Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФЫЦЦАГ ХАЙ 18 страница



«Загъд» та Æлборы-фырт йæхæдæг ракъахта. Иу ахуырты заман аив кæсынмæ рахуыдта, цалдæр боны размæ нæ къорды чи фæзынд, уыцы чызджы. Мæнмæ куыд каст, афтæмæй йæ Барысби уымæй размæ дæр зыдта. Чи зоны, йæ фыды йын йæхицæй хуыздæр зыдта, æмæ æдде бакæсгæйæ, афтæ зынд, цыма йæм махæй, ома «бындурон» студенттæй, æввахсдæр уыд æмæ йæ «хиондæрыл» нымадта. Цыдæриддæр уыди, уæддæр Æлборы-фыртмæ гæсгæ Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фæстаг салам» афтæ хорз бакаст, æмæ йæ махæй алкæмæн дæр бафæзмыны аккагыл банымадта. Цыма йын йæ арæхстдзинæдтæн æгæр стыр аргъ скодта, нæ къорды уæнгтæм афтæ фæкаст, æмæ дзы чи йæ бынаты базмæлыд, чи æргомæй йæ хъуыды загъта. Фæстæгтимæ уыдтæн æз дæр. Барысби йæ мидбылты бахудт æмæ мæ размæ рахуыдта, кæд мемæ æцæгæй разы нæ дæ, уæд, табуафси, дæ лæгдзинад æмæ дæхæдæг, дæ курдиат равдисыны фадат дын ис, зæгъгæ. Æз, цæуыл мæ зæрдæ дардтон, уый абон дæр нæ зонын, уымæн æмæ аив кæсынмæ мæ арæхстдзинæдтæ уæд дæр æмæ ныр дæр тынг дард лæууыдысты æмæ лæууынц, фæлæ мæ иу хъуыддаг ныфс бауагъта: «уазæг чызг» куыд бакаст, уымæй æвзæрдæр бакæсын тынг зын уыд, æмæ мæм цыдæриддæр артисты миниуджытæй уыд, уыдоныл нæ ауæрдгæйæ, æмдзæвгæ кæсын райдыдтон. Артист та уæвгæ уыдтæн, уымæн æмæ, куыддæр ахуыр кæнын райдыдтам, афтæ нæ иуты кафджыты къордмæ ныффыстой, иннæты — драмонмæ. Кафынмæ кæй нæ арæхсын, уый уайтæккæ дæр рабæрæг, фæлæ кæй никуы сарæхсдзынæн, уый рахатынæн дæр бирæ фылдæр бонтæ нæ бахъуыд æмæ мæ цыбыр рæстæджы фæстæ ныхъхъуытты уагътой, фæлæ драмон къорды баззадтæн. Нæ разамонæг уыди, æгас Иры дзыллæтæн дæр бирæ зæрдæрухс сахæттæ чи бавзарын кодта æмæ æрмæст йæ ном айхъусгæйæ дæр цæсгомыл мидбылхудт кæй фæрцы февзæры, Мæхъиты уыцы Лавер (Валодя). Къорд спектаклы æвæргæ дæр скодтам, уыимæ Брытъиаты Елбыздыхъойы «Дыууæ хойы», Саулохты Мухтары «Усгур Гаци». Рольты хъазыдысты Гаджиты Илья, Малиты Васо, Мыкагъаты Нинæ, Хъантемыраты Райæ, Хъодзаты Æхсар, Цъебойты Сергей æмæ ма ноджыдæр чидæртæ. Уыцы бонтæ мысгæйæ, мæ зæрдыл æдзухдæр иу хабар æрлæууы. Ахæм заман мæ цæсгомыл мидбылхудт куыд ахъазы, уый æнæ айдæнмæ бакæсгæйæ дæр мæ цæстыл ауайы, мæ зæрдæ хуры тынтæй айдзаг вæййы, уымæн æмæ кæддæры æвзонг туг мæ къабæзты базмæлы, рæстæджы фæлм чи асуры, ахæм фæлмæн дымгæ мыл йæхи ахафы, йæ фæнык кæмæн афучындæуы, уыцы цæхæрмæ мæхи тавынмæ фæвæййын...

