Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФРАНЦАГ ÆВЗАДЖЫ УРОКТÆ 2 страница



Тишкин мæ цыма уынгæ дæ р нæ кодта, йæ хи афтæ дардта. Уайтæ ккæ дæ р-иу фембылд æ мæ -иу дзæ вгар рæ стæ г никæ цæ йуал разынд.

Æ з та æ мбулынмæ фæ дæ н. Куыдфæ стæ мæ иу бон дæ р æ нæ рамбулгæ никуыуал фæ дæ н. Æ з тырныдтон иу нысанмæ: архайдтон, цæ мæ й мæ м фыццаг цæ фы бар ма ’рхаудаид, уымæ н æ мæ бирæ йæ куы фæ хъазынц, уæ д уый къухы æ нцонæ й нæ бафты. Цас тынгдæ р сæ рмагонд хахмæ бахауыныл архайай, уыйас тæ ссагдæ р у, села йæ фале куы фæ уа æ мæ æ ппæ ты фæ сте куы аззайай, уымæ й. Хъуамæ села æ хцатыл суайа. Æ з дæ р афтæ кæ ныныл архайдтон. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уый æ нцон хъуыддаг нæ уыд, фæ лæ куыд тынг фæ царæ хстæ н, уый нымайгæ йæ мын фæ къуыхцы уæ вынæ й тас нæ уыд. Æ ртæ, цыппар хатты фембылды уæ вын мæ бон уыд, фæ лæ -иу фæ ндзæ ймаг хатт кассæ æ нæ хъæ нæ й куы систон, уæ д-иу, цы фæ хæ рд дæ н, уый æ ртæ хатты фылдæ рæ й рамбылдтон. Стæ й та-иу ногæ й цалдæ р хатты фæ д-фæ дыл фембылд дæ н æ мæ та-иу иу хатт ногæ й бирæ рамбылдтон. Селайæ -иу мæ æ хца цæ выны сæ р арæ х нæ бахъуыд, фæ лæ уым дæ р пайда кодтон мæ хи мадзалæ й: кæ д-иу Вадик села йæ хирдæ м цавта, уæ д æ з та архайдтон уый æ ддæ рдæ м ссоныныл. Афтæ мæ н йеддæ мæ ничи кодта, фæ лæ дзы пайда фылдæ р уыд, уымæ н æ мæ -иу села æ хца ныуурæ дта, змæ лын-иу æ й нæ уагъта, фæ лæ -иу æ й йæ фæ стæ æ рфæ лдæ хта.

Афтæ мæ й мæ м æ хцатæ фæ зынди. Хъазты тынджы никуы бацыдтæ н. Бон-изæ рмæ æ рдузы никуы фæ дæ н. Мæ сæ йрагдæ р хæ с уыд сом рамбулын æ мæ -иу уый мæ къухы куы бафтыд, уæ д-иу базары бамидæ г дæ н, æ хсыры банкæ -иу алхæ дтон (устытæ -иу мыл хъуыр-хъуыр систой, адон цавæ р цъулагонд æ хцатæ сты, зæ гъгæ, фæ лæ мын-иу уæ ддæ р æ хсыр рауагътой), сихор-иу бахордтон æ мæ -иу мæ уроктыл сбадтæ н. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ -иу бафсæ стæ н, фæ лæ æ хсыр кæ й цымдтон, æ рмæ ст уый дæ р мын цыдæ р ныфс лæ вæ рдта æ мæ -иу ме ’ххормагыл æ нцондæ рæ й хъæ цыдтæ н. Мæ сæ р дæ р цыма къаддæ р зылд, афтæ кæ сын мæ м райдыдта.

Æ з æ мбулын кæ й райдыдтон, уымæ фыццаг бонты Вадик йæ хъус не ’рдардта. Уæ вгæ, йæ хæ дæ г дæ р къаддæ р не ’мбылдта. Æ з кæ й æ мбылдтон, уый та йæ дзыппыл никæ цæ й зынд. Иуæ й-иу хатт ма-иу мæ суанг æ ппæ лгæ дæ р ракодта: кæ сут, дам, хъæ дын къухтæ, села куыд æ ппарын хъæ уы, уымæ æ мæ ахуыр кæ нут. Фæ лæ мæ хъазт æ рдæ гыл кæ й ныууадзын, уымæ куы фæ комкоммæ, уæ д мæ иу хатт æ рурæ дта æ мæ мын афтæ:

— Фæ лæ уу-ма, фæ лæ уу, кассæ рамбылдтай æ мæ уæ химæ цæ уынмæ хъавыс? Афтæ мæ й дын нæ рауайдзæ н! Хъазгæ -ма кæ н!

