Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





28 СÆР. ХЪАЗТ ÆМÆ ЙÆ АРХАЙДЖЫТÆ



Мистер Пенделтон дыккаг цыд куы ’рбакодта, уымæ й бирæ рæ стæ г нæ ма рацыд, афтæ Харрингтонты хæ дзармæ ’рбацыди Милли Сноу. Раздæ р сæ м никуыма уыди. Мисс Полли уазджыты уатмæ куы ’рцыд, уæ д чызг йæ бынатæ й фестад æ мæ фырæ фсæ рмæ й асырх ис.

— Æ з... Æ з æ рбацыдтæ н, Поллианнæ куыд у, уый базонынмæ, — къуыхцытæ гæ нгæ сдзырдта Милли.

— Бузныг де ’рхъуыдыйæ. Йæ уавæ р нæ аивта. Дæ мад та куыд у? — бафарста мисс Полли.

— Æ з дæ р дын уый зæ гъынмæ хъавыдтæ н... æ мæ дæ курын, цæ мæ й йæ Поллианнæ йæ н фехъусын кæ най, — тагъд-тагъд дзырдта чызг. — Уый ахæ м æ вирхъау... гыццыл чызгæ н йæ бон цæ уын кæ й нал суыдзæ н, уый тынг æ вирхъау хабар у. Æ мæ уый махæ н... ома, мæ мадæ н кæ й бакодта, уыдæ тты фæ стæ. Хъазтæ й йæ хъазын сахуыр кодта... стæ й æ нæ уи дæ р. Æ мæ ныр, йæ хи бон хъазын кæ й нал у, уый куы фехъуыстам... Мæ гуырæ г! Ахæ м фыдбылыз ыл куыд æ рцыди, уый не ’мбарын... Фæ лæ нын цы дзырдта, уыдон иууылдæ р нæ зæ рдыл куы ’рлæ ууыдысты, уæ д мах ахъуыды кодтам: цас хæ рзтæ нын сарæ зта, уый куы базонид, уæ д, чи зоны, йæ хицæ н дæ р фенцондæ р уаид... ома йæ хи уавæ ры... хъазын, ома. Уæ д йæ бон иучысыл уæ ддæ р уаид... цин кæ нын. — Чызг фæ хъус, цыма, мисс Полли кæ д сдзурдзæ н, уымæ ’нхъæ лмæ касти, уыйау.

Мисс Полли æ нцад бадтис æ мæ йæ м хъуыста, йæ цæ стæ нгасы зынди фарст. Цы фехъуыста, уыдонæ н се ’мбисæ й фылдæ р нæ бамбæ рста, æ мæ хъуыды кодта: Милли Сноу æ м алкæ ддæ р цыдæ р æ нахуыр касти, фæ лæ сæ рцух кæ й у, уый æ нхъæ л нæ уыд. Æ ндæ р ма уæ дæ куыд бамбарæ н уыд уыцы æ нæ рхъуыды æ мæ æ нæ зонд ныхæ стæ н. Дзæ вгар рæ стæ г хъыпп-сыпп куы нæ райхъуыст, уæ д сабырæ й загъта:

— Милли, дзæ бæ х дæ нæ бамбæ рстон, мæ нмæ гæ сгæ. Мæ хæ рæ фыртæ н мын бæ лвырд цы зæ гъынмæ хъавыс?

— Мæ н фæ нды, цæ мæ й йын зæ гъай, — тæ вдæ й ацахаста чызг ныхас, — цæ мæ й йын, цы нын сарæ зта, уый бамбарын кæ най. Уый æ нæ мæ нг зоны цыдæ ртæ, уымæ н æ мæ -иу нæ м уыдис, æ мæ, мамæ куыд аивта, уый федта. Фæ лæ мæ н фæ нды, цæ мæ й йæ зона, мамæ куыд тынг аивта... стæ й æ з дæ р. Æ з дæ р ныр бынтон æ ндæ рхуызон сдæ н. Æ з дæ р фæ лварын хъазын... иучысыл.

Мисс Полли йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта. Бафæ рсынмæ хъавыд Миллийы, хъазты кой кæ нгæ йæ, цы зæ гъынмæ хъавыд, уымæ й, фæ лæ йын нæ бантысти, уымæ н æ мæ та чызг ногæ й тыхстхуызæ й дзурын райдыдта:

