Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФРАНЦАГ ÆВЗАДЖЫ УРОКТÆ 1 страница



 

 

Распутин Валентин. Дыууæ радзырды.

Ирон æ взагмæ йæ ратæ лмац кодта Дзасохты Музафер.

ФРАНЦАГ Æ ВЗАДЖЫ УРОКТÆ... 2

РУДОЛЬФИЯ.. 14

ФРАНЦАГ Æ ВЗАДЖЫ УРОКТÆ

Радзырд

Копылова Анастасияйæ н

Нæ ныйййарджыты хуызæ н цымæ æ дзух нæ ахуыргæ нджыты раз нæ хи къæ мдзæ стыг цæ мæ н фæ хонæ м? Не скъолайы фыдуагдзинæ дты тыххæ й нæ — уыйфæ стæ йы хабæ ртты тыххæ й.

***

Æ з фæ ндзæ м къласмæ бацыдтæ н цыппор æ стæ м азы. Бацыдтæ н нæ, фæ лæ ацыдтæ н, зæ гъгæ, зæ гъын растдæ р уыдзæ н. Нæ хи хъæ уы райдайæ н скъола йеддæ мæ нæ уыд æ мæ, цæ мæ й мæ ахуыр дарддæ р ахæ ццæ кодтаин, уый тыххæ й мæ цæ уын бахъуыд районы центрмæ. Уый та нæ хъæ уæ й уыдис дæ с æ мæ дыууиссæ дз километры дарддæ р. Къуыри раздæ р мæ мад уырдæ м ацыд, йæ зонгæ усимæ мæ н тыххæ й баныхас кодта æ мæ мæ майрæ мы мæ йы фæ стаг бон, нæ колхозы цы иунæ г полуторкæ уыдис, уый шофыр Ваня Подкаменныйы уынджы мæ ног цæ рæ нуаты дуармæ раргъæ вта, мæ хуыссæ нтæ цы хæ цъилы тыхт уыдысты, уый хæ ссынмæ мæ м фæ каст, ме уæ хск æ рхойгæ йæ мын хæ рзбон загъта æ мæ фæ стæ мæ ратымычъи ласта. Афтæ иуæ ндæ саздзыдæ й хибарæ й цæ рын райдыдтон.

Уыцы аз адæ м къæ бæ рæ й нæ ма бафсæ стысты. Мах нæ мадæ н уыдыстæ м æ ртæ, æ з — сæ хистæ р. Тæ ккæ мæ гуырдæ р бонтæ ныл акодта уалдзæ джы. Æ з хордтон, стæ й ууыл мæ кæ стæ р хойы дæ р бафтыдтон картофы билцъытæ, сысджы æ мæ хъæ бæ рхоры нæ мгуытæ, цæ мæ й нæ ахсæ нты разадаиккой æ мæ нæ хæ ринаджы мæ т рæ стæ гмæ уæ ддæ р ферох уыдаид. Сæ рддон-сæ рддæ ргъы сыл ангарайаг сыгъдæ г дон зæ рдиагæ й фæ пырх кодтам, фæ лæ дзы ницы тыллæ г æ рзади, кæ нæ та афтæ чысыл уыд, æ мæ йæ мах нæ бафиппайдтам. Уæ вгæ, мæ нмæ гæ сгæ, нæ фæ ндтæ бынтон æ нæ пайда нæ уыдысты, чи зоны, адæ ймагæ н искуы бабæ ззой, фæ лæ махмæ фæ лтæ рддзинад кæ й нæ уыд, уымæ гæ сгæ кæ мдæ рты рæ дыдыстæ м.

