Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФРАНЦАГ ÆВЗАДЖЫ УРОКТÆ 4 страница



***

Нæ уроктæ ууыл нæ ахицæ н сты. Æ з раздæ рау Лидямæ цыдтæ н. Æ рмæ ст мæ м ныр æ цæ гæ й æ рæ внæ лдта. Æ вæ ццæ гæ н, йæ хинымæ р фидарæ й скарста: кæ д ахуыр, уæ д — ахуыр. Æ ргом дзургæ йæ, æ нтысын дæ р мын фылдæ р райдыдта. Куыдфæ стæ мæ францаг дзырдтæ хуыздæ рæ й-хуыздæ р дзурын райдыдтон. Раздæ р-иу кæ д уираг дуртау мæ размæ фесты æ мæ -иу сыл мæ къах скъуырдтон, уæ д ныр мæ разæ й зыгъзыгъгæ нгæ кæ дæ мдæ р схъиудтытæ гæ нгæ тахтысты.

— Хорз, — раппæ лд-иу мæ Лидя. — Ахуыры ацы цыппæ рæ м хайы дзы ницыма рауайдзæ н, фæ лæ иннæ йы æ нæ мæ нг фондз райсдзынæ.

Посылкæ йы кой нæ иу дæ р нал скодта, фæ лæ æ з рагацау дзуапп дæ ттынмæ мæ хи цæ ттæ дардтон. Лидяйы сæ ры та цы хъуыды февзæ рдзæ н, уымæ н чи цы зыдта? Æ з-иу мæ хæ дæ г исты-иу куы сфæ нд кодтон æ мæ -иу мæ къухы куы нæ бафтыд, уæ д-иу æ рдæ гвæ ндагæ й фæ стæ мæ никуы раздæ хтæ н: архайдтон-иу, цæ мæ й мæ бæ ллиц мæ къухы бафтыдаид. Лидя мæ м аивæ й йæ цæ ст куыд дардта æ мæ ме ’нæ фенд митыл йæ хинымæ р куыд худт, уый хатыдтон æ мæ мæ сты кодтон. Диссаг цы уыд, кæ д мæ сты кодтон, уæ ддæ р мын уый хорз æ ххуыс уыд мæ хи уæ ндондæ р дарынæ н. Раздæ р фезмæ лынæ й дæ р чи тарст, уыцы мадзура æ мæ æ нæ бон лæ ппу нал уыдтæ н. Сындæ ггай-сындæ ггай Лидя æ мæ йæ фатерыл фæ цахуыр дæ н. Раздæ рау-иу, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, къуымы абырыдтæ н, мæ къогъодзитæ -иу стъолы бын бамбæ хстон, фæ лæ раздæ ры тыхст æ мæ уырыд уавæ рæ й фервæ зтæ н, мæ фырнымддзинадыл дæ р фæ уæ лахиз дæ н. Суанг ма Лидямæ фæ рстытæ дæ ттын дæ р уæ ндын райдыдтон, иуæ й-иу хатт ма-иу йемæ быцæ уы дæ р бацыдтæ н.

Фынгыл сбадын кæ ныныл ма иу фæ лтæ рæ н скодта, фæ лæ æ з къæ рттæ й цъула нæ аппæ рстон: нæ йын бакоммæ кастæ н.