— Куы йæ зоныс, мамæ алцæ мæ й дæ р хъаст кæ й кодта, уый. Алы хатт дæ р æ й фæ ндыди, цæ мæ й алцыдæ р, цыхуызæ н у, ахæ м ма уа. Æ мæ раст куы зæ гъон, уæ д æ й нæ зонын, йæ уавæ ры йæ уый тыххæ й аххосджын кæ нын хъæ уы æ ви нæ. Фæ лæ мæ ныр рудзынджы ’мбæ рзæ нтæ иуварс акæ нын дæ р уадзы, алцæ мæ цымыдис кæ ны: йæ бакаст куыд у, цавæ р æ хсæ вхуыссæ н хæ дæ ттæ йын ис... Суанг ма иучысыл бийын дæ р райдыдта сывæ ллоны худтæ æ мæ хъæ ццултæ — уæ йæ н, стæ й рынчындонæ н. Æ мæ уый йæ зæ рдæ мæ афтæ тынг фæ цыд, стæ й ахæ м цин кæ ны, йæ бон кæ й у, ууыл! Æ мæ алцыдæ р Поллианнæ йы фæ рцы! Уымæ н æ мæ мамæ йæ н афтæ загъта, æ нæ низ къухтæ йын кæ й ис, ууыл йæ бон цин кæ нын у, зæ гъгæ. Æ мæ уый фæ стæ мамæ ахъуыды кодта, раздæ р йæ къухтæ й исты цæ уылнæ куыста, зæ гъгæ. Æ мæ уæ д бийын райдыдта. Куы йæ зонис, ныр йæ уат уыцы æ рвгъуыз, сырх æ мæ бур къуыбылæ йттимæ, стæ й рудзынгыл, Поллианнæ йын кæ й балæ вар кодта, уыцы дзæ нхъа дуртимæ куыд тынг аивта, уый... Йæ уатмæ йын æ нæ уи куы бакæ сай, уæ ддæ р дзы зæ рдæ барухс вæ ййы, раздæ р та йæ м бацæ уын дæ р нæ уæ ндыдтæ н, уымæ н æ мæ талынг æ мæ хъуынтъыз уыди, æ мæ мамæ ахæ м... æ намонд уыди... Нæ дыууæ йы дæ р фæ нды, цæ мæ й Поллианнæ йæ н зæ гъай, хæ сджын дзы кæ й стæ м, уый. Дæ хорзæ хæ й, зæ гъ ын-иу, йемæ кæ й базонгæ стæ м, ууыл тынг кæ й цин кæ нæ м. Мах ахъуыды кодтам: чи зоны, куы йæ базона, уæ д иучысыл фæ хъæ лдзæ гдæ р уыдзæ н æ мæ, немæ кæ й базонгæ ис, ууыл бацин кæ ндзæ н... Æ мæ... æ ндæ р ницы, — ныуулæ фыд Милли æ мæ цæ уынæ ввонг рæ вдз фестадис. — Зæ гъдзынæ йын?

— Æ нæ мæ нг, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, — дзуапп радта мисс Полли. Йæ хи мидæ г та фарста йæ хи, цымæ уыцы диссаджы раныхасæ й цас бахъуыды кодта, цæ мæ й йын æ й радзурын бантыса.

Джон Пенделтон æ мæ Милли Сноу фыццæ гтæ уыдысты. Сæ фæ стæ ма бирæ тæ ’рбацыдысты. Æ мæ алчидæ р лæ гъстæ кодта, цæ мæ й Поллианнæ йæ н сæ зæ гъинæ гтæ фехъусын кæ ной. Уыцы ныстуантæ ахæ м æ нахуыр уыдысты, æ мæ мисс Полли тынгæ й-тынгдæ р дисы ’фтыди.

Иу бон фæ зынди миссис Бентон, идæ дз сылгоймаг. Мисс Полли йын йæ кой хъуыста, кæ д кæ рæ дзиимæ ныхас никуы кодтой, уæ ддæ р. Йæ зонгæ тæ куыд дзырдтой, уымæ гæ сгæ, горæ ты уымæ й æ нкъарддæ р сылгоймаг нæ уыд. Æ дзух цыди сау дарæ сы — къахæ й сæ рмæ. Фæ лæ абон мисс Бентоны хъуырыл уыдис æ рвгъуыз лент, йæ цæ стытæ та доны зылдысты. Поллианнæ йыл цы фыдбылыз æ рцыд, уый йæ м тынг æ вирхъау фæ каст æ мæ йыл мæ тæ й мæ лы, зæ гъгæ, загъта. Уый фæ стæ æ нæ ныфсæ й бафарста, чызджы фенæ н ис æ ви нæ.

Мисс Полли йæ сæ р батылдта:

— Бахатыр кæ н, фæ лæ йæ м нырма никæ й уадзæ м. Чи зоны, чысыл фæ стæ дæ р...

Мисс Бентон йæ цæ ссыгтæ асæ рфта, сыстад æ мæ дуары ’рдæ м фæ раст. Къæ сæ ры цур æ васт разылди.

— Мисс Харрингтон, мæ номæ й йын цалдæ р ныхасы куы зæ гъис, — райдыдта сылгоймаг æ нæ уæ ндонæ й.

— Æ нæ мæ нг, миссис Бентон. Уый мæ нæ н æ хсызгон уыдзæ н.

Сылгоймаг фæ къуылымпы ис, уый фæ стæ сдзырдта:

— Зæ гъ-иу ын, дæ хорзæ хæ й, мæ нæ... мæ нæ ай кæ й скодтон мæ уæ лæ. — Йæ хъуырыл цы æ рвгъуыз лент уыд, уымæ ацамыдта. Стæ й ма бафтыдта: — Тынг æ й фæ ндыд, цæ мæ й ирд дзаумайæ исты скæ нон. Чи зоны, ацы лент дарын райдыдтон, уый куы базона, уæ д ын фехсызгон уыдзæ н. Дзырдта мын-иу, зæ гъгæ, Фредди дæ р ууыл тынг кæ й бацин кæ ндзæ н. Зоныс, ныр мын, Фреддийæ уæ лдай, ницыуал ис. Иннæ тæ н алцыдæ р ис... — Миссис Бентон йæ сæ р батылдта æ мæ азылд. — Æ рмæ стдæ р æ й зæ гъгæ кæ н Поллианнæ йæ н, уый йæ бамбардзæ н. — Æ мæ йæ фæ дыл дуар ахгæ дта.

