Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





25 СÆР. ÆНХЪÆЛМÆ КÆСЫНÆЙ ХЪАЗТ



Джон Педелтон Харрингтонты хæ дзары уазæ гуаты куы уыд, уый фæ стæ, дыккаг бон, мисс Полли сфæ нд кодта Поллианнæ йы дохтыры ’рбацыдмæ бацæ ттæ кæ нын.

— Поллианнæ, мæ зынаргъ, — хъавгæ райдыдта мадыхо, — мæ зæ рды ма ис ноджы иу дохтыры ’рбахонын, уадз æ мæ дæ фена. Чи зоны, æ мæ уыцы дохтыр исты ног уынаффæ рахæ сса... цæ мæ й тагъддæ р адзæ бæ х уай.

Поллианнæ йы цæ сгом фырцинæ й ныррухс ис:

— Дохтыр Чилтоны? Мæ мадыхо Полли, мæ н ахæ м тынг фæ нды, цæ мæ й нæ м дохтыр Чилтон æ рбацæ уа! Æ з æ дзухдæ р уымæ бæ ллыдтæ н, фæ лæ тарстæ н, куы не сразы уай — амæ й размæ дæ тыргъы кæ й федта, уый тыххæ й. Хъуыды йæ кæ ныс? Æ з уымæ н ницы дзырдтон. Фæ лæ мын ныр ахæ м æ хсызгон у, дæ у дæ р дохтыр Чилтонмæ фæ дзурын кæ й бафæ ндыд, уый!

Мисс Поллийæ н йæ цæ сгомы хуыз фæ цыд, уый фæ стæ ныссырх æ мæ та ногæ й ныффæ лурс. Фæ лæ куы сдзырдта, уæ д бæ рæ г уыди, сабыр æ мæ æ нæ мæ тæ й дзурыныл кæ й архайы:

— Нæ, мæ зынаргъ! Æ з дохтыр Чилтоны кой нæ кодтон. Уый ног дохтыр уыдзæ н — зындгонд дохтыр Нью-Йоркæ й, дæ хуызæ н... цæ фты тыххæ й бирæ чи зоны, ахæ м.

Поллианнæ йы цæ сгомыл дызæ рдыгдзинад фæ зынд:

— Мæ н нæ уырны, дохтыр Чилтонæ й фылдæ р кæ й зоны, уый.

— Рæ дийыс, мæ зынаргъ.

— Мæ мадыхо Полли, мистер Пенделтонæ н йæ саст къах дзæ бæ х кодта дохтыр Чилтон! Кæ д... кæ д ды уый ныхмæ ницы зæ гъыс, уæ д мæ фæ ндид, цæ мæ й нæ м дохтыр Чилтон æ рбацæ уа... æ цæ г... тынг мæ фæ ндид!

Мисс Поллийæ н йæ цæ сгом сырх-сырхид афæ лдæ хт. Иу минуты бæ рц ницы сдзырдта, уый фæ стæ загъта рæ вдаугæ йæ, фæ лæ раздæ рау тызмæ ггомау æ мæ фæ ндфидарæ й:

— Æ з разы нæ дæ н, Поллианнæ. Æ з цыфæ нды дæ р бакæ ндзынæ н... Мæ зынаргъ, æ з дæ у тыххæ й цыфæ нды дæ р бакæ ндзынæ н, фæ лæ дохтыр Чилтоны æ рбахонынмæ нæ хъавын. Æ мæ мыл баууæ нд, уымæ н йæ бон нæ у дæ... цæ фы тыххæ й, райсом Нью-Йоркæ й чи ’рбацæ удзæ н, уыцы зындгонд дохтыр цас æ мбары, уыйбæ рц зонын.

Поллианнæ уæ ддæ р нæ састи.

— Мæ мадыхо Полли, ды дохтыр Чилтоны куы уарзис...

— Цы? — мадыхо Поллийæ н йæ хъæ лæ с фæ карз, фæ лæ та йæ рустæ ныссырх сты.

— Ды дохтыр Чилтоны мæ н хуызæ н куы уарзис æ мæ уыцы иннæ дохтыры куы нæ уарзис, — ныуулæ фыд Поллианнæ, — уæ д, мæ нмæ гæ сгæ, дохтыр Чилтоны равзарис.

Уыцы рæ стæ г уатмæ ’рбацыди рынчынгæ с. Мисс Полли рæ вдз йæ бынатæ й фестад.