Цæвиттон, рольтæ уаргæйæ, Тлаттаты Чермены уавæры бахаудтæн: тæккæ гæбæрдæр роль мæ хай фæци. Саламджери мæ уды кондмæ хæстæгдæр кæмæ æмæ цæмæн фæкаст, уый нæ бамбæрстон, фæлæ ме ’ргъомбасты, Асиат йæ цæсты сындз кæмæй уыдта, йæ карз уайдзæфтæй дæлджинæгæй скæсын кæй нæ уагъта, уыцы усгур фæци æмæ йын цы ’нæхæсгæ уыд! Пьесæ лæмбынæгдæр куы бакастæн, уæд Саламджери мæ зæрдæмæ æппындæр нæ фæцыд, фæлæ, репетицитæ куы райдыдтам, уæд сындæггай-сындæггай мæ хъуыды ивта. Ахæм роль мæм кæй æрхауд, уый тыххæй ма мæм суанг хæлæггæнджытæ дæр фæзынди. Асиаты ролы хъазыд тынг рæсугъд чызг. Ахуыр кодта мæнæй иу курс дæлдæр. Йæ ном æмæ йын йæ мыггаг дæр нæ ферох кодтон, — кæд уæдæй нырмæ æнусы æмбисы бæрц рацыд, уæддæр, — фæлæ сæ барæй нæ фыссын: æрæджы цардæй ахицæн, рухсаг уæд! Ныхас, мæ роль мæ зæрдæмæ цæуын цæй тыххæй райдыдта, æмæ мæ уавæры февзæрын кæйдæрты цæмæн бафæндыд, уый тыххæй рауад, æмæ мæ хъуыды кæронмæ ахæццæ кæнон...

Саламджери Асиаты куы аскъæфта æмæ йæ йе ’мбæлттæ чызгимæ иунæгæй куы ныууагътой, уæд дзы ахæм ныв æвдыстæуы. Хъуамæ скъæфæг æрæмудон уыдаид йæ фидæны бинойнагимæ. Режиссеры хъуыдымæ гæсгæ Саламджерийы ахъæбыс кæнын хъуыд Асиаты. Кæй зæгъын æй хъæуы, чызг æй йæхимæ хæстæг цæуын нæ уагъта. Саламджери та йын тыххæй ахъæбыс кæнынмæ хъавыд. Артист хъуамæ мæнг хъæбыс кодтаид, фæлæ, æвæццæгæн, мæ хъæбысы мæнгдзинадæй ницы уыд æмæ мын, мæ уалхъусы бæсты мæ армытъæпæн цæвын кæм хъуыд — чызджы цæф цæмæй æцæг ма уыдаид, уый тыххæй-иу æз мæ уæлкъух мæ русыл авæрдтон æмæ-иу цæф армытъæпæныл æруад — уым мын иу хатт ме ’мхъазæг афтæ: «Ацы хатт дæ æцæгæй цæвдзынæн!» Мæ роль мæ зæрдæмæ, сценæйы ахæм чызгимæ кæй хъазыдтæн, уый тыххæй цæуын райдыдта, хæлæггæнджытæ дæр мæм уый тыххæй фæзынди...

Хæдахуыр артисттæ бирæ хорз фæлгонцтæ сарæзтой, фæлæ дзы æз мæ зæрдыл æппæты тынгдæр бадардтон Малиты Васойы, уæлдайдæр та Отеллойы ролы хъазгæйæ. Йæ монолог-иу ын куы дзырдта, уæд-иу йæ ныхæстæ адæймаджы уæнгты дыздызгæнгæ ацыдысты...

О, æмæ ныхас аив кæсыныл рауад. Æз Мухарбеджы æмдзæвгæ æнæ чиныгмæ кæсгæйæ дзурын зыдтон æмæ архайдтон, алы дзырды дæр цы хъуыды æвæрд уыд, уый равдисыныл. Ме ’мбæлттыл дæр-иу мæ цæст ахастон æмæ цыма, куыд дзурын, уый уыдоны зæрдæмæ дæр цыд, афтæ мæм каст. Каст куы фæдæн, уæд ма дзы кæйдæрты æмдзæгъд дæр райхъуыст. Æлборы-фырт та йæ мидбылты бахудт æмæ загъта:

— Хорз æй бакастæ, фæлæ Зæирæйы амбулын дæ бон нæ баци.