Тæ ккæ уыцы бон, чысыл фæ стæ дæ р, æ рбацыдис æ ндæ р идæ дз ус, уый дæ р сау дарæ сы. Мисс Полли йæ никуы федта æ мæ бадис кодта, цымæ ацы сылгоймаг Поллианнæ имæ кæ м базонгæ уыдаид, зæ гъгæ. Уазæ г йæ хи бацамыдта, уый уыди миссис Тарбел.

— Æ з демæ, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, зонгæ нæ дæ н, — уайтагъд райдыдта сылгоймаг, — фæ лæ æ з хорз зонын дæ чысыл хæ рæ фырты. Ацы сæ рды уазæ гдзæ рæ ны цардтæ н æ мæ дохтыры фæ дзæ хстмæ гæ сгæ алы бон дæ р тезгъо кодтон. Иу ахæ мы сæ мбæ лдтæ н дæ хæ рæ фыртыл — диссаджы дзæ бæ х чызг! Тынг зын мын у, уыцы чызг мæ нæ н цы сси, уый бамбарын кæ нын. Ацы горæ тмæ куы ’рбахаудтæ н, уæ д æ з ахæ м æ нкъард уыдтæ н... фæ лæ мын йæ райдзаст цæ сгом æ мæ йæ хъæ лдзæ г ныхæ стæ мæ зæ рдыл æ рлæ ууын кодтой мæ гыццыл чызджы. Цалдæ р азы размæ фæ мард ис... Æ мæ, уæ чызгыл цы фыдбылыз æ рцыд, уый куы фехъуыстон, уæ д ахæ м тарст фæ кодтон. Æ мæ, мæ гуырæ г, йæ къахыл кæ й нал слæ удзæ н, уый аххосæ й йæ бон цин кæ нын кæ й нал у æ мæ тынг кæ й æ рæ нкъард, уый куы фехъуыстон... мæ зынаргъ саби! Æ мæ мæ м уæ д мæ зæ рдæ афтæ сдзырдта, æ нæ мæ нг мæ сымахмæ ’рбацæ уын хъæ уы, зæ гъгæ.

— Бузныг де ’гъдауæ й, — загъта мисс Полли.

— Уый æ з дæ н куринаг дæ уæ й, цæ мæ й мæ де ’гъдауы аккаг скæ най, — загъта уазæ г. — Тынг мæ фæ нды, цæ мæ й йæ м мæ ныхæ стæ фæ хæ ццæ кæ най. Разы дæ?

— Æ нæ мæ нг.

— Уæ дæ йын зæ гъ, миссис Тарбел ныр цин кæ ны, зæ гъгæ. О, зонын æ й, уый тынг æ нахуыр хъуысы. Фæ лæ... бахатыр мын кæ н, æ мбарын дын æ й нæ кæ ндзынæ н. — Йæ былты кæ рæ ттæ анцъылдтæ сты, йæ мидбылхудт фæ цыдæ р ис. — Цы зæ гъынмæ хъавыдтæ н, уый дæ хæ рæ фырт бамбардзæ н. Бузныг. Бахатыр кæ н, ме ’рбацыд иучысыл æ нæ хъола у, — бахатыди сылгоймаг, хæ рзбон дзургæ йæ.

Мисс Полли ныр бынтон сцымыдис æ мæ уæ лæ мæ, Поллианнæ йы уатмæ, фæ тагъд кодта.

— Поллианнæ, миссис Тарбел чи у, уый зоныс?

— О, æ з æ й бирæ уарзын. Уый рынчын ус у, стæ й тынг æ нкъард у. Уазæ гдзæ рæ ны цæ ры æ мæ бирæ фæ тезгъо кæ ны. Мах иумæ фæ тезгъо кæ нæ м... — Поллианнæ фæ къуыхцы ис æ мæ йæ рустыл дыууæ стыр цæ ссыджы ’рлæ сæ н кодтой.

Мисс Полли рæ вдз схуыфыди.

— Мæ зынаргъ, æ рдæ бон ам уыди, цыдæ р зæ гъын дын фæ дзæ хста, фæ лæ алцы дзæ бæ х нæ бамбарын кодта. Хатыд мæ м, цæ мæ й дын зæ гъон, ныр цин кæ й кæ ны, уый.

Поллианнæ йæ армытъæ пæ нтæ кæ рæ дзиуыл æ рцавта.

— Æ цæ г, афтæ загъта? Мæ нæ мын цы æ хсызгон у!

— Поллианнæ, æ мæ уымæ й цы зæ гъынмæ хъавыд?

— Уый хъазт у... — Поллианнæ цæ хгæ р æ рлæ ууыд, йе ’нгуылдзтæ йæ былтыл авæ рдта.

— Цавæ р хъазт?

— Ахæ мæ й ницы, мæ мадыхо Полли... Фæ лæ дын æ й мæ бон нæ у зæ гъын.

Мисс Поллийы ’взагыл абадт æ ндæ р фарст, фæ лæ чызджы цæ сгомыл цы ’ргом хъизæ мар фæ зынд, уый йæ баурæ дта.