Мæ мад мæ районмæ (махмæ афтæ хуыдтой райцентр) куыд ауагъта, уый мæ м абон дæ р диссаг кæ сы. Мах цардыстæ м æ нæ фыдæ й, мæ гуыр æ мæ гæ взыккæ й æ мæ, æ вæ ццæ гæ н, йæ хинымæ р скарста: цы уа, уый уæ д, ныртæ ккæ йæ æ взæ рдæ р нæ уыдзæ н. Ахуыр хорз кодтон, скъоламæ цыдтæ н цингæ нгæ йæ, æ нæ хъæ н хъæ уы нымад уыдтæ н ахуыргондыл. Зæ ронд устытæ н-иу цыдæ ртæ афыстон, писмотæ сын кастæ н, нæ чысыл библиотекæ йы цы чингуытæ уыд, уыдон иууылдæ р бакастæ н æ мæ -иу изæ рыгæ тты уырдыгæ й сывæ ллæ ттæ н алыхуызон хабæ рттæ дзырдтон, мæ хицæ й дæ р-ма-иу сыл афтыдтон, афтæ мæ й. Æ ппæ ты тынгдæ р та мыл æ ууæ ндыдысты облигациты хъуыддæ гты. Хæ сты рæ стæ джы дзы адæ ммæ бирæ бамбырд, æ мбулæ г таблицæ тæ сарæ х сты æ мæ -иу сæ облигацитæ мæ нмæ хæ ссын райдыдтой. Цæ мæ дæ р гæ сгæ сæ м афтæ каст, цыма мæ нæ н хорз къух ис. Æ мбулгæ -иу дзы чи ракодта, ахæ мтæ дæ р уыди, арæ хдæ р чысыл цыдæ ртæ, фæ лæ уыцы азты колхозонæ н цыфæ нды капекк дæ р бирæ йы бæ рц тардта, мæ къухæ й-иу æ м цы æ фтиаг бахауд, уый та-иу бынтон æ нæ нхъæ лæ джы амондыл банымадта. Уыцы амондæ й-иу æ з дæ р фæ хайджын дæ н. Нæ хъæ уы иннæ сывæ ллæ тты æ хсæ н мæ м хъулон цæ стæ нгас дардтой, суанг ма-иу мæ м хæ ринагæ й дæ р фæ кастысты. Иу хатт нæ чъынды сыхаг Ильяйы облигаци дыууиссæ дз туманы куы рамбылдта, уæ д мын фырцинæ й æ нæ хъæ н бедрайы дзаг картоф радта. Уалдзæ джы къæ сæ рыл ахæ м лæ варæ н уыдис уæ лдай стырдæ р ахадындзинад.

Облигациты номыртæ равзарынмæ кæ й арæ хстæ н, уый тыххæ й мæ мадæ н æ ппæ лыдысты:

— Тынг сæ рджын у дæ лæ ппу. Йæ ахуыр ын мацæ мæ й бакъуылымпы кæ н. Ахуыргонд лæ гæ н сæ фæ н нæ й.

Мæ мад йæ бирæ зынтæ ницæ мæ æ рдардта æ мæ мæ арвыста ахуыр кæ нынмæ. Уымæ й размæ нæ хъæ уæ й районы ничи ахуыр кодта. Æ з фыццаг уыдтæ н. Æ ргом дзургæ йæ, æ з æ мбаргæ дæ р нæ кодтон, ног бынаты мæ м цы ’нхъæ лмæ кæ сы, цавæ р цæ лхдурты сæ рты мæ хизын бахъæ удзæ н, уый.

Уым дæ р хорз ахуыр кодтон, стæ й мын хуыздæ ргæ нæ н дæ р цы уыд — уый тыххæ й æ рцыдтæ н. Æ ндæ р мæ ницы хъуыддаг уыд. Мæ нæ й аразгæ цы уыд, уымæ уæ д куыдфæ ндыйы цæ стæ й кæ сын нæ ма зыдтон. Иу урок куы нæ сахуыр кодтаин, уæ ддæ р скъоламæ цæ уын нæ бауæ ндыдаин æ мæ мын уымæ гæ сгæ, францаг æ взагæ й фæ стæ мæ, æ ппæ т предметтæ й дæ р уыдис иттæ г хорз бæ рæ ггæ нæ нтæ. Францаг æ взагæ й мæ хъуыддаг нæ цыди, ныхæ стæ бæ лвырд кæ й нæ дзырдтон, уый аххосæ й. Ныхæ стæ æ мæ фæ зилæ нтæ мæ зæ рдыл бæ ргæ хорз дардтон, тæ лмац дæ р тагъд кодтон, растфыссыны зындзинæ дтæ мæ м нымады дæ р нæ уыдысты, фæ лæ ныхæ стæ бæ лвырд кæ й нæ дзырдтон, уый мыл комдзог цыд, æ вдыста канд мæ хæ дæ г нæ, фæ лæ мæ фыдæ лтæ кæ ры-кæ ройнаджы онг Ангарайы доны был кæ й райгуырдысты, мæ тъымы-тъымайы дæ р фæ сарæ йнаг дзырдтæ кæ й никæ й дзыхæ й схауд, стæ й, сты æ ви не сты, уый дæ р кæ й нæ зыдтой. Францагау лæ хурдтон мæ нæ нæ хи хъæ уккаг тагъддзурджыты хуызæ н, мырты æ мбис, кæ й ницæ мæ н хъæ уынц, уый тыххæ й сæ ныхъуыргæ йæ, се ’ннæ ’мбис та сын тагъд-тагъд рæ йыны хуызæ нæ й рæ цугъгæ йæ. Мæ нмæ хъусгæ йæ -иу нæ францаг æ взаджы ахуыргæ нæ г Лидяйы цæ сгом нынцъылдтæ, æ мæ -иу йæ цæ стытæ сæ хгæ дта. Йæ цæ ргæ -цæ рæ нбонты ахæ м францаг æ взаг никуы фехъуыста. Ногæ й та-иу мын амонын райдыдта фындзонтæ, хъæ лæ сонтæ куыд дзурын хъæ уы, уыдæ ттæ, фæ лхат кæ нын мын сæ кодта. Æ з-иу ничердæ муал арæ хстæ н, ме ’взаг-иу бафæ ллад, мæ коммæ -иу нал каст. Фæ лæ уæ ддæ р хъуыддаг ничердæ м рæ стмæ кодта. Æ ппæ ты тæ ссагдæ р та-иу райдыдта, скъолайæ -иу куы ’рбацыдтæ н, уæ д. Уым, ома скъолайы-иу бар-æ нæ бары мæ хи цæ уылдæ рты ирхæ фстон, æ дзух-иу мæ цыдæ ртæ архайын хъуыд, ме ’мбæ лттæ мæ æ нцад бадын нæ уагътой, фæ нда дæ -ма фæ нда, уæ ддæ р-иу хъуамæ се ’мтæ лфт кодтаис, хъазыдаис-иу, урокты та-иу куыстаис. Фæ лæ -иу нæ химæ куыддæ р иунæ гæ й аззадтæ н, афтæ -иу мæ æ нтъыснæ гдзинад æ рцахста, хъæ умæ -иу мæ зæ рдæ ахсайдта. Уымæ й размæ иу бон дæ р мæ бинонтæ й никуы фæ цух дæ н æ мæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, цæ ттæ нæ уыдтæ н æ цæ гæ лон адæ мы æ хсæ н иунæ гæ й цæ рынмæ. Ахæ м æ взæ р уавæ ры уыдтæ н, ахæ м, æ мæ цыфæ нды низæ й дæ р афтæ не стыхстаин. Мæ хъуыдыты уыдис æ рмæ стдæ р иу бæ ллиц: фæ ндыди мæ æ рмæ стдæ р иу хъуыддаг — нæ химæ февзæ рын. Мæ уд удыл нал хæ цыд, скъæ схуыр дæ н. Рухæ ны мæ йы кæ рон мæ м мæ мад æ рцыд æ мæ мын фæ тарст. Цалынмæ мæ цуры уыд, уæ дмæ хъæ ддых лæ ууыдтæ н, иу цæ стысыг дæ р не ’руагътон, фæ лæ куы фæ цæ йцыд, уæ д мæ хиуыл хæ цын нал бафæ рæ зтон æ мæ богъбогъгæ нгæ машинæ йы фæ стæ ныййарц дæ н. Мад мæ м гуыффæ йæ йæ къух тылдта, мауал тæ х, дæ хи дæ р æ мæ мæ н дæ р цæ сты ма ’фтау, зæ гъгæ, фæ лæ йын æ з йæ ныхæ стæ н ницы ’мбæ рстон. Уый дæ р машинæ æ рурæ дта.

— Дæ дзаумæ ттæ хæ сгæ! — загъта мын тызмæ гæ й, йæ цурмæ куы бацыдтæ н, уæ д. — Æ гъгъæ д у, æ гæ р дæ р-ма сахуыр кодтай. Нæ химæ цом.

Æ з мæ хиуыл æ рхудтæ н æ мæ лидзæ г фæ дæ н.