— Вадик, мæ н мæ уроктæ кæ нын хъæ уы, — лæ гъстæ хуызæ й йæ м сдзырдтон æ з.

— Йæ уроктæ кæ нын кæ й хъæ уы, уыдонæ й ардæ м ничи цæ уы.

Ноджы ма Дзиба дæ р йæ фарс рахæ цыд:

— Æ хцайæ афтæ нæ фæ хъазынц. Кæ д дæ йæ зонын фæ нды, уæ д уый тыххæ й кæ уылдæ рты къæ рццытæ дæ р ауади. Бамбæ рстай?

Уæ дæ й фæ стæ мæ мæ Вадик села йæ хи разæ й æ ппарын никуыуал бауагъта, дурмæ цæ уыны бар та мын лæ вæ рдта æ ппæ ты фæ стагмæ. Села хорз æ ппæ рста æ мæ -иу æ з арæ х мæ дзыппæ й ног æ хца исынмæ фæ дæ н, уымæ н æ мæ -иу мæ м рад нал æ рхаудта. Фæ лæ æ з уымæ й хуыздæ р æ ппæ рстон æ мæ -иу мын куыддæ р фадат фæ цис, афтæ -иу, цыма мæ села магнитхæ ццæ уыд, уый хуызæ н-иу æ хцатыл сæ мбæ лд. Куыд рæ стдзæ вин уыдтæ н, ууыл мæ хæ дæ г дæ р дис кодтон. Чысыл зондджындæ р куы уыдаин, уæ д мæ хиуыл фæ хæ цыдаин, цæ мæ й мыл лæ ппутæ сæ цæ ст ма ’рæ вæ рдтаиккой æ мæ сабыргай æ мбылдтаин, фæ лæ уый мæ сæ р не ’рцахста æ мæ дарддæ р æ науæ рдонæ й æ мбылдтон æ мæ æ мбылдтон. Цæ мæ й зыдтон, кæ цыфæ нды хъуыддаджы дæ р разæ й цæ уджытæ й иуæ н дæ р хатыр кæ й никуы вæ ййы? Нæ дын æ й ныббардзысты, дæ фарс ничи рахæ цдзæ н. Иууылдæ р дæ тыхлæ г рахондзысты, ницы у, афтæ мæ й йæ хицæ й цыдæ р аразы, зæ гъгæ дæ зæ гъдзысты, æ ппæ ты æ нæ уынондæ р та уыдзынæ, дæ хæ дфæ стæ чи цæ уа, уыдонæ н. Хъуыддаг æ цæ г афтæ кæ й у, уый уыцы сæ рд мæ хи бæ рзæ йыл бавзæ рстон.

Уыцы бон дæ р та мæ села æ хцаты рагъамадыл сæ мбæ лд æ мæ сæ м æ мбырд кæ нынмæ куыд фæ цæ йцыдтæ н, афтæ ауыдтон, Вадик æ хцатæ й иу йæ къахы бын кæ й амбæ хста. Иннæ æ хцатæ н се ’ппæ тæ н дæ р сæ цыгтæ уыдысты уæ лгоммæ фæ лдæ хт. Ахæ м заман-иу фылдæ р хатт фæ хъæ р кодтой, цæ вын сæ хъæ уы, зæ гъгæ, цæ мæ й, фырыл фæ лдæ хт æ хца дзы куы нæ разына, уæ д сæ кæ рæ дзийы сæ рыл самайой æ мæ сæ ногæ й ныццæ вой, фæ лæ æ з уыцы хатт дæ р мæ зæ рдæ дардтон, мæ хъуыддаг кæ й ацæ удзæ н, ууыл æ мæ нæ ныхъхъæ р кодтон.

— Цæ вын сæ нæ хъæ уы! — сдзырдта Вадик.

