Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФРАНЦАГ ÆВЗАДЖЫ УРОКТÆ. Радзырд. РУДОЛЬФИЯ. Радзырд



РУДОЛЬФИЯ

Радзырд

Фыццаг хатт фембæ лдысты трамвайы. Чызг ын йе уæ хскмæ бавнæ лдта. Лæ ппу йæ цæ стытæ куы байгом кодта, уæ д ын чызг, рудзынгмæ ацамонгæ йæ, загъта:

— Ам хизгæ дын у.

Уæ дмæ трамвай æ рлæ ууыд, æ мæ лæ ппу, йæ рæ мбыныкъæ дзтæ й йæ хицæ н фæ ндаг гæ рдгæ, йæ фæ дыл рагæ пп ласта. Чызг уыди бынтон æ рыгон. Цыдаид ыл фылдæ р-фылдæ р фынддæ с-æ хсæ рдæ с азы. Уый лæ ппу уайтæ ккæ дæ р бафиппайдта, цæ мæ й йын бузныджы ныхас зæ гъа, уый тыххæ й йæ м фæ стæ мæ куы ракаст æ мæ йын йæ тымбыл цæ сгом куы ауыдта, уæ д.

— Бузныг, — загъта лæ ппу. — Ды куы нæ уыдаис, уæ д мæ трамвай дарддæ р аластаид.

Лæ ппу бамбæ рста, йæ ныхæ стæ чызгмæ фаг кæ й нæ фæ кастысты, уый, æ мæ ма сæ м бафтыдта:

— Ацы бон афтæ бафæ лладтæ н æ мæ мæ сæ р æ ппындæ р нал кусы. Аст сахатыл мæ м ахсджиаг хъуыддаджы фæ дыл æ рбадзуринаг сты æ мæ, Хуыцау хорз, æ мæ ды мæ цуры фæ дæ, æ ндæ р байрæ джы кодтаин.

Чызгæ н цыма йæ ныхæ стæ æ хсызгон уыдысты, афтæ йæ м фæ каст æ мæ дыууæ йæ дæ р, сæ рæ зты цы машинæ æ рцæ йтахт, уый разæ й фæ уыныл архайгæ йæ, фæ ндаджы иннæ фарсмæ базгъордтой. Мит уарыд æ мæ машинæ йы раззаг рудзынг сыгъдæ ггæ нæ н куыд дыууæ рдæ м кодта, уый лæ ппу бафиппайдта. Ахæ м фæ лмæ н мит куы фæ уары, уæ д адæ ймагмæ афтæ фæ кæ сы, цыма бæ рзонд арвыл кæ мдæ р цавæ рдæ р æ нахуыр мæ ргътæ сæ пакъуы фезгъалынц, æ мæ лæ джы йæ хæ дзармæ йæ къах нал фæ хæ ссы. «Телефоны дзæ нгæ рæ гмæ банхъæ лмæ кæ сдзынæ н, — скарста лæ ппу йæ хинымæ р, — æ мæ фæ стæ мæ рацæ удзынæ н». Чызгимæ уыйбæ рц рæ стæ г æ нæ дзургæ йæ цæ уын аив кæ й нæ у, уый æ мбæ рста æ мæ йын цы зæ гъа, ууыл хъуыдытыл фæ ци. Уæ вгæ, йемæ цæ уыл дзурæ н ис æ мæ цæ уыл дзурæ н нæ й, уый нæ зыдта æ мæ йæ хи мидæ г стыхсти. Хуыцау хорз, æ мæ йæ чызг уыцы уавæ рæ й йæ хæ дæ г фервæ зын кодта:

— Æ з дæ зонын.

— Æ цæ гæ й? — бадис кодта лæ ппу. — Цæ мæ й?

— Ды цæ рыс сæ дæ дыууадæ сæ м хæ дзары, æ з та сæ дæ цыппæ рдæ сæ мы. Къаддæ р-уæ ддæ р къуыри дыууæ хатты трамвайы сæ мбæ лæ м. Ды мæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, никуы бафиппайыс.

— Диссагæ й цы кæ ныс!

— Уым диссагæ й ницы ис. Сымах, хистæ ртæ, хистæ рты йеддæ мæ никæ й уынут. Стæ й иууылдæ р тынг хиуарзон стут. Раст нæ зæ гъын?

Чызг йæ сæ р рахизæ рдæ м разылдта æ мæ йæ м галиуæ рдыгæ й бынæ й хæ рдмæ скаст. Лæ ппу ницы сдзырдта, уымæ н æ мæ, чызгимæ йæ хи куыд дарын хъæ уы, уый нæ ма зыдта.

Иуцасдæ р хъусæ й фæ цыдысты. Чызг размæ комкоммæ кæ сгæ йæ йе ’мбæ лццонæ н загъта:

— Дæ ном дæ р мын нæ ма загътай...

— Æ мæ дæ уый зонын æ нæ мæ нг хъæ уы?

— О. Æ мæ уым диссагæ й цы ис? Иуæ й-иуты, сæ ном цы хуыйны, уымæ й куы бафæ рсай, уæ д сæ м цæ мæ дæ р гæ сгæ афтæ фæ кæ сы, цыма фæ рсæ г йæ размæ цыдæ р нысантæ февæ ры.

— Хорз, — загъта лæ ппу. — Бамбæ рстон дæ. Кæ д дæ æ цæ г истæ мæ н хъæ уы, уæ д дын мæ ном зæ гъдзынæ н: Рудольф.

— Куыд?

— Рудольф.

— Рудольф. — Чызг ныппыррыкк кодта.

— Цæ уыл худыс?

Чызг ноджы хъæ рдæ рæ й ныххудти. Лæ ппу æ рлæ ууыд æ мæ йæ м кæ сынтыл фæ ци.

— Ру-дольф. — Чызг йæ былтæ фæ цъупп кодта æ мæ та йыл худæ г бахæ цыд. — Ру-дольф. Æ з æ нхъæ лдтон, сырддоны пылты йеддæ мæ афтæ никæ й хонынц.

— Цы загътай?!

— Мæ сты ма кæ н, — чызг ын йæ дысыл фæ хæ цыд. — Фæ лæ дын, раст куы зæ гъон, уæ д мæ м тынг худæ джы ном кæ сы.

— Сывæ ллон дæ нырма, — тæ ргайхуызæ й загъта лæ ппу.