Æ вæ ццæ гæ н, Лидяйы хæ дзармæ цæ уынæ н кæ рон скæ нын хъуыд. Сæ йрагдæ р цы уыд, ууыл фæ цалх дæ н, ме ’взаг асаст, иннæ хабæ рттæ та скъолайы урокты рæ стæ г сахуыргæ нæ н уыд. Разæ й ма иу æ мæ дыууæ азы, мыййаг, куы нæ уыди. Иууылдæ р сæ уыцы иумæ куы сахуыр кодтаин, уæ д ма уый фæ стæ та цы куыстаин? Фæ лæ мæ хъуыдытæ Лидяйæ н зæ гъын нæ уæ ндыдтæ н, уымæ та, æ вæ ццæ гæ н, ахуыртæ ныууадзыны зонд нæ уыд, æ мæ æ з дæ р, ме ’ргъомбасты цы фæ ци, уый дарддæ р хастон. Уæ вгæ йын бынтон æ ргъомбаст рахонæ н дæ р нæ уыдис. Мæ хæ дæ г дæ р æ нхъæ л нæ уыдтæ н, афтæ мæ й бынтон æ нæ нхъæ лæ джы æ взаг мæ зæ рдæ мæ цæ уын райдыдта. Уæ гъд рæ стæ г мын-иу куы фæ ци, уæ д, æ ппындæ р мын ничи дзырдта, афтæ мæ й-иу дзырдуат райстон æ мæ -иу, чиныджы дарддæ р цы фыстытæ уыд, уыдон тæ лмац кæ нынмæ бавнæ лдтон. Раздæ р æ нæ бары хъуыддагыл цы нымадтон, уый мын ныр хаста æ хсызгондзинад. Ноджы ма мæ мæ хиуарзондзинад дæ р размæ схуыста: цæ мæ нæ арæ хстæ н, уымæ хъуамæ сарæ хстаин, стæ й йæ м хъуамæ æ ппæ ты дæ сныдæ р чи уыд, уыдонæ й æ взæ рдæ р нæ. Уыдон мæ нæ й цæ мæ й лæ гдæ р уыдысты? Ацы Лидямæ ма мæ цæ уын куы нæ хъуыдаид. Мæ хæ дæ г дæ р бæ ргæ сарæ хстаин...

Иу хатт дын мæ, мæ посылкæ йыл иу-дыууæ къуырийы рацыдаид, афтæ, Лидя, йæ мидбылты худгæ йæ, бафарста:

— Уæ дæ æ хцайæ нал фæ хъазыс, и? Æ ви фæ свæ д ран уæ куыст кæ нут?

— Ныртæ ккæ хъазæ н рæ стæ г у? — дзуапп раттыны бæ сты йын йæ хи бафæ рсгæ йæ, загътон æ з æ мæ йын мæ цæ стæ нгасæ й рудзынгæ й митмæ ацамыдтон.

— Цавæ р хъазт уыди уæ ддæ р? Бацамон-ма мын æ й.

— Цæ мæ н дæ хъæ уы? — цымыдисхуызæ й йæ бафарстон æ з.

— Уадз æ мæ йæ æ з дæ р зонон. Гыццылæ й-иу мах дæ р хъазыдыстæ м. Чи зоны, мах цы хъазтæ й хъазыдыстæ м, уый хуызæ н у. Бацамон-ма мын æ й. Мацæ мæ й тæ рс.

Æ з ын хъазты хабæ рттæ радзырдтон. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, Вадик, Дзиба æ мæ мæ м хъазгæ йæ цы чысыл сусæ гдзинæ дтæ уыдис, уыдоны кой не скодтон.

— Нæ, уый махоны хуызæ н нæ у, — йæ сæ р батылдта Лидя. — Мах-иу æ хцатæ къулыл цавтам. Кæ с-ма. — Стъолы уæ лхъусæ й фестад, йæ хызынæ й лыстæ г æ хца фелвæ ста æ мæ къулы рæ бынæ й бандон иуварс æ рæ вæ рдта. — Ардæ м-ма рауай æ мæ дзæ бæ х кæ с. Æ з æ хца цæ вын къулыл. — Лидя æ хца фæ лмæ н цæ ф ныккодта, уый зæ лланггæ нгæ къæ лæ т æ рфыста æ мæ зæ ххыл йæ тъæ пп фæ цыд. — Ныр та дæ цæ выны рад у. — Æ мæ мын æ ндæ р æ хца мæ къухы фæ сагъта. — Æ рмæ ст цæ вын хъæ уы, куыд гæ нæ н ис, афтæ ме ’хцамæ хæ стæ гдæ р куыд бахауа. Кæ д сæ дыууæ йы æ хсæ н удисныйæ къаддæ р дæ рддзæ г уа, уæ д рамбылдтай. Цæ в.

Æ з ныццавтон. Ме ’хца зæ ххыл йæ тигъыл æ рхауд æ мæ кæ дæ мдæ р къуыммæ батылд.

— Уый ницы, — йæ къух мыл ауыгъта Лидя. — Æ гæ р дард ран æ рæ нцад. Ныр та фыццаг ды ныццæ в. Æ рмæ ст ма иу ахæ м хабар: ме ’хца дæ у æ хцайыл куы ауайа, уæ д æ з дыууæ хатты фылдæ р æ мбулын. Бамбæ рстай?