Хъыг мын куыннæ уыдаид мæ ахуыргæнæджы ныхæстæ фехъусын, фæлæ абоны онг дæр мæ хъуыды нæма аивтон. Зæирæйы каст, кæимæ ахуыр кодтон, уыдонæй кæцыфæндыйы кастæй дæр цауддæр уыд, уымæн æмæ уыдон иууылдæр хъæуккæгтæ уыдысты æмæ ныхæстæ уырыссагыздæхт уæддæр нæ дзырдтой. Стæй йæм æрмæст уыцы аипп нæ уыд: ныхæстæ æххæстæй нæ дзырдта, логикон цавд кæм æвæрын хъæуы, уый нæ иртæста, цыбыр дзырдæй, ирон ныхасы ад не ’нкъардта.

Нæ быцæу дæргъвæтин ахаста. Мæ фарсхæцджыты цур мæнмæ ныхасы бар нал хауд. Барысбийыл æрæмбырд сты, æмæ дзы алчи йæ хъуыдыйы сæрвæлтау тохы бацыд. Уый сæм хъуыста, алкæмæн дæр лæвæрдта йæ зæгъинæгтæ дзурыны бар. Йæ мидбылты худти, фæлæ, цы уынаффæ рахаста, уымæй къæрттæй цъула н’ аппæрста. Мæнмæ ма кæмдæр афтæ кæсын дæр райдыдта, цыма йæхи барæй афтæ дардта, фæндыди йæ студентты «ракъахын», сфæлдыстадон ерыс сæм райгуырын кæнын. Кæд æцæгæйдæр йæ размæ ахæм хæс сæвæрдта, уæд йæ фат мысаныл сæмбæлд. Уымæй размæ иу лекци дæр æмæ иу семинар дæр уыйбæрц ныхæстæ никуы расайдта.

Бынтон æнафон дæр ма быцæу кодтам. Институтæй рацыдыстæм изæрдалынгты. Æлборы-фырт, кæд карджын уыд, уæддæр-иу арæх фистæгæй цыд. Ноджы институтмæ дард нæ цард æмæ-иу æй йæ къæдз лæдзæгыл æнцой кæнгæйæ куы институтмæ, куы институтæй цæугæ федтон. Уыцы изæр дæр сæхимæ йæхи фистæгæй цæуынмæ рарæвдз кодта. Арæхдæр-иу уырыссагау дзырдта, æмæ йæм æз дæр уырыссагау æрхатыдтæн:

— Борис Андреевич, можно вас провести? (Мæ мæгуыр зæрдæйæ, уæхимæ дæ бахæццæ кæнон, зæгъгæ, зæгъынмæ хъавыдтæн).

Барысби æргомдзырд уыди. Йæ хъуыды зæгъын фæстæдæрмæ никуы ’ргъæвта. Иу хатт æй тынг быцæугæнгæ баййæфтон зындгонд историк, Ленинон премийы лауреат Евгений Крупновимæ. Цавæр æмбырд уыди, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ Ирыстонмæ ссыд бирæ номдзыд ахуыргæндтæ, уыдонимæ не ’мзæххон, мæздæггаг, Кавказы рагон истори иртасджыты дзырддзæугæдæртæй иу — Крупнов дæр. Æз иучысыл айрæджы кодтон — студенттæ дæр æмбырдмæ хуынд уыдысты — æмæ залмæ куы бахызтæн, уæд дыууæ ахуыргонды уыдысты сæ быцæуы тæмæны. Крупнов иу дзырдта, Æлборы-фырт — иннæ. Фыццаг-иу йæ хъуыды бафидар кæныны тыххæй æрхаста бæлвырд æвдисæнтæ, дыккаг-иу семæ не сразы. Сæ быцæу сæ иудзинадмæ не ’ркодта. Алчидæр дзы йæ хъуыдыйыл фидар хæцгæйæ баззад.

Уый тыххæй зæгъын: Барысби æргомдзырд уыд, цы хъуыды кодта, уый æмбæхстæй дарын нæ зыдта. Йæ разы студент уыдаид æви академик — уæлдай йын нæ уыд. Мæ мæгуыр зæрдæйæ йын кæстæриуæг бакæнынмæ хъавыдтæн. Кæд мын мæ артисты миниуджытæ ницæмæ ’рдардта, уæддæр мын мæ уæздандзинадæн кæй ницы хъом у, уый равдисын мæ зæрды уыдис, фæлæ та ам дæр мæ хъуыддаг нæ ацыд. Æлборы-фырт, мæ ныхæстæ айхъусгæйæ, хъæрæй сдзырдта:

— «Провести» нехорошо.

