныуулæ фыд. — Нæ фæ лæ ма уый бæ сты цай бацымæ м. — Бацымæ м. Лæ ппу цæ лгæ нæ нмæ ацыди æ мæ цайæ н дон сæ вæ рдта. — Рудольфия! Чызг лæ ууыди чингуыты тæ рхæ джы раз. — Рудольфия, нæ дыууæ йы хуызæ н рæ сугъд ном никæ уыл ис. Суанг ма фысджытыл дæ р. — Чызг иуцъус хъусæ й алæ ууыд. — Чи зоны, æ рмæ ст мæ нæ ауыл. Эк-зю-пе-ри. Æ цæ г, æ цæ г, рæ сугъд дæ м нæ кæ сы? — Кæ сы, — загъта лæ ппу. — Йæ фыстытæ й йын исты кастæ? — Ницы. — Бакæ с-ма сæ. Æ рмæ ст, дæ хицæ н улæ фты бонтæ куыд нал скæ най, афтæ мæ й. Баныхас кодтам? — О. Чызг йæ пъалто кæ нынмæ фæ ци. — Цай та? — йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд лæ ппуйæ н. — Рудольфия, цæ й, æ з ацæ уон, хорз? — йæ цæ сгомыл фæ зынд æ нкъард мидбылхудт. — Æ рмæ ст, æ з ам уыдтæ н, уый дæ усæ н ма схъæ р кæ н. Хорз, Рудольфия? — Хорз, — зæ рдæ йын бавæ рдта лæ ппу. Чызджы ацыды фæ стæ лæ ппу æ рæ нкъард. Йæ сагъæ с цæ уыл уыд, уый бæ лвырд йæ хæ дæ г дæ р нæ зыдта, фæ лæ йын цыдæ р кæ й нал фаг кодта, уый кæ цыдæ р æ нкъарæ нæ й хатыдта. Йæ дзаумæ ттæ скодта æ мæ уынгмæ рацыд. *** Уалдзæ г куыд ралæ ууыд, уый бирæ тæ нæ бамбæ рстой. Адæ м цалдæ р бонмæ дзæ вгар фæ хæ ларзæ рдæ дæ р сты. Уыцы цалдæ р боны зымæ гæ й уалдзæ гмæ уыдысты хиды хуызæ н. Уалдзыгон фынтæ къамæ йфæ рсæ джы зæ рдæ вæ рæ н ныхæ стау горæ ты цæ рджытæ н басгуыхтысты амонд æ мæ уарзондзинады хос. Иу ахæ м бон, дыууæ изæ растæ у Рудольф куыстæ й куы ’рбацæ йцыд, уæ д æ й иу ацæ ргæ сылгоймаг фæ урæ дта. — Æ з Ияйы мад дæ н, — загъта сылгоймаг. — Бахатыр кæ н, фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, дæ ном Рудольф хуыйны. — Афтæ мæ хонынц, — йæ мидбылты бахудгæ йæ загъта лæ ппу. — Æ з дæ зонын мæ чызджы ныхæ стæ м гæ сгæ. Фæ стаг рæ стæ г дæ кой тынг арæ х кæ ны. Фæ лæ æ з... Сылгоймаг дарддæ р дзурын нал фæ рæ зта. Рудольф ын йæ уавæ р бамбæ рста æ мæ загъта: — Дæ зæ рдæ мацæ мæ ’хсайæ д. Æ з æ мæ Ияйы ’хсæ н ис æ рмæ стдæ р хæ лар ахастдзинæ дтæ. — Æ мбарын æ й, — æ фсæ рмыгæ нгæ йæ загъта сылгоймаг. — Фæ лæ Ия тынг хивæ нд чызг у, æ ппындæ р нæ м нæ хъусы. Дæ ныхасæ н, чи зоны, аргъ скæ нид... Тæ рсгæ йын кæ нын. Нырма бынтон æ рыгон у æ мæ куы фæ рæ дийа, уымæ й ме уæ нджы мигъ бады. Стæ й ма дын уый дæ р зæ гъдзынæ н: йе ’мгæ ртты ’хсæ н ын иу хæ лар нæ й. Æ мæ мæ уый дæ р тасы æ фтауы. — Уый, æ цæ гæ йдæ р, æ взæ р у. — Бæ ргæ йæ ’мбарын. Цыма дæ умæ байхъусдзæ н, афтæ мæ м кæ сы. — Æ з йемæ аныхас кæ ндзынæ н, — зæ рдæ йын бавæ рдта лæ ппу. — Фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, Ия хорз чызг у. Дзæ гъæ лы йæ м дæ зæ рдæ ’хсайы. — Нæ зонын, нæ зонын... — Хорзæ й баззай. Æ з йемæ аныхас кæ ндзынæ н. Ма тыхс. *** Лæ ппу хъуыддаг дарддæ рмæ æ ргъæ вынмæ нæ хъавыд. Хъуамæ йæ м телефонæ й бадзырдтаид. Ноджы йæ ус сæ химæ нæ уыд. — Рудольфия! — бæ рæ г уыд, лæ ппуйы хъæ лæ с фехъусын ын æ хсызгон кæ й уыд. — Кæ й æ рбадзырдтай, уымæ й цы хорз бакодтай, Рудольфия. Æ з та кæ угæ кодтон. — Афтæ арæ х кæ уын хорз нæ у, — загъта лæ ппу. — Уый мын иууылдæ р «Чысыл Æ лдар»-ы аххос уыди. Тæ ригъæ д ын кæ нын. Æ цæ гæ й æ ртахти зæ хмæ? — Мæ нмæ гæ сгæ, æ цæ гæ й. — Мæ нмæ гæ сгæ дæ р. Мах та йæ нæ зыдтам. Уый та тынг æ взæ р у. Экзюпери куы нæ уыдаид, уæ д æ й никуыдæ р базыдтаиккам. Хуымæ тæ джы йын нæ й æ з æ мæ дæ у хуызæ н рæ сугъд ном. — Уымæ й раст зæ гъыс. — Æ з ма цæ уыл хъуыды кæ нын, уый зоныс? Чысыл Æ лдарæ й кæ й баззад, уый хорз у. Куы сдынджыр уыдаид, уæ д иннæ тæ й ницæ мæ йуал хицæ н кодтаид æ мæ нæ м диссаг нал кастаид. Диссаг нæ м чи нæ кæ сы, ахæ м адæ ймæ гтæ та нæ м, цас хъæ уы, уымæ й фылдæ р ис. — Нæ зонын. — Æ з та йæ бæ лвырд зонын. — «Адæ мы планетæ » бакастæ? — Иууылдæ р ын йæ фыстытæ бакастæ н, Рудольфия. Мæ нмæ гæ сгæ, Экзюпери тынг зондджын фыссæ г у. Йæ фырзондджынæ й ма мæ суанг тасы дæ р æ фтауы. Стæ й хæ ларзæ рдæ. Хъуыды ма кæ ныс, Барчы куы балхæ дтой, уæ д ын цы ’хца радтой, уымæ й сывæ ллæ ттæ н дзабыртæ куыд балхæ дта, уый? Йæ химæ дзы æ ппындæ р куы ницыуал баззад. — Куыннæ йæ хъуыды кæ нын?! — загъта лæ ппу. — Иннæ ахæ м Боннафус. Хъуыды ма кæ ныс, араббæ гты куыд пырх кодта æ мæ стыгъта, уый? Уыдон та дзы, иуæ й, се сæ фт уыдтой, иннæ мæ й та йæ уарзгæ дæ р кодтой. — Уымæ н æ мæ æ нæ уымæ й æ дзæ рæ г