Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Хъуынтыз. Хойы мысинæгтæ



Хъуынтыз

Иу зымæ гон хъызт боны та, райсомæ й изæ рмæ цуан фæ кæ ныны фæ стæ, æ з фæ ллад æ мæ афтид къухæ й цыдтæ н нæ уæ тæ рмæ. Арв æ мбæ хст уыд сау мигъæ й. Хуры цæ ст никуыцæ й зынди. Сахат та мæ м уæ вгæ нæ уыд. Цы афон уыдаид, нæ зонын. Фæ ндагыл мыл куы æ рталынг уа, уымæ й тарстæ н æ мæ тындзыдтон нæ мусонгмæ.

Мæ боны хæ тæ нтæ й изæ рæ й нæ химæ афтид къухæ й кæ й цыдтæ н, уымæ й фæ лмæ ст æ мæ æ нкъард уыдтæ н.

Хъæ ды арфæ й, нæ мусонг кæ м уыди, уыцы æ рдузмæ куы рахызтæ н, уæ дмæ бон дзæ бæ х раирд и. Мигътæ сæ хи кæ дæ мдæ рты айстой, æ мæ бæ лæ сты астæ уæ й хуры фæ стаг тынтæ дзæ бæ х æ рбакастысты. Бынатмæ здæ хынмæ ма æ гæ р раджы уыдис. Мæ зæ рдæ ма æ хсайдта æ рдузгæ рæ ттæ м — ацуан ма, зæ гъын, кæ нон. Фæ лæ мæ къæ хтæ мæ быны нал цыдысты. Æ мæ мæ фæ ллад уадзынмæ æ рдузгæ рон иу калд бæ ласы цонгыл мæ хи æ руагътон.

Изæ рон хуры тынтæ м æ хсызгонæ й тавтон мæ фæ ллад уæ нгтæ, зæ рдæ сæ рухс кодта. Мæ алывæ рсты цырддзастæ й хъахъхъæ дтон, цы нæ вæ ййы — сырд цуаноныл алкæ м дæ р æ рбамбæ лы.

Мæ цуры иу хъæ лдымæ г цъиу пæ ррæ стытæ кодта. Æ з ын мæ хордзенæ й кæ рдзыны муртæ систон, акалдтон ын сæ. Цъиуæ н йæ цъыбар-цъыбур ссыди. Йе ’мбæ лттæ йæ м фæ йнæ рдыгæ й æ ртахтысты. Æ мæ нартхоры кæ рдзыны муртæ æ мхуызонæ й уыгътой. Сæ минасæ й разы уыдысты. Æ з сæ м зæ рдæ дзæ бæ хæ н мæ цæ ст дардтон, кæ сынæ й сæ м не ’фсæ стæ н: цъиутæ дæ р уарзынц кæ рæ дзи, уыдонмæ дæ р ис лымæ ндзинад, — афтæ мæ м дзырдта мæ зæ рдæ.

Уыцы сахат æ виппайды мæ цæ стытыл цыдæ р сырды мыггаг ахъазыд. Мæ хъыримагмæ фæ лæ бурдтон, фæ гæ пп ластон мæ бынатæ й æ мæ æ рдузы иннæ кæ рон стыр бæ ласы бынмæ ныккастæ н. Цыма уым иу стыр бирæ гъ холы хордта, иннæ бирæ гътæ йæ м фæ рсæ рдыгæ й кастысты, афтæ мæ м зындысты. Ныхъхъавыдтæ н сæ м æ мæ топпы гæ рахæ й Сау хъæ ды кæ мттæ ныййазæ лыдысты.

Цы бæ ласы бынмæ фехстон, уырдыгæ й куыйты рæ йын куы ссыди, уæ д мæ зæ рдæ куыддæ р ауазал. Нæ уæ тæ ргæ сты куыйтæ! Цыдæ р холы хордтой бæ ласы бын. Кæ д сæ искæ й амардтон, зæ гъгæ, хорзау нал фæ дæ н. Мæ хордзен, кæ м бадтæ н, уым фæ уагътон, мæ хæ дæ г сæ цурмæ ныууадтæ н. Нæ мыг куыйтæ й никæ уыл суади.

Дисы куыннæ бацыдаин: фыййæ утты стырдæ р куыдз Хъуынтъыз хъуджы мардмæ дунейы куыйтæ й æ мгæ рон никæ й уагъта. Зыд каст æ м кодтой, хæ стæ г бацæ уын æ м ничи уæ ндыд. Иугыццыл сæ чи фæ ныфсджын вæ ййы, холымæ чи бацæ уы, ууыл æ васт Хъуынтъыз йæ хи андзары æ мæ йæ хъисхъис ссæ уы.

