Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





26 СÆР. ГОМ ДУАР



Дохтыр Мид, зындгонд ньюйоркаг специалист, фæ зынд къуырийы фæ стæ. Уый уыдис бæ рзонд æ мæ бæ зæ рхыг нæ лгоймаг, хæ ларзæ рдæ цъæ х цæ стытимæ æ мæ хъæ лдзæ г мидбылхудтимæ. Поллианнæ йы зæ рдæ мæ уайтагъд фæ цыд æ мæ йын æ й загъта. Уæ зданæ й ма ноджы бафтыдта:

— Мæ дохтыры хуызæ н тынг дæ.

— Дæ дохтыры? — дохтыр Мид дисхуызæ й дохтыр Уорренмæ бакаст. Уый цалдæ р санчъехы дарддæ р рынчынгæ симæ ныхас кодта. Дохтыр Уоррен асæ й уыди ныллæ г, сау цæ стытæ æ мæ сау цыргъ боцъоимæ.

— О, уый мæ дохтыр у, — бахудти Поллианнæ, йæ хъуыды йын бамбаргæ йæ. — Дохтыр Уоррен мæ мадыхо Поллийы дохтыр у, мæ нæ н та — дохтыр Чилтон.

— О-о! — загъта дохтыр Мид цыдæ р æ нахуыр хъæ лæ сы уагæ й. Йæ цæ стытæ мисс Поллийыл афæ стиат сты. Уый иучысыл фæ сырх æ мæ иннæ рдæ м азылди.

— О, — Поллианнæ фæ дызæ рдыг ис, фæ лæ, æ нæ уи куыд æ нæ хин уыд, афтæ мæ й дзырдта дарддæ р: — Æ мбарыс, мæ н æ дзухдæ р фæ ндыд, цæ мæ й мæ м дохтыр Чилтон æ рбацæ уа, фæ лæ мæ мадыхо Полли дæ у равзæ рста. Афтæ загъта, ды дохтыр Чилтонæ й фылдæ р кæ й зоныс... мæ саст къæ хты тыххæ й. Æ мæ, æ нæ мæ нг, кæ д уый æ цæ г у, уæ д мæ бон ууыл цин кæ нын у. Афтæ нæ у?

Дохтыр Миды цæ сгомыл иу уысммæ, Поллианнæ йæ н йæ бон раиртасын кæ й нæ уыд, ахæ м æ нгас фæ зынд.

— Махæ н дзуапп æ рмæ стдæ р рæ стæ г ратдзæ н, — загъта дохтыр фæ лмæ нæ й æ мæ сагъæ схуызæ й дохтыр Уоррены ’рдæ м разылд; уый та уыцы рæ стæ г хуыссæ ны цурмæ бацыди.

Фæ стагмæ се ’ппæ тдæ р азымджын кодтой гæ дыйы. Флаффи йæ налат къах æ мæ йæ къæ йных фындзæ й дуар куы нæ ассыдтаид, уæ д нæ байгом уыдаид æ мæ Поллианнæ йæ мадыхойы ныхæ стæ нæ фехъуыстаид.

Дохтыртæ, рынчынгæ с æ мæ мисс Полли тыргъы ныхас кодтой. Куыддæ р Флаффи Поллианнæ йы хуыссæ нмæ багæ пп ласта æ мæ цингæ нгæ, «мяу», зæ гъгæ, ныккодта, афтæ æ виппайды мисс Поллийы удаист хъæ р райхъуыст:

— Нæ! Дохтыр, æ рмæ стдæ р уый нæ! Афтæ зæ гъынмæ хъавыс, æ мæ чызг... йæ къахыл никуыуал слæ удзæ н?!

Æ мæ бæ стæ схъомпал ис. Раздæ р уатæ й, Поллианнæ фыртæ ссæ й куыд ныхъхъæ р кодта, уый фехъуысти: «Мæ мадыхо Полли, мæ мадыхо Полли! » Мисс Полли дуар гомæ й куы ауыдта æ мæ йын чызг йæ ныхæ стæ фехъуыста, уый куы бамбæ рста, уæ д ныхъхъæ рзыдта æ мæ йæ царды фыццаг хатт йæ зæ рдæ бахъарм ис. Рынчынгæ с удаист хъæ лæ сæ й фæ хъæ р кодта: «Фехъуыста йæ! » — æ мæ чиугæ гом дуары ’рдæ м азгъордта. Дохтыртæ дыууæ йæ дæ р мисс Поллиимæ баззадысты. Дохтыр Мидæ н йæ бон йæ бынатæ й фезмæ лын дæ р нал уыд — мисс Полли куы ’рцæ йхаудис, уæ д æ й рацахста, дохтыр Уоррен та рохстхуызæ й лæ ууыди йæ разы. Поллианнæ та ногæ й йæ хъæ лæ сыдзаг куы ныхъхъæ р кодта æ мæ рынчынгæ с дуар куы ахгæ дта, уæ д дохтыртæ ныфссастæ й кæ рæ дзимæ бакастысты, æ мæ, æ ппæ ты фыццаг бакæ нын цы хъуыд, уый федтой — дохтыр Миды хъæ бысы цы æ намонд сылгоймаг уыд, уый æ рчъицын кодтой.