Нæ хæ дзар кæ й мысыдтæ н, мæ зæ рдæ нæ химæ кæ й æ хсайдта, канд уый тыххæ й не скъæ схуыр дæ н. Хæ ргæ дæ р æ взæ р кодтон. Фæ ззæ джы, цалынмæ Ваня йæ полуторкæ йы хорцæ ттæ гæ нæ нмæ мæ нæ у ласта — уый та райцентрмæ хæ стæ г уыд, — уæ дмæ мын хæ ринаг арæ х æ рвыстой, къуыри, къаддæ р-уæ ддæ р, иу хатт. Фæ лæ йæ замана цы уыд — нæ мын фаг кодта. Уæ вгæ мын æ рвитгæ дзул æ мæ картоф йеддæ мæ ницы кодтой, искуы иу хатт ма-иу мын мæ мад, кæ мæ йдæ р-иу истæ уыл кæ й баивта, ахæ м къæ доры цыхт банкæ йы ныннадта — нæ химæ хъуг нæ уыди. Фыццаг-иу мæ м мæ лæ ты бирæ фæ кастысты, фæ лæ -иу дыууæ боны фæ стæ хæ ринæ гтæ й цæ ст ницæ уылуал æ рхæ цыд. Цыбыр рæ стæ гмæ бамбæ рстон, куыддæ р æ гъдауæ й мæ дзулы фылдæ р хай кæ й фæ цыдæ р вæ ййы. Уавæ рмæ лыстæ гдæ р æ ркастæ н, æ мæ бамбæ рстон, мæ дзулмæ ныхилæ г кæ й ис. Кæ м æ й сæ вæ рын, уым нал разыны. Афтæ мæ картоф дæ р. Кæ й къух сæ м хæ ццæ кодта, Хуыцау йæ зонæ г. Фæ дызæ рдыг уæ вæ н уыдис хъæ ргæ наг, тыхст æ мæ уырыд ус Надяйыл. Йе ’ртæ сывæ ллонимæ иунæ гæ й тухæ нæ й марди. Дыууæ хистæ р чызгыл æ ноггаг кодтаин æ ви йæ кæ стæ р Федькæ йыл, ууыл мæ хинымæ р ахъуыды кæ нын дæ р нæ уæ ндыдтæ н, сæ фæ стæ зилын нæ фæ лæ. Стыр маст мын уыди, мæ мад мын мæ хо æ мæ ме ’фсымæ ры хъуагæ й цы мамæ лайы къæ бæ р æ рæ рвиты, уый дæ р мæ фарсыл кæ й нæ бахæ цы. Фæ лæ мын æ ндæ р гæ нæ н нæ уыд, æ мæ фæ рæ зтон, уымæ н æ мæ зыдтон, мæ мад хъуыддаг куы базыдтаид, уæ д ын стырдæ р маст кæ й æ рхастаин.

Амы æ ххормаг хъæ уы æ ххормаджы хуызæ н нæ уыд. Уым кæ ддæ риддæ р, уæ лдайдæ р фæ ззыгон, къух истæ уыл æ мбæ лди. Кæ м бæ ласæ й ратонын, кæ м зæ ххы ракъахын, кæ м Ангарайы кæ саг рацахсын, кæ м хъæ ды маргъ амарын. Ам та мæ алыварс иууылдæ р уыдис афтид. Æ цæ гæ лон уыдысты адæ м, цæ хæ радæ ттæ, зæ хх. Чысыл цæ угæ дон кæ саджы æ фсон бон дæ с хатты хызæ й фæ рсыгътой. Æ з дæ р иу хуыцаубон æ нгуыримæ райсомæ й изæ рмæ фæ бадтæ н æ мæ æ рцахстон æ рмæ стдæ р армытъæ пæ ны дæ ргъæ н æ ртæ тъепайы. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уый фæ стæ никуыуал ацыдтæ н: мæ рæ стæ г дзæ гъæ лы цы сæ фтаин! Изæ рыгæ тты-иу хæ рæ ндоны цурмæ мæ хи ныйистон, хæ ринæ гты æ ргътæ м кастæ н æ мæ та-иу мæ комыдæ ттæ ныхъуыргæ фæ стæ мæ раздæ хтæ н. Надяйы пецы сæ р-иу цайданы тæ вд дон сæ ййæ фтон, уымæ й-иу мæ ахсæ ны къултæ чысыл базмæ лыдысты æ мæ та-иу афтæ мæ й бахуыссыдтæ н. Райсомæ й та-иу мæ ногæ й цæ уын хъуыд скъоламæ. Афтæ мæ йты-иу æ нхъæ лмæ кастæ н, цалынмæ -иу нæ дуармæ полуторкæ не ’рбахæ ццæ æ мæ -иу кулдуар Ваня не ’рбахоста, уыцы амондджын уысммæ. Куыд тынг æ ххормаг-иу уыдтæ н, стæ й мын мæ хæ ринæ гтæ, цыфæ нды тынг сыл куы ауæ рдон, уæ ддæ р бирæ йы фаг кæ й не суыдзысты, уый зæ рдыл даргæ йæ афтæ бирæ бахордтон, æ мæ -иу мæ ахсæ н риссын райдыдта. Дыууæ кæ нæ та-иу æ ртæ боны фæ стæ ногæ й ком дарын райдыдтон.