Хъуынтъызы иууыл уæ тæ ргæ стæ дæ р зыдтой: уый уыди цъæ х, мигъæ нгæ с, хъуынтъыз, фыд-зонд, фыд-зæ рдæ æ мæ мæ стыгæ р. Никæ уыл сахуыр, никуы никæ уыл бацин кодта. Йæ хи нæ фæ нды, зæ гъгæ, уæ д йæ бынатæ й ницы хуызы фезмæ лыдаид. Йæ хицауы коммæ дæ р дзæ бæ х нæ касти. Хосы мæ къуылыл куы схуыссыдаид, уæ д-иу ын уырдыгæ й атæ рыны амал нал уыди. Йæ цæ стытæ -иу ныдздзагъыр сты, йæ хæ мхуттæ -иу æ нахуыр зыр-зыр байдыдтой, йæ цыргъ ссыртæ -иу базыхъхъыр сты.

Куыйтæ йын зыдтой йæ дæ ндæ гты ахаст, тарстысты дзы, рызтысты дзы æ мæ йæ м бавналын нæ уæ ндыдысты.

Æ лдариуæ г та кодта Хъуынтъыз ацы ран дæ р. Æ з ноджы хæ стæ гдæ р бацыдтæ н куыйты цурмæ. Мæ маст рафыхтис: иунæ гæ й æ нæ хъæ н холы йæ быны скодта, авдæ й та йæ м фæ йнæ рдыгæ й кæ сынц! Æ з æ й асурынвæ нд скодтон. Фæ лæ мæ м Хъуынтъыз тугдзастæ й разылд, йæ холыйæ дзаг цыргъ æ фсæ ртæ мæ м равдыста. Æ фсæ рмы нæ, фæ лæ ма мыл йæ хи ныццæ вынмæ дæ р хъавыди.

Æ з фæ фæ смон кодтон, мæ хъыримаг мæ фæ лладуадзæ н бынаты кæ й фæ уагътон, ууыл. Нæ мæ м фæ ци лæ дзæ г дæ р. Фæ стæ мæ раздæ хтæ н. «Пыхсы иу хъил ракæ нон, æ мæ йæ уымæ й расурон», — зæ гъгæ, афæ нд кодтон. Фæ лæ æ виппайды иннæ куыйтæ сæ хи мидæ г куыддæ р базмæ лыдысты. Сæ иу уыди миты хуызæ н сæ нт урс, иннæ — сатæ г сау, къуда. Дыууæ куыдзы — бирæ гъхуыз, хъулæ ттæ, къуырд хъустæ сын: иу мады лæ ппынтау æ мхуызæ ттæ.

Уыдон уыдысты цалдæ р уæ тæ ры куыйтæ. Холыйы тæ фмæ æ рæ мбырд сты.

Æ гæ р куы катай кодтой, уæ д пыхсмæ хъил ракæ нынмæ нал ацыдтæ н, кæ сыныл сæ м фæ дæ н. Цыма цыдæ р уынаффæ тæ кодтой, сæ кæ рæ дзийы цыма æ мбæ рстой, афтæ мæ м зынди.

Цæ мæ дæ р гæ сгæ мæ цæ стытыл ахъазыдысты, чысыл раздæ р кæ рдзыны муртæ цы цъиутæ н акалдтон, уыдон. Иу цъиу дзы иннæ ты хæ рынмæ хуыдта, цъыбар-цъыбурæ й сæ м сидтис. Ам та иу куыдз — авды холымæ нæ уадзы...

Æ мæ мæ нæ æ васт къуда сау куыдз иннæ тыл радыгай азылди. Ацинтæ сыл кодта, цыма сын исты дзырдта, цыдæ р сын амыдта. Цыма йын йæ фæ ндон иннæ тæ дæ р бамбæ рстой, уыйау йæ алыварс æ рзылдысты.

Хъуынтъыз йæ хæ рын нæ ныууагъта, стæ м хатт-иу йæ сæ р разылдта, цыма гуырысхо фæ ци.

Уалынмæ къорды астæ уæ й къуда куыдз стъæ лфæ гау фесхъиудта, йæ хи уыцы иу скъæ рд бакодта Хъуынтъызыл, йæ сынæ гæ й йæ ныццæ вынмæ хъавыди, фæ лæ уый йæ хи фæ тылиф ласта. Къуда æ гæ р размæ уад фæ ци. Хъуынтъыз æ м чъылдымæ рдыгæ й фæ лæ бурдта. Къуда фæ стæ мæ фæ зылд. Сæ фæ стæ гтыл слæ ууыдысты æ мæ фæ ныхæ й-ныхмæ, фæ хъуырæ й-хъуырмæ сты.