— Цы дзы хъуамæ ма бамбарон?

— Хъазæ м?

Æ з мæ хъустыл нæ баууæ ндыдтæ н:

— Куыд хъуамæ ахъазон демæ?

— Æ мæ уым диссагæ й цы ис?

— Ахуыргæ нæ г нæ дæ?

— Æ мæ цы? Ахуыргæ нæ г адæ ймаг нæ у? Хатгай адæ ймаг ахуыргæ нæ г кæ й у, уымæ й дæ р сфæ лмæ цы. Æ ппынæ дзухдæ р кæ йдæ р ахуыр кæ н! Дæ алы къахдзæ фæ й дæ р тæ рс! Иу хъуыддаг кæ нæ н нæ й, иннæ нæ й. — Лидяйы цæ стытæ иннæ хæ ттытæ й тынгдæ р æ рцъынд сты, афтæ мæ й, арф хъуыдыты аныгъуылгæ йæ, рудзынгæ й дард кæ дæ мдæ р нымдзаст. — Иуæ й-иу хатт, ахуыргæ нæ г кæ й дæ, уый ферох кæ нын пайда вæ ййы, кæ ннод адæ ймагæ й тæ рсынгæ нæ н рауайдзæ н, быдыргъы хуызæ н адæ м дæ иувæ рсты цæ удзысты. Ахуыргæ нæ гæ н, чи зоны, сæ йрагдæ р у йæ хи æ ппæ тæ й зондджындæ р нæ хонын. Уымæ н йæ бон у æ рмæ стдæ р чысыл цæ уылдæ рты сахуыр кæ нын. Лидя йе уæ хсчытæ батылдта æ мæ æ васт фæ хъæ лдзæ гдæ р. — Æ з гыццылæ й тынг фыдуаг чызг уыдтæ н. Мæ ныййарджытæ н бирæ хъыцъыдæ ттæ баназын кодтон.

Мæ н ма ныр дæ р арæ х æ рра митæ кæ нын фæ фæ нды, искæ й асурын, азгъорын. Программæ мæ æ мæ расписанитæ й афтæ сфæ лмæ цыдтæ н æ мæ мæ мæ хи зæ рдæ йы фæ ндонмæ гæ сгæ архайын фæ фæ нды. Æ з иуæ й-иу хатт мæ фатеры дæ р гæ ппытæ сисын, дугъ раттын. Адæ ймаг, бирæ куы фæ цæ ры, уæ д нæ, фæ лæ йæ сабийы бонтыл йæ къух куы сисы, сывæ ллон куынæ уал вæ ййы, уæ д базæ ронд вæ ййы. Æ з мæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н алы бон дæ р гæ ппытæ кæ нин, фæ лæ Василий ме ’мкъул цæ ры. Тынг æ гъдауыл хæ ст адæ ймаг у. Æ хцайæ хъазыдыстæ м, уый хъуамæ мацы хуызы базона.

— Æ мæ исты æ цæ гæ й хъазыдыстæ м? Куыд хъазгæ у, уый мын бацамыдтай, æ ндæ р...

— Æ цæ гæ й ахъазын дæ р нæ бон у, æ рмæ ст мæ Василийыл ма сардау.

Диссæ гтæ æ мæ æ мбисæ ндтæ! Æ рæ джы дæ р ма Лидяйæ, æ хцайæ хъазыны тыххæ й мæ директормæ куы бакæ на, уымæ й тарстæ н, ныр та мын йæ хæ дæ г дзуры, цæ мæ й йæ ма сардауон. Дуне иннæ рдæ м афæ лдæ хт! Мæ алыварс, цæ мæ й стъæ лфыдтæ н, уый дæ р нæ зыдтон, афтæ мæ й тарстхуызæ й афæ лгæ сыдтæ н.

— Бафæ лварæ м? Кæ д дæ зæ рдæ мæ нæ фæ цæ уа, уæ д æ й ныууадздзыстæ м.

— Цæ й, — дызæ рдыггæ нгæ сразы дæ н æ з.

— Райдай.