— Тынг хъыг мын у, Поллианнæ, — загъта мадыхо тызмæ гæ й, — фæ лæ ацы хатт бар мæ нæ н раттын бахъæ удзæ н, цæ мæ й уынаффæ æ з рахæ ссон, уый тыххæ й. Уымæ й уæ лдай, ныридæ гæ н алцыдæ р лыггонд у: дохтыр райсом Нью-Йоркæ й æ рцæ удзæ н.

Фæ лæ дыккаг бон ньюйоркаг дохтыр не ’рцыдис. Кæ ддæ р-кæ ддæ р æ рбацыд телеграммæ. Уым хъусын кодтой, специалист æ нæ нхъæ лæ джы кæ й фæ рынчын æ мæ йын йе ’рцыды æ мгъуыд аргъæ вын кæ й хъæ уы. Уымæ гæ сгæ, Поллианнæ йæ н йæ бон уыди лæ гъстæ кæ нын дарддæ р, цæ мæ й йæ дохтыр Чилтонæ й баивой.

Фæ лæ мисс Полли раздæ рау йæ сæ р банкъуыста æ мæ загъта: «Нæ, мæ зынаргъ», — æ мæ тынг фæ ндфидарæ й, фæ лæ узæ лгæ йæ бафтыдта, цыфæ нды дæ р кæ й бакæ ндзæ н, уымæ й фæ стæ мæ, цæ мæ й йæ зынаргъ Поллианнæ цин кæ на.

Æ нхъæ лмæ гæ сæ н бонтæ кæ рæ дзи ивтой, æ мæ мисс Полли æ цæ гдæ р алцыдæ р кодта, цæ мæ й йæ хæ рæ фырт хъæ лдзæ г уа, уый тыххæ й.

— Мæ н уырнгæ дæ р нæ бакодтаид! Ничи мæ баууæ ндын кодтаид ууыл! — дзырдта иу сæ умæ райсом Ненси Зæ ронд Томæ н. — Æ вæ ццæ гæ н, æ нæ хъæ н бон иу минут дæ р ахæ м нæ вæ ййы, æ мæ мисс Полли нæ мæ гуыр уæ рыччы алыварс ма зилдух кæ на, цы йын акæ на, уымæ ’нхъæ лмæ кæ сгæ йæ, гæ дыйы йæ м уæ ддæ р бауадза... Афтæ мæ й къуыри размæ нæ дæ р Флаффийы, нæ дæ р Баффийы уатмæ бацæ уын ницы хуызы бауагътаид! Ныр та сæ хуыссæ ныл сæ рбихъуырæ йттæ кæ нын дæ р уадзы, æ рмæ стдæ р уый Поллианнæ йы зæ рдæ мæ кæ й цæ уы, уый тыххæ й! Æ мæ йын йæ бон æ ндæ р саразын куы ницыуал вæ ййы, уæ д, рудзынгыл цы дзæ нхъа дуртæ ауыгъд ис, уыдон дыууæ рдæ м кæ нын райдайы, цæ мæ й, нæ чызг куыд фæ зæ гъы, афтæ «арвæ рдынтæ кафой». Æ ртæ хатты Тимотийы Коббы хъæ рмуæ ттæ м дидинджытæ м арвыста, æ мæ уый, адæ м кæ й хæ ссынц, уыдонæ й уæ лдай. Иу бон та бацыдтæ н æ мæ уынын: хуыссæ ны раз бады, рынчынгæ с ын йæ дзыккутæ фасы, Поллианнæ та йæ м кæ сы æ мæ хуыссæ нæ й уынаффæ кæ ны, йæ цæ стытæ фырцинæ й ныррухс сты, афтæ мæ й. Ацы ран дæ лдзæ х ныххауон, кæ д мисс Полли æ рвылбон ахæ м сæ рыфастимæ нæ цæ уы, æ рмæ стдæ р цæ мæ й нæ дзæ бæ х чызджы зæ рдæ балхæ на!

Зæ ронд Том ныххудти.

— Мæ нмæ дæ р диссаг фæ каст, мисс Поллийæ н йæ бакаст, йæ ныхыл цы къæ бæ лдзгуытæ ис, уыдонимæ ’взæ рдæ р кæ й нæ у, — бафиппайдта лæ г.

— Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, нæ у, — дзуапп радта Ненси. Кæ дæ й-уæ дæ й адæ ймаджы хуызæ н сси... Зæ гъæ н ис, æ цæ гæ йдæ р у рæ с...

— Дæ хи хъахъхъæ н, Ненси, — йæ ныхас ын аскъуыдта зæ ронд лæ г хинæ йдзаг мидбылхудтимæ. — Æ рхъуыды-ма кæ н, кæ ддæ р рæ сугъд кæ й уыди, уый дын куы дзырдтон, уæ д мын цы загътай!