***

Иу хатт мæ — уартæ рухæ ны мæ й уыдис уый — Федькæ бафарста:

— Æ хцайæ хъазынмæ дæ ныфс хæ ссыс?

— Цавæ р æ хцайæ? — нæ йæ бамбæ рстон æ з.

— Ахæ м хъазт ис, æ хца дзы рамбулдзынæ. Кæ д дæ м æ хца ис, уæ д цом æ мæ ахъазæ м.

— Æ хца мæ м нæ й.

— Уæ дæ мæ нмæ дæ р куы нæ и. Цом афтæ мæ й дæ р, кæ сгæ сæ м уæ ддæ р бакæ ндзыстæ м. Куыд хорз у, уый куы зонис.

Федя мæ цæ хæ радæ тты чъылдыммæ ахуыдта. Дæ ргъæ ццон къуылдымы рæ бынты бæ рзонд пысыраты æ хсæ нты алæ гæ рстам. Æ ррагæ нæ нты сау нæ мгуытæ æ рзæ бул сты. Дуры цæ ндтæ æ мæ зæ ронд бырондоны сæ рты гæ ппытæ гæ нгæ, февзæ рдыстæ м дæ лвæ згонды. Сыгъдæ г æ мæ чысыл лæ гъз æ рдузы лæ ппуты ауыдтам. Сæ цурмæ бацыдыстæ м. Уыдон фæ куыддæ р сты. Мæ нæ й дзы хистæ р ничи уыдаид, иуæ й фæ стæ мæ. Уый иннæ тæ й уыди стырдæ р æ мæ хъæ ддыхдæ рарæ зт, даргъ бецыкк ын. Æ з æ й уайтæ ккæ дæ р æ рхъуыды кодтон: æ вдæ м къласы ахуыр кодта.

— Ай та цæ мæ ’рбахуыдтай? — æ нæ рвæ ссонхуызæ й загъта Федяйæ н.

— Нæ хиуæ ттæ й у, Вадик, — йæ хи раст кæ нынмæ фæ ци Федя. — Махмæ цæ ры.

— Хъазыс? — бафарста мæ Вадик.

— Æ хца мæ м нæ й.

— Ам вæ ййæ м, уый макæ мæ н зæ гъай!

— Цытæ дзурыс? — уайдзæ фгæ нæ гау ын дзуапп радтон æ з.

Уый фæ стæ дзы мæ нмæ никæ йуал æ вдæ лд. Æ з иуварс ацыдтæ н æ мæ сæ м дардæ й кастæ н. Се ’ппæ т нæ хъазыдысты. Куы-иу æ хсæ з баисты, куы авд. Иннæ тæ та сæ м кæ сгæ кодтой. Искуы иуæ й фæ стæ мæ уыдысты Вадичы фарс. Се ’ппæ тыл дæ р урсиуæ г кæ й кæ ны, уый уайтæ ккæ дæ р бамбæ рстон.

Хъазты зынæ й ницы уыди. Алы зылдæ н дæ р-иу алчидæ р дыууæ суарийы йæ цыг уæ лгоммæ фæ лдæ хтæ й кæ рæ дзийы сæ рыл æ рæ вæ рдта, æ хцатæ й иу-дыууæ метры æ ддæ дæ р бæ зджын зиллакк хахх кæ м уыд, ахæ м фæ зуаты. Иннæ рдыгæ й фарс лæ ууыдис, села æ ппаргæ йæ кæ уыл æ нцой кодтой, ахæ м дур. Архайын хъуыд ууыл, цæ мæ й села зиллакмæ бахаудаид, куыд гæ нæ н ис, афтæ хæ стæ гдæ р, уымæ н æ мæ зиллаччы æ дде куы фæ уыдаид, уæ д дын цæ выны бар нæ уыдаид. Мидæ гæ й-иу куы фæ уыдаид, уæ д та дын-иу уыдаид лыстæ г æ хцатæ фыццаг цæ выны бар. Æ хцаты рагъамад дæ р цæ вгæ уыди уыцы селайæ. Фыр-иу дзы чи абадт, уый-иу рамбылдтаис, стæ й ма дын уæ д уыдаид цæ выны бар дæ р. Кæ д-иу дын фыр нæ абадтаид, уæ д цавта, дæ фæ стæ чи уыд, уый. Фæ лæ æ ппæ тæ й диссагдæ р уыд селайæ æ хцаты рагъамад акъуырын. Иунæ г æ хца дæ р-иу дзы фыр куы абадтаид, уæ д-иу æ ппæ т мулк дæ р æ нæ иу ныхасæ й дæ у бауыдаид, хъазт та-иу ногæ й райдыдтаид.