Дыууæ йæ дæ р æ хцатæ райстам. Лидя ма, æ цæ гæ йдæ р, кæ ддæ р кæ й хъазыд, уый бæ рæ г уыд, æ з та фыццаг къахдзæ фтæ кодтон. Æ хца къулыл йæ тигъæ й цæ вгæ уыд æ ви йæ тъæ пæ нæ й, уый дæ р нæ ма раиртæ стон, ноджы цавæ р бæ рзæ ндыл, стæ й цавæ р тыхæ й æ мæ йæ кæ дæ м хуыздæ р æ ппарын хъуыд, уый дæ р. Æ з цавтон куырмæ джы. Мæ цæ фтæ хынцæ г куы уыдаид, уæ д æ з тæ ккæ райдайæ ны дзæ вгар фæ хæ рд уыдаин. Хъазты уыйас зынæ й ницы уыди, фæ лæ Лидяимæ кæ й хъазыдтæ н, уый мын мæ къабæ зтæ сбаста. Хъазты сусæ гдзинæ дтыл дæ р афтæ æ рæ гмæ уымæ н хæ ст кодтон. Фыны дæ р ахæ м цау цæ стытыл нæ ауадаид. Мæ уд ме ’муд æ васт æ мæ æ нцонæ й не ’рцыд, куы ’рцыд æ мæ хъазтмæ лæ мбынæ гдæ р куы ’ркастæ н, уæ д та Лидя йæ хъазын ныууагъта.

— Уый хъазт нæ у, — йæ астæ у сраст кæ нгæ йæ æ мæ йæ дзыккутæ йæ цæ стытæ й иуварс фехсгæ йæ, сдзырдта уый. — Кæ д хъазæ м, уæ д æ цæ гæ й, кæ ннод дыууæ йæ дæ р нæ хи æ ртæ аздзыд сывæ ллæ ттау дарæ м.

— Ома æ хцайыл ахъазæ м, зæ гъынмæ хъавыс? — нæ уæ ндонхуызæ й бафарстон æ з.

— Уæ дæ? Нæ къухты цы ис, уыдон цы сты? Æ хцайæ хъазт æ ндæ р истæ мæ й баивæ н ницы хуызы ис. Афтæ кæ й у, уый уыцы иу рæ стæ г у хорз дæ р æ мæ æ взæ р дæ р. Хæ рзчысыл æ хцайыл куы хъазæ м, уæ ддæ р нæ м тырнындзинад фæ зындзæ н.

Æ з хъусæ й лæ ууыдтæ н, цы кæ нон æ мæ куыд уон, уый нæ зонгæ йæ.

— Æ нхъæ лдæ н, æ мæ æ цæ гæ й тæ рсыс, — уайдзæ фгæ нæ гау загъта Лидя.

— Куыннæ стæ й! Æ ппындæ р ницæ мæ й тæ рсын.

Мæ дзыппы цыдæ р лыстæ г æ хцайы капеччытæ уыди. Лидяйæ н йе ’хца радтон æ мæ мæ дзыппæ й мæ хиуæ ттæ систон. Кæ д дæ æ цæ гæ й хъазын фæ нды, уæ д — табуафси. Мæ нæ н та цы уæ лдай у: фыццаг хатт куы нæ хъазын, мыййаг. Вадик дæ р мæ раздæ р хъуыды дæ р нæ кодта, фæ лæ æ мбулын куы райдыдтон, уæ д тымбыл къухæ й архайынмæ фæ ци. Уым кæ д сахуыр дæ н, уæ д ам дæ р сахуыр уыдзынæ н. Исты мын францаг æ взаг куы нæ у. Стæ й мын уый дæ р дард нал аирвæ здзæ н. Æ рмæ ст мæ иу хъуыддагыл сразы уæ вын бахъуыд: Лидяйы къух стырдæ р кæ й уыд, йе ’нгуылдзтæ та — даргъдæ р, уымæ гæ сгæ уый æ хцаты ’хсæ н дæ рддзæ г бардзæ н стыр æ мæ астæ уккаг æ нгуылдзтæ й, æ з та куыд æ мбæ лы, афтæ — стыр æ мæ кæ стæ рæ й. Уый мæ химæ дæ р раст фæ каст æ мæ Лидяимæ сразы дæ н.