Ненси йе уæ нгтыл уæ лæ мæ схæ цыд.

— Тынг рæ сугъд æ й не схондзынæ, æ вæ ццæ гæ н, фæ лæ сæ ттын, Поллианнæ йын цы лентытæ æ мæ ’фцæ гготт дарын кæ ны, уыдонимæ йæ хуыз æ цæ гæ йдæ р æ ндæ р у.

— Æ з дын дзырдтон, — сразы ис Том, — зæ ронд кæ й нæ у, уый дын дзырдтон.

Ненси ныххудти.

— Разы дæ н, йæ хи йын зæ рондæ й æ вдисын, раздæ ры хуызæ н, нал æ нтысы, Поллианнæ куы нæ ма ’рбацыд, уæ д куыд уыдис, афтæ. Байхъус-ма, мистер Том, йæ уарзон та чи уыди? Нæ ма йæ базыдтон, нæ ма!

— Нæ базыдтай? — бафарста зæ ронд лæ г, æ мæ йæ цæ сгом цыдæ р æ нахуыр сси. — Уæ дæ йæ нæ базондзынæ... мæ нæ й.

— О, мистер Том! Зæ гъ-ма мын æ й, — зæ рдæ лхæ нæ н хъæ лæ сы уагæ й лæ гъстæ кодта чызг. — Мæ бон бафæ рсын кæ й у, ахæ мтæ ам бирæ ис, уый куы зоныс.

— Чи зоны, фæ лæ уæ ддæ р ис иу, дзуапп дын чи нæ ратдзæ нис, ахæ м, — бахудти Зæ ронд Том. Фæ лæ æ васт йæ цæ стыты хинæ йдзаг æ рттывд æ рмынæ г ис. — Æ мæ куыд у абон та нæ чызг?

Ненси йæ сæ р батылдта. Уымæ н дæ р йæ цæ сгом ныттар.

— Куыд уыдис, афтæ, мистер Том. Хорзæ й дзы нырма ницы зыны, цы уынæ м, уымæ гæ сгæ. Хуыссæ ны хуыссы, фынæ й кæ ны, дзуры, архайы худын æ мæ цин кæ нын: хур кæ й аныгуылы, мæ й кæ й скæ сы, уыдæ ттыл, стæ й æ ндæ р ахæ мтыл. Зæ рдæ фæ йнæ рдæ м тоны, уымæ кæ сгæ йæ!

— Æ з æ й зонын, уый хъазт у... Хуыцау ын арфæ ракæ нæ д! — йæ сæ р разыйы тылд бакодта Зæ ронд Том, йæ цæ стытæ æ рцъынд кæ нгæ йæ.

— Уæ дæ дæ уæ н дæ р уыцы хъазты кой кодта?

— О, уый мын æ й раджы радзырдта, — зæ ронд лæ г хъусæ й фæ лæ ууыд, уый фæ стæ дарддæ р кодта йæ ныхас. Йæ былтыл мидбылхудт ахъазыд. — Иу хатт æ з, ахæ м зылын æ мæ гуыбыр кæ й сдæ н, уый фæ дыл хъуыр-хъуыр кодтон, æ мæ куыд æ нхъæ л дæ, уыцы чызг мын цы загъта?

— Цæ мæ й йæ зонын? Мæ нмæ гæ сгæ, уым, цин цæ уыл кæ най, ахæ м исты зын ссарæ н у!

— Уæ дæ йæ бон сси! Загъта мын, зæ гъгæ, мæ бон цин кæ нын у, хуымтæ куы фæ рувын, уæ д мæ тынг гуыбыр кæ нын кæ й нæ хъæ уы, ууыл, уымæ н æ мæ æ нæ уи дæ р æ мбисмæ гуыбыр дæ н.

Ненси æ нкъардæ й бахудти.

— Уый мæ нмæ диссаг нæ кæ сы. Поллианнæ кæ ддæ риддæ р исты ссардзæ нис. Мах йемæ уыцы хъазтæ й хъазыдыстæ м райдианæ й, уымæ н æ мæ йын, кæ имæ хъаза, уый нæ уыди... Фыццаг хъавыди йæ мадыхоимæ хъазын.

— Мисс Поллиимæ?!

Ненси ныххудти.

— Куыд кæ сын, афтæ мæ й ды не ’хсинæ й цы хъуыды кæ ныс, уый мæ хъуыдыйæ тынг нæ хицæ н кæ ны, — фæ рæ хуыста зæ ронды.

Зæ ронд Том æ м тæ ргайхуызæ й бакаст:

— Æ з æ рмæ ст ахъуыды кодтон, уый уымæ... æ гæ р диссаг фæ кастаид, — сæ рыстырхуызæ й загъта зæ ронд лæ г.

