Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФРАНЦАГ ÆВЗАДЖЫ УРОКТÆ 3 страница



— Уæ ддæ р æ хцайæ хъазын нæ хъæ уы, — арф ныуулæ фгæ йæ, загъта Лидя. — Æ нæ уымæ й дæ р истытæ кæ ндзынæ. Æ ви дæ бон нæ бауыдзæ н?

Мæ зæ рдæ цæ уыл дардтон, уымæ н ницы зыдтон, фæ лæ уæ ддæ р загътон:

— Бауыдзæ н.

Мæ ныхæ стæ сыгъдæ гзæ рдæ йæ загътон, фæ лæ, æ вæ ццæ гæ н, сыгъдæ гзæ рдæ йæ загъд ныхæ стæ н дæ р рæ хыстæ й бабæ ттæ н нæ й.

Æ ргом дзургæ йæ, уыцы бонты мæ уавæ р сæ хæ рзтæ й нæ уыд. Фæ ззæ г æ нæ къæ вда ахаста, æ мæ нæ колхоз йæ хæ слæ вæ рдтæ рагацау ахицæ н кодта. Уымæ гæ сгæ Вася дæ р нал фæ зынд. Мæ мад мæ мæ тæ й йæ хицæ н бынат кæ й нæ ардта, уый бæ ргæ æ мбæ рстон, фæ лæ мын уымæ й ницы пайда уыд. Фæ стаг хатт ма мын Вася цы картофы голлаг æ рбаласта, уый, цыма фосæ н лæ вæ рдтой, афтæ тагъд фæ ци. Хуыцау хорз, æ мæ ма дзы, кæ рты цы хæ лддзаг сара уыд, уым иучысыл амбæ хстон æ мæ уымæ й цардтæ н. Скъолайæ -иу куы ’рбацыдтæ н, уæ д-иу хуыснæ гау хъуызгæ -хъуызгæ сарайы смидæ г дæ н, цалдæ р картофы-иу мæ дзыппы авæ рдтон æ мæ -иу хъæ уы æ дде, арт кæ м скæ нон, ахæ м аууон ран бацагуырдтон. Мæ нмæ æ дзухдæ р хæ рын цыд. Суанг ма мæ фыны дæ р æ нкъардтон, мæ афтид тъæ нгты хъуыр-хъуыр куыд цыд, уый.

Æ ндæ р хъазæ г æ мбæ лттæ куы ссарин, зæ гъгæ, сыхаг уынгты зилын райдыдтон, суанг-иу фæ схъæ умæ дæ р ахæ ццæ дæ н æ мæ -иу лæ ппуты куы ауыдтон, уæ д-иу сæ м аивæ й мæ цæ ст дардтон, фæ лæ ницы. Æ хцайæ хъазын афон аивгъуыдта, кæ фты мæ йы уазал дымгæ тæ сдымдтой æ мæ хъазыны мæ т никæ йуал уыд. Æ рмæ ст мах æ рдузы лæ ппутæ сæ куыст дарддæ р кодтой. Æ з сæ м-иу дардæ й кастæ н, федтон-иу села хурмæ куыд ферттывта, уый, Вадик къухæ й цыдæ ртæ куыд амыдта мæ зонгæ тæ -иу æ хцаты рагъамады алыварс куыд амбырд сты, уый.

Æ ппынфæ стаг мæ хиуыл хæ цын нал бафæ рæ зтон æ мæ сæ цурмæ бацыдтæ н. Мæ хи æ гады бынаты кæ й æ вæ рдтон, уый æ мбæ рстон, фæ лæ, нады фæ стæ сæ цурæ й æ нтъæ рд кæ й æ рцыдтæ н, уыимæ мыггагмæ сразы уæ вын къаддæ р æ гаддзинад нæ уыдаид. Тынг мæ фæ ндыди, мæ фæ зындмæ Вадик æ мæ Дзиба цы цæ стæ й акæ сдзысты, стæ й сæ хи куыд дардзысты, уый базонын. Æ ппæ ты тынгдæ р та мæ размæ схуыста ме ’ххормаг. Мæ н хъуыди сом — æ хсырæ н нал, фæ лæ дзулæ н. Æ ндæ р хуызы йæ куыд самал кодтаин, уый нæ зыдтон.