Хъазын ногæ й райдыдтам. Уаты къуындæ г уыд æ мæ æ рбацæ уæ нмæ рацыдыстæ м. Уымæ н йæ фæ йнæ гæ й къулыл хъазын дæ р æ нцондæ р уыд. Æ хца цæ вгæ йæ -иу æ рзоныгыл кодтам, пъолыл нæ уæ рджытыл бырыдыстæ м, кæ рæ дзиуыл-иу андзæ выдыстæ м, æ хцатæ баргæ йæ -иу не ’нгуылдзтæ ныппака сты, стæ й та-иу слæ ууыдыстæ м, æ мæ -иу Лидя хыгъд фехъусын кодта. Хъазгæ кодта тынг зæ рдиагæ й: фæ хъæ р-иу ласта, йæ армытъæ пæ нтæ -иу кæ рæ дзиуыл æ рхоста, мæ стæ й-иу мæ мардта цыбыр ныхасæ й, йæ хи дардта, ахуыргæ нæ г нæ, фæ лæ æ взонг чызджы хуызæ н. Иуæ й-иу хатт-иу ыл схъæ р кæ нынмæ дæ р рахъавыдтæ н. Уæ ддæ р æ мбулгæ уый кодта, æ з нæ фæ лæ. Цыппар абазийы куыд фембылд дæ н, уый æ мбаргæ дæ р нæ бакодтон. Тыххæ й-фыдæ й сæ фондз суаримæ æ ртардтон, фæ лæ Лидяйы æ хца ме ’хцайыл куы суад, уæ д та æ васт сомы ’рдæ гмæ сгæ пп ластой. Æ з тыхсын райдыдтон. Хъуамæ, чи фембылд, уый æ хца бафыстаид хъазты кæ рон, фæ лæ хъуыддаг дарддæ р афтæ куы цыдаид, уæ д мын æ хца не сфаг уыдаид, уымæ н æ мæ мæ м æ дæ ппæ т сомæ й чысыл фылдæ р йеддæ мæ нæ уыд. Сомæ й мын фылдæ р хардзгæ нæ н нæ уыд, кæ ннод мын мæ худинаг фурд дæ р нал аластаид.

Уалынмæ æ нæ нхъæ лæ джы рахатыдтон, Лидя рамбулыныл кæ й нал архайы. Дыууæ æ хцайы æ хсæ н дæ рддзæ г баргæ йæ -иу йе ’нгуылдзтæ, куыд æ мбæ лы, афтæ нæ айвæ зта. Уый-иу кæ м нæ аххæ ссыд, уым-иу ме ’мгуылдзтæ æ нцонæ й аххæ ссыдысты. Уый мын мæ тъæ нгтæ ацагъта. Æ з сыстадтæ н.

— Афтæ мæ й нæ хъазын, — бамбарын ын кодтон мæ хъуыды. — Ды мын барæ й хæ рды кæ ныс. Уый мæ зæ рдæ мæ нæ цæ уы.

— Ме ’нгъуылдзтæ уымæ й тынгдæ р айвазын æ цæ гæ й мæ бон нæ у, — йæ хи раст кодта Лидя. — Цыдæ р хъæ дын къухтæ мын ис.

— Раст нæ дзурыс. Ды барæ й афтæ кæ ныс.

— Омæ хорз. Архайдзынæ н.

Математикæ йы куыд у, уый нæ зонын, фæ лæ царды алцыдæ р ныхмæ вæ рды фæ рцы раиртасынц. Дыккаг бон Лидя, цæ мæ й баххæ сса, уый тыххæ й æ хца хæ стæ гдæ р кæ й бакодта, уый куы ауыдтон, уæ й мæ цæ стытæ цæ хæ ртæ акалдтой. Комкоммæ мæ м æ рбакаст æ мæ йын цыма, йæ цæ стфæ лдахæ н ми уынын, уый нæ бафиппайдта, уый хуызæ н дарддæ р æ хца хæ стæ гдæ р ссоныныл архайдта.

— Цы кусыс уый? — мæ маст рафыхти.

— Куыд цы кусын?

— Цæ мæ н æ й фæ хæ стæ гдæ р кодтай?

— Куыд æ й фæ хæ стæ гдæ р кодтон, уым куы лæ ууыди, уæ д?! — йæ цæ ст дæ р нæ фæ ныкъуылдта, афтæ мæ й Вадик æ мæ Дзибайы хуызæ н æ дзæ сгомхуызæ й загъта Лидя.

