Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Хæхты астæу. ХÆДДЗУРГÆ ЧИНЫГ



Хæ хты астæ у

(Фыййауы боныгæ й)

ХÆ ДДЗУРГÆ ЧИНЫГ

Ехх, æ вæ дза, цæ й диссаджы рæ сугъд сты Тары хæ хтæ н сæ дæ лвæ зтæ! Мæ уд, мæ цæ ст — уалдзæ г ам сæ рвæ ттæ куы райхъал вæ ййынц, цъæ х хъæ дабæ йау куы ферттивынц сæ хуссæ рттæ, сæ дæ хъæ лæ сæ й куы айхъуысынц мæ ргъты зарджытæ; арвы талынгты ленкгæ нæ гау куы фæ тæ хынц дардмæ уынаг хъæ батыр цæ ргæ стæ, се ’ргом куы саразынц хæ хты сæ рмæ. «Фæ скъæ вда хурбон, уымæ л ривæ ддон — фыййауы сæ нттæ, гъей, гъей! » — афтæ куы ныззарынц ме ’мбæ лттæ, кæ мттæ, къæ дзæ хтæ куы афæ змынц зарæ джы ныхæ стæ; райгонд куы вæ ййынц фыййæ уттæ, урс-урсид, сау-сауид уæ рыччытæ м кæ сынæ й куы нæ фефсæ дынц; дзугтæ куы фæ хизынц цъæ х кæ рдæ гыл. Сæ иу кæ ронæ й иннæ мæ фыййауы æ хситт куынæ фæ хъуысы...

Науæ д уалдзæ г сæ рдмæ куы рахизы: уæ рыччытæ куы байрæ зынц, далыстæ куы фестынц, сæ цармыдзаг куы свæ ййынц, æ нтæ ф бон ривæ д куы фæ кæ нынц...

Гъе, ахæ м райдзаст сæ рдыгон бон скодта махыл Таркомы. Бæ рзонд цъититæ тайынц æ мæ æ нусон æ хсæ рдзæ нтæ, пырх калгæ, хъазгæ згъорынц кæ мтты. Нæ фосы дзуг ривæ д кæ нынц Æ хсырдуцæ ны бæ рзондыл. Уый сæ рдыгон хизæ нтæ н сæ рæ сугъддæ ртæ й у. Йæ алыварс — кæ мттæ, къæ дзæ хтæ æ мæ адæ гтæ. Йæ хæ дæ г та — лæ гъз æ мæ уæ рæ х. Зымæ г дзы лæ джы æ мбæ рц æ руары мит, рагуалдзæ г цъæ х-цъæ хидæ й сæ рттивынц йæ хуссæ рттæ. Сæ рд рæ сугъд сфæ лынды йæ хи алыхуызон дидинджытæ й. Гауызтау сæ вдисынц сæ хи парахат хизæ нтæ. Ардæ м хорз зынынц хæ хты цъуппытæ, арвгæ рæ ттæ. Ривæ ддон урс-урсид дары фысты дзугæ й. Мах Алхазимæ йæ иу кæ рон лæ ууæ м. Уый нæ хистæ р у. Æ дзухдæ р — æ нæ рынцой, æ нæ вдæ лон. Куы къуылых фысы къахимæ архайдзæ н — тæ нæ г къæ цæ лæ й йын æ нцæ йттæ амайдзæ н æ мæ йын æ й бæ тдзæ н, лыстæ г дуртæ й йын æ й сыгъдæ г кæ ндзæ н...

Изæ рыгон йæ алыварс амбырд вæ ййæ м. Таурæ гъ нын таурæ гъы фæ дыл райдайы.

Мах — Алхазы кæ стæ ртæ. Нæ иу — Дзасарбег. Къуыри иу хатт уæ ддæ р цуаны куынæ ауайа, Сагджыны рындзтыл куынæ азила, уæ д ын йæ цард ад нæ кæ ны. Цæ уы йыл дæ с æ мæ ссæ дз азы. Мæ нæ й æ мбис хистæ р у, Алхазæ й та æ мбис кæ стæ р. Ныр дæ р та Цегирайы цæ гæ ттæ м цуаны ацыд. Исты куы фехса, уæ д æ й мах æ нæ базонгæ нæ фæ уыдзыстæ м. Топпы гæ рæ хтæ ам дардмæ хъуысынц. Дæ лейæ, нæ мусонджы ’рдыгæ й хъуысы иннæ кæ стæ р, нæ бынатгæ с Солтаны зарæ г. Лæ ппу йæ хæ дæ г нæ зыны ардæ м, фæ лæ йын йæ зарæ г хæ ххон уадымс хæ ссы. Солтанимæ æ мгæ рттæ стæ м, уæ ддæ р фыййæ утты æ гъдæ уттæ м мæ нæ й дæ сныдæ р у. Уый тыххæ й йæ м хауы не ’хсæ н æ ртыккаг бынат.