Уыцы рæ стæ г рынчынгæ с Поллианнæ йы хуыссæ ны фæ ныкхуыз гæ дыйы ауыдта. Уый хъырныдта æ мæ бынтон дзæ гъæ лы архайдта, мардау чи ныффæ лурс æ мæ йæ цæ стæ нгас æ ррайы хуызæ н кæ мæ н сси, уыцы чызджы ’ргом йæ химæ раздахын.

— Мисс Хант, дæ хорзæ хæ й, мæ мадыхо Поллимæ -ма фæ дзур. Хъæ угæ мæ кæ ны. Рæ вдздæ р, рæ вдздæ р!

Рынчынгæ с дуар сæ хгæ дта æ мæ цырд хуыссæ ны размæ бауади. Уымæ н дæ р йæ цæ сгомыл туджы цъыртт нал баззад.

— Йæ... йæ бон нæ у гъертæ ккæ ’рбацæ уын, мæ чызг. Фæ стæ дæ р æ рбацæ удзæ н. Цы хабар у? Мæ нæ н дын мæ бон нæ у... баххуыс кæ нын?

Поллианнæ йæ сæ р ныттылдта.

— Нæ у. Æ рдæ бон цы загъта, уый базонын мæ фæ нды! Фехъуыстай йæ? Мæ н хъæ уы мæ мадыхо Полли... уый цыдæ р загъта. Мæ н фæ нды, цæ мæ й мын зæ гъа, уый æ цæ г кæ й нæ у, æ цæ г кæ й нæ у!

Рынчынгæ с сдзурынмæ хъавыд, фæ лæ дзырдтæ не ссардта. Йе ’нгасæ й йын Поллианнæ ноджы тынгдæ р фæ тарст.

— Мисс Хант, цы загъта, уый фехъуыстай? Уый æ цæ г у? О, уый æ цæ г нæ у! Ау, мæ бон цæ уын никуыуал суыдзæ н?

— Цæ й-ма, мæ чызг... нæ хъæ уы, нæ хъæ уы, — тыхæ й йæ хицæ й ралæ мæ рста рынчынгæ с. — Гæ нæ н ис, æ мæ йæ уый нæ зоны. Чи зоны, фæ рæ дыд. Алцыдæ р вæ ййы...

— Мæ мадыхо Полли афтæ дзырдта, уый йæ кæ й зоны! Уый дзырдта, зæ гъгæ, кæ мæ йфæ нды дæ р фылдæ р кæ й зоны мæ хуызæ н саст къæ хты тыххæ й!

— О, о, мæ чызг, зонын æ й. Фæ лæ дохтыртæ дæ р иуæ й-иу хатт фæ рæ дийынц. Æ рмæ ст... ууыл ныр ма хъуыды кæ н, мæ чызг.

Поллианнæ агъуыдау йæ къухтæ стылдта.

— Мæ бон нæ у нæ хъуыды кæ нын, — ныккуыдта чызг. — Ныр æ рмæ стдæ р ууыл хъуыды кæ ндзынæ н! Мисс Хант, куыд ацæ удзынæ н скъоламæ кæ нæ мистер Пенделтонмæ, кæ нæ миссис Сноумæ, кæ нæ... кæ нæ ’ндæ р искуыдæ м? — Тыхулæ фтгæ нгæ, удаистæ й куыдта. Уалынмæ фенцади. Уый фæ стæ йæ сæ р хæ рдмæ систа, æ мæ, рынчынгæ смæ куы бакаст, уæ д йæ цæ стыты цыдæ р æ ндæ р тас ссыгъди. — Мисс Хант, мæ бон цæ уын куы нал суа, уæ д ма цин цæ уыл кæ ндзынæ н?

Мисс Хант хъазты тыххæ й ницы фехъуыста, фæ лæ фидарæ й зыдта, рынчыны басабыр кæ нын кæ й хъæ уы, уый. Кæ д йæ хиуыл дæ р катай бахæ цыд æ мæ йæ ныфс асасти, уæ ддæ р йæ къухтæ не ’руагъта. Ныр хуыссæ ны раз лæ ууыд, сабыргæ нæ н хостæ цæ ттæ йæ даргæ йæ.

— Цæ й-ма, мæ чызг, адон уал бануаз, — лæ гъстæ кодта рынчынгæ с, — гыццылгай æ рсабыр уыдзыстæ м æ мæ фендзыстæ м, цы саразæ н ис, уый. Арæ х хъуыддаг, райдианы куыд фæ кæ сы, афтæ ’взæ р нæ вæ ййы, куы йæ зоныс, мæ чызг.

Поллианнæ коммæ гæ сæ й хос райста æ мæ йæ, агуывзæ йы йæ м мисс Хант цы дон балæ вæ рдта, уыимæ аныхъуырдта.

— Зонын æ й. Мæ фыд дæ р-иу афтæ дзырдта, — загъта чызг цæ ссыг калгæ йæ. — Уый-иу дзырдта, зæ гъгæ, ахæ м æ взæ р ницы ис, цæ мæ й уымæ й æ взæ рдæ р мацы уа. Фæ лæ йын, мæ нмæ гæ сгæ, никуы загътой, йæ бон цæ уын кæ й нал суыдзæ н, уый. Æ мæ йæ æ з нæ зонын, уымæ й æ взæ рдæ р ма цы хъуамæ уа... Ды та?

Мисс Хант дзуапп нæ радта. Не ’ууæ ндыд йæ хъæ лæ сыл.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.