Вадик æ дзухдæ р хинæ й цæ уыныл архайдта. Уый-иу æ ппарæ н дуры цурмæ бацыд æ ппæ ты фæ стагмæ. Уæ дмæ -иу сбæ рæ г, чи кæ цы бынаты уыд, хорз-иу уыдта, æ ппæ ты разæ й фæ уыны тыххæ й кæ дæ м æ ппарын хъæ уы, уый. Æ хцатæ -иу фесты фыццæ гты, фæ сте-иу чи уыд, уыдонмæ -иу стæ м хатт æ рхаудтой. Вадик сыл хинæ й кæ й цæ уы, уый, æ вæ ццæ гæ н, иууылдæ р æ мбæ рстой, фæ лæ йын æ й æ ргомæ й зæ гъын ничи уæ ндыд. Раст зæ гъгæ йæ, хъазгæ дæ р хорз кодта. Дуры цурмæ бацæ угæ йæ -иу йæ зоныгыл æ рбадæ гау кодта, йæ галиу цæ ст-иу æ рцъынд, афтæ мæ й-иу селайæ ныхъхъавгæ йæ, сындæ ггай сыстад — села-иу феуæ гъд æ мæ -иу атахт, кæ дæ м хъавыд, уырдæ м. Йæ сæ ры сонт фæ тылдæ й-иу йæ ныхæ й йæ сæ рыхъуынтæ хæ рдмæ фехста, иуварс-иу æ нæ рвæ ссон ту акодта, цыма-иу, хъуыддаг арæ зт фæ ци, зæ гъгæ, зæ гъынмæ хъавыд, уый хуызæ н æ мæ -иу барæ й сабыр къахдзæ фтæ й зивæ ггæ нæ гау æ хцатæ м фæ цæ йцыд. Кæ д-иу æ хцатæ кæ рæ дзиуыл амадæ й баййæ фта, уæ д сæ, сæ зæ лланг куыд райхъуыстаид, афтæ йæ тых, йæ бонæ й ныццавтаид, хицæ нæ й-иу цы æ хцатæ лæ ууыди, уыдон-иу селайæ цавта арæ хстгай, цыма-иу сыл æ й тулгæ кодта, уый хуызæ н, цæ мæ й æ хца хæ рдмæ бæ рзонд ма схаудаид æ мæ цалдæ р зылды ма ’ркодтаид, фæ лæ -иу фæ фæ лдæ хтаид æ мæ -иу йе ’ннæ фарсыл æ рхаудаид. Афтæ кæ нын æ ндæ р ничи зыдта. Иннæ лæ ппутæ цавтой зæ рдаивæ й, кæ м ауайа, уым ауайæ д, зæ гъгæ, æ мæ та-иу сæ сæ дзыппытæ м ногæ й æ хцатæ м æ вналын бахъуыд. Кæ мæ -иу нал уыд, уый та-иу иннæ ты хуызæ н хъазджытæ м кæ сæ гæ й агæ пп ласта.

Мæ нмæ æ хца куы уыдаид, уæ д цыма хъазын базыдтаин, афтæ мæ м каст. Хъæ уы-иу хъултæ й хъазыдыстæ м æ мæ уым дæ р арæ хсын хъуыд. Æ з, цæ мæ й рæ стдзæ виндæ р уыдаин, уый тыххæ й-иу æ рхъуыды кодтон алыхуызон хиирхæ фсæ нтæ: дуртæ -иу æ рæ мбырд кодтон, исты зын акъуырæ н мысан-иу ссардтон æ мæ -иу ме ’хсынæ й нæ банцадтæ н, цалынмæ -иу тæ ккæ хуыздæ р бæ рæ ггæ нæ н — дæ сæ й дæ с акъуырын мæ бон нæ баци, уæ дмæ. Æ ппæ рстон-иу уæ ле — ме уæ хсчы сæ рты дæ р, стæ й бынæ й дæ р, мысаны сæ рмæ -иу дур æ рцауындзгæ йæ. Куыд уынут, афтæ мæ й мæ м цыдæ р арæ хстдзинæ дтæ уыдис. Фæ лæ мæ м æ хца нæ уыди.