Дзуджы иннæ кæ ронæ й, кæ рæ дзийы расурбасургæ нгæ, æ рбазгъорынц мæ кæ стæ ртæ — Сахан æ мæ Сослан. Æ з сын аивæ й æ мбарын кæ нын:

— Иучысыл ма уæ бынæ тты æ нцад æ рбадут! Нæ уынут, Алхаз цæ уылдæ р кæ й хъуыды кæ ны, уый?

— Æ мæ нын исты радзурдзæ н? Уæ д сбаддзыстæ м, — сæ цæ стытæ мæ м ныкъулынц, амонынц мын Алхазы ’рдæ м. Уый нын, æ нхъæ лдæ н, нæ ныхæ стæ хъусы. Махæ рдæ м нæ кæ сы, фæ лæ, цæ мæ дæ р гæ сгæ, йæ мидбылты худы.

— Зæ гъ-ма, Алим, хæ ддзургæ чиныгæ н... Кæ д та нын исты таурæ гъ радзурид.

Хæ ддзургæ чиныг мах Алхазы хонæ м. Æ з æ м кæ сын æ мæ мæ м мæ хъуыдытæ сдзурынц: цымæ цы уаиккам мах, Таркомы уæ тæ ргæ стæ, æ нæ Алхаз?

Тызмæ г ныхас никуы фехъуыстам нæ хистæ рæ й. Кæ й нæ йæ «къона» схоны, кæ мæ «мæ хур»-æ й сдзуры, кæ мæ н «дæ рынтæ бахæ рон» фæ зæ гъы, кæ й «дадайы карк» схоны. Дзых зæ рдæ йы дуар у, адæ ймагæ н йæ дзыхы ныхас йæ зæ рдæ йы уаг æ вдисæ г у. Кæ д азтæ сæ уæ ззау фæ дтæ лыстæ г ауæ дзтæ й ныууагътой Алхазы цæ сгомыл, уæ ддæ р ма æ рыгон у йæ зæ рдæ. Цæ рдæ г — йе уæ нгты змæ лд, рæ уæ г — йæ къæ хты айст, фæ лмæ н — йæ мидбылты бахудт. Мах йемæ кусынæ й никуы бафæ лладыстæ м, никуы йын бафсæ стыстæ м йæ таурæ гътæ м хъусынæ й.

Нæ хистæ р Саухъæ дты тъæ пæ нтæ й, æ рдузтæ й, рындзытæ æ мæ хизæ нтæ й кæ м нæ уыд, кæ й нæ зоны, ахæ м нæ й. Алкæ мæ н дæ р сæ сæ рмагонд ном ис. Сæ нæ мттимæ баст сты сæ хабæ рттæ. Бафæ рсут уыцы бынæ ттæ й алкæ цыйы тыххæ й дæ р Алхазы. Цæ мæ н хуыйнынц «Къауырейы хох», «Сагхъазæ н», «Тумары ком», «Æ хсырдуцæ н»? — æ мæ уын таурæ гъ таурæ гъы фæ стæ кæ ндзæ н.

Ам уал уын радзурон Алхазимæ фыццагдæ р куыд базонгæ стæ м.

Нæ хъæ у стыр у, цæ рджыты сегасы дæ зæ рдыл кæ м бадардзынæ. Æ з никуы федтон Алхазы, уæ вгæ йын йæ кой арæ х хъуыстон. Уый — колхозы фосгæ с — хъæ дæ й хъæ умæ арæ х не ’фтыдис. Æ з цыдтæ н скъоламæ.

Дæ сæ м кълас каст куы фæ дæ н, уæ д сфæ нд кодтон хъæ ууонхæ дзарадон институтмæ бацæ уын. Фæ лварæ нтæ лæ вæ рдтон механикон факультетмæ. Институтмæ бахауыны тыххæ й ссæ дз баллы хъуыди. Мæ нæ н та æ вддæ сæ й уæ лдæ р не схæ ццæ сты. Сæ йрагдæ р дзы цы предмет хъуыди — математикæ, уымæ й райстон æ ртæ.