быдыр хуымæ тæ джы æ дзæ рæ г быдыр йеддæ мæ ницы уыдаид, фæ лæ сæ м уый фæ рцы уыцы иу рæ стæ г каст тæ ссаг æ мæ романтикон дæ р. — Уыдæ ттæ кæ д æ мбарыс, уæ д тынг хорз чызг дæ, — раппæ лыд дзы лæ ппу. — Рудольфия... — чызг дарддæ р сдзурын ницыуал сфæ рæ зта. — Хъусын дæ м. Чызг ницы дзырдта. — Рудольфия, — сдзырдта тыхстхуызæ й лæ ппу. — Нæ фæ лæ ма ардæ м рацу, нæ химæ ничи ис. *** Фæ стæ мæ фæ кæ сгæ йæ, къæ лæ тджыны цурмæ бацыд æ мæ дзы æ рбадти. — Дæ химæ хъусыныл цы фæ дæ? — Æ цæ гæ й нæ й уæ химæ? — Чи? — Дæ ус. — О. — Къыно цы уа, уый у. — Цы загътай? — Къыно цы уа, уый, зæ гъын, у. — Уыцы ныхас та кæ цæ й ракъахтай? — Æ взаг хъæ здыг у. Уымæ й хуыздæ р дзырд ын нæ хъæ здыг æ взаджы не ссардтон. — Ия, афтæ гæ нæ н нæ й. — Ия нæ, фæ лæ Рудольфия. — Ферох та мæ и. — Ибон уæ м æ рбадзырдтон, æ мæ хæ тæ л дæ ус систа. Æ мæ мын цы загъта, уый зоныс? Кæ д, дам, æ м резервуары тыххæ й дзурыс, уæ д, дам, дæ ахуыргæ нæ джы куы бафæ рсай, уæ д хуыздæ р уыдзæ н. Мæ нмæ гæ сгæ дын мæ нæ й тæ рсы. — Нæ мæ уырны. — Рудольфия, æ ргом-ма зæ гъ, æ з уымæ й хуыздæ р нæ дæ н? Уæ ддæ р нырма мæ кармæ нæ ма ахæ ццæ дæ н. Мæ нæ н мæ цард нырма разæ й ис. Лæ ппу йæ мидбылты бахудт æ мæ йæ сæ р разыйы тылд бакодта. — Мæ нмæ гæ сгæ уын ахицæ н кæ нын афон у. — Æ дылы ныхæ стæ ма кæ н, — йæ ныхас ын æ рдæ гыл аскъуыдта лæ ппу. — Æ гæ р бирæ тæ дын барын. — Уарзгæ мæ кæ й кæ ныс, уый тыххæ й? — Хæ лæ рттæ кæ й стæ м, уый тыххæ й. Чызджы æ рфгуытæ æ рбалхынцъ сты, фæ лæ бæ рæ г уыд, ахæ м уавæ ры бирæ кæ й нæ фæ уыдзысты. — Йæ ном цы хуыйны? — Кæ мæ н — мæ усæ н? — О. — Клавæ. — Уæ ззаудæ р номæ н æ рхъуыдыгæ нæ н нæ й. — Банцай. Чызг сыстади, иу уысм цъынддзæ стæ й алæ ууыны фæ стæ загъта: — Рудольфия, ме ’дылы ныхæ стæ м ма хъус. Нæ мæ фæ ндыди... — Æ рмæ ст кæ угæ нæ, — æ рхатæ гау æ м кодта лæ ппу. — Не скæ удзынæ н. Чызг иуварс ацыд æ мæ рудзынджы ’рдæ м азылд. — Рудольфия, — загъта чызг, — афтæ баныхас кæ нæ м: æ з абон ам нæ уыдтæ н æ мæ, цыдæ риддæ р загътон, уыдонæ й ды иу ныхас дæ р нæ фехъуыстай. Хорз? — О. — Æ мæ дын ацы «фембæ лдмæ уал» дæ р телефонæ й