— Сывæ ллон дæ н, уæ дæ цы дæ н! Ды та ас адæ ймаг.

— Цал азы дыл цæ уы?

— Æ хсæ рдæ с.

— Мæ ныл та аст æ мæ ссæ дз.

— Омæ дын нæ загътон, ас адæ ймаг дæ, зæ гъгæ? Рудольф дæ хуымæ тæ джы хонынц?!

Чызг та ныххудти, галиуæ рдыгæ й йæ м бынæ й уæ лæ мæ кæ сгæ йæ.

— Дæ ном та цы хуыйны?

— Мæ ном? Ницы хуызы йæ базондзынæ.

— Æ з базон-базонтæ й нæ хъазын.

— Куы хъазай, уæ ддæ р æ й нæ базондзынæ. Мæ ном хуыйны Ия.

— Куыд?

— Ия.

— Нæ дæ ’мбарын.

— Ия. Æ ндæ р æ взагмæ йæ куы раивай, уæ д амоны «æ мæ æ з».

Маст исыны рæ стæ г æ гæ р тагъд дæ р ма ралæ ууыд. Лæ ппу афтæ тынг хъæ рæ й ныххудти, æ мæ йæ уромæ г уромын нал фæ рæ зта. Куы-иу æ м бакаст, уæ д та-иу дæ лгæ мттæ кæ нынмæ фæ ци.

Ия, зæ гъгæ -иу, йæ бон тыххæ й-фыдæ й сдзурын баци æ мæ та-иу ноджы хъæ рдæ рæ й ныххудт.

Чызг йæ алыварсмæ тарстхуызæ й кæ сгæ йæ æ нхъæ лмæ каст, лæ ппу йæ худынæ й кæ д банцайдзæ н, уымæ, стæ й иу заман куы фæ сабырдæ р, уæ д бустæ хуызæ й загъта:

— Худæ г дæ м кæ сы, нæ? Уæ дæ уым æ ппындæ р худæ гæ й ницы ис. Ия у хуымæ тæ джы ном. Иннæ тæ й ницæ мæ й хицæ н кæ ны.

— Ма мæ м фæ хæ рам у, — йæ мидбылты худгæ йæ чызгмæ æ ргуыбыр кæ нгæ йæ, загъта лæ ппу. — Æ цæ гæ йдæ р мæ м худæ джы ном фæ каст. Кæ рæ дзийæ н фаг фестæ м: ды мæ ныл ахудтæ, æ з — дæ уыл. Ныр кæ рæ дзийæ ницыуал дарæ м. Афтæ нæ у?

Чызг йæ сæ р батылдта, разы дæ н, зæ гъгæ.

Раздæ р бахæ ццæ сты чызджы хæ дзармæ. Уый сæ фатермæ схизæ ны дуармæ æ рлæ ууыд æ мæ лæ ппуйы бафарста:

— Дæ телефоны номыртæ -ма мын зæ гъ...

— Ницæ мæ н дæ хъæ уынц, — загъта лæ ппу.

— Тæ рсыс, нæ?

— Æ з æ ндæ р цæ уылдæ р хъуыды кæ нын.

— Хистæ ртæ зæ ххы цъарыл цæ мæ й нæ тæ рсынц, ахæ м нæ й.

— Уымæ й раст зæ гъыс.

Чызг йе ’рмкъух раласта æ мæ йæ къух лæ ппумæ бадаргъ кодта. Къух уыди ихы къæ ртты хуызæ н уазал. Лæ ппу йæ нылхъывта.

— Ныр уæ химæ згъоргæ, Ия.

Лæ ппу та ныххудти.

Чызг къæ сæ ргæ рон фæ лæ ууыди:

— Ацы хатт мæ трамвайы базондзынæ?

— Куыннæ ма?!

— Уæ дæ уал фембæ лдмæ... трамвайы... — Чызг йæ къух йæ сæ рмæ бæ рзонд систа.

—... иумæ кæ м цæ удзыстæ м, — йæ ныхæ стыл ма йын бафтыдта лæ ппу.

***

Дыууæ боны фæ стæ лæ ппу цæ гатмæ командировкæ йы ацыд. Фæ стæ мæ æ рбаздæ хт дыууæ къуырийы фæ стæ. Ам, горæ ты, уалдзæ г кæ й æ рбахæ ццæ кæ ны, уый бæ рæ г дардта. Цæ гатаг мигъты фæ стæ алцыдæ р зынди дзæ вгар ирддæ рæ й, суанг ма трамвайтæ дæ р.

Сæ химæ куы бацыд, уæ д ын йæ ус загъта:

— Алы бон дæ р дæ м цавæ рдæ р æ рыгон чызг телефонæ й дзырдта.

— Цавæ р чызг?

— Нæ зонын. Æ нхъæ лдтон, ды йæ зоныс.

— Ницы йæ зонын.

— Стыхстæ н дзы.

— Цымæ чи уыдаид? — загъта лæ г æ мæ æ нæ бары худт бакодта. Телефоны дзæ нгæ рæ г райхъуыст, лæ г ваннæ йы йæ хи куы ’хсадта, уæ д. Мидæ мæ йæ м хъуыст, ус цы дзырдта, уый: æ рцыд, йæ хи ’хсы, фæ стæ дæ р-иу æ рбадзур. Лæ г йæ хуыссæ н бацагурынмæ хъавыд, афтæ та телефоны дзæ нгæ рæ г райхъуыст.

— Хъусын дæ м, — дзуапп радта лæ г.

— Рудик, де ’зæ р хорз. Фæ зындтæ? — райхъуыст телефоны хæ тæ лы кæ йдæ р хъæ лдзæ г хъæ лæ с.

— Де ’зæ р дæ р хорз! — хъавгæ йæ загъта лæ г. — Чи дæ?

— Нæ мæ базыдтай? Рудик, Рудик... Æ з дæ н, Ия.

— Ия, — чи йæ м дзырдта, уый базонгæ йæ загъта лæ г æ мæ æ нæ бары бахудт. — Салам, салам. Диссаджы ном мын æ рхъуыды кодтай.

— Дæ зæ рдæ мæ фæ цыд?

— Афтæ мæ хуыдтой, дæ карæ н куы уыдтæ н, уæ д.

— Дæ хицæ й ма ’ппæ л.