Холыхор йе стыр ссыртæ й къудайы хурх ацахсынмæ хъавыд, фæ лæ йæ м уæ дмæ фæ лæ бурдтой дыууæ урс куыдзы. Сæ хи йыл бауагътой бирæ гъхуызтæ дæ р. Йæ хъустæ, йæ къабæ зтæ м ын лæ бурдтой, фæ йнæ рдæ м-иу æ й айвæ зтой.

Нæ, къуда дæ р афтæ æ дых нæ разынд, йæ хи састы бынаты нæ уагъта. Пуртийау фесхъиудта Хъуынтъызы бынæ й æ мæ йыл йæ хи ныццавта. Иуахæ мы Хъуынтъыз йæ быны фæ ци. Иннæ куыйтæ дæ р уæ д ныфсджындæ рæ й сæ хи бакалдтой. Тонынтæ йæ байдыдтой. Дыууæ урс куыдзы йын йæ фæ стаг къабæ зтыл фæ хæ ст сты. Бирæ гъхуызтæ та йæ м разæ рдыгæ й лæ бурдтой, аныхъуырынмæ йæ хъавыдысты.

Æ з бирæ хæ ттыты федтон куыйтæ хылгæ нгæ. Лæ ппу ма куы уыдтæ н, уæ д-иу сæ кæ рæ дзиуыл дæ р сардыдтон. Фæ лæ уæ ды онг ахæ м карз хыл никуыма федтон.

Мæ хи нал баурæ дтон, бауадтæ н сæ м. Хъуынтъызы баиргъæ втон. Уый ма йæ къæ хтыл тыххæ й лæ ууыд, тугæ рхæ мттæ йæ бакодтой. Тæ рсгæ -ризгæ йæ, мæ къæ хты бын æ рхуыссыд. Йæ хъæ дгæ мттæ йе ’взагæ й сдæ рдта.

Æ з куыйты асырдтон, уый та мемæ мусонгмæ ахуыдтон.

Фæ стæ мæ мæ дзаумæ тты цурмæ æ рбаздæ хтæ н.

Хур йæ был фæ цавта хохы фæ стæ, йæ фæ стаг тынтæ ма нывæ зта бæ лæ стæ æ мæ æ рдузыл. Сырддонцъиуты бал ма ныр дæ р мæ хордзены раз пæ ррæ стытæ кодтой. Æ з ма сын ноджыдæ р акалдтон кæ рдзыны муртæ. Уыдон сæ лымæ нæ й, хъæ лдзæ гæ й уыгътой.

Мæ хордзен ме ’фцæ гыл æ рæ фтыдтон. Иу хатт ма ахъахъхъæ дтон Хъуынтъызы. Фæ лæ уый никуыцæ йуал разынд.

Хойы мысинæ гтæ

Хурыскæ сæ н Сыбыры центр Иркутскмæ бахæ ццæ стæ м сæ умæ райсом. Мæ цæ ст ахастон горæ тыл. Стыр агъуыстыты рудзгуыты æ вгтæ хуры тынтæ м тæ мæ нтæ калдтой. Мæ зæ рдыл æ виппайды æ рбалæ ууыд мæ скуыйаг ацæ ргæ профессор, фыссæ г Степан Петрович Днепровский. Уымæ н æ рæ джы рацыд йæ чиныг: «Дæ лвæ зты æ мæ хæ хты». 1913 азæ й нырмæ у партион. 1917–1919 азты цардис æ мæ куыста Забайкалы, Читайы, стæ й ам — Иркутскы дæ р. Йæ чиныджы дæ р равдыста уыцы рæ стæ джы хæ сты цаутæ — Дард Хурыскæ сæ н æ мæ Сыбыры горæ тты.

Мæ нæ н Мæ скуыйы уыимæ мæ сæ мбæ лд тынгдæ р уыдис Ирыстоны æ хсарджын фырт Гетъоты Хаджи-Омары тыххæ й. Уый Сыбырмæ хаст уыд революцийы агъоммæ. Уым тох кодта граждайнаг хæ сты рæ стæ джы урсыты ныхмæ. Уыдоны къухæ й фæ мардис хъæ батырæ й. Зындгонд кусæ гыл нымад уыд. Кæ д æ й, зæ гъын, мыййаг, ацы профессор зыдта, науæ д æ м, зæ гъын, ме ’мбæ стаджы цардыл чи дзуры, кæ д исты ахæ м æ рмæ г ис.

Профессоримæ зæ рдæ бынæ й фæ ныхас кодтам. Сыбыры ’рдæ м командировкæ йы цæ уын, уый куы базыдта, уæ д мын адристæ радта. Йæ зонгæ тæ й кæ мæ дæ рты фысгæ дæ р ныккодта.