Æ з йæ цурмæ бацыдтæ н æ мæ ацархайдтон, цы ’хцайыл ныллæ ууыд, уымæ й йæ иуварс ассоныныл, фæ лæ мæ уый асхуыста, æ хца фелфæ ста æ мæ мæ м æ й цыджы ’рдыгæ й равдыста. Цалынмæ йæ зæ ххæ й нæ ма систа, уæ дмæ æ з бафиппайдтон, æ хца фырыл кæ й хуыссыд. Афтæ куы нæ уыдаид, уæ д æ й йæ къахы бын дæ р нæ амбæ хстаид.

— Иннæ рдæ м æ й фæ фæ лдæ хтай, — загътон ын æ з. — Фырыл уыдис, мæ хæ дæ г æ й федтон.

Уый мын йæ тымбыл къух мæ фындзы бынмæ æ рбахаста.

— Мучъи дæ нæ хъæ уы? Уæ д æ м басмуд, кæ ддæ ра цы тæ ф кæ ны.

Цы мæ бон уыд! Йæ ныхмæ ницыуал сдзырдтон. Рæ стдзинадыл тох кæ нынæ й ницы рауадаид, уымæ н æ мæ, хыл куы райдыдтаин, уæ д мæ фарс ничи рахæ цыдаид. Суанг Тишкиныл дæ р мæ зæ рдæ нæ дардтон, кæ д уым уыдис, уæ ддæ р.

Вадичы æ рдæ гцъынд налат цæ стытæ мæ м комкоммæ кастысты. Æ з æ ргуыбыр кодтон æ мæ мæ м хæ стæ гдæ р цы ’хца уыд, уый сындæ ггай ныццавтон. Уæ лгоммæ фæ фæ лдæ хт æ мæ иннæ мæ ныхъхъавыдтæ н. «Уæ хæ рæ мттæ й ницы рауайдзæ н, — ахъуыды кодтон мæ хинымæ р. — Ныртæ ккæ сæ иууылдæ р æ руидздзынæ н». Села бæ ргæ систон, фæ лæ мын ныццæ выны фадат нал фæ ци: чидæ р мын йæ уæ рагæ й мæ фæ сонтæ афтæ тынг ныццавта æ мæ сæ рбынмæ йæ зæ ххыл ахаудтæ н. Иууылдæ р ныххудтысты.

Мæ фæ стæ, дарддæ р цы уыдзæ н, уымæ æ нхъæ лмæ кæ сгæ йæ, йæ дзых ныззыхъхъыр, афтæ мæ й лæ ууыд Дзиба. Æ з фæ уыргъуыйау дæ н.

— Цæ мæ н мæ цæ выс?

— Чи дын загъта, æ з уыдтæ н, уый? — Цыма æ цæ гæ й дæ р ницы уыд, уый хуызæ н мыл сбустæ кодта. — Æ ви дæ фыны исты федтай?

— Æ ри-ма йæ ардæ м! — сдзырдта Вадик æ мæ мын мæ къухæ й села айсынмæ хъавыд, фæ лæ йын æ й æ з нæ радтон. Мæ маст мæ тасыл фæ уæ лахиз. Дунейыл æ ппындæ р ницæ мæ йуал тарстæ н. Цæ мæ н мæ афтæ æ фхæ рынц? Цы сын кодтон?

— Æ ри-ма йæ, зæ гъын, ардæ м! — ноджы барджындæ р хъæ лæ сæ й сдзырдта Вадик.

— Æ хца иннæ рдæ м ды фæ фæ лдæ хтай! — ныхъхъæ р ыл кодтон æ з. Федтон æ й, куыд æ й фæ фæ лдæ хтай, уый. Бабæ рстай?!

— Цы загътай, цы? Иу хатт-ма йæ зæ гъ! — мæ нмæ йæ хи æ ввахсдæ р кæ нгæ йæ, сдзырдта уый.

— Ды йæ фæ фæ лдæ хтай, — ацы хатт ныллæ гдæ р хъæ лæ сæ й сдзырдтон æ з, уымæ н æ мæ зыдтон, дарддæ р цы уыдзæ н, уый.