Кæд изæрдалынгтæ сæхи зæххыл æруагътой æмæ мæ цæсгомы хуыз куыд аивта, уый иуварсæрдыгæй кæсæг дæр нæ бафиппайдтаид, уæддæр мæхæдæг бамбæрстон, мæ цæсгом куыд ссыгъд, уый. Ноджы бамбæрстон, цы рæдыд æруагътон, уый дæр æмæ мæхи сраст кæныныл батагъд кодтон:

— Проводить зæгъынмæ хъавыдтæн.

— Уый æндæр хъуыддаг у, — загъта мæ «дæлджинæггæнæг» профессор æмæ, цыма, уыцы бон цы бирæ хъуыддæгтæ бакæнын йæ зæрды уыд, уыдонæн сæ фæстаг æххæстгонд æрцыд, уый хуызæн уырыссагау сдзырдта:

— Это другое дело, — æмæ йæ къæдз лæдзæг йæ разæй фыццаг «къахдзæф» акодта...

Кæд цыфæнды æууæрстыты бахаудтæн, уæддæр, цы уæздандзинад равдисынмæ хъавыдтæн, ууыл мæ къух нæ систон æмæ мæ ахуыргæнæджы сæ хæдзары дуармæ бахæццæ кодтон.

Ацы ныхæстæ иууылдæр, дзурын раст кæй хъæуы — уæлдай нæу, уырыссагау уа æви иронау — уый тыххæй кæнын. Фæлæ та ам дæр мадæлон æвзаг дæлджинæггонд цæуы. Ирон рæдыд рæдыдыл нæ нымайæм, уырыссагау иунæг рæдыд куы фæкæнай, уæддæр фаг у, цæмæй дæ æнахуыргондыл банымайой, уымæн. Иронау дзур, æмæ дын алцыдæр барст уыдзæн, ома цалфæнды рæдыды куы фæкæнай, уæддæр дын æй аныхъуырдзыстæм, «барст» дын уыдзæн кæцыфæнды «тыхтона» дæр. Нæхæдæг нæхицæн фаг аргъ нæ кæнæм. Ирон æвзагмæ алы ран дæр æцæгæлон цæстæй кæсæм. Афтæ нæ дзурæм, ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг раздæр бирæ хуыздæр уыди, зæгъгæ? Хуыздæр уыди, фæлæ бирæ хуыздæр нæ уыди. Йæ сæйрагдæр хорздзинадыл банымайын хъæуы, æппæт предметтæ дæр иронау кæй ахуыр кодтам, уый. Фæлæ уæд дæр ирон æвзаг æмæ литературæ иннæ предметты æмрæнхъ нæ лæууыдысты. Кæд сын искæцытимæ æмкад рахонæн уыдис, уæд — черчени æмæ физкультурæимæ. Иннæ скъолатæн нæ зонын, фæлæ махмæ афтæ нымад уыди. Къухы цы уа, уый цæсты нæ ахады, зæгъгæ, æмбисонд дзæгъæлы нæ баззад.

Зондджын адæймаг йе ’взагыл не суæлæхох уыдзæн, кæйдæр æвзаг йæ удæн адджындæрæн нæ райсдзæн. Фæлæ махæн нæ фылдæр æндæр зондыл хæст у. Дæхи æвзагыл алы хъуыдыйады дæр фæкæлфæкæлгæнгæ цæуæн ис, æппын æй куы нæ зонай, уæддæр ирон кæй дæ, уый дын ничи байсдзæн. Æрмæст дæ мыггаг дæр дæ æцæг ирæтты фарсмæ æрлæууын кæндзæн, æмæ та адæмы сфыст куы ’рбахæццæ уа, уæд паддзахады дæр асайдзынæ æмæ адæмы дæр. Паддзахады, чи дæ, уый раст кæй нæ бацамыдтай, уымæй, ирон адæмы та — сæ нымæцмæ кæй нæ хауыс, афтæмæй дæхи уыдоныл кæй банымадтай, уымæй.