Ныр ын йæ писмотæ й иу систон, йæ адрисмæ йын æ ркастæ н: «Иркутск, Набережная, 64, 4, Кирилова Зоя Ивановна». Мæ зæ рдыл æ рлæ ууыди зæ ронд профессоры фæ дзæ хст: «Тынг хорз адæ ймаг у Зоя Ивановнæ. Пенсийы ацыд. Йе ’фсымæ р Иван уыди граждайнаг хæ сты зындгонддæ р комиссартæ й иу. 1918 азы йæ атаман Семеновы бандæ амардтой. Йæ кæ стæ р æ фсымæ р Советон Цæ дисы герой, хъæ батырæ й фæ марди немыцаг фашистты къухæ й. Хæ рзконд, хæ дæ фсарм æ фсымæ ртæ уыдысты! Ахæ м у сæ хо Зоя йæ хæ дæ г дæ р. Æ нæ фенгæ -иу æ й ма фæ у. Хъуамæ дын исты æ рмæ г радта де ’мбæ стаджы тыххæ й».

Зоя Ивановнæ мыл бацин кодта рагон зонгæ йау.

— Фæ ллад уыдзынæ. Æ фсæ рмы ма кæ н. Мах — сыбирæ гтæ дæ р кавказæ гты хуызæ н уазæ гуарзон стæ м... Тынг æ хсызгон мын у, мæ мæ скуыйаг хæ ларимæ зонгæ кæ й дæ, уый. Растзæ рдæ адæ ймаг у. Фыдæ бонтæ н у, бирæ йын бантысти...

Фыссæ н стъолыл мын мæ цуры æ рæ вæ рдта ног газеттæ. Уым цавæ рдæ р къухфыстытæ машинкæ йæ мыхуыргондæ й æ мæ бæ зджын альбом бирæ алыхуызон къамтимæ.

— Истæ мæ ты уал æ ркæ с. Мæ нæ уый уыд мæ иу æ фсымæ р, уый та — иннæ. Æ з ныртæ ккæ, мæ хур! — сылгоймаг цæ лгæ нæ ны ’рдæ м фæ зылди...

Æ з къамтæ м æ ркæ стытæ кодтон. Сыбираг партизан æ мæ Фыдыбæ стæ йы Стыр хæ сты герой уæ лдай аивдæ р зындысты æ нæ хъæ н альбомы. Сæ хо сæ иннæ къамты æ хсæ н уæ лдай буцдæ р дардта, стыр сæ систа.

Сыстадтæ н мæ бынатæ й. Гом рудзынгæ й мæ цæ ст ахастон диссаджы рæ сугъд дон Ангарайыл.

Сыбираг горæ ты æ нувыд уырыссаг сылгоймаджы хæ дзар мæ м хи хæ дзарау фæ касти. Йæ хуымæ тæ г цæ стæ нгас, йæ зæ рдæ бын ныхæ стæ мын мады хъарм æ мæ сыгъдæ г цинтау уыдысты. Афтæ мæ м фæ каст, цыма ныртæ ккæ нæ химæ, Ирыстоны дæ н. Мæ нæ Хидгæ рон уынг. Уæ ладзыгæ й кæ сын æ нусон Теркмæ. Хъуысынц мæ м йæ зарджытæ... Нæ фæ лладуадзæ н парк... Хи найæ г сывæ ллæ тты хъæ лдзæ г цъыбар-цъыбур... Æ з улæ фын хæ ххон сыгъдæ г уæ лдæ ф. Уадымс мын хъазы мæ халасдзагъд сæ рыхъуынтæ й...

Рæ сугъд у, тынг рæ сугъд Ангара!.. Терчы хуызæ н уазал. Рæ сугъд æ мæ аив — йы донбылтæ. Рæ сугъд сты егъау æ мæ райдзаст рагон горæ т Иркутскæ н йæ ног æ мæ бæ рзонд агъуыстытæ, уæ рæ х, парахат æ мæ даргъ — йæ ног уынгтæ... Ацы горæ ты бынаты, Иркутскы сакъадахы чысыл уæ тæ ргонды фыццагдæ р цæ рджытæ фæ зындис 1652 азы. 1661 азы Ангарайы рахиз фарс уыцы уæ тæ ры бæ сты сарæ зтой ахæ стон. Ахæ стоны бынат ныр бæ рæ г нал у. Ам ныр тæ мæ нтæ калы сывæ ллæ тты парк. Рудзынгæ й мæ м дзæ бæ х зыны, кæ сынæ й йæ м не ’фсæ дын...

Рудзынг ноджы тынгдæ р айтыгътон, мæ хæ дæ г стъолы цур бандоныл мæ хи æ руагътон. Газетыл мæ цæ ст ахастон. Стæ й та фæ комкоммæ дæ н машинкæ йæ фыст гæ ххæ тты сыфтæ м. Фысты сæ ргонд мæ хинымæ р бакастæ н: «Хойы мысинæ гтæ ». Кæ д не ’мбæ лд, æ нæ бафæ рсгæ йæ аив нæ уыд сæ райсын, уæ ддæ р мæ хи нал баурæ дтон. Нал сæ м фæ лæ ууыдтæ н. Кæ сын сæ райдыдтон...