Мисс Тарбелы фæ стæ бирæ рæ стæ г нæ ма рацыд, афтæ хабæ рттæ бахæ ццæ сты сæ тæ мæ нмæ. Уый уыдис, иу æ рыгон сылгоймаг куы ’рбацыди, уый фæ стæ: йæ рустæ уыдысты сырх ахорæ нæ й фыдахуырст, йæ сæ рыхъуынтæ — æ нахуыр бур, йæ къæ хтыл — бæ рзонд-зæ вæ тджын туфлитæ, аслам бибитæ й йедзаг. Мисс Полли йæ сыхæ гты æ мæ йæ зонгæ ты ныхæ стæ м гæ сгæ хорз зыдта. Уымæ гæ сгæ, йæ хæ дзары куы фæ зынд, уæ д бадис кодта æ мæ ’рбамæ сты ис.

Мисс Полли сылгоймагæ н йæ къух дæ р нæ райста, суанг ма фæ стæ рдæ м акъахдзæ ф кодта, уазæ г æ м æ нхъæ лмæ кæ м касти, уыцы уатмæ бацæ угæ йæ. Сылгоймаг бандонæ й фестад. Йæ цæ стытæ сырх уыдысты, цыма кæ угæ кодта, уый хуызæ н. Къæ йныхæ й афарста, иу минут ын Поллианнæ йы фенæ н ис æ ви нæ. Мисс Полли йын бар нæ радта. Раздæ р сдзырдта тынг тызмæ гæ й, фæ лæ йæ сылгоймаджы цæ стæ нгас йæ ныхасмæ бафтауын кодта, Поллианнæ мæ нырма никæ й уадзынц, зæ гъгæ.

Сылгоймаг фæ къуыхцы ис, фæ лæ уый фæ стæ ныфсджынæ й дзурын райдыдта:

— Мæ ном хуыйны миссис Пейсон. Куыд æ нхъæ л дæ н, афтæ мæ й мын мæ кой фехъуыстай. Æ мæ, чи зоны, цы дын дзырдтой, уыдон иууыл æ цæ г не сты. Фæ лæ хъуыддаг уый мидæ г нæ й. Æ з æ рбацыдтæ н Поллианнæ йы бæ рæ ггæ нæ г. Фыдбылызы кæ й бахауди, уый базыдтон, æ мæ... æ мæ мæ ныфс бынтондæ р асаст. Ивгъуыд къуырийы мæ хъустыл æ рцыд, йæ бон цæ уын нал суыдзæ н, зæ гъгæ... Ме ’нæ низ, фæ лæ æ нæ пайда къæ хтæ йын мæ бон раттын кæ й нæ у, уый мын тынг хъыг у. Уыдоныл цæ угæ йæ, уый иу бонмæ, æ з сæ дæ азмæ кæ й нæ бакæ ндзынæ н, уыйбæ рц хорздзинæ дтæ сарæ зтаид. Хъыгагæ н, къæ хтæ арæ х, йæ бон сæ хуыздæ р спайда кæ нын кæ мæ н у, уымæ н лæ вæ рд не ’рцæ уынц.

Ныхъхъус, схуыфыд, фæ лæ ногæ й куы сдзырдта, уæ д йæ хъæ лæ с раздæ рау фæ сус уыди.