Цас æмæ цас сты ахæмтæ! Ирон дæн, зæгъгæ, фысгæйæ æмæ дзургæйæ! Минтæ, дæсгай минтæ. Цы ис ирон адæмимæ иумæйагæй уымæн, мадæлон æвзаг — уæвгæ ма ахæмтæн цæй мадæлон æвзаг ис! — чи нæ зоны? Иронау чи нæ зоны, уымæн æцæгæлон сты ирон æгъдæуттæ, нæ кувæндæттæ æмæ фæдзæхст бынæттæ, нæ кадджытæ æмæ аргъæуттæ, не ’лгъыстытæ æмæ хъарджытæ.

Æвзаг у адæймаджы зæрдæ æмæ зонд. Цалынмæ æвзаг цæра, уæдмæ сæфæн нæй æгъдау æмæ фæткæн, намыс æмæ джелбеттæн, кад æмæ уæздандзинадæн. Æнæуаг, æнæчетар адæймагæн тæккæ стырдæр уайдзæф бакæнынмæ куы фæхъавынц, уæд ын арæх афтæ фæзæгъынц: «Ирон дзыхæй куы дзурыс, уæд дæ сæрмæ цытæ хæссыс?»

Уым стыр диссаджы хъуыды ис. Цæмæй лæджы ном сæрыстырæй хæссай, уымæн, æрмæстдæр иронау куы дзурай, уый дæр фаг у, уымæн æмæ иронау дзурæгыл уæздан уæвын фидауы, лæгдзинад дзы домы, кад æмæ йæм намысы бæрзæндтæм сиды.

Ис æндæрхуызон уайдзæф дæр: «Ирон куы дæ, уæд цытæ кæныс?» Ирон уæвын иронæн æппæты бæрзонддæр хæрзиуæг у. Иугæр ирон мад æмæ фыдæй райгуырдтæ, иронау дзурыс, уæд дыл уыцы дыууæ хъуыддаджы уæззау хæс æрæвæрдтой. Хæрæг уаргъæн кæй нæ ахæсдзæн, ахæм хæс нæ, фæлæ, æцæг адæймаг йæ райгуырдæй йæ царды фæстаг бонмæ тырысайау бæрзæндты хæссын кæй бафæраздзæн, ахæм хæс.

Ирон æмæ ирон æвзагæй уæлдай нæй. Æвзаг куы дæлдон кæна, уæд ироны дæр йæ фæдыл ласы, ирон куы дæлдон кæна, уæд ма йе ’взаг кæй хъæуы? Пайдагæнæг кæмæй нал уа, уый æвзаг ничиуал рахондзæн.

Бирæгъты ’хсæн куы цæрай, уæд хъуамæ ниуын сахуыр уай. Ацы уырыссаг æмбисондæн фæсномыг хъуыды ис. Йæ мидис та æппæрццæг у. Фæлæ дзы рæстæрдæм спайдагæнæн дæр ис. Кæй уæрдоны бадай, уый зарæг куы нæ кæнай, уæд дæ, иуæй, æмбаргæ æмæ уарзгæ нæ бакæндзысты, иннæмæй та дæ, чи зоны, хизын дæр ракæной. Æз алы æвзагæн дæр аргъ кæнын. Бæрзонд æвæрд мæм сты канд адæмты æвзæгтæ нæ, фæлæ мæргътæ æмæ сырдты æвзæгтæ дæр.

Хъæуы ма куы цардыстæм, уæд-иу дыууæ изæры астæу нæ пецы бын цы гæрæн уыдис, уырдыгæй цъысцъысаджы зарын куы райхъуыст, уæд-иу мæм уымæй хуыздæр ницы каст. Цыдæр адджын хъуыдыты-иу аныгъуылдтæн, æппындæр кæм никуы уыдтæн, стæй æппындæр кæм никуы уыдзынæн, ахæм дунейы-иу балæууыдтæн æмæ-иу мæ уырдыгæй фæстæмæ здæхын нал фæндыд. Кæннод-иу нæ тутатæ куы срæгъæд сты æмæ-иу сæ къалиутæ сауцъиутæй куы нал зындысты, уæд цы æнахуыр хъæлæба кодтой, уый ма ныр дæр мæ хъустыл уайы. Иннæ ахæм дыгоппон цъиутæ. Арвы цъæхмæ-иу сфардæг сты æмæ цыма æнæзынгæ æндахæй ауыгъд уыдысты, уыйау-иу сæ бынатæй нал змæлыдысты. Растæр зæгъгæйæ та, змæлыдысты æрмæст сæ базыртæ æмæ зæххыл фарны нæмгуытау тыдтой сæ диссаджы зарæджы мыртæ. Йæхимæ-иу мæ æрыхъусын кодта гакк-гуччы хъарæгæнгæс хъæлæс.