— Цæ мæ н дæ м афтæ кæ сы?

Дыууæ йæ дæ р ныхъхъус сты. Æ рæ джиау лæ ппу бафарста:

— Уæ ддæ р дæ цы хъуыди?

— Уый дæ ус уыди?

— О.

— Бинонтæ дын ис, уый мын цæ уылнæ загътай?

— Хатыр дæ курын, — хъазгæ мхасæ н загъта лæ г, — нæ йæ зыдтон, уымæ н исты ахадындзинад ис, уый.

— Куыннæ ма йын ис ахадындзинад! Æ мæ йæ уарзыс?

— Уæ дæ! — дзуапп радта лæ г. — Ия, байхъус-ма мæ м, дæ хорзæ хæ й: мауал мæ м æ рбадзур.

— Фæ -тарс-тæ? — йæ ныхас айвазгæ йæ, бафарста чызг. — Рудик, мацæ мæ йæ бамбар. Кæ д дæ фæ нды, уæ д йемæ цæ р. Мæ нæ н хъыг нæ уыдзæ н. Фæ лæ дæ ныхæ стæ мæ зæ рдæ мæ нæ цæ уынц: мауал, дам-иу æ рбадзур. Уæ д та мæ исты хъуыддаджы тыххæ й бахъуыдтæ.

— Цавæ р хъуыддаджы тыххæ й? — худгæ йæ бафарста лæ г.

— Куыд цавæ р хъуыддаджы тыххæ й? Зæ гъæ м... зæ гъæ м, иу резервуарæ й иннæ мæ мæ бон тæ нгъæ д рауадзын нæ у, — фæ царæ хст чызг, — уæ д дæ р дæ м нæ й дзурæ н?

— Нæ зонын.

— Мæ нмæ гæ сгæ, ис. Ма дзы тæ рс, Рудик, мах дыууæ стæ м, уый та — иу.

— Кæ мæ й? — нæ йæ бамбæ рста лæ г.

— Дæ усæ й, æ ндæ р кæ мæ й?

— Хæ рзæ хсæ в, Ия.

— Бафæ лладтæ, нæ?

— О.

— Омæ хорз. Мæ дзæ мбы мын нылхъив æ мæ мын хæ рзæ хсæ в зæ гъ.

— Æ лхъивын дын дæ дзæ мбы.

— Дæ усимæ дзургæ дæ р ма кæ н.

— Хорз. — Æ мæ ныххудти. — Иунæ г ныхас дæ р æ м нал скæ ндзынæ н. Йæ мидбылхудт нæ фехæ лд, афтæ мæ й йæ усы цурмæ бацыд.

— Уый Ия уыди, — загъта лæ г. — Уыцы æ взонг чызджы афтæ хонынц. Æ нæ хуыр ном дæ м нæ кæ сы?

— Кæ сы, — иуцасдæ р æ дзæ мæ й алæ ууыны фæ стæ загъта ус.

— Йæ хынцинаг скæ нын йæ бон нæ уыди. Æ хсæ зæ м кæ нæ æ вдæ м къласы ахуыр кæ ны, æ нхъæ лдæ н.

— Æ мæ йын баххуыс кодтай?

— Нæ гъ! Ферох мæ сты. Ахæ м хынцинæ гтæ зын кæ нын сты.

***

Бон цъæ хтæ кæ нын райдыдта, афтæ райхъуыст телефоны дзæ нгæ рæ г. Цæ й цъæ хтæ æ мæ цæ й цыдæ р — иу цъæ х дæ р дзы нæ уыд æ мæ иннæ дæ р: горæ ты цæ рджытæ сæ хъарм фынтæ уынгæ йæ уыдысты. Йæ хуыссæ нæ й стгæ йæ Рудольф, сæ бакомкоммæ цы хæ дзар уыд, уый рудзгуытæ м фæ комкоммæ, фæ лæ дзы иуæ й дæ р рухс нæ калд. Æ рмæ стдæ р хæ дзармæ бацæ уæ нтæ дзыхæ йцæ гъдгæ фæ ндыртау цыппар æ мхуызон рæ гъæ й æ рттывдтытæ калдтой. Телефоны дзæ нгæ рæ г цагъта æ мæ цагъта. Рудольф йæ цурмæ куы бахæ ццæ, уæ д сахатмæ æ ркаст: уыди æ хсæ зæ м æ рдæ г.

— Хъусын! — мæ сты дзуапп радта лæ г.

— Рудик, Рудик...

Лæ гæ н йæ маст пихылæ йттæ скалдта:

— Ия, цы ми кæ ныс, уый æ мбарыс?

— Рудик, — йæ ныхас ын æ рдæ гыл фескъуыдæ уыд, — ма мæ сты кæ н. Ды хъуыддæ гтæ н ницыма ’мбарыс.

— Цы ’рцыди, зæ гъ-ма йæ, — йæ маст тыххæ й уромгæ йæ, бафарста Рудольф.

— Рудик, ды Рудольф кæ й нал дæ, уый зоныс? Ардыгæ й фæ стæ мæ хуыйндзынæ Рудольфия, — стыр æ хсызгондзинад фехъусынгæ нæ гау фæ уæ лахизуæ вæ джы хъæ лæ сæ й загъдæ уыд фалæ рдыгæ й. — Рудольф-ия! Дæ зæ рдæ мæ нæ цæ уы? Ныртæ ккæ йæ æ рхъуыды кодтон. Рудольф æ мæ Ияйæ рауади Рудольфия. Итайлæ гтæ н дæ р ахæ м нæ мттæ ис. Зæ гъ-ма йæ, кæ ддæ ра дæ дзыхы та куыд фидауы.

— Рудольфия!

— Тынг у. Ныр нын дыууæ йæ иу ном уыдзæ н — ничиуал нæ фæ хицæ н кæ ндзæ н. Ромео æ мæ Джульеттæ йы хуызæ н. Ды дæ р Рудольфия, æ з дæ р Рудольфия.

— Æ рбайхъус-ма мæ м, — иуцасдæ р йе ’муд æ рцæ угæ йæ загъта лæ г. — Ацы хатт ма мын ног ном куы ’рхъуыды кæ най, уæ д-иу йæ фехъусын кæ нынæ н хуыздæ р рæ стæ г ссар.