Уæ лдæ р скъоламæ кæ й нæ бахаудтæ н, уый кой дæ р не скодтон. Фæ лæ адæ мæ й цы хъуамæ бамбæ хсай? Хабар суанг колхозы правленийы дæ р базыдтой. Иу сæ рдыгон райсом мæ м раджыгомау фæ сидтысты уырдæ м:

— Ды, Алим, æ вгъау дæ дзæ гъæ л бадт кæ нынæ н. Таркоммæ нын фыййауæ й ацу. Фæ смон нæ фæ кæ ндзынæ. Хæ ддзургæ чиныгимæ уæ тæ ры иучысыл куы ацæ рай, уæ д дæ дæ къах никæ дæ муал хæ сдзæ н. Хæ ддзургæ чиныг йæ хæ дæ г дæ р æ мбалæ н дæ хуызæ н лæ ппуты агуры. Уый дæ хорз фыййау, стæ й рæ вдз цуанон рауайын кæ ндзæ н. Иунæ г нæ уыдзынæ, ис ма йын кæ стæ р æ мбæ лттæ, — загъта колхозы сæ рдар Тамби æ мæ хиндзастæ й бахудт.

Уый уыди бæ рзонд, бæ зæ рхыгарæ зтытæ. Мæ хи æ мбарынхъом куы фæ дæ н, уæ дæ й нырмæ Тамби колхозы сæ рдарæ й кусы.

Зæ рдæ вæ рæ н ныхас мын кодта:

— Ды æ нхъæ лыс, Алим, æ мæ дæ æ з не ’мбарын? Æ мбарын. Гъе, фæ лæ фæ сивæ д се ’ппæ т æ нæ мæ нг институттæ м цæ уой, ахæ м закъон никуы ис. Дæ карæ нæ н бирæ гæ нæ нтæ ис. Равзар дæ хицæ н дæ сныйад æ мæ гъæ й кæ дæ фæ ндагыл!..

Мæ нмæ сæ рдары ныхæ стæ æ фхæ рæ гау фæ кастысты. Институтмæ фæ лварæ нтæ кæ й не сфæ рæ зтон, æ вæ ццæ гæ н мын уый мæ цæ стмæ дардта. Æ ндæ р мын цæ й хæ ддзургæ чиныджы кой кæ ны.

— Чи у уыцы хæ ддзургæ чиныг? — бафарстон æ й æ з.

Сæ рдар хъæ лдзæ гдæ рæ й бахудтис. Йе стыр хурсыгъд къухтæ мын ме уæ хсчытыл æ рæ вæ рдта, комкоммæ мын бакастис мæ цæ стытæ м:

— Алхаз у, Алхаз! Нæ колхозы уæ тæ ргæ сты хистæ р. Дæ с æ мæ дыууиссæ дз азы кæ сы йæ хи скъолайы. Хæ ддзургæ чиныг æ й хонынц. Цин кæ н, ахæ м ахуыргæ нæ гмæ дæ æ рвитæ м! Йемæ ма чи ис, уый зоныс? Нæ хъæ уы фидауц Дзасарбег!..

Тамби хъуыдыты аныгъуылд. Гом рудзынджы цурмæ бацыд æ мæ уырдыгæ й афæ лгæ сыд, йе ’ргом разылдта мæ нæ рдæ м æ мæ ныллæ г хъæ лæ сæ й загъта:

— Скæ с-ма сæ рдыгон хизæ нтæ м, цъититæ м. Сæ рибар цæ ргæ сты тæ хæ н бынæ ттæ, къæ лæ тсыкъа дзæ бидырты хъазæ н айнæ джытæ, æ рсыты лæ гæ ттæ. Æ хсæ рдзæ нты сæ р-сæ р... Сæ гъы æ хсыр зæ гъай, бæ зджын мисын дæ зæ рдæ бацагура... Дæ фос ривæ д куы кæ ной, уæ д дæ чиныг райс, уыйасдæ р кæ с... Демæ дæ чингуытæ, ахæ ссын ма ферох уæ д... Ахуыр фæ саууонмæ дæ р кæ нынц...

— Фæ саууонмæ ахуыр? — цымыдисæ й афарстон Тамбийы. — Æ з куы никæ мæ н ницы загътон...

— Ницы дзырдтай, фæ лæ йæ æ з базыдтон. Мæ хæ дæ г дæ р уырдæ м бацыдтæ н, фæ саууонмæ. Кæ д дæ фæ нды, ног хабар дын зæ гъдзынæ н.

— Ног хабар?

— Ды дæ гæ ххæ ттытæ балæ вæ рдтай механикон хайадмæ. Зæ рдæ дын бавæ рдтой, фæ лæ сæ м къамис ногæ й æ ркасти: математикæ йæ сæ бынтон рæ вдзытæ й кæ й нæ дæ, уый тыххæ й дæ аивтой зоотехникон хайадмæ. Мæ нæ дын дæ ног æ вдисæ ндар...

Сæ рдары къухæ й гæ ххæ ттæ райсгæ йæ, æ з джихæ й баззадтæ н. Куыд бирæ уарзтон уыцы факультет. Æ мæ дын ныр уый та механикæ!