Гакк-гуччы коймæ уыг æмæ дзылыйы æмбисонд æрымысыдтæн. Дзылыйæн йæ лæппын амард æмæ йæ уыгмæ баппæрста, ды йыл ку, дæуæн, дам, дæ сæр дынджыр у. Мæ хъуыдыты арфдæр ацыдтæн æмæ æмбисонд адарддæр кодтон.

Дзылыйы лæппыныл уыг фæкуыдта, мæгуыр, уæдæ цы кодтаид! Уыцы рæстæг чъырттым йæ цуры абадт æмæ йæм дзуры:

— Мæнæн мæ лæппынтæй дыууæ куы амард, уæд уыдоныл цæуылнæ кæуыс?

Нæгъ зæгъын та йæ бон нæ баци æмæ чъырттымы лæппынтыл дæр фæкуыдта. Чъырттым дзы тынг фæбузныг æмæ уыцы бæласæн йæ уæлдæр къалиуыл абадт. Иуцасдæр рæстæг рацыд æмæ та уыг ногæй кæуын райдыдта. Ацы хатт — уынгæгдæр хъæлæсæй. Чъырттым йæхи бынмæ рауагъта, йæ фарсмæ абадт æмæ йæ фæрсы:

— Ныр та ма цæуыл кæуыс?

— Мæхиуыл.

— Цæмæн?

— Куы амæлон, уæд мыл кæуæг кæй нæ уыдзæн, уый тыххæй.

Æмбисонд æмбисонд у, фæлæ гакк-гуччы уасын æхсызгонæн никуы æрымысын, уымæн æмæ, иуæй, æнкъард у, иннæмæй, ацы маргъ йæхи куыд дары, уый мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Фыццаджыдæр, йæ айк æндæр маргъы ахстонмæ кæй баппары, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, сусæгæй. Дыккагæй та, уым цы æйчытæ баййафы, уыдон хæргæ дæр бакæны. Чи зоны, уыг рæдигæ кодта, мæхи мардыл мын кæуæг нæ уыдзæн, зæгъгæ, фæлæ кæд æгад искæцы маргъы мард уыдзæн, уæд гакк-гуччы, лæппынтæ чи никуы схъомыл кодта æмæ искæй лæппыны мардыл дæр чи никуы скуыдта.

Бурцъиутæ ’мæ булæмæргъты кой нал кæнын, уымæн æмæ уыдонæй аивдæрæй мæ зонгæ мæргътæй никуыма ничи ныззарыд. Æцæгæлон мын нæу суанг хæфсыты уасын дæр, мыдыбындзы дыв-дыв дæр! Æвзæгты кой та кæнгæ дæр нал кæнын. Зæххыл мин дыууæсæдæ иу æвзаджы ис, æмæ дзы алы æвзагыл дæр дзурын куы зонин, уæддæр мын дзы мæхи ’взагæй адджындæр никæцы уаид, уымæн æмæ «мæхи» мæхи у, «исчи» та исчи у. Мæ кæддæры сыхаг Хуыдиаты Ола-иу афтæ зæгъаг уыдис, «мæхи» æмæ «исчи» дзургæйæ былтæ цы уавæры вæййынц, ууыл, дам-ма ахъуыды кæн: «мæхи» дзургæйæ кæрæдзиуыл сæмбæлынц, «исчи» дзургæйæ та фæйнæрдæм фæцæуынц.