Сæ цурмæ куы бацыдтæ н, уæ д сæ хъазынæ й фенцадысты, æ мæ мæ м иууылдæ р ныккастысты. Дзибайыл уыди зымæ гон худ, йæ хъустæ хæ рдмæ фæ лдæ хт. Йæ чырынтæ цыбырдыс хæ дон — йæ хæ лафы æ дде уагъд. Вадик йæ бæ зджын рæ сугъд къурткæ йæ хуымæ тæ джы хъал уыд. Иуфарсæ рдыгæ й амадæ й лæ ууыдысты лæ ппуты хъарм дзаумæ ттæ. Сæ сæ рыл æ нцад бадт, иу-фондз-æ хсæ з азы кæ уыл цыдаид, ахæ м чысыл лæ ппу.

Æ ппæ ты фыццаг мæ м сдзырдта Дзиба:

— Дæ хонæ г дыл кæ м амбæ лд? Æ ви над рагæ й нал баййæ фтай?

— Мæ н дæ р хъазын фæ нды, — сабырдæ р уæ вæ н нæ й, ахæ м хъæ лæ сæ й дзуапп радтон æ з, Вадикмæ кæ сгæ йæ.

— Æ мæ дын чи загъта, дæ уимæ, — ацы ран Дзиба загъта æ взæ р ныхæ стæ, — исчи хъазыныл сбæ ндæ н уыдзæ н, зæ гъгæ?

— Ничи.

— Вадик, ныртæ ккæ йæ нæ мæ м æ ви ма йæ м чысыл банхъæ лмæ кæ сæ м?

— Цы йæ бакъуымы кодтай, Дзиба? — загъта Вадик æ мæ мæ м æ рдæ гцъынд цæ стытæ й æ рбакаст. — Лæ гмæ хъазын цæ уы, уый нæ ма бамбæ рстай? Кæ д нæ фæ йнæ туманы рамбулынмæ хъавы, уæ д та?

— Сымахæ й туман никæ мæ ис, — цæ мæ й мæ тæ ппудыл ма банымадтаиккой, уый тыххæ й дзуапп радтон æ з.

— Махмæ цас æ хца ис, уыйбæ рц ды дæ фыны дæ р никуы федтай. Уыцы ныхæ стæ ныууадз, фæ лæ де ’хца ’рæ вæ р, кæ ннод Дзиба куы смæ сты уа, уæ д дæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæ н.

— Ракъæ рццытæ йæ кæ нон, Вадик?

— Нæ хъæ уы, уадз æ мæ хъаза. — Вадик йæ цæ ст лæ ппутæ м æ рныкъуылдта. — Хъазынмæ тынг дæ сны у, мах ын ахуыргæ нинæ гтæ н дæ р нæ бæ ззæ м.

Вадичы уыцы фæ лмæ н ныхæ стæ цы амонынц, уый зыдтон æ мæ сыл нæ баууæ ндыдтæ н. Æ вæ ццæ гæ н, уымæ й размæ æ нцонæ й кæ м æ мбылдта, уымæ й сфæ лмæ цыд æ мæ йæ æ рфæ ндыд мæ н дæ р хъазын бауадзын. Фæ лæ йын иугæ р йæ хиуарзондзинадмæ куы фæ ныхилон, уæ д мын æ й кæ й нæ ныббардзæ н, уый дæ р зыдтон. Æ ппындæ р аххосджын куы ницæ мæ й уон, уæ ддæ р мæ м къухбакæ нæ н ссардзæ н, уæ лдайдæ р, йæ фарсмæ Дзиба куы уа, уæ д.

Æ з сфæ нд кодтон арæ хстгай архайын. Бирæ æ хцатæ æ мбулынмæ нæ тырныдтон. Цæ мæ й мыл иннæ тæ й йæ цæ ст мачи ’рæ вæ рдтаид, уый тыххæ й-иу селамæ афтæ ныхъхъавыдтæ н, æ хцайыл-иу куыд нæ ауадаид. Стæ й-иу сæ радыгай цæ вын райдыдтон. Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ -иу фæ стæ мæ дæ р фæ кастæ н, кæ д мæ чъылдыммæ Дзиба æ рбацыд, зæ гъгæ. Фыццаг бонты сом рамбулыныл хъуыды дæ р никуы акодтон. Абази кæ нæ -иу æ хсæ з суарийы куы рамбылдтон, уæ ддæ р-иу цинæ й мæ лгæ раздæ хтæ н, дзулы къæ бæ ры фаг мын уыдзæ н, зæ гъгæ.