Уый дын гъе! Ахуыргæ нæ г ма дзы хуыздæ р цы уа! Ссæ дз сантиметры дæ рддзæ гмæ мæ хи дыууæ цæ стæ й федтон, æ хца куыд бахæ стæ гдæ р кодта, уый, æ мæ, дам æ м нæ бавнæ лдтон. Ноджы ма мыл худгæ дæ р кæ ны. Куырм æ нхъæ л мын у æ ви йын гыццыл саби дæ н? Афтæ мæ й та францаг æ взаг дæ тты. Лидя мын знон йæ хи барæ й кæ й æ мбулын кодта, уый дæ р мæ æ рбайрох æ мæ йын йæ алы фезмæ лдмæ дæ р цыппар цæ стæ й кæ сын райдыдтон. Архайдтон, цæ мæ й мæ ма асайа, ууыл. Ахæ м диссæ гтæ фенын æ нхъæ л та кæ д уыдтæ н? Лидя ма дзы хуыздæ р цы уа!

Уыцы бон францаг æ взаг ахуыр кодтам иу-фынддæ с-ссæ дз минуты. Нæ зæ рдæ тæ æ ндæ р хъуыддагмæ ’хсайдта. Лидя мын чиныгæ й скъуыддзаг бакæ сын кодта, йæ фиппаинæ гтæ загъта, стæ й ма-иу мæ м ноджыдæ р иу хатт байхъуыста æ мæ -иу нын уый хæ дфæ стæ хъазын бацайдагъ. Дыууæ хатты гыццыл æ хцатæ фæ хæ рд уæ выны фæ стæ æ з æ мбулын райдыдтон. Хъазтыл фæ цалх дæ н, æ ппæ т сусæ гдзинæ дтæ дæ р базыдтон, куыд æ мæ кæ дæ м цæ вын хъæ уы, уый бамбæ рстон æ мæ -иу цыфæ нды уавæ рæ й дæ р уæ лахизæ й рацыдтæ н.

Ногæ й та мæ м æ хцатæ фæ зынди. Ногæ й та базармæ згъордтон æ мæ æ хсыр æ лхæ дтон — æ рмæ ст ныр зиллакгæ ндты. Арæ хстгай-иу зиллакгондæ й æ хсырысæ рты тæ лм слыг кодтон, ихы къæ рттытæ -иу мæ дзыхы бакалдтон æ мæ -иу сын сæ диссаджы хæ рзад æ нкъаргæ йæ, фырæ хсызгонæ й мæ цæ стытæ бацъынд кодтон. Уый фæ стæ -иу зиллакгонд æ рфæ лдæ хтон æ мæ -иу кардæ й, бынæ й цы адджын æ хсыр æ рбадт, уый æ рхостон. Цы ма-иу дзы аззад, уый-иу куы æ ртад, уæ д-иу æ й сау дзулимæ бахордтон.

Дзæ вгар фæ хъуыртхъомдæ р дæ н. Ноджы ма, тагъд хæ сты хъæ дгæ мттæ куы байгас уой, уæ д не ’ппæ тæ н дæ р зæ рдæ ’вæ рдтой амондджын дуг ралæ ууынæ й æ мæ, уымæ й дæ р адæ мы чысыл ныфс нæ уыди.

Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, Лидяйæ æ хца кæ й истон, уымæ й мæ хи цыдæ р къæ мдзæ стыг хуыдтон, фæ лæ -иу алы хатт дæ р, æ цæ гæ й сæ кæ й рамбылдтон, уый мæ зæ рдыл куы ’рбалæ ууыд, уæ д-иу мæ хи æ назымыл банымадтон. Æ з ын-иу никуы загътон, ахъазæ м, зæ гъгæ, алы хатт дæ р-иу амидингæ нæ г йæ хæ дæ г уыд. «Нæ гъ» зæ гъын та йын мæ бон никуы баци. Куыд нымадтон, афтæ мæ й йын æ хцайæ хъазын стыр æ хсызгондзинад хаста, йæ худт æ мæ -иу йæ хъæ лдзæ гдзинадæ н кæ рон нал уыд.

Хъуыддæ гтæ афтæ ахицæ н уыдзысты, уый æ нхъæ л та чи уыд?..