— Ды йæ, чи зоны, нæ зоныс, фæ лæ æ з уæ чызджы арæ х уыдтон. Мах цæ рæ м Пенделтон-Хиллмæ фæ ндаджы цур, æ мæ -иу ууылты арæ х цыдис. Æ рбауад-иу нæ м нæ сабитимæ ахъазынмæ, стæ й мемæ æ мæ нæ лæ гимæ аныхас кæ нынмæ. Цыма-иу уый йæ зæ рдæ мæ цыди, стæ й нæ хæ дæ г дæ р цыма цыдыстæ м йæ зæ рдæ мæ. Æ нхъæ лдæ н æ мæ, цы адæ мы ’хсæ нæ й рацыд, уыдон мах хуызæ ттæ й сæ хи дард кæ й ласынц, уый нæ зыдта. Чи зоны, æ мæ уыцы адæ м афтæ ’нæ рвæ ссон куы нæ уаиккой, мисс Харрингтон, уæ д мах хуызæ ттæ ахæ м бирæ нæ уаид, — æ нæ нхъæ лæ джы бафтыдта зæ рдæ рыстæ й. — Фæ лæ цыфæ нды куы уа, уæ ддæ р-иу нæ м æ рбауад. Æ мæ уымæ й йæ хицæ н ницы знаггад ракодта, махæ н та æ рхаста пайда... бирæ пайда. Цас, уый йæ хæ дæ г дæ р нæ зоны, æ мæ мæ зæ рдæ дарын, кæ й йæ нæ базондзæ н, ууыл, уымæ н æ мæ йæ уæ д бахъæ удзæ н, цы мæ нæ фæ нды, уыдæ ттæ дæ р базонын. Ацы аз мах бирæ зындзинæ дтæ бавзæ рстам. Тынг зын уавæ ры бахаудыстæ м æ мæ уыдыстæ м разы... зæ гъæ н ис, алцæ уыл дæ р. Ныридæ гæ н сфæ нд кодтам хицæ н кæ нын æ мæ... нæ сывæ ллæ тты раттын... Иу ныхасæ й, нæ сабитæ н цы кæ нæ м, уый нæ зыдтам. Уый фæ стæ ацы бæ ллæ х æ рцыд, æ мæ, чызг йæ къахыл кæ й нал слæ удзæ н, уый фехъуыстам. Æ мæ -иу нæ зæ рдыл æ рлæ ууыд, куыд-иу нæ м æ рбауад, къæ сæ рыл-иу куыд бадтис æ мæ сабитимæ куыд хъазыд, куыд худтис æ мæ... куыд цин кодта, уыдæ ттæ. Æ дзухдæ р-иу истæ уыл цин кодта æ мæ нын иу хатт радзырдта, æ ппынæ дзух цин цæ мæ н фæ кæ ны, уый, стæ й хъазты тыххæ й. Æ мæ нын лæ гъстæ кæ нын афæ лвæ рдта, цæ мæ й хъазын райдайæ м... Фæ лæ ныр базыдтам, цæ уыл цин кæ на, уый йын кæ й нал ис, æ мæ, йæ бон хъазын кæ й нал суыдзæ н, уый тыххæ й тынг кæ й хъизæ мар кæ ны. Æ мæ æ з цæ угæ дæ р уымæ н æ рбакодтон, цæ мæ й йын зæ гъон... чи зоны, иучысыл бацин кæ ндзæ нис махыл, уымæ н æ мæ сфæ нд кодтам иумæ баззайын, стæ й хъазын. Æ з æ й зонын, уый æ нæ мæ нг бацин кæ ндзæ н, уымæ н æ мæ -иу маст кодта... раздæ р ын-иу хаттæ й-хатт цы дзырдтам, уый фæ дыл. Хъазт нын куыд баххуыс кæ ндзæ н, уый мæ бон зæ гъын нæ у, мæ хæ дæ г дæ р æ й хорз нæ ма ’мбарын. Фæ лæ, чи зоны, исты баххуыс кæ на. Цыфæ нды куы уа, уæ ддæ р бафæ лвардзыстæ м... уымæ н æ мæ йæ афтæ фæ ндыд. Зæ гъдзынæ йын?

— О, зæ гъдзынæ н, — зæ рдæ бавæ рдта мисс Полли æ нæ бары. Уый фæ стæ æ нæ нхъæ лæ джы размæ акъахдзæ ф кодта æ мæ сылгоймагмæ йæ къух балæ вæ рдта. — Бузныг де ’рбацыдæ й, миссис Пейсон.

Мисс Пейсон йæ цæ стытæ ’руагъта, йæ былтыл ризæ г бахæ цыд. Схæ ц-æ рхæ ц кæ нгæ цыдæ ртæ бахъуыр-хъуыр кодта, нæ йæ м æ рбакаст, афтæ мæ й. Мисс Поллийæ н йæ къух райста, фæ зылдис æ мæ рæ вдз ацыди.

Куыддæ р дуар йæ фæ дыл ахгæ дта, афтæ мисс Полли хæ рæ ндоны февзæ рди.

— Ненси!

Мисс Поллийы хъæ лæ с азæ лыд тынг карзæ й. Йæ уазджытæ йыл катай бафтыдтой, фæ лæ ацы фæ стаг æ мæ бынтон æ нахуыр уазæ джы фæ стæ цы акæ на, уый дæ р нал зыдта. Йæ нервытæ атъæ ппæ ввонг уыдысты. Поллианнæ йыл фыдбылыз куы ’рцыд, уæ дæ й фæ стæ мæ Ненси йе ’хсины ахæ м карз хъæ лæ сы уагæ й дзургæ нæ ма фехъуыста.

— Ненси, уый цавæ р æ дылы хъазт у? Æ нæ хъæ н горæ т йæ кой куы кæ ны. Стæ й ма мын зæ гъ, дæ хорзæ хæ й, мæ хæ рæ фырт æ м цы бар дары?! Иууылдæ р ын, Милли Сноуæ й миссис Пейсоны онг, «хъазтæ й хъазынц», уый зæ гъын цæ мæ н курынц? Куыд æ й æ мбарын, афтæ мæ й нæ горæ ты цæ рджытæ н се ’рдæ г æ рвгъуыз лентытæ дарынц, сæ бинонты ’хсæ н хыл нал кæ нынц, науæ д, раздæ р цы нæ уарзтой, ахæ м цыдæ ртæ уарзын райдыдтой, æ мæ алцыдæ р — Поллианнæ йы фæ рцы! Йæ хи йын бафарстон, фæ лæ уыцы хъуыддаджы дард нæ ацыдтæ н, уымæ н æ мæ, цæ мæ й стыхса, уый мæ нæ фæ нды... йæ уавæ ры. Фæ лæ знон йемæ ныхас кодтай, æ мæ, куыд æ й бамбæ рстон, афтæ мæ й ды дæ р уыцы хъазтæ й хъазыс. Уыйбæ рц уæ здан разын, æ мæ мын, уыдæ ттæ цы нысан кæ нынц, уый бамбарын кæ н.

Мисс Полли дисы бафтыд æ мæ тынг фæ тарсти, уымæ н æ мæ Ненси кæ уын райдыдта.