О, фæлæ мын искæй æвзаг дæр æцæгæлон нæу. Афтæ мæм кæсы, цыма папуасты æхсæн куы цæрин, уæддæр сын се ’взаг сахуыр кæнин. Æнæмæнг æй сахуыр кæнин, уымæн æмæ мæ цуры исчи, кæй не ’мбарын, ахæм æвзагыл дзура, уый мæхицæн нæ ныббарин, мæхи дзыхъхъы лæууæгыл нымаин. Уæлдæр цы рæдыдты кой ракодтон, уыдон мын хорз æххуыс фесты, канд уырыссаг æвзаг хуыздæр базонынæн нæ, фæлæ зонындзинæдтæм фæндæгтыл разæнгарддæрæй цæуынæн. Уыцы фæндæгтæй мæ иу ахуыдта библиотекæмæ, Ирыстоны тæккæ стырдæр библитекæмæ.

VII

Кæсæндон институты дæр уыди, фæлæ уырдыгæй фылдæр ахуыргæнæн чингуытæ истам, стæй цæмæдæр гæсгæ уым бадыныл нæ фæцахуыр дæн. Фыццаг курсæй фæстæмæ хицæн къахвæндаг скодтон республикон библиотекæмæ — уыцы рæстæджы ныртæккæйы фæсивæдон библиотекæйы бæстыхайы уыд. Директорæй дзы куыста Цæлыккаты Евгени. Кæсæн залмæ йæ кусæн уаты рæзты цыдыстæм, æмæ-иу ыл арæх амбæлдтæн. Зонгæ нæ уыдыстæм, фæлæ, зæгъæн ис, æмæ алы бон дæр æмбæлдыстæм æмæ фæстагмæ кæрæдзийæн салам дæттын дæр райдыдтам. Йæ дзыхы ныхас ын никуы фехъуыстон, æрмæстдæр-иу йæ сæр батылдта æмæ-иу дарддæр ацыд. Ныхасгæнгæ йæ никуы федтон канд кæсджытимæ нæ, фæлæ йæ кусджытимæ дæр. Æвæццæгæн, уый библиотекæйы кусджыты профессион миниуæг у. Дзурын бирæ нæ уарзынц, куы дзурой, уæд та, æнæдзургæ кæм нал вæййы, уым. Уый дæр, кæимæ ныхас кæны, уый йеддæмæ йæ ныхас куынникæмæ хъуыса, афтæ. Дзурынц, зæгъгæ, дам, XV æнусы иу библиотекæйы дуарыл ахæм фыст уыд: «Наукæтæ чи ахуыр кæны, уыдонæй ардæм чи ’рбацæуа, уый дуар йæ фæдыл æнæуынæрæй æрбахгæнæд, стæй йæ къæхты хъæр ма райхъуысæд. Уый музæты зæрдæмæ нæ цæуы. Ам искæй куы ’рбаййафа, уæд ныхæстыл ма схæцæд, фæлæ йын æнæдзургæйæ йæ сæрæй акувæд, уымæн æмæ ам мæрдтæ дзурынц æгæстимæ».

Афтæ мæм кæсы, цыма Цæлыччы-фырт æмæ йе ’мкусджытæ ацы фыст сæхицæн ардбахæрдæн райстой æмæ йæ æнæмæнг æххæстгæнинагыл банымадтой. Библиотекæ мæм кувæндоны хуызæн каст. Уæлдай сыбыртт дзы никæцæй райхъуыстаид. Цыма дзы алкæуылдæр нымæтын дзабыртæ уыд, уый хуызæн дзы йæ къах уынæр никæмæн кодта. Чингуытæ æмæ дзы газеттæ та куыннæ фæлдæхтой, фæлæ сæ уынæр дæ хъустыл не ’рцыдаид. Библиотекæмæ чи цыд, уыдонæй алкæмæн дæр йæхи бынат уыд. Иу дзы-иу иннæйы бандоныл кæд сбадт, уæддæр тынг стæм хатт. Агъуыст алкæй фаг дæр куыд кодта, уый мæм абон дæр диссаг кæсы. Библиотекæ бирæ адæмы базонгæ кодта. Чызджыты — чызджытимæ, лæппуты — лæппутимæ, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, чызджыты — лæппутимæ. Ам фыццаг хатт бирæ чызджытæ æмæ лæппутæ кæй фембæлд, æмæ дзы бирæты фембæлд уарзондзинадмæ кæй рахызт, ууыл æз æппындæр дызæрдыг нæ кæнын. Библиотекæйы къæсæрæй фыццаг хатт кæд бахызтæн, уый нæ хъуыды кæнын, фæлæ йæ нымайын амондджын боныл.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.