Фæ лæ иу афон, æ нæ рцæ угæ кæ мæ н нæ уыдис, уыцы хъуыддаг, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, ралæ ууыдис. Цыппæ рæ м бон сом куы рамбылдтон æ мæ нæ химæ цæ уынмæ куы рахъавыдтæ н, уæ д та мæ ногæ й фæ надтой. Раст зæ гъгæ йæ, фыццаджы хуызæ н тынг нæ, фæ лæ мыл уæ ддæ р иу дамгъæ баззад: мæ был ныррæ сыд. Скъолайы йе ’мбæ хсыныл бæ ргæ архайдтон, фæ лæ мæ уæ ддæ р Лидя бафиппайдта. Барæ й мæ фæ йнæ гмæ рахуыдта æ мæ мын францаг фыст кæ сын кодта. Дæ с дзæ бæ х былимæ дæ р раст бакæ сын мæ бон цы нæ суыдаид, уый иу рæ сыд былимæ куыд хъуамæ бакастаин!

— Æ гъгъæ д, æ гъгъæ д, æ гъгъæ д! — сдзырдта Лидя тарст хъæ лæ сæ й æ мæ, цыма хæ йрæ джы хайы сырдта, уыйау мыл йæ къухтæ сцагъта. — Цы дыл æ рцыди, æ ппындæ р куы ницæ мæ уал арæ хсыс?! Æ вæ ццæ гæ н мæ демæ уæ лæ мхасæ н ахуыртæ кæ нын бахъæ удзæ н. Æ ндæ р гæ нæ н нæ й.

***

Афтæ райдыдтой мæ хъизæ мæ рттæ. Сæ умæ райсомæ й фæ стæ мæ -иу тæ рсгæ -ризгæ йæ æ нхъæ лмæ кастæ н, Лидяимæ та иунæ гæ й кæ д баззайдзынæ н æ мæ, сæ рмагондæ й адæ ймаджы хурхæ й марыны тыххæ й кæ й æ рхъуыдычындæ уыд æ мæ æ ппындæ р дзыхы чи нæ бадт, уыцы дзырдтæ кæ сын кæ д райдайдзыстæ м, уымæ. Кæ д адæ ймагæ й хынджылæ г кæ ныны тыххæ й нæ уыди, уæ д цымæ цæ мæ н бахъуыд æ ртæ хъæ лæ сонæ й иу бæ зджын ивазгæ мыр аразын? Зæ гъæ м, дзырд «веаисоир»-ы (бирæ ) дамгъæ «о», лæ джы хъуыры куы ныссæ дздзæ ни, уæ д?! Науæ д цæ мæ н бахъуыд мыртæ фындзæ й дзурын, цæ сгомы уыцы хай æ рдзæ й бынтон æ ндæ р хъуыддæ гтæ н лæ вæ рд куы у, уæ д? Фæ рсын уæ: цæ мæ н? Æ ви ахæ м хъуыддæ гтæ лыг кæ нгæ йæ зонд æ ппындæ р ницыуал фæ давы? Мæ хид-иу акалд, сырхытæ æ мæ -иу цъæ хтæ кодтон, улæ фын-иу мын фæ зын, Лидямæ та мæ уавæ р ничердыгæ й хъардта: æ нæ сцухæ й æ мæ æ гъатырæ й архайдта ме ’взаг сæ ттыныл. Уыимæ афтæ кодта æ рмæ ст мæ нæ н, цыма скъолайы францагау мæ нæ й хуыздæ р кæ сын чи нæ зыдта, ахæ мтæ иу æ мæ дыууæ уыди. Уыдон сæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н тезгъо кодтой, æ з та се ’ппæ ты бæ сты дæ р иунæ гæ й хъизæ мæ рттæ ’взæ рстон.

Куыд рабæ рæ г, афтæ мæ й мæ хъизæ мæ рттæ разæ й уыдысты. Дыккаг рады райдайæ нмæ цы уæ гъд рæ стæ г уыд, уый æ нæ нхъæ лæ джы Лидямæ æ гæ р чысыл фæ каст æ мæ мын загъта, цæ мæ й йæ м изæ рыгæ тты йæ фатермæ цыдаин. Цæ ргæ та кодта скъолайы фарсмæ, ахуыргæ нджыты хæ дзары. Лидяйы хæ дзары стырдæ р æ рдæ джы цард директор йæ хæ дæ г.