— Уыдæ ттæ нысан кæ нынц, ацы зынаргъ саби суанг июны мæ йæ æ нæ хъæ н горæ т цин кæ нын кæ й ахуыр кодта, уый. Æ мæ йын ныр уыдон дæ р баххуыс кæ ныныл архайынц, цæ мæ й цин кæ на.

— Цин кæ на? Цæ уыл?

— Æ нæ уи цин кæ на. Уый ахæ м хъазт у.

Мисс Полли ма суанг йæ къах пъолыл дæ р æ ртъæ пп ласта:

— Ненси, ды дæ р иннæ тæ й бирæ хуыздæ р нæ дæ! Цавæ р хъазт у?

Ненси йæ сæ р хæ рдмæ систа æ мæ йе ’хсины цæ стытæ м комкоммæ бакасти.

— Æ з дын æ й радзурдзынæ н. Уыцы хъазтæ й Поллианнæ йы йæ фыд сахуыр кодта хъазын. Аргъуанæ н кæ й рахицæ н кæ нынц, уыдонимæ йын иу хатт æ нцойгæ нæ н лæ дзджытæ ’рбарвыстой, афтæ мæ й йæ кукла хъуыди. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, йæ бынаты цыфæ нды сывæ ллон дæ р кæ уын райдыдтаид. Æ мæ йын уæ д йæ фыд загъта, цин кæ нынæ н æ фсон кæ м не ссарай, ахæ мæ й ницы ис, зæ гъгæ, æ мæ уыцы лæ дзджытыл дæ р цин кæ нæ н ис.

— Цин кæ нæ н... æ нцойгæ нæ н лæ дзджытыл? — мисс Полли йæ кæ уын тыхæ й баурæ дта, Поллианнæ йы æ нæ бон къæ хтыл ахъуыды кæ нгæ йæ.

— Æ з дæ р ын афтæ загътон. Æ мæ басасти, уый дæ р йæ фыдæ н ахæ м дзуапп кæ й радта. Фæ лæ йын уый загъта, йæ бон цин кæ нын у, кæ й йæ нæ хъæ уынц, ууыл, зæ гъгæ!

— О-о! — ныхъхъæ р кодта мисс Полли.

— Æ мæ сæ м уæ дæ й фæ стæ мæ фæ зынди ахæ м æ гъдау алцæ м дæ р, цин цæ уыл кæ най, ахæ м исты ссарын. Куыд зæ гъы, афтæ мæ й уый алкæ й бон дæ р у. Æ мæ уæ д, кукла дын куы нæ уа, уæ д уыйбæ рц нал маст кæ ндзынæ, уымæ н æ мæ цинæ й мæ лдзынæ, æ нцойгæ нæ н лæ дзджытæ дæ у кæ й нæ хъæ уынц, ууыл. Æ мæ йæ схуыдтой «циндзинадæ й хъазт». Уый дын йæ хъазт, æ хсин, уæ дæ й нырмæ дзы хъазы.

— Æ мæ куыд... куыд... — мисс Полли æ рлæ ууыдис æ дыхæ й.

— Нæ дæ бауырндзæ н, æ хсин, фæ лæ уый ахæ м хорз æ ххуыс кæ ны, — Поллианнæ йæ н йæ хи аккаг цыренæ й дзырдта дарддæ р Ненси. — Поллианнæ мæ бинонтæ н дæ р бирæ хæ рзты бацыди. Стæ й мæ хæ дæ г дæ р йæ фæ рцы алы стыр æ мæ чысыл мæ стытæ н ныр æ нцондæ р быхсын. Зæ гъæ м, мæ номы тыххæ й æ ппындæ р нал маст кæ нын, уымæ н æ мæ мын афтæ загъта, Хадшибæ мæ куы схуыдтаиккой, уæ д æ взæ рдæ р уаид, зæ гъгæ. Стæ й къуырисæ ртæ дæ р — раздæ р мын æ нæ уынон уыдысты. Фæ лæ мæ уый суанг къуырисæ рыл дæ р цин кæ нын сахуыр кодта.

— Цин кæ нын... къуырисæ рыл?!

— Æ хсин, æ з æ й зонын, уый дæ м диссаг кæ сы, фæ лæ мын бар ратт, æ мæ дын æ й бамбарын кæ нон. Иу хатт нæ арфæ гонд уæ рыкк базыдта, къуырисæ ртæ мын æ нæ уынон кæ й сты, уый. Æ мæ мæ нæ цы ’рхъуыды кодта. Поллианнæ мын загъта: «Цы, уый зоныс, Ненси, мæ нмæ гæ сгæ, ды къуырисæ ры хъуамæ къуырийы иннæ бонтæ й фылдæ р цин кæ нис, уымæ н æ мæ иннæ къуырисæ рмæ нырма æ нæ хъæ н къуыри æ нхъæ лмæ кæ сын хъæ уы! » Æ мæ ард хæ рын, кæ д уæ дæ й нырмæ уый мæ хицæ н алы къуырисæ ры нæ фæ зæ гъын, — æ мæ æ ххуыс кæ ны, æ хсин! Цыфæ нды куы уа, уæ ддæ р алы хатт ууыл куы ахъуыды кæ нын, уæ д мæ худæ г æ рцахсы, æ мæ худын та æ ххуыс кæ ны, о, æ ххуыс кæ ны!