— Куыннæ йæ ’мбарыс, йæ фехъусын кæ нынмæ æ рхъæ цмæ кæ й нал хъæ цыдтæ н, уый? Стæ й дæ уæ н дæ р стын афон у. Рудольфия, æ стæ м æ рдæ гыл дæ м трамвайы æ рлæ ууæ ны æ нхъæ лмæ кæ й кæ сдзынæ н, уый дæ ма ферох уæ д.

— Абон æ з трамвайы нæ цæ удзынæ н.

— Цæ уылнæ?

— Улæ фæ н бон мын у.

— Къуырийы астæ у?

— О, уымæ й размæ иу бон уæ лдай бакуыстон.

— А-а, — загъта, фыдæ нхъæ лы мыртæ кæ мæ й хъуыст, уыцы хъæ лæ с. — Æ мæ уæ д æ з та?

— Нæ зонын. Комкоммæ скъоламæ ацу. Мæ нмæ ма ’нхъæ лмæ кæ с.

— Дæ усæ н дæ р улæ фгæ бон у?

— Нæ у.

— Уæ дæ уæ д хорз. Æ рмæ ст дæ ма ферох уæ д, нæ ном Рудольфия кæ й хуыйны, уый.

— Мæ хи тынг амондджын хонын уымæ й.

Телефоны хæ тæ л æ рæ вæ рдта æ мæ хъуырхъуыргæ нгæ йæ хицæ н цайæ н дон æ вæ рынмæ ацыд. Фынæ йы кой кæ нгæ дæ р нал кодта, уымæ н æ мæ зыдта, хуыссæ г æ й кæ й нал æ рцахсдзæ н, уый. Ноджы сæ бакомкоммæ хæ дзары æ ртæ рудзынгæ й рухс кæ лын дæ р райдыдта.

***

Æ мбисбон дуары хойын ссыд. Лæ г уыцы рæ стæ г уыд йæ тæ ккæ пъолтæ æ хсгæ йæ. Йæ къухы цы хуылыдз хæ цъил уыд, уый фæ свæ д æ рæ вæ рынмæ дæ р нал фæ царæ хст, афтæ мæ й йæ чызг æ рбаййæ фта.

— Дæ бон хорз, Рудольфия.

— Ды? — дисхуызæ й загъта лæ ппу. — Цы ’рцыди?

— Мæ нæ н дæ р абон улæ фты бон у.

Чызджы цæ сгомыл амонд æ рттывдтытæ калдта. Æ фсæ рмæ н дзы йæ кой дæ р нæ уыд.

— Æ цæ г зæ гъыс? — ныфсджынæ й фæ хъæ р кодта лæ ппу. — Уæ дæ, зæ гъыс, улæ фыс, и? Гъемæ мидæ мæ рахиз. Иугæ р æ рбацыдтæ, уæ д ам цы лæ ууыс?! Æ з ныртæ ккæ фæ уыдзынæ н.

Чызг йæ дзаумæ ттæ нæ раласта, афтæ мæ й, рудзынджы цур цы къæ лæ тджын уыд, ууыл æ рбадти æ мæ, лæ ппу хæ цъилимæ куыд архайдта, уымæ каст.

— Рудольфия, мæ нмæ гæ сгæ, дæ бинонтæ й амонд нæ фæ ци, — загъта чызг иу уысм хъусæ й алæ ууыны фæ стæ.

Лæ ппу йæ астæ у сраст кодта.

— Бирæ ма дзур, — йæ мидбылты худгæ йæ, загъта лæ ппу.

— Æ ви, зæ гъыс, раст нæ дæ н?

— Æ з ницы зæ гъын.

— Уæ дæ дзы уый ис.

— Уый бæ сты дæ дзаумæ ттæ ралас.

— Тæ рсгæ дæ кæ нын, — рудзынгæ й акæ сгæ йæ загъта чызг.

— Цы загътай?

— Ды та уæ ддæ р нæ лгоймаг дæ.

— Мæ нæ цæ уылты хъуыды кæ ны! — ныххудти лæ ппу. — Уыцы хуызæ нæ й ардæ м цæ уын куыд æ рбауæ ндыдтæ?

— Омæ мах дыууæ йæ иумæ не стæ м, Рудольфия?

— Уымæ й раст зæ гъыс. Мæ нæ й уый æ рбайрох и. Уыцы хъуыддаг мыл цыдæ р хæ стæ æ вæ ры.

— Дæ уæ н уый загъдæ уа.

Чызг иуцасдæ р хъусæ й лæ ууыд. Лæ ппу цалынмæ бедраимæ архайдта, уæ дмæ æ нцад бадт. Лæ ппу куы ’рбацыд, уæ д чызджы пъалто къæ лæ тджыны уæ хскыл ауыгъдæ й æ рбаййæ фта. Ияйы цæ сгом уыд æ нкъард æ мæ сагъæ схуыз.

— Рудольфия, абон æ з бирæ фæ куыдтон, — йæ мидхъуыдытæ æ нæ нхъæ лæ джы æ ргомæ й загъта чызг.

— Уагæ ры цæ уыл, Ия?

— Ия нæ, фæ лæ Рудольфия.

— Уагæ ры цæ уыл, Рудольфия?

— Мæ хистæ р хо мæ фæ кæ уын кодта ацы улæ фты боны тыххæ й. Нæ мын æ й уагъта исын.

— Мæ нмæ гæ сгæ, дæ хо раст уыд.

— Нæ уыди, Рудольфия, нæ. — Чызг фестади æ мæ рудзынджы цурмæ бацыд. — Иу хатт улæ фты бон райсын æ мбæ лы. Куыннæ йæ ’мбарут? Мæ нæ ныртæ ккæ демæ кæ й ныхæ стæ кæ нын, уымæ й куыд тынг амондджын дæ н, уый куы зонис, уæ д афтæ нæ зæ гъис...