Уырдæ м-иу цыдтæ н зындонмæ цæ уæ гау. Æ з æ нæ уи дæ р фырнымд æ мæ æ фсæ рмыгæ наг уыдтæ н. Цыфæ нды чысыл хъуыддаджы тыххæ й дæ р-иу мæ хицæ н бынат нал ардтон, ахуыргæ нæ джы сыгъдæ г æ мæ хæ рзæ фснайд фатеры та-иу, уæ лдайдæ р фыццаг бонты, улæ фын дæ р нал уæ ндыдтæ н, цавддурау-иу мæ бон фезмæ лын нал уыд. Цалынмæ -иу мæ м цалдæ р хатты сдзырдæ уыд, уæ дмæ -иу мæ дзаумæ ттæ дæ р нæ раластон, уатмæ дæ р-иу нæ бацыдтæ н, бадгæ дæ р-иу не скодтон. Цыма-иу исты хæ дзары дзаума уыдтæ н, уыйау-иу мæ иу ранæ й иннæ мæ хъуыд бассонын. Алы ныхас дæ р-иу мæ тыххæ й ласын хъуыд. Уыдон францаг æ взаджы ме сгуыхтдзинæ дтыл никæ цырдыгæ й зындысты. Диссаг цы уыди: ам ахуыртыл скъолайæ къаддæ р рæ стæ г хардз кодтам, уымæ н æ мæ нæ м афтæ каст, цыма нæ дыккаг рад хъыгдардта. Уæ дæ -иу Лидя фатеры исты зылдтытæ кодтаид, йæ царды хабæ рттæ дзурыныл дæ р-иу фæ цис кæ нæ та-иу мæ н истæ мæ йты фарста. Лидя мын куыд радзырдта, афтæ мæ й скъолайы ацы æ взагмæ фаг нæ арæ хсти æ мæ, дæ с къласы каст фæ уыны фæ стæ францаг факультетмæ фыдæ нæ н бацыди, ома йæ æ з дæ р иннæ тæ й æ взæ рдæ р нæ базондзынæ н, зæ гъгæ. Фæ лæ мæ уый тынг нæ уырныдта. Афтæ мæ м каст, цыма уыцы хабар сæ рмагондæ й мæ н тыххæ й æ рымысыд.

Æ з-иу къуымы сбадтæ н æ мæ -иу æ нхъæ лмæ кастæ н, нæ химæ мæ кæ д ауадздзысты, уыцы амондджын уысммæ. Уаты уыди бирæ чингуытæ. Рудзынджы цур тъахтингондыл лæ ууыди дынджыр рæ сугъд радиоприемник пластинкæ тæ здухæ нимæ. Уыцы заман уый уыди æ ппæ ты диссагдæ р æ мæ зынаргъдæ р дзаумæ ттæ й иуыл нымад. Æ з уымæ й размæ ахæ м уынгæ дæ р никуы фæ кодтон. Лидя-иу пластинкæ здухæ н баифтыгъта æ мæ -иу нæ лгоймаджы хъæ лæ с ахуыр кодта уыцы æ нæ хайыры францаг æ взагыл. Æ рвылбон дæ р-иу уыцы хъуыддагæ й фервæ зæ н ницы хуызы уыди. Лидяйыл уыди хуымæ тæ джы хæ дзарон халат, йæ къæ хтыл та — нымæ тын фæ лмæ н дзабыртæ. Куы-иу мæ м æ рбацæ йхæ стæ г кодта, уæ д-иу фестъæ лфыдтæ н, мæ зæ рдæ йы гуыпп-гуыпп-иу фæ тынгдæ р. Нæ мæ уырныдта, йæ хæ дзары кæ й бадын, уый. Ам мæ м алцыдæ р касти æ нахуыр, суанг ма йæ уæ лдæ ф дæ р. Цы алыхуызон тæ фтæ дзы уыди, уыдон, æ з цы цард зыдтон, уый тæ фтæ й никæ цыйы хуызæ н уыдысты. Цæ мæ дæ р гæ сгæ мæ м афтæ каст, цыма уыцы цардмæ иуварсæ рдыгæ й кастæ н. Ууыл ахъуыды кæ нгæ йæ -иу фырæ фсæ рмæ й мæ быны зæ хх фæ цæ йцыд, æ мæ -иу мæ къуындæ г пинджачы зæ ронды арфдæ р аныгъуылдтæ н.