— Æ мæ уыцы хъазты тыххæ й мæ нæ н цæ уылнæ радзырдта? — къуызгæ сдзырдта мисс Полли. — Уыцы фарст æ м куы радтон, уæ д дзы стыр сусæ гдзинад цæ мæ н сарæ зта?

Ненси фæ къуылымпы:

— Бахатыр кæ н, ме ’хсин, фæ лæ йын ды бафæ дзæ хстай, цæ мæ й йæ... йæ фыды кой ма кæ на, æ мæ дын æ й уымæ гæ сгæ йæ бон радзурын нæ уыди. Хъазт уый æ рхъуыды кодта.

Мисс Полли йæ былыл фæ хæ цыд.

— Раздæ р дын æ й радзурынмæ хъавыд, — дзырдта дарддæ р Ненси. — Исчи йемæ куы хъазид, уый йæ фæ ндыд. Æ мæ æ з райдыдтон... цæ мæ й йын, кæ имæ хъаза, уый уа.

— Æ мæ... иннæ тæ та? — ризгæ хъæ лæ сæ й сдзырдта мисс Полли.

— Ныр æ й, мæ нмæ гæ сгæ, иууылдæ р зонынц. Кæ дæ мфæ нды куы ацæ уын, уæ д цы фехъусын, уымæ гæ сгæ, мæ бон афтæ зæ гъын у. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, уый йæ хъазты тыххæ й дзырдта иутæ н, уыдон та — иннæ тæ н. Ахæ м исты иугæ р райдыдта, уæ д æ м кæ й зæ рдæ фæ лæ удзæ н. Æ ппынæ дзух-иу худгæ кодта, алкæ имæ — фæ лмæ н ныхас, стæ й æ дзухдæ р... хъæ лдзæ г уыди, æ мæ йæ иууылдæ р ма базоной, уый гæ нæ н нæ уыд. Фыдбылызы кæ й бахауди, уый алкæ мæ н дæ р зын у. Уæ лдайдæ р та адæ м, йæ бон цин кæ нынæ н æ фсон ссарын кæ й нæ у æ мæ ууыл тынг кæ й маст кæ ны, уый куы фехъусынц... Æ мæ йæ м алы бон цæ уынц, цæ мæ й йын, цин кæ нын сæ куыд сахуыр кодта, уый радзурой. Сæ зæ рдæ дарынц, уымæ й йын кæ д фенцондæ р уаид, зæ гъгæ. Æ мбарыс, æ хсин, уый æ дзухдæ р фæ ндыд, цæ мæ й иууылдæ р йемæ уыцы хъазтæ й хъазой.

— Æ з æ й зонын, йемæ чи хъаздзæ нис, уый... ныр, — йæ цæ стысыгтæ ныхъуыргæ йæ, загъта мисс Полли. Фæ зылдис æ мæ рæ вдз къæ бицæ й рацыд.

Ненси æ нæ змæ лгæ лæ ууыд æ мæ йæ фæ дыл дисгæ нгæ касти.

«Ныр æ з цæ уылфæ нды дæ р баууæ нддзынæ н, — дзырдта йæ хинымæ р. — Ныр мæ м диссаг ницыуал фæ кæ сдзæ н. Алцæ уыл дæ р баууæ нддзынæ н... Ехх, мисс Полли! »

Чысыл фæ стæ дæ р рынчынгæ с уатæ й куы рацыд, уæ д мисс Полли æ мæ Поллианнæ баззадысты хибарæ й.

— Мæ зынаргъ, абон ма нæ м иу уазæ г æ рбацыд, — загъта мисс Полли. Йæ хъæ лæ сыл йæ бар нæ цæ уы, уый æ мбæ рста. — Миссис Пейсоны ма хъуыды кæ ныс?

— Миссис Пейсоны? Æ нæ мæ нг! Уый, мистер Пенделтоны хæ дзармæ цы фæ ндаг кæ ны, уый цур цæ ры. Диссаджы сабитæ йын ис; йæ чызгыл цæ уы æ ртæ азы, лæ ппуйыл та — фондз. Уый ахæ м дзæ бæ х у, стæ й йæ лæ г дæ р... фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, алчидæ р дзы куыд дзæ бæ х у, уый нæ зонынц. Иуæ й-иу хатт фæ хыл вæ ййынц... ома уый зæ гъынмæ хъавын, кæ рæ дзиимæ алцæ й фæ дыл разы нæ кæ нынц. Мæ гуыр сты, зæ гъгæ, фæ зæ гъынц, фæ лæ аргъуанæ й никуы ницы райсынц, уымæ н æ мæ уый миссионер нæ у, мæ фы... Иу ныхасæ й, нæ у миссионер.

Поллианнæ йы рустæ чысыл фæ сырх сты, æ мæ уайсахат йæ мадыхойы рустæ дæ р.