1919 аз. Сыбыр. Нерченск. Майы мæ й. Рæ сугъд уалдзыгон изæ р. Æ нцад у тайга. Хур йæ ныгуылæ ны йæ хи æ ххæ стæ й нæ ма æ рæ мбæ хста. Йæ зæ рин тынтæ ма фæ лурсæ й уафы. Мæ ргъты зарджытæ ма хатгай райхъуысынц хъæ дæ й. Урс бæ рзыты сыфтæ ртæ й, бурбын, даргъ æ мæ лæ гъз нæ зыты хихтæ й дзæ бæ х хъазы уадымс. Сæ сусæ г сыбар-сыбур мын æ нахуыр рыстæ й агайы мæ зæ рдæ... Уалдзæ г адæ ймагæ н цин æ мæ ныфс æ рхæ ссы, уæ лдайдæ р та мæ цахъхъæ н чызгæ н. Цæ уы мыл æ рмæ стдæ р æ стдæ с азы. Фæ лæ никæ й уырны, уыйбæ рц мыл цæ уы, уый... Æ ртындæ с-цыппæ рдæ саздзыд мæ фæ хонынц.

Нæ фыд мæ м, мæ гыццыл чызг, зæ гъгæ, фæ дзуры. Ме ’фсымæ р Иван та мæ хоны «мæ чысыл хо». Иу рухсы цъыртт мæ зæ рдæ мæ нæ кæ сы. Мæ фыд æ мæ ме ’фсымæ р нæ химæ не сты: баба куыстагур ацыд Черновскы хæ знакъахæ нтæ м. Ваня — ахст у. Æ з баззадтæ н иунæ гæ й нанаимæ. Бирæ уарзын мæ фыдымады, мæ нанайы. Арæ х мæ æ рбакæ ны йæ хъæ бысы. Чысылæ й мæ буцхаст скодта... Фæ лæ йын ныр æ гæ р тæ рсын йæ хъарджытæ й. Иунæ гæ й аззад — йæ цæ ссыгтæ й йæ хи фехсы. Мæ нæ й сæ фембæ хсы. Æ з æ й æ мбарын: тæ рсы исты уæ ззау хабар фехъусынæ й. Кувы, цæ мæ й нæ стыр хуыцау бахиза фыдбылызæ й. Æ з тынг æ нхъæ лмæ кæ сын ме ’фсымæ ры фæ зындмæ. Уырны мæ: хъæ лдзæ гæ й иу ранмæ æ рæ мбырд уыдзысты нæ бинонтæ, хур та ныл ногæ й ракæ сдзæ н. Фæ лæ уæ ддæ р тæ рсын æ з дæ р фыдбылызæ й. Ацы изæ р мæ бæ ллицтæ куы фæ мæ нг уой, мæ фæ ндтæ мæ хъуыры куы фæ бадой. Æ мæ мæ хинымæ р дзурын, фæ змын æ з дæ р зæ ронды ныхæ стæ: «О, дунейы фарн, бахиз нæ фыдбылызæ й! ».

Нæ кæ рты æ виппайды æ рбалæ ууыд æ нахуыр æ нæ зонгæ лæ ппулæ г. Нæ нын йæ мыггаг бацамыдта, нæ йæ ном. Æ рмæ ст нын æ нкъардæ й бамбарын кодта:

— Уæ лæ ппу — Иваны уын фæ ласынц Макковеевы станцæ мæ — æ хсыны тæ рхон кæ мæ н ис, уыцы большевикты комиссартимæ иу вагоны. Кæ д ын уæ бон истæ мæ й феххуыс кæ нын у... Сæ хæ дæ г мын фæ дзæ хстой, цæ мæ й уын хабар фехъусын кæ нон... — загъта æ мæ ацыдис. Мæ нæ н мæ цæ стытæ атартæ сты. Нанайæ н йæ уæ рджытæ йæ быны нал цыдысты... Нæ фыдмæ фæ цыдтæ н фæ дисы, иумæ фæ хæ ццæ стæ м Макковеевкæ мæ.

Вагзалы платформæ ты къух бакæ нæ н нæ уыд поездтæ й. Уыдон хуыдтой «Смертникты вагæ ттæ ». Урс бандæ тæ ардæ м æ рластой, сæ къухмæ чи бахаудта, уыцы большевикты разамонджыты, партизанты. Ахæ стыты хъахъхъæ дтой атаман Семеновы бандиттæ. Хъахъхъæ нджытæ уыдысты бæ хджын æ мæ фистæ г æ фсæ ддонтæ, фæ сарæ йнæ гтæ, сæ цуры цæ ттæ йæ лæ ууыдысты броневиктæ...