— Уæ дæ мæ м уый тыххæ й фæ сидтæ? — æ нкъардæ й бафарстон Тамбийы.

— Нæ! Æ з дæ м фæ дзырдтон Таркоммæ ацæ уыны тыххæ й. Тынг дын феххуыс уыдзæ н фæ саууонмæ ахуыры... Чи зоны, искуы дын уый дæ зæ рды æ рæ фтауа исты наукон куыст ныффыссыны хъуыды. Цы худыс? Дæ с азы фæ ахуыр кодтай, ныр та басмуд иучысыл царды тымыгътæ м дæ р...

Сæ рдар ныр мемæ ныхас кодта æ мсæ р адæ ймагау, зæ рдæ бынæ й. Сæ рдары кабинетмæ иугай-дыгай цæ уын райдыдтой. Чи уыдысты, уый дзæ бæ х дæ р нæ раиртæ стон.

— Уæ дæ куыд? Цæ уыс Таркоммæ? — цæ хгæ р афарста Тамби.

Æ з куыддæ р æ рбатыхстæ н. Уыцы минут мын фæ стейæ чидæ р мæ хъусы æ рбадзырдта: «„Разы дæ н“ зæ гъ, Алим».

— Хъæ рдæ рæ й йын зæ гъ, хъæ рдæ рæ й, Солтан, науæ д нæ разы кæ ны, — райхъуыст кæ йдæ р ныхас. Æ з фæ стæ мæ фæ зылдтæ н. Мæ цуры ауыдтон ме ’мбал Солтаны. Йæ фарсмæ лæ ууыдысты Сахан æ мæ Сослан дæ р. Уыдон мæ м æ ртæ йæ дæ р цымыдисæ й кастысты. Сахан æ мæ Сослан ацы аз æ стæ м къласмæ бацыдысты. Æ вæ ццæ гæ н, сæ сæ рды улæ фты рæ стæ г уæ тæ ры арвитынвæ нд скодтой. Солтан æ вдæ мты онг скъоламæ мемæ фæ цыд, æ ртæ азы размæ ныууагъта йæ ахуыр. Уый æ рмарæ хст уыд, акуыста колхозы куырдтимæ, пълотниктимæ. Куыд фæ стæ мæ йæ йе ’рыгон зæ рдæ хæ ххон сæ рвæ ттæ м, фыййæ уттæ м ахаста. Æ з рагæ й нал федтон Солтаны. Уæ лдай хуызæ н нæ фæ ци. Асæ й — ныллæ г. Фæ лæ цыма йæ чысыл цъæ х цæ стытæ цыдæ р æ ндæ р æ рттивæ нтæ калдтой.

Куы ницы дзуапп лæ вæ рдтон, уæ д мæ м хæ стæ гдæ р æ рбалæ ууыд, мæ къух мын нылхъывта æ мæ мæ бæ сты дзуапп радта сæ рдарæ н:

— Тамби, Алим мемæ ацæ удзæ н Таркоммæ. Æ ццæ й нæ, Алим? — æ мæ мын мæ къахыл аивæ й æ рлæ ууыд.

Дзургæ ницы скодтон, уæ ддæ р, æ вæ ццæ гæ н, мæ бакастыл бæ рæ г уыд: Таркоммæ, Алхаз æ мæ Дзасарбеджы цурмæ цæ уынмæ цæ ттæ кæ й дæ н. Æ мæ мын мæ къух фæ ндарасты ист ракодта сæ рдар...

Солтанимæ фыццаг хатт Таркоммæ куы ссыдыстæ м, уæ дæ й нырмæ бирæ бонтæ рауадис. Иу æ мæ дыууæ хатты нæ азæ лыдысты бæ рзонд хæ хтæ нæ зарджытæ й, нæ уадындзты уастæ й, Дзасарбеджы топпы хъæ ртæ й... Мемæ цы æ нæ фыст тетрæ дтæ схастон, уыдон мæ се ’ппæ тдæ р бахъуыдысты: фыстон дзы нæ царды хабæ рттæ.

Чи цыфæ нды дзурæ д — æ з бауарзтон хæ хты астæ у фыййау цæ уын. Æ рбалæ уут-ма нæ фарсмæ Арсы хохмæ хæ стæ г Сагхъазæ ны бæ рзондыл... Дзуджы кæ ронмæ йæ хи æ руагъта Алхаз. Йæ худ йæ фарсмæ æ рæ вæ рдта, йæ зачъетæ адаудта. Мах æ ртæ йæ: æ з, Сослан æ мæ Сахан йæ цуры сбадтыстæ м. Ныр нæ м нæ мусонгæ й нал хъуысы Солтаны зарæ г. Айрох нæ ис Дзасарбег дæ р. Хъусæ м та Алхазы æ мбисонды радзырдтæ м.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.