— Æ мæ кæ д ахæ м мæ гуыр у, уæ ддæ р иуæ й-иу хатт тынг рæ сугъд дзаумæ ттæ скæ ны, — тагъдгомау дзырдта дарддæ р Поллианнæ. — Ахæ м рæ сугъд къухдарæ нтæ йын ис, налхъуыт-налмастимæ, лалтæ æ мæ изумрудтимæ. Фæ лæ зæ гъы, иу дзы уæ лдай у, зæ гъгæ, æ мæ йæ хъавы аппарынмæ, йæ бæ сты та «развод» райсынмæ. Мæ мадыхо Полли, «развод» та цы у? Мæ нмæ гæ сгæ, уый æ взæ р цыдæ р у, уымæ н æ мæ, йæ кой куы кодта, уæ д йæ хуыз амондджын нæ уыдис. Æ мæ афтæ зæ гъы, куы йæ райса, уæ д иумæ кæ й нал цæ рдзысты, мистер Пейсон кæ й ацæ удзæ н æ мæ, гæ нæ н ис, сывæ ллæ ттæ дæ р. Фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, къухдарæ н куы нæ аппара, уæ д хуыздæ р уыдзæ н, кæ д уæ лдай у, уæ ддæ р. Ды та куыд хъуыды кæ ныс? Мæ мадыхо Полли, «развод» та цы у?

— Уыдон хицæ н кæ нынмæ нæ хъавынц, мæ зынаргъ, — мисс Полли бæ лвырд дзуапп нæ радта. — Иумæ баззайын сæ фæ нды.

— Мæ нæ мын цы æ хсызгон у! Уæ дæ уыдон уым уыдзысты, уазæ гуаты сæ м куы ацæ уон... — фырадæ ргæ й ныхъхъæ р кодта чызг. — Мæ мадыхо Полли, мæ къæ хтыл кæ й нал цæ уын æ мæ мистер Пенделтоны фенынмæ кæ й никуыуал ацæ удзынæ н, уый мæ æ дзух цæ мæ н рох кæ ны?

— Цæ й-ма, нæ хъæ уы, — ралæ мæ рста мадыхо йæ хицæ й. — Чи зоны, искуы йæ м ацæ удзынæ. Фæ лæ -ма байхъус! Мисс Пейсон æ рмæ ст уый нæ загъта. Уый фæ ндыд, цæ мæ й дын зæ гъон, уыдон... кæ й хъавынц иумæ баззайынмæ æ мæ хъазтæ й хъазынмæ, дæ у куыд фæ ндыдис, афтæ.

Поллианнæ бахудти, йæ цæ ссыгтæ ныхъуыргæ йæ:

— Æ цæ г? Уыдон хъаздзысты! Æ з ахæ м цин кæ нын!

— Уый дæ р уымæ бæ ллыд. Æ мæ дын æ й фехъусын кæ нын дæ р уымæ н бафæ дзæ хста, цæ мæ й ды... цин кæ най, Поллианнæ.

Поллианнæ хæ рдмæ скасти.

— Мæ мадыхо Полли, ды... ды афтæ дзурыс, цыма зоныс... хъазты тыххæ й зоныс, мæ мадыхо Полли!

— О, мæ зынаргъ, — мисс Полли йе ’ппæ т хъарутæ й архайдта, цæ мæ й йæ хъæ лæ с хъуыса хæ ларзæ рдæ йæ, хъуыддагхуызæ й. — Ненси мын æ й радзырдта. Мæ нмæ гæ сгæ, уый диссаджы хъазт у. Æ мæ дзы ныр мæ зæ рды ис демæ хъазын.

— Мæ мадыхо Полли... ды? Мæ нæ мын цы æ хсызгон у! Зоныс, мæ н æ дзухдæ р фæ ндыд, цæ мæ й дзы ды хъазай.

Мадыхо Полли ныуулæ фыд. Ныр ын уыди ноджы зындæ р фидар хъæ лæ сы уагæ й дзурын:

— О, мæ зынаргъ, иннæ тæ дæ р иууылдæ р хъазынц. Мæ нмæ гæ сгæ, Поллианнæ, æ нæ хъæ н горæ т ацы хъазтæ й хъазы, суанг пастор дæ р! Нырма дын æ й нæ ма загътон, фæ лæ абон райсомæ й горæ ты куы уыдтæ н, уæ д сæ мбæ лдтæ н мистер Фордыл. Уый лæ гъстæ кодта, цæ мæ й дын зæ гъон, куыддæ р дæ м уазджыты уадзын райдайой, афтæ дæ м кæ й æ рбацæ удзæ н — кæ й кой йын кодтай, уыцы Библийы астсæ дæ «хъæ лдзæ ггæ нæ г текстыл» æ дзух куыд цин кæ ны, уый радзурынмæ. Уыныс, мæ зынаргъ, уыдæ ттæ иууылдæ р ды сарæ зтай: æ нæ хъæ н горæ т хъазтæ й хъазы æ мæ диссаджы амондджын сси! Æ мæ алцыдæ р, иу гыццыл чызг адæ мы ног хъазтæ й хъазын æ мæ дзы царды мидæ г куыд хъазын хъæ уы, ууыл кæ й сахуыр кодта, уымæ н!

Поллианнæ йæ армытъæ пæ нтæ кæ рæ дзиуыл нытътъæ пп ласта.

— Æ з ахæ м цин кæ нын! — ныхъхъæ р кодта чызг. Æ мæ æ виппайды йæ цæ сгом диссаджы рухс ныцци. — Мæ мадыхо Полли, ис уæ ддæ р, цин цæ уыл кæ нон, уый. Цин кæ нын, æ нæ низ къæ хтæ мын кæ й уыдис, ууыл... науæ д мæ бон уыдæ ттæ саразын не суыдаид!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.