Уыцы рæ стæ г Лидяйыл, æ вæ ццæ гæ н, цыдаид къаддæ р-уæ ддæ р фондз æ мæ ссæ дз азы кæ нæ та уымæ хæ стæ г. Æ з ын дзæ бæ х хъуыды кæ нын, чысыл дæ ргъæ ццонгомау чи уыд, йæ уыцы цæ сгом æ рдæ гцъынд цæ стытимæ; йæ æ лхъывд, кæ ронмæ -иу чи никуы райхæ лд, йæ уыцы мидбылхудт æ мæ сау-сауид цыбыр къуырд дзыккутæ. Йæ цæ сгомыл æ нæ хатырдзинады фæ д нæ зынди. Фæ стæ дæ р куыд бафиппайдтон, афтæ мæ й, ахуыргæ нæ гæ й бирæ рæ стæ г чи бакусы, уыдон цыфæ нды хæ ларзæ рдæ æ мæ фæ лмæ н куы вæ ййынц, уæ ддæ р уый свæ ййы сæ фылдæ р хайы иумæ йаг миниуæ г, Лидяйы цæ сгомыл та зынди, хинæ мхæ ццæ дызæ рдыгдзинад, цыма афтæ дзырдта: стыр диссаг у, ам куыд февзæ рдтæ н æ мæ дзы цы кусын, уый? Ныр куыд хъуыды кæ нын, афтæ мæ й уæ дмæ уый чындзы дæ р ацыди; йæ хъæ лæ с, йæ фæ лмæ н, фæ лæ фидар æ мæ сæ рибар къахдзæ ф, йæ хи куыд дардта, уыдон дзурæ г уыдысты йæ ныфсхаст æ мæ фæ лтæ рддзинадыл. Уымæ й уæ лдай, æ з кæ ддæ риддæ р куыд хъуыды кодтон, афтæ мæ й, францаг кæ нæ испайнаг æ взаг чи ахуыр кæ ны, уыдон, уырыссаг кæ нæ немыцаг æ взаг чи ахуыр кæ ны, сæ уыцы æ мгар чызджытæ й устытæ раздæ р свæ ййынц.

Нæ урочы фæ стæ -иу мæ Лидя æ хсæ вæ р хæ рынмæ куы хуыдта, уæ д-иу куыд фæ тарстæ н æ мæ -иу зæ хх мæ быны куыд фæ цæ йцыд, уый æ рымысгæ йæ ныртæ ккæ дæ р ныфсæ рмы вæ ййын. Кæ д-иу мæ м цыфæ нды тынг хæ рын цыд, уæ ддæ р-иу мæ дзыхмæ комдзаг сисынхъом нал уыдтæ н. Куыд хъуамæ сбадтаин Лидяимæ иу фынгыл?! Цæ мæ й мæ ардæ м цæ уын мауал хъуыдаид, уый тыххæ й дыккаг бонмæ цæ ттæ уыдтæ н францаг æ взаг кæ рæ й-кæ ронмæ æ нæ чиныгмæ кæ сгæ йæ сахуыр кæ нынмæ. Афтæ мæ м каст, цыма фыццагдæ р цы дзулы комдзаг скодтаин, уый мæ хъуыры ныссагъдаид. Уымæ й размæ æ з афтæ æ нхъæ л уыдтæ н, цыма Лидя иннæ адæ мы хуызæ н хуымæ тæ джы хойрагæ й нæ цæ ры. Мæ нымадмæ гæ сгæ уый хъуамæ хордтаид цавæ рдæ р уæ ларвон хæ ринаг. Афтæ æ нахуыр мæ м каст, æ мæ йæ иннæ тимæ мæ бон абарын ницы хуызы уыд.

Æ з-иу мæ бынатæ й фæ гæ пп ластон æ мæ -иу, æ фсæ ст дæ н, зæ гъгæ, къулы ’нцæ йтты сыдз-мыдзы лидзынмæ фæ дæ н. Лидя-иу мæ м дисгæ нгæ йæ каст. Зыдтон æ й, мæ ацыд-иу ын тынг хъыг кæ й уыд, фæ лæ мæ н бауромын ницавæ р тых бафæ рæ зтаид. Пыхс-иу мæ сæ рыл ахастон. Афтæ фæ д-фæ дыл цалдæ р хатты. Лидя, йæ фæ ндæ й ницы рауайдзæ н, уый куы бамбæ рста, уæ д мæ ныхъхъуытты уагъта. Æ з дæ р иуцасдæ р æ хсызгондæ рæ й сулæ фыдтæ н.