загътон. — Хорз. Чызг ацыди. Фондз минуты фæ стæ телефоны дзæ нгæ рæ г райхъуыст. — Фембæ лдмæ уал, Рудольфия. — Фембæ лдмæ уал. Лæ ппу ма æ нхъæ лмæ каст, фæ лæ чызг хæ тæ л æ рæ вæ рдта. *** Уæ дæ й фæ стæ мæ чызг телефонæ й нал дзырдта, æ мæ йæ лæ ппу дзæ вгар рæ стæ г нал федта, уымæ н æ мæ та командировкæ йы ацыд. Фæ стæ мæ æ рбаздæ хт майы, уалдзæ г фæ уынмæ куы хъавыдис, уæ д. Ноджы уыцы рæ стæ г йæ куыстытæ мæ лæ ты бирæ дæ р баисты. Чызг-иу йæ зæ рдыл куы ’рлæ ууыд, уæ д-иу æ м бадзурынмæ хъавыд, фæ лæ хъуыддаг иу бонæ й иннæ мæ æ ргъæ вгæ цыди æ мæ йæ м иу хатт дæ р никуы бадзырдта. Æ ппынфæ стаг æ нæ нхъæ лæ джы фембæ лдысты — уæ д дæ р та трамвайы. Лæ ппу йæ ауыдта æ мæ, адæ мы ’хсæ нты йæ хицæ н фæ ндаг гæ рдгæ, йæ размæ атындзыдта. Тарсти, иннæ ’рлæ ууæ ны куы рахиза, уымæ й. Йæ фæ стæ агæ пп кæ нынмæ та, чи зоны, æ мæ йæ ныфс нæ бахастаид. Ия нæ ахызти хæ стæ гдæ р æ рлæ ууæ ны æ мæ лæ ппуйæ н цæ мæ дæ р гæ сгæ, цас æ мбæ лд, уымæ й æ хсызгондæ р уыд. — Дæ бон хорз, Ия, — йе уæ хскмæ бавналгæ йæ йæ м сдзырдта лæ ппу. Чызг æ м тарстхуызæ й разылд æ мæ йæ куы ауыдта, уæ д йæ зæ рдæ æ хсызгон рæ хуыст скодта. Йæ сæ ры батылдæ й йын салам радта æ мæ та йæ раздæ рау араст кодта: — Ия нæ, фæ лæ Рудольфия. Æ ви раздæ ры хуызæ н хæ лæ рттæ нал стæ м? — Стæ м, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы. — Кæ мдæ р уыдтæ, нæ? — О. — Иу хатт дæ м дзырдтон æ мæ уæ химæ нæ разындтæ. — Ныр æ нæ хъæ н къуыри ам дæ н. Трамвайы уыди бирæ адæ м æ мæ сæ алырдыгæ й къуырдтытæ кодтой. Кæ рæ дзимæ сын бынтон хæ стæ г лæ угæ æ рцыд. — Рудольфия, цыдæ р дын куы зæ гъин, уый дæ нæ фæ нды? — Куыннæ ма мæ фæ нды?! Чызг йæ хи хæ рдмæ сивæ зта. Сæ цæ сгæ мттæ кæ рæ дзимæ афтæ æ рбаввахс сты, æ мæ лæ ппуйы бафæ ндыд йæ цæ стытæ бацъынд кæ нын. — Æ з æ нæ дæ у тынг æ нкъард кæ нын, Рудольфия. — Æ дылы къоппа, — загъта лæ ппу. — Зонын æ й. — Чызг арф ныуулæ фыд. — Ме ’мгар лæ ппутæ й никæ й мысын, иу дæ р мæ дзы ницæ мæ н хъæ уы. Трамвай æ рлæ ууыд, æ мæ дыууæ йæ дæ р рахызтысты. — Ды Клавæ мæ тагъд кæ ныс? — Нæ -а, цæ й æ мæ атезгъо кæ нæ м. Цæ угæ доны ’рдæ м