... Нæ зонгуытыл лæ угæ йæ, кæ рæ дзийы ныхмæ лæ ууыдыстæ м, афтæ мæ й хыгъдыл сбыцæ у стæ м. Уый хæ дразмæ дæ р, æ нхъæ лдæ н, цæ уылдæ р нæ бафидыдтам.

— Дæ пецмæ рзæ нæ й-ма ахъуыды кæ н, — йæ уæ рджытыл мæ м хæ стæ гдæ р æ рбацæ йбыргæ йæ, йæ къухтæ тылдта Лидя, — цæ мæ н дæ хъуамæ сайон? Разæ й æ з цæ вын, ды нæ фæ лæ.

Мах кæ рæ дзийы дзыхæ й ныхас истам, афтæ мæ й нæ хъустыл ауад æ нахуыр хъæ лæ с:

— Лидя, цы дыл æ рцыди? Цы кусут уый?

Лидя уæ ззаугай, тынг уæ ззаугай йæ къæ хтыл слæ ууыд. Йæ цæ сгом сырх-сырхид афæ лдæ хт, йæ пыхцыл сæ рыхъуынтæ алæ гъз кодта æ мæ загъта:

— Æ з дын, Василий, ардæ м æ рбацæ уыны размæ дуар æ рбахойын æ нхъæ л уыдтæ н.

— Хостон, фæ лæ мын дзуапдæ ттæ г нæ фæ ци. Цытæ цæ уы ам? Бамбарын-ма мын æ й кæ н, дæ хорзæ хæ й. Æ з директор дæ н æ мæ йæ хъуамæ зонон.

— Æ хцайæ хъазæ м, — сабырæ й дзуапп радта Лидя.

— Æ хцайæ хъазыс мæ нæ ацы?.. — Василий йæ амонæ н æ нгуылдзæ й мæ н æ рдæ м фæ рæ хуыста. Æ з фыртæ ссæ й сыдз-мыдзы цалдæ р къахдзæ фы акодтон æ мæ, уаты куыд фæ мидæ г дæ н, уый æ мбаргæ дæ р нæ бакодтон. — Скъоладзауимæ æ хцайæ хъазыс? Раст дæ бамбæ рстон?

— О.

— Уый дын гъе... — Директоры бон дарддæ р сдзурын нал баци: улæ фт ын нал фаг кодта. — Мæ цæ стытæ цы уынынц, уымæ н ныхæ стæ й аргъ скæ нын нæ фæ разын. Уый фыдраконддзинад у. Фæ сивæ ды халын, рæ дыд фæ ндагыл сæ ардауын. Стæ й ма, стæ й ма... Ссæ дз азы скъолайы кусын, бирæ цыдæ ртæ федтон, фæ лæ...

Æ мæ йæ къухтæ йæ сæ рмæ бæ рзонд систа.

***

Æ ртæ боны фæ стæ Лидя ацыди. Уый хæ дразмæ мыл урокты фæ стæ скъолайы фембæ лд æ мæ мæ нæ хæ дзармæ бахæ ццæ кодта.

— Нæ химæ цæ уын, Кубанмæ, — загъта, куы хицæ н кодтам, уæ д. — Ды ахуыр кæ н. Уыцы ницæ йаг хъуыддаджы тыххæ й дын ничи ницы кæ ндзæ н. Аххосджын æ з дæ н. Ахуыр кæ н. — Мæ сæ рыхъуынтæ мын йæ армытъæ пæ нæ й азмæ ста æ мæ ацыд.

Уæ дæ й фæ стæ мæ йæ никуыуал федтон.

Зымæ джы æ мбисы, тъæ нджы мæ йы каникултæ дæ р фесты, афтæ мæ номыл скъоламæ æ рбацыд посылкæ. Асинты бынæ й та фæ рæ т райстон æ мæ йæ куы байгом кодтон, уæ д дзы кæ рæ дзийы фарсмæ æ нгом æ вæ рдæ й разындысты хæ тæ лджын макъаронтæ. Бынæ й та дзы бæ мбæ джы тыхтæ й ссардтон æ ртæ сырх фæ ткъуыйы.

Уымæ й размæ фæ ткъуытæ нывты йеддæ мæ никуы федтон. Куыд бамбæ рстон, афтæ мæ й æ цæ г фæ ткъуытæ уыдысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.