Иу хатт мæ м чидæ р къласмæ æ рбатахт æ мæ мын фехъусын кодта, дзаумæ ттæ ласæ нмæ, дам, дæ м иу лæ г посылкæ æ рбахаста. Æ вæ ццæ гæ н, нæ шофыр Ваня уыд, æ ндæ р æ й чи хъуамæ æ рбахастаид! Нæ хæ дзар дуарæ хгæ дæ й баййæ фта æ мæ, цалынмæ уроктæ й здæ хтаин, уæ дмæ æ нхъæ лмæ кæ сын æ й нæ бафæ ндыд æ мæ йæ дзаумæ ттæ ласæ ны ныууагъта. Ахуырты кæ ронмæ бафæ рæ зтон, стæ й бынмæ фæ цагайдтон. Скъолайы æ фснайæ г Верæ мын къуыммæ фанерæ й конд асыкмæ ацамыдта. Асыкк разынд, посты кæ й фервитынц, ахæ м. Мæ хинымæ р дисы бацыдтæ н, мæ мад мын-иу исты хæ ринаг куы ’рвыста, уæ д-иу æ й дзæ къулы куы нывæ рдта, уæ д ныр афтæ цæ мæ н бакодта, зæ гъгæ. Кæ д æ й, мыййаг, мæ нæ н не ’рбарвыстæ уыд? Мæ нæ н уыдис: йæ фарсыл бакастæ н мæ кълас æ мæ мæ мыггаг. Цæ мæ й, кæ мæ н æ рвыст у, уый ма фемхæ ццæ уа, уый тыххæ й йæ, æ вæ ццæ гæ н, Ваня ам афыста. Цымæ мæ мад хойрæ гтæ асыччы æ рвитын кæ дæ й нырмæ райдыдта? Дзæ къулыл кæ дæ й нырмæ нал æ рвæ ссы?

Посылкæ нæ химæ æ хгæ дæ й хæ ссын мæ бон нæ баци. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, картоф дзы нæ уыдаид. Уæ дæ дзулæ н дæ р фылдæ р бынат хъуыд. Уæ вгæ дзул асыччы чи ’рвиты?! Стæ й мын дзул æ рæ джы æ рæ рвыстой, æ мæ ма мæ м уыдис. Скъолайы асинты бынмæ бауадтæ н. Зыдтон, уым фæ рæ т кæ й ис, уый. Куы йæ ссардтон, уæ д дзы асыччы сæ р фегом кодтон. Асинты бын талынг уыд æ мæ фæ стæ мæ рахызтæ н. Хуыснæ гау алырдæ м афæ лгæ сыдтæ н æ мæ дзы мæ цæ ст куы никæ уыл æ рхæ цыд, уæ д æ й æ ввахсдæ р рудзынджы дæ лвæ йнæ гыл æ рæ вæ рдтон.

Посылкæ мæ куы ныккастæ н, уæ д мæ цæ стытыл нæ баууæ ндыдтæ н: дынджыр урс гæ ххæ тты бын разындысты макъаронтæ. Мæ дисæ н ма кæ рон кæ м уыди! Уыцы даргъ бур хæ тæ лгæ ндтæ фæ рсæ й-фæ рстæ м æ вæ рдæ й рухсмæ куы ауыдтон, уæ д мæ м фæ кастысты, мæ нæ н дунейы æ ппæ ты зынаргъдæ р чи уыд, ахæ м хæ знаты хуызæ н. Ныр бамбæ рстон, мæ мады асыкк агурын цæ мæ н бахъуыд, уый: цæ мæ й макъаронтæ ма асастаиккой æ мæ ма ныппырх уыдаиккой æ мæ мæ м афтæ мæ й æ рхæ ццæ уыдаиккой. Æ з дзы арæ хстгай иу хæ тæ лгонд систон, æ ркастæ н æ м, ныффу дзы кодтон æ мæ йæ м мæ бон фæ лæ ууын нал баци — мæ дзыхы йæ баппæ рстон æ мæ мæ дæ ндæ гты ’хсæ н йæ къæ р-къæ р ссыд. Афтæ бакодтон дыккагæ н, æ ртыккагæ н. Цæ мæ й мæ макъаронтæ мæ фысымы къæ бицы гуыбындзæ л мыстыты амæ ттаг ма фæ уыдаиккой, уый тыххæ й мæ хинымæ р хъуыды кодтон, асыкк кæ м бамбæ хсдзынæ н, ууыл. Мæ мад сæ уый тыххæ й куы нæ балхæ дта, мыййаг, йæ фæ стаг капеччытæ сыл схардз кæ нгæ йæ. Нæ, хъуамæ дзы æ ппындæ р мацы фесæ фтаид. Уыдон картоф, мыййаг, нæ уыдысты.