Фыццаг мæ ныццавта Дзиба. Ныр дæ р та чъылдымæ рдыгæ й. Æ з Вадичы ’рдæ м атахтæ н. Уый мæ рацахста æ мæ мæ сæ рæ й сцавта. Æ з ахаудтæ н. Мæ фындзы туг фемæ хст. Мæ къæ хтыл æ ххæ ст нæ ма слæ ууыдтæ н, афтæ та мыл Дзиба ногæ й йæ хи ныццавта. Мæ бон ма мæ хи ратонын æ мæ алидзын уыд, фæ лæ ууыл хъуыды дæ р нæ акодтон. Мæ хи хъахъхъæ ныныл дæ р нал архайдтон, афтæ мæ й мæ фындзы туг мæ армытъæ пæ нæ й уромыныл архайгæ йæ, Вадикæ й Дзибайы æ хсæ н рахау-бахау кодтон. Æ рмæ ст ма мæ дзыхы бадтысты цалдæ р ныхасы æ мæ мæ тых, мæ бонæ й хъæ р кодтон:

— Фæ фæ лдæ хтай йæ, фæ фæ лдæ хтай!

Уый сын сæ мастыл цæ хх кодта, æ мæ мæ радыгай надтой. Æ ртыккаг чи уыд, уый зонгæ дæ р нæ бакодтон. Иннæ тæ й къаддæ р уыд, фæ лæ мын мæ къæ хтæ афтæ æ науæ рдонæ й цавта, æ мæ цыбыр рæ стæ гмæ цъæ хтæ й нал зындысты. Æ з мæ тых, мæ бонæ й архайдтон, цæ мæ й зæ ххыл мауал ахаудаин. Суанг мæ м уыцы минутты дæ р уый тынг æ гад каст. Фæ лæ мæ æ ппынфæ стаг уæ ддæ р афæ лдæ хтой æ мæ уæ д æ рсабыр сты.

— Цалынмæ дæ нæ амардтам, уæ дмæ ардыгæ й цæ угæ! — бардзырд дæ ттæ гау загъта Вадик. — Рæ вдз!

Æ з сыстадтæ н. Мæ хæ къуырцц тыххæ й уромгæ йæ, хохмæ фæ хæ рдмæ кодтон.

— Искæ мæ н исты куы зæ гъай, уæ д дæ амардзыстæ м! — мæ фæ стæ ма радзырдта Вадик.

Æ з ын ницы дзуапп радтон. Мæ зæ рдæ ныддур, мæ маст афтæ бирæ уыд, æ мæ мæ химæ иунæ г ныхас ссарыны хъару дæ р не ссардтон. Хохы сæ рмæ куы схæ ццæ дæ н, уæ д мæ хиуыл хæ цын нал бафæ рæ зтон, æ ррайау мæ тых, мæ бонæ й ныхъхъæ р кодтон!

— Фæ фæ лдæ хтай йæ, фæ фæ лдæ хтай!

Дзиба мæ фæ дыл фæ цагайдта, фæ лæ æ васт фæ стæ мæ фæ зылд. Æ вæ ццæ гæ н мын цы фесты, уый Вадикмæ æ гъгъæ д фæ каст æ мæ йæ æ рурæ дта. Иу фондз минуты бæ рц æ нцад фæ лæ ууыдтæ н æ мæ, мæ хæ къуырцц нæ уромгæ йæ, æ рдузмæ кастæ н. Лæ ппутæ дарддæ р сæ хъазты кой кодтой. Æ з хохы иннæ фахсыл лæ нкаумæ ныццыдтæ н æ мæ, йæ алыварс бæ рзонд пысыра арт кæ м уагъта, уым хус æ мæ дæ рзæ г кæ рдæ гыл æ рхаудтæ н æ мæ мæ хъæ лæ сыдзаг богъ-богъæ й ныккуыдтон.

Уыцы бон æ нæ хъæ н дунейы æ з мæ хи нымадтон æ ппæ ты æ намонддæ р адæ ймагыл.

***

Дыккаг бон мæ химæ кæ сæ нмæ æ дæ рсгæ йæ бакæ сын мæ бон нæ уыд: мæ фындз ныррæ сыд æ мæ фæ йнæ рдæ м фæ цыд, мæ галиу цæ сты бын сцъæ х, уымæ й чысыл дæ лдæ р та мæ русыл уыд, туг кæ м ныббадт, ахæ м бæ зджын уадздзаг. Афтæ мæ й скъоламæ куыд ацыдаин, уый нæ зыдтон, цæ уын та мæ æ нæ мæ нг хъуыд, уымæ н æ мæ уæ ды онг цыфæ нды хъуыддаджы тыххæ й дæ р уроктæ й никуыма фæ цух дæ н. Цух кæ нын мæ зæ рды нæ уыд уæ д дæ р. Мæ фындз цæ йас ныцци, уымæ й стырдæ ртæ æ рдзæ й бирæ кæ уылдæ рты вæ ййы, йæ бынаты куы нæ уаид, уæ д фындз у, уый ничи базонид, фæ лæ йæ цъæ ррæ мыхст æ мæ тугæ рхæ м барвæ ндæ й кæ й нæ уыдысты, уымæ н бамбæ хсæ н ницы хуызы уыд.