Вагзалы стыр залтæ й иу йе дзаг бацис сылгоймæ гтæ й, æ нахъом сывæ ллæ ттæ й, марыны тæ рхон хаст кæ мæ н æ рцыдис, уыдоны хæ стæ джытæ й. Уыцы адæ мимæ баиу стæ м мах дæ р.

Адæ м фæ йнæ хуызы ныхас кæ нынц:

— Ардыгæ й дарддæ р сæ нал аласдзысты!..

— Абон сæ фехсдзысты!..

— Нæ! Райсом!

— Бирæ æ хца бафидын кæ й бон у, уыдоны суæ гъд кæ ндзысты.

— Сусæ гæ й сæ æ хсдзысты?

— Нæ, адæ м дæ р сæ м кæ сдзысты.

— Адæ мы уымæ й фæ тæ рсын кæ нынмæ хъавынц.

Утæ ппæ т ныхæ стæ хъæ рзæ гау хъуыстысты адæ мы æ хсæ нæ й. Иу ран къуымы бадтысты дыууæ сылгоймаджы. Сæ каст мæ м скодтой. Цыма мæ зонынц. Цыма сæ мæ хæ дæ г дæ р кæ мдæ р федтон...

Устытæ й иу фестадис. Йæ уæ рæ х æ рвхуыз цæ стытæ адæ мыл аивæ й ахаста. Стæ й комкоммæ мæ нмæ æ рбацыд. Сусæ гæ й мæ афарста:

— Дæ уæ н дæ р де ’фсымæ р ахст у, нæ?

— О.

— Ам иу лæ ппу æ рдæ бонсарæ й цыма дæ у агуры. Кæ д истæ мæ й феххуыс кæ нид!..

Æ з сæ ныр фæ хъуыды кодтон — зындгонд комиссартæ Балябин æ мæ Богомяковы æ фсинтæ сты... Ау, адоны бон дæ р ницы у. Фæ лæ устытæ сæ хи нæ хъæ р кæ нынц. Урсытæ сæ куы базоной, уæ д сæ сæ лæ гтимæ иумæ фехсдзысты... Къуымы ногæ й сæ хи сæ дзаумæ ттыл æ руагътой. Мæ н дæ р сæ цуры бадын кæ нынц... Мæ нæ мæ фыд иу лæ ппуимæ æ рбацыд. Иучысыл абадтысты къуымы. Лæ ппуйыл фæ ззыгон палто.

— Уый мын большевикты комиссартæ й иу балæ вар кодта. Уыдонимæ ахст уыдтæ н æ з дæ р. Фæ лæ æ з сраст дæ н æ мæ мæ рауагътой. Сæ разæ й рацыдтæ н, комиссар мын ме уæ хскыл йæ къух авæ рдта. Загъта: «Мах нал хъæ уынц палтотæ. Нæ хъысмæ т лыг у... Куы ацæ уай, уæ д нын-иу нæ хæ стæ джытæ й искæ й фен... Хабар сын-иу зæ гъ. Кæ д сæ бон исты уа, уæ д... » Ноджы ма нын бамбарын кодта уыцы лæ ппу, изæ ры, дам, ахæ стытæ й искæ йты донхæ ссынмæ ракæ ндзысты станцæ мæ. Уæ цæ ст, дам сæ м-иу фæ дарут, кæ д сæ хъахъхъæ нджытæ цыфæ нды карз сты, уæ ддæ р уын сæ бон кæ д исты зæ гъын бауид...

Лæ ппу ацыдис нæ цурæ й. Мах сагъдауæ й баззадыстæ м... Æ хца нæ никæ мæ уыдис. Нæ фыд, мæ гуыр, йæ хъæ здыг хæ стæ джытæ м бахатыдта, фæ лæ уыдон не знæ гты фарс уыдысты. Æ ниу нæ м æ хца куы уыдаид, уæ ддæ р сæ м æ й раттын чи бауæ ндыдаид...

Нæ фыд лæ ппуйы фæ дыл сусæ гæ й тайгайы ’рдæ м ацыд. Мах уым ныууагъта.