Чызг та ныхъхъус. Лæ ппу йæ м кæ сыныл фæ ци. Йæ тæ нæ г къабайæ, æ нахуыр цъиутæ лæ ппынтæ кæ м рауадзынц, дыууæ ахæ м чысыл ахстонау къуыпп дардтой йæ риутæ. Лæ ппуйы цæ стытыл ауад, афæ дзы фæ стæ чызджы цæ сгом куыд фендæ рхуызон, фæ рæ сугъддæ р уыдзæ н, уый. Йæ фарсмæ йæ хи хуызæ н æ рыгон лæ ппу кæ й фæ зындзæ н, ууыл куы ахъуыды кодта, уæ д цæ мæ ндæ р фенкъардхуыз. Лæ ппу чызджы цурмæ бацыд, йе уæ хсчытæ йын кæ рæ дзимæ æ рбалхъывта æ мæ йæ мидбылты бахудгæ йæ загъта:

— Тыхсгæ ма кæ н, алцыдæ р хорз уыдзæ н.

— Æ цæ г зæ гъыс, Рудольфия?

— О.

— Æ ууæ ндын дыл, — загъта чызг.

— Æ ууæ нд мыл.

Лæ ппу йæ цурæ й ацæ уынмæ хъавыд, фæ лæ йæ м чызг фæ дзырдта:

— Рудольфия!

— Уæ й.

— Ус курыныл цæ мæ н батагъд кодтай? Дыууæ азы ма куы банхъæ лмæ кастаис, уæ д дын æ з бакуымдтаин.

— Тагъд ма кæ н. Ды æ нæ уи дæ р ацæ удзынæ чындзы... иу дзæ бæ х лæ ппумæ.

— Мæ н чындзы дæ умæ ацæ уын фæ ндыди.

— Уый мæ нæ й хуыздæ р уыдзæ н.

— Куыннæ стæ й, — дызæ рдыггæ нгæ йæ загъта чызг. — Дæ умæ гæ сгæ, хуыздæ ртæ вæ ййы?

— Мин хатты хуыздæ ртæ дæ р.

— Фæ лæ уый ды нæ уыдзынæ... — æ мæ арф ныуулæ фыд.

— Нæ фæ лæ ма уый бæ сты цай бацымæ м.

— Бацымæ м.

Лæ ппу цæ лгæ нæ нмæ ацыди æ мæ цайæ н дон сæ вæ рдта.

— Рудольфия!

Чызг лæ ууыди чингуыты тæ рхæ джы раз.

— Рудольфия, нæ дыууæ йы хуызæ н рæ сугъд ном никæ уыл ис. Суанг ма фысджытыл дæ р. — Чызг иуцъус хъусæ й алæ ууыд. — Чи зоны, æ рмæ ст мæ нæ ауыл. Эк-зю-пе-ри. Æ цæ г, æ цæ г, рæ сугъд дæ м нæ кæ сы?

— Кæ сы, — загъта лæ ппу. — Йæ фыстытæ й йын исты кастæ?

— Ницы.

— Бакæ с-ма сæ. Æ рмæ ст, дæ хицæ н улæ фты бонтæ куыд нал скæ най, афтæ мæ й. Баныхас кодтам?

— О.

Чызг йæ пъалто кæ нынмæ фæ ци.

— Цай та? — йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд лæ ппуйæ н.

— Рудольфия, цæ й, æ з ацæ уон, хорз? — йæ цæ сгомыл фæ зынд æ нкъард мидбылхудт. — Æ рмæ ст, æ з ам уыдтæ н, уый дæ усæ н ма схъæ р кæ н. Хорз, Рудольфия?

— Хорз, — зæ рдæ йын бавæ рдта лæ ппу.

Чызджы ацыды фæ стæ лæ ппу æ рæ нкъард. Йæ сагъæ с цæ уыл уыд, уый бæ лвырд йæ хæ дæ г дæ р нæ зыдта, фæ лæ йын цыдæ р кæ й нал фаг кодта, уый кæ цыдæ р æ нкъарæ нæ й хатыдта. Йæ дзаумæ ттæ скодта æ мæ уынгмæ рацыд.

***

Уалдзæ г куыд ралæ ууыд, уый бирæ тæ нæ бамбæ рстой. Адæ м цалдæ р бонмæ дзæ вгар фæ хæ ларзæ рдæ дæ р сты. Уыцы цалдæ р боны зымæ гæ й уалдзæ гмæ уыдысты хиды хуызæ н. Уалдзыгон фынтæ къамæ йфæ рсæ джы зæ рдæ вæ рæ н ныхæ стау горæ ты цæ рджытæ н басгуыхтысты амонд æ мæ уарзондзинады хос.

Иу ахæ м бон, дыууæ изæ растæ у Рудольф куыстæ й куы ’рбацæ йцыд, уæ д æ й иу ацæ ргæ сылгоймаг фæ урæ дта.

— Æ з Ияйы мад дæ н, — загъта сылгоймаг. — Бахатыр кæ н, фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, дæ ном Рудольф хуыйны.

— Афтæ мæ хонынц, — йæ мидбылты бахудгæ йæ загъта лæ ппу.

— Æ з дæ зонын мæ чызджы ныхæ стæ м гæ сгæ. Фæ стаг рæ стæ г дæ кой тынг арæ х кæ ны. Фæ лæ æ з...

Сылгоймаг дарддæ р дзурын нал фæ рæ зта. Рудольф ын йæ уавæ р бамбæ рста æ мæ загъта:

— Дæ зæ рдæ мацæ мæ ’хсайæ д. Æ з æ мæ Ияйы ’хсæ н ис æ рмæ стдæ р хæ лар ахастдзинæ дтæ.

— Æ мбарын æ й, — æ фсæ рмыгæ нгæ йæ загъта сылгоймаг. — Фæ лæ Ия тынг хивæ нд чызг у, æ ппындæ р нæ м нæ хъусы. Дæ ныхасæ н, чи зоны, аргъ скæ нид... Тæ рсгæ йын кæ нын. Нырма бынтон æ рыгон у æ мæ куы фæ рæ дийа, уымæ й ме уæ нджы мигъ бады. Стæ й ма дын уый дæ р зæ гъдзынæ н: йе ’мгæ ртты ’хсæ н ын иу хæ лар нæ й. Æ мæ мæ уый дæ р тасы æ фтауы.

— Уый, æ цæ гæ йдæ р, æ взæ р у.

— Бæ ргæ йæ ’мбарын. Цыма дæ умæ байхъусдзæ н, афтæ мæ м кæ сы.

— Æ з йемæ аныхас кæ ндзынæ н, — зæ рдæ йын бавæ рдта лæ ппу. — Фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, Ия хорз чызг у. Дзæ гъæ лы йæ м дæ зæ рдæ ’хсайы.