Мæ цæ ст мæ армытъæ пæ нæ й бамбæ рзтон, афтæ мæ й къласы фæ мидæ г дæ н, мæ партæ йы уæ лхъус æ рбадтæ н æ мæ мæ сæ р æ руагътон. Хъыгагæ н нæ м фыццаг урок уыд францаг æ взагæ й. Лидя нæ къласы разамонæ г уыд æ мæ уымæ гæ сгæ æ ппæ т хъуыддæ гтæ м дæ р йæ хъус иннæ ахуыргæ нджытæ й тынгдæ р дардта æ мæ дзы исты бамбæ хсæ н зынæ й уыд. Къласмæ -иу æ рбацыд, салам нын-иу радта, фæ лæ -иу нæ цалынмæ сбадын кодта, уæ дмæ -иу нæ, зæ гъæ н ис, æ мæ алкæ уыл дæ р йæ цæ ст æ рхаста. Мæ цæ сгомыл цы дамгъæ тæ уыд, уыдон, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уайтæ ккæ дæ р бафиппайдта, кæ д сæ бамбæ хсыныл тынг архайдтон, уæ ддæ р. Æ мбаргæ та йæ бакодтон, ме ’мбæ лттæ мæ м фæ стæ мæ кæ сын кæ й райдыдтой, уымæ й.

— Уый хъуаг ма уыдыстæ м, — загъта Лидя, — не ’хсæ н цæ фтæ дæ р фæ зынди.

Кълас ныххудт. Лидя та мыл ногæ й йæ цæ ст æ рæ вæ рдта. Нæ ахуыргæ нæ г иучысыл зылындзаст уыди, æ мæ -иу адæ ймагмæ комкоммæ куы кастаид, уæ ддæ р афтæ зынд, цыма йæ цæ стæ нгас дæ иувæ рсы кæ дæ мдæ р арæ зт у, фæ лæ йыл мах сахуыр стæ м æ мæ -иу, кæ дæ м каст, уый раиртасын фæ рæ зтам.

— Цы кодтай? — бафарста мæ ахуыргæ нæ г.

— Ахаудтæ н, — мæ фындзы бын бахъуыр-хъуыр кодтон æ з. Рагацау, баууæ ндæ н кæ уыл ис, ахæ м æ фсон æ рхъуыды кæ ныныл кæ й нæ бацархайдтон, ууыл мæ м фæ смон æ рцыд.

— Ахæ м ма дзы æ нахъинон хауд акæ нгæ уыдзæ н. Кæ д уыди уый? Знон æ ви абон?

— Абон. Нæ -а, знон, дысон, куы ’рталынг, уæ д.

— «Ахауди»! — йæ цин тыххæ й æ мбæ хсгæ йæ йæ бынатæ й фæ хъæ р кодта Тишкин. — Уый йын Вадичы лæ вар у. Æ вдæ м къласæ й. Æ хцайæ хъазыдысты, афтæ мæ й фæ быцæ у сты æ мæ, цы ’мбæ лд, уый райста. Мæ хæ дæ г æ й федтон. Æ мæ, дам, ахаудтæ н.

Уыцы гадзрахатдзинадмæ хъусгæ йæ, мæ бон сызмæ лын нал уыд. Æ ппындæ р ыл сæ ры хъæ стæ нæ й æ ви барæ й афтæ кæ ны? Æ хцайæ хъазыны тыххæ й скъолайæ иу къæ мы хуызæ н аппæ рстаиккой. Æ нхъæ лдæ н æ мæ мæ хъазты кæ рон æ рхæ ццæ. Фыртæ ссæ й мæ сæ ры хъуыдытæ сæ мтъеры сты: фесæ фтæ н, хæ рзсæ фт кæ й фæ кодтон, æ рмæ стдæ р ма уый æ мбарынхъом уыдтæ н. Уый та дын Тишкин. Æ нхъæ лдæ н, хуымæ тæ джы Тишкин нæ разынд. Йæ цин йæ риуы куыннæ уал цæ уы. Хъуыддæ гтæ иууылцæ р куыд æ нцонæ й бамбарын кодта!