— Разы дæ н, уыцы заман афтæ уыдаид, — бафиппайдта Ненси. — Фæ лæ, мæ нмæ гæ сгæ, ныр афтæ нæ уаид. Ныр мæ не ’хсинæ й цыфæ нды дæ р бауырндзæ н... суанг, йæ хæ дæ г уыцы хъазтæ й хъазын кæ й райдайдзæ н, уый дæ р!

— Æ мæ йын, ау, чызг ницы загъта? Иу хатт дæ р нæ? — бадис кодта Том. — Нæ горæ ты йæ, æ вæ ццæ гæ н, алкæ мæ н дæ р радзырдта. Алырдыгæ й хъусын йæ кой, уæ лдайдæ р та ныр, фыдбылызы куы бахаудис, уæ д.

— Алкæ мæ н дæ р, мисс Поллийæ фæ стæ мæ. Поллианнæ мын раджы загъта, йæ бон ын хъазты тыххæ й радзурын нæ у, зæ гъгæ, уымæ н æ мæ мадыхойы йæ фыды коймæ хъусын нæ фæ нды. Æ мæ уый та йæ фыды хъазт уыди, æ мæ йæ дзурын куы райдыдтаид, уæ д æ й йæ кой скæ нын бахъуыдаид. Уымæ н ын æ й никуы загъта, — бамбарын кодта Ненси.

— О, æ мбарын æ й, æ мбарын, — зæ ронд лæ г йæ сæ р разыйы тылд бакодта. — Уый уыцы пастормæ ахæ м мæ сты кодта... Иууылдæ р æ м мæ сты уыдысты, уымæ н æ мæ мисс Дженнийы йæ фæ дыл аласта. Æ мæ кæ д мисс Полли сæ кæ стæ р у, уæ ддæ р ын йæ бон уый ныббарын никуы сси. Уый мисс Дженнийы ахæ м бирæ уарзта... уыцы заман. О, æ мбарын æ й, æ мбарын. Æ гæ р стыр маст уыди, — сулæ фыд лæ г æ мæ азылдис.

— О, вæ ййы афтæ... — ныуулæ фыд Ненси дæ р, æ мæ фæ стæ мæ хæ рæ ндонмæ араст.

Уыцы æ нхъæ лмæ гæ сæ н бонтæ æ нцон никæ мæ н уыдысты. Рынчынгæ с йæ хи хъæ лдзæ г дарын архайдта, фæ лæ йæ цæ стæ нгасы зынди катай. Джон Уоррен тыхсти. Мисс Полли бирæ нæ дзырдта, фæ лæ, суанг йе ’нгас ын фæ лмæ ндæ р цы дзыккутæ кодтой æ мæ йæ хъуырыл цы æ фцæ ггот уыдис, уыдонæ н дæ р сæ бон бамбæ хсын нæ уыд, бонæ й-бонмæ кæ й тайы æ мæ фæ лурсæ й-фæ лурсдæ р кæ й кæ ны, уый. Поллианнæ та къæ былаимæ хъазыд, гæ дыйы зæ лдаг хъуын даудта, дидинджытыл цин кодта, кæ й йын æ рвыстой, уыцы фæ ткъуытæ æ мæ вареннæ тæ хордта, йе ’нæ низдзинады фæ дыл йе ’мбæ лтты æ нæ нымæ ц фæ рстытæ н, сæ арфæ тæ н æ мæ салæ мттæ н дзуапп лæ вæ рдта. Фæ лæ бонæ й-бонмæ тадис æ мæ фæ лурсæ й-фæ лурсдæ р кодта. Йæ гыццыл æ мæ мæ ллæ г къухты тыхст змæ лдæ й уæ лдай тынгдæ р фæ бæ рæ г, раздæ ры цырд къæ хтæ æ ппындæ р кæ й нал змæ лынц, уый.

Хъазты кой куы кæ нæ м, уæ д Поллианнæ уыцы бонты Ненсийæ н дзырдта, ногæ й скъоламæ куы ацæ уа, миссис Сноуы куы бабæ рæ г кæ на, мистер Пенделтонмæ куы базгъора æ мæ дохтыр Чилтонимæ тезгъо кæ нынмæ куы ацæ уа, уæ д куыд цин кæ ндзæ н... Афтæ зынди, цыма уыцы циндзинæ дтæ ныр нæ, фæ лæ фидæ ны кæ й уыдзысты, уый не ’мбары. Фæ лæ Ненси уый æ мбæ рста, æ мæ -иу арæ х иунæ гæ й куыдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.