Æ мæ дын уыцы рæ стæ г æ васт куы ферхæ цин. Макъаронтæ... Цымæ сæ мæ мад кæ м ссардта? Мах хъæ уы сæ кой, сæ хъæ р дæ р никуы уыди. Сызгъæ рин æ хцайæ дæ р сæ не ссардтаис. Æ мæ йын уæ дæ кæ м уыдысты? Асыччы мæ къух ауагътон, кæ д ма дзы ноджыдæ р истытæ ис, зæ гъгæ, æ мæ дын, æ цæ гæ йдæ р, бынæ й сæ кæ ры цалдæ р стыр къæ ртты æ мæ дыууæ гематогены плиткæ йы куы разынид. Гематоген куы федтон, уæ д мæ бауырныдта, посылкæ мæ мад кæ й не ’рбарвыста. Цымæ чи уыдаид? Иу хатт ма фыстытæ м æ ркастæ н: кълас дæ р мæ н уыд æ мæ мыггаг дæ р. Диссаг уыд, тынг диссаг.

Æ з посылкæ йы зæ гæ лтæ фæ стæ мæ ныххостон æ мæ, асыкк дæ лрудзынгыл ныууадзгæ йæ, дыккаг уæ ладзыгмæ схызтæ н æ мæ ахуыргæ нджыты уатмæ бахостон. Лидя сæ химæ ацыд. Никуыдæ м мын аирвæ здзæ н. Кæ м цæ ры, уый зонын. Иу æ мæ йæ м дыууæ хатты, мыййаг, куы нæ уыдтæ н. Кæ с-ма йæ м: кæ цырдыгæ й мæ м æ рбалæ гæ рста. Кæ д фынгмæ хонын нæ комыс, уæ д хойрæ гтæ райс. Афтæ уыдзæ н æ нæ мæ нг. Ницы йын дзы рауайдзæ н. Лидя йеддæ мæ ничи уыдаид. Мæ мад куы уыдаид, уæ д мæ м гæ ххæ тты гæ ппæ лыл цалдæ р ныхасы æ нæ афысгæ нæ фæ уыдаид, ахæ м хъæ здыгдзинад кæ м ссардта, уый мын фехъусын кодтаид.

Посылкæ имæ арæ хстгай дуарæ й куы бахызтæ н, уæ д Лидя йæ хи ницы ’мбарæ г скодта. Йæ цуры йын цы асыкк æ рæ вæ рдтон, уымæ кæ сгæ йæ дисхуызæ й бафарста:

— Уый цы у? Цы ’рбахастай? Цæ мæ н?

— Уый ды бакодтай, — ризгæ хъæ лæ сæ й загътон æ з.

— Цы бакодтон? Цытæ дзурыс?

— Ацы посылкæ скъоламæ ды æ рбарвыстай. Ды уыдтæ, æ з æ й зонын.

Æ з бафиппайдтон, Лидя куыд асырх æ мæ фефсæ рмы, уый. Уый уыдис, æ вæ ццæ гæ н, фыццаг цау, йæ цæ стытæ м ын комкоммæ кæ сынæ й куы нæ тарстæ н. Ахуыргæ нæ г уыди æ ви мын мæ фыды мады хойы лæ ппуйы чызг æ ййæ фта, уый æ рдумæ дæ р нал дардтон. Ацы ран æ й æ з фарстон, уый нæ фæ лæ, стæ й францагау нæ, фæ лæ уырыссагау, æ нæ артикльтæ й. Уæ дæ ма мын дзуапп ма раттæ д.

— Цæ мæ н дæ м афтæ кæ сы, æ з уыдтæ н, зæ гъгæ?

— Уымæ н æ мæ махмæ макъаронтæ н сæ кой дæ р нæ й. Нæ й нæ м гематоген дæ р.