— Тишкин, æ з дæ у æ ндæ р цæ мæ йдæ р фæ рсинаг уыдтæ н, — лæ ппуйы ныхæ стыл нæ бадис кæ нгæ йæ йæ фæ урæ дта Лидя. Цыма йæ м уыцы ныхæ стæ й ницы бахъардта, уыйау æ цæ гæ лонхуызæ й сабыргай сдзырдта: — Иугæ р кæ д дзурын райдыдтай, уæ д фæ йнæ джы цурмæ рацу æ мæ дæ хи дзуапп дæ ттынмæ æ рцæ ттæ кæ н.

Тишкин, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, фæ уыргъуыйау, урок дзурын æ й кæ й бахъæ удзæ н, уый тыххæ й йæ хи æ васт æ намондыл банымадта. Цалынмæ фæ йнæ гмæ цыд, уæ дмæ йæ м Лидя банхъæ лмæ каст. Мæ нæ н та цыбырæ й загъта:

— Фæ сурокты баззайдзынæ.

Æ ппæ ты тынгдæ р тарстæ н, Лидя мæ директормæ куы бахона, уымæ й. Уый амыдта, абон ныхас ууыл кæ й нæ фæ уыдзæ н, фæ лæ мæ райсом скъолайы рæ нхълæ удмæ кæ й ракæ ндзысты æ мæ мын, уыцы чъизи хъуыддагыл куыд фæ цалх дæ н, уый кæ й радзурын кæ ндзысты. Чи-иу фæ зылынджын, уый цыфæ нды фыдуаг ми ма ракодтаид, нæ директор Василий-иу æ й æ нæ мæ нг афтæ афарста: «Куыд фæ цахуыр дæ уыцы чъизи хъуыддагыл? » Йæ къухтæ -иу йæ синтыл сæ вæ рдта, йæ даргъ къахдзæ фты æ мхуызон-иу йæ уæ рæ х уæ хсчытæ змæ лыдысты, афтæ мæ й-иу рæ нхълæ уды размæ рацу-бацу кæ нын систа. Афтæ зынд, цыма, йе ’ппæ т цæ ппæ ртæ дæ р æ вæ рд кæ мæ н уыдысты, æ мæ -иу чи ныкъкъуыпп, йæ уыцы тар френч-иу директорæ й чысыл раздæ р цыд æ мæ -иу дзырдта: «Дæ умæ ’нхъæ лмæ кæ сæ м. Дзургæ. Акæ с-ма, æ нæ хъæ н скъола дæ р, цы нын зæ гъдзынæ, уымæ ’нхъæ лмæ кæ сы». Скъоладзау-иу йæ хи раст кæ ныны тыххæ й цыдæ ртæ дзурын райдыдта, фæ лæ -иу ын директор йæ ныхас фескъуыдта: «Уыдæ ттæ уал фæ уадз, фæ лæ мæ фарстæ н дзуапп ратт. Æ з дæ куыд бафарстон? » — «Куыд фæ цахуыр дæ н? » — «Дæ уæ н æ мæ уый загъдæ уа: „Куыд фæ цахуыр дæ уыцы чъизи хъуыддагыл? Хъусæ м дæ м“».

Фылдæ р хæ ттыты-иу хъуыддаг цæ ссыгтæ й ахицæ н. Директор-иу æ рмæ стдæ р уæ д æ рсабыр. Мах дæ р-иу нæ кълæ стыл апырх стæ м. Хистæ ркъласонтæ н иуцасдæ р зындæ р уыд, уымæ н æ мæ уыдон кæ уын нæ куымдтой, фæ лæ -иу Василийы фарстæ н дзуапп раттын дæ р сæ бон нæ уыд.

Иу хатт та нæ уроктæ дæ с минуты фæ стæ дæ р райдыдтой. Уыцы рæ стæ джы дæ ргъы директор фарста иу хистæ ркъласоны, фæ лæ дзы уæ ддæ р æ мбæ лгæ дзуапп райсын йæ къухы нæ бафтыд æ мæ йæ йæ кусæ н уатмæ ахуыдта.