— Нæ зонын, нæ зонын...

— Хорзæ й баззай. Æ з йемæ аныхас кæ ндзынæ н. Ма тыхс.

***

Лæ ппу хъуыддаг дарддæ рмæ æ ргъæ вынмæ нæ хъавыд. Хъуамæ йæ м телефонæ й бадзырдтаид. Ноджы йæ ус сæ химæ нæ уыд.

— Рудольфия! — бæ рæ г уыд, лæ ппуйы хъæ лæ с фехъусын ын æ хсызгон кæ й уыд. — Кæ й æ рбадзырдтай, уымæ й цы хорз бакодтай, Рудольфия. Æ з та кæ угæ кодтон.

— Афтæ арæ х кæ уын хорз нæ у, — загъта лæ ппу.

— Уый мын иууылдæ р «Чысыл Æ лдар»-ы аххос уыди. Тæ ригъæ д ын кæ нын. Æ цæ гæ й æ ртахти зæ хмæ?

— Мæ нмæ гæ сгæ, æ цæ гæ й.

— Мæ нмæ гæ сгæ дæ р. Мах та йæ нæ зыдтам. Уый та тынг æ взæ р у. Экзюпери куы нæ уыдаид, уæ д æ й никуыдæ р базыдтаиккам. Хуымæ тæ джы йын нæ й æ з æ мæ дæ у хуызæ н рæ сугъд ном.

— Уымæ й раст зæ гъыс.

— Æ з ма цæ уыл хъуыды кæ нын, уый зоныс? Чысыл Æ лдарæ й кæ й баззад, уый хорз у. Куы сдынджыр уыдаид, уæ д иннæ тæ й ницæ мæ йуал хицæ н кодтаид æ мæ нæ м диссаг нал кастаид. Диссаг нæ м чи нæ кæ сы, ахæ м адæ ймæ гтæ та нæ м, цас хъæ уы, уымæ й фылдæ р ис.

— Нæ зонын.

— Æ з та йæ бæ лвырд зонын.

— «Адæ мы планетæ » бакастæ?

— Иууылдæ р ын йæ фыстытæ бакастæ н, Рудольфия. Мæ нмæ гæ сгæ, Экзюпери тынг зондджын фыссæ г у. Йæ фырзондджынæ й ма мæ суанг тасы дæ р æ фтауы. Стæ й хæ ларзæ рдæ. Хъуыды ма кæ ныс, Барчы куы балхæ дтой, уæ д ын цы ’хца радтой, уымæ й сывæ ллæ ттæ н дзабыртæ куыд балхæ дта, уый? Йæ химæ дзы æ ппындæ р куы ницыуал баззад.

— Куыннæ йæ хъуыды кæ нын?! — загъта лæ ппу. — Иннæ ахæ м Боннафус. Хъуыды ма кæ ныс, араббæ гты куыд пырх кодта æ мæ стыгъта, уый? Уыдон та дзы, иуæ й, се сæ фт уыдтой, иннæ мæ й та йæ уарзгæ дæ р кодтой.

— Уымæ н æ мæ æ нæ уымæ й æ дзæ рæ г быдыр хуымæ тæ джы æ дзæ рæ г быдыр йеддæ мæ ницы уыдаид, фæ лæ сæ м уый фæ рцы уыцы иу рæ стæ г каст тæ ссаг æ мæ романтикон дæ р.

— Уыдæ ттæ кæ д æ мбарыс, уæ д тынг хорз чызг дæ, — раппæ лыд дзы лæ ппу.

— Рудольфия... — чызг дарддæ р сдзурын ницыуал сфæ рæ зта.

— Хъусын дæ м.

Чызг ницы дзырдта.

— Рудольфия, — сдзырдта тыхстхуызæ й лæ ппу. — Нæ фæ лæ ма ардæ м рацу, нæ химæ ничи ис.

***

Фæ стæ мæ фæ кæ сгæ йæ, къæ лæ тджыны цурмæ бацыд æ мæ дзы æ рбадти.

— Дæ химæ хъусыныл цы фæ дæ?

— Æ цæ гæ й нæ й уæ химæ?

— Чи?

— Дæ ус.

— О.

— Къыно цы уа, уый у.

— Цы загътай?

— Къыно цы уа, уый, зæ гъын, у.

— Уыцы ныхас та кæ цæ й ракъахтай?

— Æ взаг хъæ здыг у. Уымæ й хуыздæ р дзырд ын нæ хъæ здыг æ взаджы не ссардтон.

— Ия, афтæ гæ нæ н нæ й.

— Ия нæ, фæ лæ Рудольфия.

— Ферох та мæ и.

— Ибон уæ м æ рбадзырдтон, æ мæ хæ тæ л дæ ус систа. Æ мæ мын цы загъта, уый зоныс? Кæ д, дам, æ м резервуары тыххæ й дзурыс, уæ д, дам, дæ ахуыргæ нæ джы куы бафæ рсай, уæ д хуыздæ р уыдзæ н. Мæ нмæ гæ сгæ дын мæ нæ й тæ рсы.

— Нæ мæ уырны.

— Рудольфия, æ ргом-ма зæ гъ, æ з уымæ й хуыздæ р нæ дæ н? Уæ ддæ р нырма мæ кармæ нæ ма ахæ ццæ дæ н. Мæ нæ н мæ цард нырма разæ й ис.

Лæ ппу йæ мидбылты бахудт æ мæ йæ сæ р разыйы тылд бакодта.

— Мæ нмæ гæ сгæ уын ахицæ н кæ нын афон у.

— Æ дылы ныхæ стæ ма кæ н, — йæ ныхас ын æ рдæ гыл аскъуыдта лæ ппу. — Æ гæ р бирæ тæ дын барын.

— Уарзгæ мæ кæ й кæ ныс, уый тыххæ й?

— Хæ лæ рттæ кæ й стæ м, уый тыххæ й.

Чызджы æ рфгуытæ æ рбалхынцъ сты, фæ лæ бæ рæ г уыд, ахæ м уавæ ры бирæ кæ й нæ фæ уыдзысты.

— Йæ ном цы хуыйны?

— Кæ мæ н — мæ усæ н?

— О.

— Клавæ.

— Уæ ззаудæ р номæ н æ рхъуыдыгæ нæ н нæ й.

— Банцай.