азылдысты æ мæ сæ ных сарæ зтой быдырмæ. Фæ ндаг бæ рæ г дзы никуы зынд æ мæ сæ цæ уын бахъуыд къуыбыртæ æ мæ бырæ тты обæ утты сæ рты. Лæ ппу йын йæ къух райста æ мæ йын æ ххуыс кодта æ нæ раны рæ тты цæ уынæ н. Чызг ницы дзырдта. Мадзура уæ вын ыл нæ фидыдта, фæ лæ уæ ддæ р йæ дзыхæ й ныхас нæ хауд. Лæ ппу æ мбæ рста, чызг йæ чемы кæ й нæ й, уый, фæ лæ уæ ддæ р æ дзæ мæ й цыди. Къардиумæ бахæ ццæ сты, уæ ддæ р ма йын йæ къухыл хæ цыди. Дыууæ йæ дæ р кастысты донмæ, стæ й та доны фале дард кæ дæ мдæ р æ мæ та уый фæ стæ ногæ й донмæ. — Рудольфия, — дарддæ р æ нæ дзургæ йæ лæ ууын нал бафæ рæ зта чызг. — Мæ нæ н нырма иу хатт дæ р никуыма ничи аба кодта. Лæ ппу æ ргуыбыр кодта æ мæ йын йæ русæ н аба кодта. — Мæ былтæ н. — Йæ былтæ фæ ба кæ нынц æ ппæ ты хæ стæ гдæ р адæ ймагæ н. — Æ з та? Чызг хæ рдмæ фæ хауд. Лæ ппу йын фæ тарст. Уысмы фæ стæ бамбæ рста — банкъардта нæ, фæ лæ бамбæ рста, — чызг æ й кæ й ныццавта, уый. Йæ уалхъус ын ныггæ рах ласта æ мæ лидзынмæ фæ ци къуыбыртæ æ мæ бырæ тты сæ рты. Лæ ппу йæ бынаты лæ ууыд æ мæ, чызг куыд тæ хы, уымæ каст. Йæ фæ дыл ахъæ р кæ ныны ныфс дæ р æ м нал разынд, нал бауæ ндыд йæ фæ дыл азгъорын дæ р. Афтæ мæ й ма фæ лæ ууыд дзæ вгар рæ стæ г — афтидæ й, йæ хицæ н æ нæ уынон уæ вгæ йæ. *** Уый уыдис сабаты, хуыцаубоны та йæ м сæ умæ райсом æ рбадзырдта чызджы мад. — Рудольфия, хатыр дæ курын, кæ д дæ райхъал кодтон, уæ д. Сылгоймагæ н уыди зырзыргæ наг хъæ лæ с, дзырдта къуызгæ йæ. — Хъусын дæ м, — загъта лæ ппу. — Рудольфия, Ия дысон нæ химæ нæ уыди. Лæ ппуйы исты дзуапп дæ ттын хъуыд, фæ лæ ницы дзырдта. — Адæ ргæ й нæ хицæ н бынат нал арæ м, цы кæ нгæ нын у, уый дæ р нæ зонæ м. Афтæ никуыма бакодта... — Фыццаджыдæ р уал æ рсабыр у, — загъта æ ппынфæ стаг лæ ппу. — Чи зоны, йе ’мбæ лттæ й искæ мæ баззад. — Нæ зонын. — Уый афтæ уыдзæ н. Кæ д иу-дыууæ сахатмæ нæ фæ зына, уæ д æ й агурдзыстæ м. Æ рмæ ст æ рсабыр у. Дыууæ сахаты фæ стæ дæ м мæ хæ дæ г бадзурдзынæ н. Лæ ппу хæ тæ л æ рæ вæ рдта æ мæ ахъуыды кæ ныны фæ стæ йæ хицæ н загъта: «Ды дæ р æ рсабыр у, чи зоны, йе ’мбал чызгмæ баззади». Фæ лæ æ рсабыр уæ вын йæ бон нæ уыд, уый нæ фæ лæ ма йыл ризæ г дæ р бахæ цыд. Цæ мæ й йе ’муд æ рцæ уа, уый тыххæ й гыццыл уатмæ бацыд æ мæ зæ ронд чингуытæ рафæ лдах-бафæ лдах кæ ныныл схæ цыд. Йæ алгебрæ йы чиныг нал ардта æ мæ уый агургæ йæ иуцасдæ р æ ндæ р хъуыдытыл фæ ци. Телефон кæ мдæ р æ рныгъуылд æ мæ хъусæ й лæ ууыд. Рудольф йæ фæ стæ уаты дуар рахгæ дта æ мæ ахуыргæ нæ н чиныг фæ лдахын райдыдта. Ссардта йæ: иу резервуарæ й иннæ мæ дыууæ сахаты дон куы фæ цъирай... Телефоны дзæ нгæ рæ г райхъуыст. — Фæ зынди. — Чызджы мад йæ кæ уын нал баурæ дта. Лæ ппу лæ ууыд æ мæ хъуыста. — Рудольфия, дæ хорзæ хæ й, махмæ -ма ’рбацу. Сылгоймаг та ногæ й ныккуыдта, стæ й ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Цыдæ р кæ ны. *** Бар никæ мæ й ракургæ йæ, йæ плащ раласта, æ мæ йын мад чызджы уатмæ къухæ й ацамыдта. Ия, йæ къæ хтæ йæ быны бакодта, афтæ мæ й сынтæ гыл бадти. Йæ сæ р размæ -фæ стæ мæ змæ лын кæ нгæ йæ йæ акомкоммæ рудзынгæ й каст. — Рудольфия! — сдзырдта йæ м лæ ппу. Чызг æ м разылди, фæ лæ дзургæ ницы скодта. — Рудольфия! — Банцай, — чызджы цæ сгом æ лгъгæ нæ гау анцъылдтæ. — Цæ й Рудольфия ис дæ уæ й? Кæ д дæ, уæ д æ рмæ стдæ р Рудольф. Хуымæ тæ гдæ р Рудольфæ н уæ вæ н нæ й, ахæ м. Бамбæ рстай? Уайдзæ ф ахæ м тыхджын уыди, æ мæ йæ буары кæ рæ й-кæ ронмæ ахъардта, фæ лæ ма йæ м уæ ддæ р уаты баззайыны фаг хъару разынд. Фæ рссаджы цурмæ бацыд æ мæ дæ лрудзынгыл æ рæ нцой кодта. Чызг раздæ рау йæ сæ р размæ -фæ стæ мæ змæ лын кæ нгæ йæ йæ акомкоммæ лæ ппуйы иувæ рсты касти. Æ нæ рынцойæ хъуысти сынтæ джы цъæ тты сабыр уынæ р. — Хорз, фæ уæ д афтæ, — чызджы уайдзæ фтимæ сразы уæ вгæ йæ, загъта лæ ппу, — фæ лæ, кæ м уыдтæ, уый-ма зæ гъ! — Мæ разæ й фесæ ф! — лæ ппумæ нæ раздæ хгæ йæ фæ ллад дзуапп радта чызг. Лæ ппу йæ сæ р разыйы тылд бакодта. Уый фæ стæ рагъæ нæ й йæ плащ райста, мады æ дзæ м фæ рстытæ ницæ мæ даргæ йæ, асинтыл æ рхызт. Хуыцаубонæ н уыди йæ тæ ккæ райдайæ н, æ мæ уынджы бирæ змæ лæ г нæ ма уыд. Лæ ппуйыл зонгæ тæ й ничи амбæ лд. Быдырыл ахызт, цæ угæ доны былгæ ронмæ бахæ ццæ æ мæ æ васт ахъуыды кодта: дарддæ р та кæ дæ м?
|
|||||||
|