— Æ цæ гæ й? Æ ппындæ р уæ м нæ вæ ййы? — афтæ дисхуызæ й мæ бафарста æ мæ, йæ хиуыл комдзог кæ й рацыд, уый дæ р нæ бамбæ рста.

— Æ ппындæ р. Раздæ р дæ уый базонын хъуыд.

Лидя æ нæ нхъæ лæ джы ныххудт æ мæ мæ йæ хъæ бысы æ рбакæ нынмæ хъавыд, фæ лæ æ з æ ддæ дæ р алæ ууыдтæ н.

— Уымæ й раст зæ гъыс, базонын æ й хъуыд. Нæ йыл ахъуыды кодтон. — Иуцъусдуг хъуыдыты аныгъуылыны фæ стæ загъта: — Баууæ нд мыл, тынг зын базонæ н уыд рагацау. Æ з горæ таг дæ н. Уæ дæ уæ м, зæ гъыс, ахæ мæ й ницы вæ ййы? Уæ дæ уæ м цы вæ ййы?

— Хохаг хъæ дур нæ м ис. Булкъ.

— Хохаг хъæ дур... булкъ... Махмæ, Кубаны та фæ ткъуытæ ис. Ныртæ ккæ сын уым ныккæ нæ н дæ р нæ й. Мæ зæ рды Кубанмæ ацæ уын уыди, æ з та цæ мæ дæ р гæ сгæ ардæ м фæ дæ н. — Лидя арф ныуулæ фыд æ мæ мæ м йæ цæ стыты тигъæ й æ рбакаст. — Ма мæ м мæ сты кæ н. Цæ мæ й дæ уæ н хуыздæ р уа, ууыл архайдтон. Макъаронтæ мыл комдзог рацæ удзысты, уый æ нхъæ л нæ уыдтæ н. Иннæ хатт зондджындæ р уыдзынæ н. Фæ лæ уæ ддæ р макъаронтæ ахæ сс...

— Ницы хуызы, — æ рдæ гыл ын фескъуыдтон йæ ныхас.

— Цæ уылнæ? Æ ххормаг æ ййафыс, уый куы зонын. Æ з та иунæ гæ й цæ рын. Æ хца мæ м бирæ ис. Цы мæ бафæ нда, уый балхæ нын мæ бон у. Иунæ джы цастæ хъæ уы... Стæ й куы схæ рзхуыз уон, уымæ й дæ р тæ рсын æ мæ къаддæ р хæ рыныл архайын.

— Æ з æ ххормаг никуы вæ ййын.

— Ууыл мауал дзурæ м. Æ з, цы дзурын, уый зонын. Дæ фысымты усимæ ныхас кодтон. Уыцы макъаронтæ ныртæ ккæ уæ химæ куы ахæ ссис æ мæ дзы дæ хицæ н абон хæ рзад хъæ рмхуыпп куы сфыцис, уæ д уым æ взæ рæ й цы ис? Цæ уылнæ дын хъуамæ баххуыс кæ нон царды иунæ г хатт уæ ддæ р? Дзырд дын дæ ттын, ардыгæ й фæ стæ мæ дын иунæ г посылкæ дæ р никуыуал арвитдзынæ н. Ай та, дæ хорзæ хæ й, ахæ сс. Цæ мæ й ахуыр кæ най, уый тыххæ й хъуамæ фаг хæ рай. Не скъолайы, æ ппындæ р чи ницы ’мбары æ мæ чи никуы ницы бамбардзæ н, ахæ м æ фсæ ст фæ ныгкуызтæ, цас дæ фæ нды, уымæ й фылдæ р ис, ды та зæ рдæ ргъæ вд лæ ппу дæ æ мæ дын скъола уадзæ н нæ й.

Йæ ныхæ стæ мæ м хъарын куыд райдыдтой, уый æ мбæ рстон æ мæ, куы мæ сразы кæ на, уымæ й фæ тарстæ н, Лидяйы ныхæ сты рæ стдзинад кæ й æ мбарын, стæ й йæ нæ бамбарыныл дæ р кæ й архайын, уый тыххæ й мæ химæ мæ сты кæ нгæ йæ, мæ сæ р тылдтон æ мæ фындзы бын цыдæ ртæ хъым-хъым кодтон, афтæ мæ й феддæ дуар дæ н.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.