Чызг сыстади, иу уысм цъынддзæ стæ й алæ ууыны фæ стæ загъта:

— Рудольфия, ме ’дылы ныхæ стæ м ма хъус. Нæ мæ фæ ндыди...

— Æ рмæ ст кæ угæ нæ, — æ рхатæ гау æ м кодта лæ ппу.

— Не скæ удзынæ н.

Чызг иуварс ацыд æ мæ рудзынджы ’рдæ м азылд.

— Рудольфия, — загъта чызг, — афтæ баныхас кæ нæ м: æ з абон ам нæ уыдтæ н æ мæ, цыдæ риддæ р загътон, уыдонæ й ды иу ныхас дæ р нæ фехъуыстай. Хорз?

— О.

— Æ мæ дын ацы «фембæ лдмæ уал» дæ р телефонæ й загътон.

— Хорз. Чызг ацыди.

Фондз минуты фæ стæ телефоны дзæ нгæ рæ г райхъуыст.

— Фембæ лдмæ уал, Рудольфия.

— Фембæ лдмæ уал.

Лæ ппу ма æ нхъæ лмæ каст, фæ лæ чызг хæ тæ л æ рæ вæ рдта.

***

Уæ дæ й фæ стæ мæ чызг телефонæ й нал дзырдта, æ мæ йæ лæ ппу дзæ вгар рæ стæ г нал федта, уымæ н æ мæ та командировкæ йы ацыд. Фæ стæ мæ æ рбаздæ хт майы, уалдзæ г фæ уынмæ куы хъавыдис, уæ д. Ноджы уыцы рæ стæ г йæ куыстытæ мæ лæ ты бирæ дæ р баисты. Чызг-иу йæ зæ рдыл куы ’рлæ ууыд, уæ д-иу æ м бадзурынмæ хъавыд, фæ лæ хъуыддаг иу бонæ й иннæ мæ æ ргъæ вгæ цыди æ мæ йæ м иу хатт дæ р никуы бадзырдта.

Æ ппынфæ стаг æ нæ нхъæ лæ джы фембæ лдысты — уæ д дæ р та трамвайы. Лæ ппу йæ ауыдта æ мæ, адæ мы ’хсæ нты йæ хицæ н фæ ндаг гæ рдгæ, йæ размæ атындзыдта. Тарсти, иннæ ’рлæ ууæ ны куы рахиза, уымæ й. Йæ фæ стæ агæ пп кæ нынмæ та, чи зоны, æ мæ йæ ныфс нæ бахастаид. Ия нæ ахызти хæ стæ гдæ р æ рлæ ууæ ны æ мæ лæ ппуйæ н цæ мæ дæ р гæ сгæ, цас æ мбæ лд, уымæ й æ хсызгондæ р уыд.

— Дæ бон хорз, Ия, — йе уæ хскмæ бавналгæ йæ йæ м сдзырдта лæ ппу. Чызг æ м тарстхуызæ й разылд æ мæ йæ куы ауыдта, уæ д йæ зæ рдæ æ хсызгон рæ хуыст скодта. Йæ сæ ры батылдæ й йын салам радта æ мæ та йæ раздæ рау араст кодта:

— Ия нæ, фæ лæ Рудольфия. Æ ви раздæ ры хуызæ н хæ лæ рттæ нал стæ м?

— Стæ м, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы.

— Кæ мдæ р уыдтæ, нæ?

— О.

— Иу хатт дæ м дзырдтон æ мæ уæ химæ нæ разындтæ.

— Ныр æ нæ хъæ н къуыри ам дæ н.

Трамвайы уыди бирæ адæ м æ мæ сæ алырдыгæ й къуырдтытæ кодтой. Кæ рæ дзимæ сын бынтон хæ стæ г лæ угæ æ рцыд.

— Рудольфия, цыдæ р дын куы зæ гъин, уый дæ нæ фæ нды?

— Куыннæ ма мæ фæ нды?!

Чызг йæ хи хæ рдмæ сивæ зта. Сæ цæ сгæ мттæ кæ рæ дзимæ афтæ æ рбаввахс сты, æ мæ лæ ппуйы бафæ ндыд йæ цæ стытæ бацъынд кæ нын.

— Æ з æ нæ дæ у тынг æ нкъард кæ нын, Рудольфия.

— Æ дылы къоппа, — загъта лæ ппу.

— Зонын æ й. — Чызг арф ныуулæ фыд. — Ме ’мгар лæ ппутæ й никæ й мысын, иу дæ р мæ дзы ницæ мæ н хъæ уы.

Трамвай æ рлæ ууыд, æ мæ дыууæ йæ дæ р рахызтысты.

— Ды Клавæ мæ тагъд кæ ныс?

— Нæ -а, цæ й æ мæ атезгъо кæ нæ м.

Цæ угæ доны ’рдæ м азылдысты æ мæ сæ ных сарæ зтой быдырмæ. Фæ ндаг бæ рæ г дзы никуы зынд æ мæ сæ цæ уын бахъуыд къуыбыртæ æ мæ бырæ тты обæ утты сæ рты. Лæ ппу йын йæ къух райста æ мæ йын æ ххуыс кодта æ нæ раны рæ тты цæ уынæ н.

Чызг ницы дзырдта. Мадзура уæ вын ыл нæ фидыдта, фæ лæ уæ ддæ р йæ дзыхæ й ныхас нæ хауд. Лæ ппу æ мбæ рста, чызг йæ чемы кæ й нæ й, уый, фæ лæ уæ ддæ р æ дзæ мæ й цыди.

Къардиумæ бахæ ццæ сты, уæ ддæ р ма йын йæ къухыл хæ цыди. Дыууæ йæ дæ р кастысты донмæ, стæ й та доны фале дард кæ дæ мдæ р æ мæ та уый фæ стæ ногæ й донмæ.

— Рудольфия, — дарддæ р æ нæ дзургæ йæ лæ ууын нал бафæ рæ зта чызг. — Мæ нæ н нырма иу хатт дæ р никуыма ничи аба кодта.

Лæ ппу æ ргуыбыр кодта æ мæ йын йæ русæ н аба кодта.

— Мæ былтæ н.

— Йæ былтæ фæ ба кæ нынц æ ппæ ты хæ стæ гдæ р адæ ймагæ н.

— Æ з та?