Цымæ æ з та цы зæ гъдзынæ н? Фæ лтау мæ скъолайæ æ васт куы атæ риккой. Уыцы хъуыдыйыл чысыл куы андзæ выдтæ н æ мæ, нæ химæ ацæ удзынæ н, уый мæ цæ стытыл куы ауад, уæ д мыл цыма зымæ гон ихдон æ рбакалдæ уыд, уыйау хæ рдмæ фæ хаудтæ н, фæ тарстæ н, уымæ н æ мæ мын ахæ м худинагимæ нæ химæ цæ уæ н дæ р нæ уыд. Скъола мæ хæ дæ г куы ныууагътаин, уæ д æ ндæ р хъуыддаг уыд... Фæ лæ уæ д дæ р бынтон хорз нæ уыдаид. Цы мæ зæ рды уыд, уый сæ ххæ ст кæ нын мæ къухы кæ й нæ бафтыд, уый тыххæ й мыл ничиуал æ ууæ ндыдаид. Ныртæ ккæ та мæ уавæ р ноджы фыддæ р уыд. Цæ мæ н мæ расырдтой, уый куы базыдтаиккой, уæ д мæ м хæ стæ г ничиуал æ рбацыдаид. Нæ, афтæ мæ й здæ хæ н нæ уыд. Ам ма иуцасдæ р бафæ рæ зтаин, фæ цахуыр уыдаин, фæ лæ афтæ мæ й нæ химæ здæ хæ н нæ уыд.

Фæ сурокты, мæ уд æ рдуйæ нарæ гдæ р сси, афтæ мæ й тыргъты æ нхъæ лмæ кастæ н Лидямæ. Уый рацыд ахуыргæ нджыты уатæ й, йæ сæ р мæ м фæ тылдта æ мæ мæ къласмæ бахуыдта. Иннæ хæ ттыты хуызæ н та стъолы уæ лхъус æ рбадт. Мæ нæ н æ ртыккаг партæ йыл æ рбадын мæ зæ рды уыд, цæ мæ й мæ м дарддæ р уыдаид, уый тыххæ й, фæ лæ мын Лидя йæ хæ д размæ фыццаг партæ мæ ацамыдта.

— Æ хцайæ æ цæ г хъазыдтæ? — комкоммæ мæ бафарста. Ахæ м хъуыддаджы тыххæ й ныллæ г хъæ лæ сы уагæ й фæ рсын хъуыди, цæ мæ й йæ мачи фехъуыстаид, уый та мæ хъæ рæ й бафарста æ мæ уымæ й мæ тас ноджыдæ р фæ фылдæ р. Нæ сæ ттыныл ныхас нал уыд. Тишкин мын мæ тæ ккæ рæ бинагдæ р къуымтæ рафæ лдæ хта. Æ з мæ фындзы бын багуым-гуым кодтон:

— О.

— Æ мæ? Æ мбулыс æ ви хæ рды кæ ныс?

Кæ цы дзуапп æ м хуыздæ р фæ кæ сдзæ н, уый нæ зыдтон æ мæ хъусæ й лæ ууыдтæ н.

— Куыд у, уый зæ гъ! Æ вæ ццæ гæ н, хæ рды кæ ныс?

— Æ мбулын.

— Уæ ддæ р ма æ мбулгæ кæ й кæ ныс. Уæ дæ, зæ гъыс, æ мбулыс, и? Æ мæ де ’хца цы фæ вæ ййынц?

Скъолайы фыццаг рæ стæ джыты Лидяйы хъæ лæ сыл нæ ахуыр кодтон, цыдæ рхуызон мæ м каст. Махмæ хъæ уы, адæ м ныхæ стæ дæ лиау кæ цæ йдæ рæ й фæ дзурынц, æ мæ фæ хъуысынц уæ гъдибарæ й, Лидяйы хъæ лæ с та уыд уæ лæ нгай æ мæ рог æ мæ йæ м-иу уымæ гæ сгæ æ рыхъусын хъуыд. Æ з ын æ й кодтон францаг æ взаджы аххос: цалынмæ ахуыр кодта, уæ дмæ кæ йдæ р æ взаг фæ змгæ йæ, йæ хъæ лæ с æ рбадт, æ рлæ мæ гъ, маргъæ н къалатийы йæ хъæ лæ с куыд æ рлæ мæ гъ вæ ййы, афтæ. Фæ стæ мæ йæ гаччы цæ мæ й сбада, уымæ, чи зоны, æ мæ цас æ нхъæ лмæ кæ сын бахъæ уа. Мæ нæ мæ ныр дæ р Лидя фарста, цыма уыцы рæ стæ г æ ндæ р, вазыгджындæ р хъуыддаджы ахæ сты уыди, уый хуызæ н, фæ лæ йын йæ фарстæ н дзуапп æ нæ мæ нгæ й дæ ттын хъуыд.