Уыцы æ хсæ в ныл тыхтæ -амæ лттæ й аивгъуыдта. Дыккаг бон мæ фыд фæ стæ мæ фæ зынди фæ ллад æ мæ хуыссæ гхъуагæ й. Балябины усы æ мæ мæ н кæ уылдæ рты бахуыдта, поезд кæ м лæ ууыд, уырдæ м. Рагъамад шпалæ ты фæ стæ нæ хи æ рæ мбæ хстам. Кæ уындзаст æ мæ æ ндзыгæ й бирæ фæ бадтыстæ м. Æ рæ джиау бафиппайдтам, Балябины вагонæ й куыд ракодтой, уый. Хъахъхъæ нджытæ йæ алыварс æ рзылдысты. Махмæ æ рбаввахс сты. Чи зоны, кæ д нæ ауыдта. Йæ къух ауыгъта. Йæ ус йæ хи нал баурæ дта. Агæ пп ласта. Æ рдиаггæ нгæ йæ м азгъордта. Стæ й рельсытыл æ рхаудта. Йæ дзыккутæ тыдта, йæ хи хоста. Бæ стæ хъæ р æ мæ æ рдиаг сси: кæ цæ йдæ р рагæ ппытæ кодтой афицертæ, салдæ ттæ. Топпытæ нæ м фæ дардтой. Сæ разæ й нæ атардтой вагзалмæ. Мæ фыд йæ сæ рыл сдзырдта, нæ хи цæ мæ йдæ рты сраст кодтам...

О, уалдзыгон ирд бон уыд уæ д. Фæ лæ мæ нмæ зымæ гон хъызт бонæ й уазалдæ р касти. Дидинджытæ, бæ лæ стæ дæ р мæ м æ рдæ гмард æ мæ фæ лвых кастысты. Урс афицертæ æ рратау фæ йнæ рдæ м згъордтой. Цæ уылдæ р мæ стæ й мардысты. Сæ фылдæ р уыдысты расыг, сæ сырх цæ стытæ, сæ рæ сыд цæ сгæ мттæ — æ нæ уынон. Вагæ тты къултыл ауыгъд уыдысты мæ лæ тхæ ссæ г эмблемæ тæ: сæ рыкъуыдыр æ мæ стджытæ...

Изæ рæ рдæ м станцæ йы адæ м сæ хи мидæ г æ нахуыр тарстхуызæ й базмæ лыдысты. Мæ хъустыл ауади хъадаманты зæ лланг, хъæ лæ ба. Мæ нæ ракæ нынц ахæ стыты... Уыдонимæ ис ме ’фсымæ р Ваня дæ р, йе ’мбæ лттæ дæ р. Æ з сæ м хæ стæ гдæ р бацыдтæ н... Абон дæ р ма мæ цæ стытыл ауайынц сæ мæ рдвæ лурс цæ сгæ мттæ. Мæ зынаргъ æ фсымæ р! Æ нæ худгæ йæ мæ м дзурын, кæ сын чи никуы зыдта. Мæ хи Ваня!.. Ныр уымæ н дæ р йæ хуыз уыд æ гъатыр, мæ стæ йдзаг æ мæ ныфсхаст. Тагъд-тагъд йæ цæ ст ахаста адæ мыл... Агуырдта йæ фыд æ мæ йæ хойы.

Федта нæ æ ви нæ, нæ зонын. Мæ цæ стытæ донæ й се дзаг уыдысты. Дзæ бæ х ын нæ раиртæ стон йæ цæ стæ нгас. Æ з фæ кастæ н мæ фыдмæ дæ р. Æ мбæ рстон ын йе стыр хъыг, сау калм ын кæ й æ ууылдта йæ зæ рдæ: йæ хъæ бул, йæ уарзон хъæ булы йын йæ цæ сты раз фæ кæ нынц марынмæ!.. Ныр дадайы ноджы тынгдæ р бауырндзæ н йæ фырты, йæ кæ стæ рты рæ стдзинад, цæ й сæ раппонд цæ уы мæ лæ тмæ... Мæ нмæ гæ сгæ мæ фыды тыххæ й уыцы сахат афтæ хъуыды кодта ме ’фсымæ р йæ хæ дæ г дæ р... Хъæ лдзæ гхуыз æ мæ рухс уыд Георги Богомаковы[2] цæ сгом. Уый, мидбылты худгæ йæ, цыдæ р дзырдта, цыдæ р амыдта ме ’фсымæ рæ н, фæ лæ йæ м Ваня нæ хъуыста. Иучысыл ауыдтон Балябины цæ сгом дæ р. Уый цыди сæ рбæ рзондæ й, размæ, дард кæ дæ мдæ р касти...

Марджытæ ахст адæ мы тагъд-тагъд бакодтой броневикмæ. Уый фæ раст ис станцæ йæ — хурыскæ сæ нæ рдæ м.

— Æ хсынмæ сæ фæ кæ нынц.

— Тугцъиртæ...

— Æ наккаг лæ гмартæ!

— Нал, никуыуал сæ фендзыстæ м, — мæ хъустыл уайынц адæ мы кæ уын хъæ лæ стæ.

Хорз нал хъуыды кæ нын, дарддæ р цы ’рцыдис, уый. Ныр дæ р мæ м, мæ йдар æ хсæ вæ й хъуысæ гау, æ рбайхъуысы хъадаманты уæ ззау зæ лланг. Салдæ ттæ æ мæ афицертæ адæ мы схуыстытæ гæ нгæ фæ стæ мæ станцæ мæ тæ рынц... Мæ нæ й куыддæ ртæ й фæ хицæ ни мæ фыд. Чидæ р мын рæ вдауæ гау æ рхæ цыд мæ къухыл, бахуыдта мæ вагзалы цур чысыл паркгондмæ, бандоныл мæ сбадын кодта. Цас рæ стæ г рацыдис? Минуттæ æ ви сахæ ттæ, нæ зонын. Цыма рæ стæ г йæ цæ уынæ й банцад...

Мæ уарзон æ фсымæ р Ваня! Хæ рз æ рыгон ма уыд! Царды зындзинад æ мæ фыдæ бон йеддæ мæ ницы федта. Цы хъуыды кодта уыцы уæ ззау сахат? Разы уыд йæ фæ ндагæ й? Кæ й ном ма сдзырдта фæ стаг хатт — йæ ныййарæ г мады, йæ уарзон чызджы?..

Мæ тар хъуыдытæ æ рбаскъуыдысты. Кæ йдæ р фæ лмæ н къухтæ мын адаудтой мæ сæ рыхъуынтæ. Фæ стæ мæ азылдтæ н. Уый уыд, дыууиссæ дз азы кæ уыл цыд, ахæ м лæ г. Йæ уæ лæ — хæ стон дарæ с, æ нæ исты нысантимæ. Йæ цæ сгом ын нал хъуыды кæ нын, фæ лæ уырыссаг кæ й нæ уыд, уый йæ ныхасæ й базыдтон. Бафарста мæ: «Ды Кирилова Зоя нæ дæ? » О, зæ гъгæ, мæ сæ р батылдтон. Уый мын лæ мбынæ г радзырдта, ме ’фсымæ р æ мæ иннæ ахæ стытæ йе ’мбæ лттæ кæ й уыдысты.

Хæ рз æ рæ джы дæ р ма семæ кæ й ныхас кодта. Бирæ ты дзы мæ лæ тæ й кæ й фервæ зын кодта, иннæ ты туг кæ й райсдзысты сæ марджытæ й. «Ваня дæ уæ н фæ дзæ хста, цæ мæ й ды уæ ндонæ й цардмæ дæ къах бавæ рай! »

Уый фæ стæ ма йæ ныхæ стыл бафтыдта: «Не ’мбæ лттæ, не ’фсымæ ртæ — революцийы хъæ батыр салдæ ттæ — сæ цард нывондæ н æ рхастой ног царды сæ раппонд. Никуы сæ ферох кæ ндзыстæ м! Ды та, нæ хо, фидар лæ уу! »

Фестадис. Йæ сæ рæ й мын ныллæ г акуывта. Ацыд. Уый фæ стæ йæ никуал федтон.

Мæ фыд мæ цурмæ æ рбацыд... О, йæ сæ р халас адардта! Иу бонмæ! Иу сахатмæ! Загъта: цом, Зоинькæ... Броневик фæ стæ мæ æ рбаздæ хт... марджытимæ...

Уыцы бон ныккалдис нæ адæ мы хуыздæ рты туг... Уый хуымæ тæ джы нæ уыд. Абон нæ бæ стыл хур кæ сы, цард дзы æ хсиды! Ам немæ сты нæ цытджын æ фсымæ рты сурæ ттæ дæ р...

***

Хæ дзары æ фсин дзаг тæ бæ гътимæ æ рбахызтис. Стъолыл сæ æ рæ вæ рдта. Æ з фефсæ рмы дæ н:

— Бахатыр кæ, Зоя Ивановнæ! Кæ д не ’мбæ лд, уæ ддæ р... Бакастæ н дын дæ къухфыст...

— Цæ мæ н зæ гъыс. Ницы кæ ны... Æ гайтма йæ бакастæ! — загъта уый, фенкъарддæ р, ныуулæ фыд æ мæ ма йæ ныхæ стыл бафтыдта, — кæ д дын истæ мæ н фæ пайда уыдзысты мæ мысинæ гтæ, уæ д табуафси. Ратдзынæ н дын сæ. Зоныс, æ рдæ бонсарæ й цæ уыл хъуыды кæ нын... Цымæ чи уыдаид уыцы лæ г?.. Хæ стон дарæ сджын?.. Фæ лмæ н ныхæ стæ й мын зæ рдæ тæ чи бавæ рдта?.. Кæ д, зæ гъын, де ’мбæ стаг... кæ мæ й мæ фæ рсынмæ хъавыдтæ, уый уыди? Ам куы куыста... Хаджи-Омарæ й, зæ гъын...

Мæ фысымы уыцы ныхæ стæ й мæ зæ рдæ куыддæ р стæ лфыд. Ног хъуыдытыл мæ бафтыдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.