Чызг хæ рдмæ фæ хауд. Лæ ппу йын фæ тарст. Уысмы фæ стæ бамбæ рста — банкъардта нæ, фæ лæ бамбæ рста, — чызг æ й кæ й ныццавта, уый. Йæ уалхъус ын ныггæ рах ласта æ мæ лидзынмæ фæ ци къуыбыртæ æ мæ бырæ тты сæ рты.

Лæ ппу йæ бынаты лæ ууыд æ мæ, чызг куыд тæ хы, уымæ каст. Йæ фæ дыл ахъæ р кæ ныны ныфс дæ р æ м нал разынд, нал бауæ ндыд йæ фæ дыл азгъорын дæ р. Афтæ мæ й ма фæ лæ ууыд дзæ вгар рæ стæ г — афтидæ й, йæ хицæ н æ нæ уынон уæ вгæ йæ.

***

Уый уыдис сабаты, хуыцаубоны та йæ м сæ умæ райсом æ рбадзырдта чызджы мад.

— Рудольфия, хатыр дæ курын, кæ д дæ райхъал кодтон, уæ д. Сылгоймагæ н уыди зырзыргæ наг хъæ лæ с, дзырдта къуызгæ йæ.

— Хъусын дæ м, — загъта лæ ппу.

— Рудольфия, Ия дысон нæ химæ нæ уыди.

Лæ ппуйы исты дзуапп дæ ттын хъуыд, фæ лæ ницы дзырдта.

— Адæ ргæ й нæ хицæ н бынат нал арæ м, цы кæ нгæ нын у, уый дæ р нæ зонæ м. Афтæ никуыма бакодта...

— Фыццаджыдæ р уал æ рсабыр у, — загъта æ ппынфæ стаг лæ ппу. — Чи зоны, йе ’мбæ лттæ й искæ мæ баззад.

— Нæ зонын.

— Уый афтæ уыдзæ н. Кæ д иу-дыууæ сахатмæ нæ фæ зына, уæ д æ й агурдзыстæ м. Æ рмæ ст æ рсабыр у. Дыууæ сахаты фæ стæ дæ м мæ хæ дæ г бадзурдзынæ н.

Лæ ппу хæ тæ л æ рæ вæ рдта æ мæ ахъуыды кæ ныны фæ стæ йæ хицæ н загъта: «Ды дæ р æ рсабыр у, чи зоны, йе ’мбал чызгмæ баззади». Фæ лæ æ рсабыр уæ вын йæ бон нæ уыд, уый нæ фæ лæ ма йыл ризæ г дæ р бахæ цыд. Цæ мæ й йе ’муд æ рцæ уа, уый тыххæ й гыццыл уатмæ бацыд æ мæ зæ ронд чингуытæ рафæ лдах-бафæ лдах кæ ныныл схæ цыд. Йæ алгебрæ йы чиныг нал ардта æ мæ уый агургæ йæ иуцасдæ р æ ндæ р хъуыдытыл фæ ци.

Телефон кæ мдæ р æ рныгъуылд æ мæ хъусæ й лæ ууыд. Рудольф йæ фæ стæ уаты дуар рахгæ дта æ мæ ахуыргæ нæ н чиныг фæ лдахын райдыдта. Ссардта йæ: иу резервуарæ й иннæ мæ дыууæ сахаты дон куы фæ цъирай...

Телефоны дзæ нгæ рæ г райхъуыст.

— Фæ зынди. — Чызджы мад йæ кæ уын нал баурæ дта.

Лæ ппу лæ ууыд æ мæ хъуыста.

— Рудольфия, дæ хорзæ хæ й, махмæ -ма ’рбацу.

Сылгоймаг та ногæ й ныккуыдта, стæ й ма йæ ныхасмæ бафтыдта:

— Цыдæ р кæ ны.

***

Бар никæ мæ й ракургæ йæ, йæ плащ раласта, æ мæ йын мад чызджы уатмæ къухæ й ацамыдта.

Ия, йæ къæ хтæ йæ быны бакодта, афтæ мæ й сынтæ гыл бадти. Йæ сæ р размæ -фæ стæ мæ змæ лын кæ нгæ йæ йæ акомкоммæ рудзынгæ й каст.

— Рудольфия! — сдзырдта йæ м лæ ппу.

Чызг æ м разылди, фæ лæ дзургæ ницы скодта.

— Рудольфия!

— Банцай, — чызджы цæ сгом æ лгъгæ нæ гау анцъылдтæ. — Цæ й Рудольфия ис дæ уæ й? Кæ д дæ, уæ д æ рмæ стдæ р Рудольф. Хуымæ тæ гдæ р Рудольфæ н уæ вæ н нæ й, ахæ м. Бамбæ рстай?

Уайдзæ ф ахæ м тыхджын уыди, æ мæ йæ буары кæ рæ й-кæ ронмæ ахъардта, фæ лæ ма йæ м уæ ддæ р уаты баззайыны фаг хъару разынд. Фæ рссаджы цурмæ бацыд æ мæ дæ лрудзынгыл æ рæ нцой кодта.

Чызг раздæ рау йæ сæ р размæ -фæ стæ мæ змæ лын кæ нгæ йæ йæ акомкоммæ лæ ппуйы иувæ рсты касти. Æ нæ рынцойæ хъуысти сынтæ джы цъæ тты сабыр уынæ р.

— Хорз, фæ уæ д афтæ, — чызджы уайдзæ фтимæ сразы уæ вгæ йæ, загъта лæ ппу, — фæ лæ, кæ м уыдтæ, уый-ма зæ гъ!

— Мæ разæ й фесæ ф! — лæ ппумæ нæ раздæ хгæ йæ фæ ллад дзуапп радта чызг.

Лæ ппу йæ сæ р разыйы тылд бакодта. Уый фæ стæ рагъæ нæ й йæ плащ райста, мады æ дзæ м фæ рстытæ ницæ мæ даргæ йæ, асинтыл æ рхызт. Хуыцаубонæ н уыди йæ тæ ккæ райдайæ н, æ мæ уынджы бирæ змæ лæ г нæ ма уыд. Лæ ппуйыл зонгæ тæ й ничи амбæ лд. Быдырыл ахызт, цæ угæ доны былгæ ронмæ бахæ ццæ æ мæ æ васт ахъуыды кодта: дарддæ р та кæ дæ м?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.