— Уæ ддæ р цы ’хца рамбулыс, уый цы фæ кæ ныс? Къафеттæ дзы балхæ ныс? Æ ви чингуытæ? Æ ви сæ истæ мæ н æ мбырд кæ ныс? Æ вæ ццæ гæ н дæ м дзæ вгар бамбырд ис.

— Бирæ не сты. Иу сом йеддæ мæ нæ рамбулын.

— Уый фæ стæ нал фæ хъазыс?

— Нал.

— Сом, зæ гъыс? Цæ мæ н сом? Æ мæ йæ цы фæ кæ ныс?

— Æ хсыр дзы балхæ нын.

— Æ хсыр?

Мæ ахуыргæ нæ г мæ цуры бадт тынг аивæ й, зондджын æ мæ рæ сугъдæ й. Рæ сугъд уыди йæ дарæ с æ мæ йе ’взонджы карæ й. Æ ппæ т уыдæ ттæ æ з æ нкъардтон фæ лмæ вæ рдауы хуызæ нæ й. Мæ фындзыл уад йæ духийы кæ лæ нгæ нæ г тæ ф. Цæ мæ дæ р гæ сгæ мæ м уый йæ комулæ фты хуызæ н каст. Уыимæ ма арифметикæ кæ нæ историйы ахуыргæ нæ г дæ р куы уыдаид, фæ лæ лæ вæ рдта, зæ рдæ йы цыдæ р уæ ларвон бæ ллицтæ чи ’взæ рын кодта æ мæ хуымæ тæ г адæ ймæ гтæ, зæ гъæ м, мæ хуызæ ттæ, кæ й не ’мбæ рстой, ахæ м хъуыдытыл чи ’фтыдта, уыцы францаг æ взаг. Йæ цуры мæ цæ стытыл схæ цын дæ р нæ бауæ ндыдтæ н, мæ бон æ й нæ баци асайын дæ р. Стæ й йæ сайын дæ р цæ мæ н хъуыд?

Уый хъусæ й лæ ууыд, æ дзынæ г мæ м каст. Æ з мæ буарæ й æ нкъардтон, йæ зул æ мæ бæ лвырд цæ стæ нгасæ й ме ’ппæ т фыдбылызтæ æ мæ æ нахъинондзинæ дтæ куыд нæ рсынц æ мæ гуымиры тыхæ й куыд дзаг кæ нынц, уый. Æ мæ кæ сгæ цæ мæ кодтаид, уый дæ р уыд. Ахуыргæ нæ джы раз партæ йыл ныттæ стытæ сырдхуыз тæ нтъихæ г лæ ппу, йæ цæ сгом пырхæ й, мады къух æ м кæ й нæ хæ ццы кæ ны, уый бæ рæ г уыд йæ æ нæ зылдæ й, хъæ ды халонау — иунæ г; йæ уæ хсчытыл æ рзæ бул зæ ронд, фырæ хсадæ й хуызивд уæ лгуыр — риуыл бæ ргæ æ ххæ ссыд, фæ лæ йæ дыстæ уыдысты бынтон цыбыр, рæ мбыныкъæ дзтæ дзы разынынмæ бирæ нал хъуыд, йæ фыды галифейæ хуыд фæ лурс кæ рдæ гхуыз хæ лафы фадгуытæ — зæ нгæ йтты тъыст, зноны хылы фæ дтæ йыл бæ лвырд-бæ рæ г дардтой. Æ з уымæ й размæ дæ р бафиппайдтон, Лидяйы цæ стæ нгас-иу мæ фадыварцыл арæ х кæ й афæ стиат, уый. Æ нæ хъæ н къласæ й мæ н йеддæ мæ зæ нгæ йтты ничи цыд. Дыккаг фæ ззæ г уыдоны скъоламæ цæ уын куынæ уал куымдтон, уæ д мæ мад нæ хæ дзары зыбыты иунæ г хæ зна — хуыйæ н машинæ ауæ й кодта æ мæ йе ’хцайæ мæ нæ н кирз цырыхъхъытæ балхæ дта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.