Æ хца мæ м кæ й нæ уыди, мæ мад мын-иу дзул уый тыххæ й æ рæ рвыста, æ ндæ р-иу æ й ам дæ р балхæ дтаин. Колхозы цæ й æ хцатæ уыди? Уæ ддæ р мын иу-дыууæ хатты къонверты æ хсырæ н фæ ндзгай сомтæ сæ вæ рдта. Ныртæ ккæ йы æ хцатæ й сомы æ рдджытæ. Цастæ уыдысты, фæ лæ уæ ддæ р æ хца æ хца у. Базары дзы балхæ нæ н уыд, литры æ рдджытæ кæ м цыд, æ хсыры ахæ м фондз авджы, алы авг дæ р — сом. Æ хсыр нуазын мын фæ дзæ хст уыд мæ лæ мæ гъдзинады тыххæ й. Арæ х-иу æ нæ исты æ фсонæ й мæ сæ р разылд.

Æ ртыккаг хатт ма фондз сомы куы райстон, уæ д дзы æ хсыр нал балхæ дтон, фæ лæ йæ балыстæ г кодтон æ мæ, æ хцайæ кæ м хъазыдысты, уырдæ м ацыдтæ н. Бынат ын æ взæ р нæ равзæ рстой. Æ рдузгонд, йæ алыварс къуылдымтæ й æ мбæ рзт, ничи дæ м никæ цырдыгæ й æ рбакастаид, хъæ уы, хистæ рты цур, ахæ м хъæ зтытæ кæ нын нæ уагътой, директор æ мæ милицæ йæ æ взыстой. Ам та нæ ничи хъыгдардта. Ноджы хæ стæ г уыд, дæ с минутмæ -иу хъæ уы балæ ууыдаис.

Фыццаг хатт æ рæ вæ рдтон æ стдæ с суарийы, дыккаг хатт та — æ ртæ абазийы. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, æ хца æ вгъау уыд, фæ лæ æ з хатыдтон, хъазыныл куыд фæ цалх дæ н, уый. Куыдфæ стæ мæ мæ къух селайыл фæ цахуыр, йæ нысанмæ раст атæ хыныл нымадæ й цас тых бахардз кæ нын хъæ уы, ууыл ахуыр кæ нын райдыдта. Уæ дæ цæ стытæ дæ р афтæ: села кæ м æ рхаудзæ н æ мæ ма зæ ххыл цас абырдзæ н, уый рагацау зоныныл ахуыр кодтон. Изæ рыгæ тты-иу иууылдæ р куы ахæ лиу сты, уæ д-иу æ з ногæ й ардæ м æ рбацыдтæ н, Вадик-иу села цы дуры бын бамбæ хста, уырдыгæ й-иу æ й райстон, мæ лыстæ г æ хцатæ й-иу мæ дзыппæ й систон æ мæ -иу, цалынмæ æ рталынг, уæ дмæ мæ хъазынæ й нæ банцадтæ н. Фæ стагмæ афтæ арæ хсын райдыдтон, æ мæ -иу дæ с æ ппæ рстæ й æ ртæ кæ ны цыппар æ хцатыл суади.

Æ ппынфæ стаг ралæ ууыд, æ з фыццаг хатт куы рамбылдтон, уыцы бон.

