|
|||
ДÆ ТЫН ДÆ КЪУХ ССАРДТАДÆ ТЫН ДÆ КЪУХ ССАРДТА Нарты Сырдон иу лæгæй фæхæсджын ис, тын хæсджын. Цыбыркъух лæг уыди Нарты Сырдон. Уыцы цыд æм кодта хæсдæттæг, фæлæ-иу фæстæмæ аздæхт афтидæй. Йæ хæс йæ къухы нал æмæ нал æфтыд. Æдзух ын æмгъуыдтæ, æфсæнттæ кодта Сырдон. Иу æмгъуыдмæ та хæсдæттæг фæзынд Сырдоны хæдзармæ. — Йе, Сырдон, уым нæ дæ? — Сырдон ам нæй, — радзырдтой хæдзарæй. — Кæм ис? — Дæлæ хъæугæрон догъгъæрæг къахы. Хæсдæттæг араст ис хъæугæронмæ. — Байрйай, Сырдон! — Æгас æрцу! — Сырдон, мæ тын мын! Бирæ æмгъуыдтæ, бирæ æфсæнттæ мын фæкодтай. Бафидын афон у ныр, цæсгом дæр дзы хъæуы. — У, дæ хорзæхæй, мауал дзур, нæ уыныс, æз дæр мæнæ дæ кой кæй кæнын, уый? — Сырдон, уый та уæд куыд мæ кой у? Кæсын дæм, æмæ догъгъæрæг куы къахыс! — Куыд æнæмбаргæ фæдæ! Догъгъæрæг скъахдзынæн, дон æм рауадздзынæн, йæ былтыл ын сындз ныссадздзынæн. Фос, хохмæ цæугæйæ, хæхтæй здæхгæйæ, сындзытыл сæхи хафдзысты, сæ хъуын сындзыл баззайдзæн; Уыцы къуымбил æз æрæмбырд кæндзынæн, тын бауафдзынæн æмæ дын дæ хæс бафиддзынæн. — Ха-ха-ха, — зæгъгæ, хæсдæттæг ныххудт йæ дзыхы дзаг. — Цæуылнæ худай, — загъта Сырдон, — дæ тын дæ къух ссардта! Уыйадыл хæсдæттæг йæ къух ауыгъта æмæ афардæг ис йæ хæдзармæ, уæдæ цы уыдаид! Сырдон ма абон дæр сындз садзы.
|
|||
|