Фæ ззæ г уыди хъарм æ мæ æ нæ къæ вда. Кæ фты мæ йы дæ р ма хур афтæ æ ндæ вта, æ мæ цыбырдыс хæ доны цæ уæ н уыдис. Искуы иу хатт-иу цы къæ вда рауарыд, уый дæ р-иу цыма лæ мæ гъ дымгæ, æ взæ р рæ стæ г кæ м уыд, уырдыгæ й æ нæ нхъæ лæ джы æ рбахаста, афтæ зынд. Арв сæ рды хуызæ н уыди цъæ х-цъæ хид, фæ лæ цыма нарæ гдæ р фæ ци, стæ й хур дæ р раздæ р ныгуылын райдыдта, адæ ймагмæ цæ мæ дæ р гæ сгæ афтæ каст. Сыгъдæ г арвыл-иу уæ лдæ ф обæ утты сæ рмæ уыди тæ нæ г мигъы хуызæ н, кодта-иу хус скъæ лдзойы тæ ф, дардæ й-иу дзæ бæ х хъуыстысты кæ йдæ р хъæ лæ стæ хъус-иу ахста хуссармæ тæ хæ г мæ ргъты хъæ р. Мах цы æ рдузы хъазыдыстæ м, уым кæ д кæ рдæ г фæ бур æ мæ ныссæ ст, уæ ддæ р дзы адæ ймаджы зæ рдæ рухс кодта, уымæ н æ мæ уыди фæ лмæ н æ мæ лæ гъз. Къуыбылеццытæ -иу дзы кодтой, чи нæ хъазыд, уыцы лæ ппутæ, растдæ р зæ гъгæ йæ та, чи фембылд, уыдон.

Ныр-иу ахуырты фæ стæ алы бон дæ р мæ фæ ндаг уыд ардæ м. Куы-иу дзы кæ й æ рбаййæ фтон, куы — кæ й, фæ лæ -иу се ’хсæ н Вадик ма разындаид, уымæ н уæ вæ н нæ уыд. Æ нæ уымæ й-иу хъазын дæ р никуы райдыдтой. Йæ фæ дыл аууонау зылди, дынджырсæ рджын æ лвыдкъоппа бæ зæ рхыгтæ лæ ппу. Фæ сномыгæ й йæ хуыдтой Дзиба. Уымæ й размæ йыл скъолайы мæ цæ ст никуы ’рхæ цыд, фæ лæ ахуыры азы æ ртыккаг цыппæ рæ м хайы арвæ й дур æ рхауæ гау нæ къласы февзæ рд. Куыд рабæ рæ г, афтæ мæ й фæ ндзæ м къласы дыккаг аз баззад æ мæ цыдæ р æ фсæ нттæ й йæ хицæ н каникултæ январмæ сарæ зта. Дзиба дæ р арæ х æ мбылдта, æ рмæ ст Вадикæ й къаддæ р, фæ лæ -иу хæ рды бынаты никуы баззад. Æ мбылды та, Вадикимæ иумæ кæ й архайдта æ мæ сындæ ггай йæ фарс кæ й хæ цыди, уымæ н нæ кодта.

Мах къласæ й-иу æ рдузмæ искуы иу хатт фæ зынди Тишкин, тæ лфаг, йæ цæ стыты тъæ бæ ртт-иу кæ мæ н силлæ г æ мæ -иу къласы йæ къух чи фæ хъил кодта, уыцы лæ ппу. Урок-иу зонгæ дæ р нæ кодтаид, афтæ мæ й-иу йæ къух дарынмæ фæ ци. Сыстын-иу æ й кодтой æ мæ -иу ныхъхъус.

— Уæ дæ дæ къух цæ мæ н дардтай? — бафарстой-иу æ й.

Йæ цæ стытæ тъæ бæ ртт-тъæ бæ ртт кæ нгæ йæ -иу дзуапп радта:

— Зыдтон æ й, фæ лæ цалынмæ стадтæ н, уæ дмæ мæ æ рбайрох.

Æ з йемæ лымæ н нæ уыдтæ н. Уыдонæ й дæ р мæ м хæ стæ г ничи цыд, куыд уыдтæ н, афтæ иунæ гæ й баззадтæ н, фæ лæ мæ уавæ р æ мбаргæ дæ р нæ кодтон æ мæ мæ м сагъæ ссаг дæ р нæ каст; хæ дзары нæ, хъæ уы нæ, фæ лæ ам уыдтæ н иунæ г, нæ химæ та мын бирæ æ мбæ лттæ уыди. Мæ фырнымд, мадзура æ мæ хъæ уккаг æ хгæ д-зæ рдæ йы аххосæ й, сæ йрагдæ р та, нæ хæ дзар æ хсæ вæ й-бонæ й кæ й мысыдтæ н æ мæ мæ зæ рдæ æ ппындæ р кæ й ницæ мæ рад, уый тыххæ й, лæ ппутæ й никæ имæ ма фæ хæ лар дæ н. Сæ хицæ й дæ р мæ м хæ стæ г ничи цыд, æ мæ иунæ гæ й цардтæ н.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.