Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





24 СÆР. ДЖОН ПЕНДЕЛТОН



Поллианнæ скъоламæ нæ ацыд нæ дæ р «райсом», нæ дæ р «иннæ бон». Æ ниу, йæ хæ дæ г-иу æ й, æ рмæ ст бынтон куы ’рчъицыдта, уæ д бамбæ рста, æ мæ -иу уæ д хынцфарст кæ нын райдыдта. Æ нæ хъæ н къуыри бæ лвырд ницы бамбæ рста. Фæ лæ уый фæ стæ йæ тæ вд æ рхауд, йæ рыст иучысыл фæ къаддæ р ис, æ мæ æ ппынфæ стаг йæ хи æ рæ мбæ рста.

— Уæ дæ уый низ нæ у, фæ лæ цæ ф, — ныуулæ фыд чызг. — Æ з ахæ м цин кæ нын!

— Ц-цин, Поллианнæ? — бафарста йæ мадыхо. Уый бадти йæ хуыссæ ны раз.

— О, фæ лтау мистер Пенделтоны хуызæ н, дæ къæ хтæ саст уæ д, миссис Сноуау, сдзæ бæ хгæ нæ н кæ мæ н нæ й, ахæ м низæ й фæ рынчыны бæ сты. Саст къæ хтæ бандæ дзынц, низæ н та, чи зоны, сдзæ бæ х кæ нæ н мауал уа.

Мисс Полли саст къæ хты кой кæ нгæ дæ р не скодта. Æ васт сыстад, уаты иннæ кæ рон цы чысыл кæ сæ нджын стъол уыди, уый цурмæ бацыдис. Иу дзаума дзы иннæ йы фæ дыл иста. Цы куыста, уый бæ рæ г нæ уыд, йæ хæ дæ г дæ р æ й не ’мбæ рста. Хъæ ддых мисс Поллийы ахæ мæ й никуы ничи федта. Йæ цæ сгом рохстхуыз нæ уыди, фæ лæ мардау ныффæ лурс ис.

Рудзгуытыл дзæ нхъа дуртæ змæ лыдысты æ мæ Поллианнæ, цармæ цы хуызджын тæ ппытæ калдтой, уыдоны кафтмæ касти.

— Æ з цин кæ нын, дзуарæ й рынчын кæ й нæ дæ н, ууыл, — загъта чызг райгондæ й. — Хæ буздзыхъхъытæ дзыгъуыртæ й æ взæ рдæ р уаиккой! Æ мæ хъихъгæ наг хуыфæ г кæ й нæ у, ууыл дæ р цин кæ нын. Иу хатт дзы фæ рынчын дæ н: тынг æ лгъаг низ у. Æ мæ цин кæ нын, аппендицит кæ нæ фадынæ г кæ й нæ у, ууыл, уымæ н æ мæ уыдон хæ цгæ низтæ сты... ома фадынæ г, зæ гъынмæ хъавын... уæ д дын мемæ бадæ н нæ уаид.

— Куыд кæ сын, афтæ мæ й бирæ цæ уылдæ рты цин кæ ныс, ризгæ хъæ лæ сæ й сдзырдта мисс Полли. Æ мæ йын цыма йæ къабайы æ фцæ ггот йæ улæ фт æ хгæ дта, уыйау йæ къух йæ хъуырыл сæ вæ рдта.

Поллианнæ ныххудти:

— О, цалынмæ мæ арвыронмæ кастæ н, уæ дмæ уыдæ ттыл хъуыды кодтон. Æ з уарзын арвырон. Æ мæ мын мистер Пенделтон ацы дзæ нхъа дуртæ кæ й балæ вар кодта, ууыл æ з ахæ м цин кæ нын! Æ мæ ма цин кæ нын, кæ й нæ ма загътон, бирæ ахæ м цæ уылдæ ртыл. Бæ лвырд æ й нæ ма зонын, фæ лæ æ ппæ ты фылдæ р цин кæ нын, хæ дтулгæ мæ кæ й скъуырдта, ууыл.

— Поллианнæ!

Чызг ногæ й фæ лмæ нæ й ныххудтис æ мæ йæ мадыхомæ ’рттивгæ цæ стытæ й бакаст.

— Æ мбарыс, куы мæ сцавта, уæ дæ й нырмæ мæ ды арæ х хоныс «мæ зынаргъ», раздæ р та афтæ никуы дзырдтай. Æ з уарзын, афтæ мæ куы фæ хонынц... ома хиуæ ттæ, зæ гъынмæ хъавын... Комитетæ й мæ иуæ й-иу сылгоймæ гтæ дæ р афтæ хуыдтой, æ мæ мын, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, æ хсызгон уыди, фæ лæ мын дæ у хуызæ н хион куы уыдаиккой, уæ д мын æ хсызгондæ р уыдаид. О, мæ мадыхо Полли, æ з ахæ м цин кæ нын, мæ н кæ й дæ, ууыл!

Мадыхо Полли дзуапп нæ радта. Йæ къух та ногæ й йæ хъуырыл февзæ рдис, йæ цæ стытæ доны разылдысты. Азылд æ мæ уатæ й рæ вдз рацыди. Дуары къæ сæ рыл рынчынгæ симæ хæ рхæ мбæ лд фесты.

Тæ ккæ уыцы бон сихоры фæ стæ Ненси Зæ ронд Томмæ азгъордта. Уый скъæ ты бæ хы дзауматæ сыгъдæ г кодта. Йæ цæ стытæ æ ррайы хуызæ н уыдысты.

— Мистер Том, мистер Том, базон-ма, цы ’рцыди! Фырадæ ргæ й тыхулæ фт кодта. — Мин азы куы хъуыды кæ най, уæ ддæ р æ й нæ базондзынæ!

— Æ мæ уæ д фыдæ бон кæ нын дæ р нæ хъæ уы, — хъуынтъызæ й дзуапп радта зæ ронд лæ г. — Уæ лдайдæ р та, дæ с азæ й фылдæ р фæ цæ рын æ нхъæ л кæ й нал дæ н, уый хынцгæ йæ. Уымæ гæ сгæ дзургæ кæ н, Ненси.

— Уæ дæ хъус. Куыд æ нхъæ л дæ, ныртæ ккæ уазджыты уаты не ’хсинимæ чи бады? Чи, фæ рсын дæ?

Зæ ронд Том йæ сæ р батылдта.

— Ницы йын зонын...

— Æ мæ йæ дæ бон зонын дæ р нæ у! Æ з дын æ й зæ гъдзынæ н. Уым ис... мистер Джон Пенделтон!

— Уымæ н уæ вæ н нæ й! Хынджылæ г кæ ныс?

— Æ ппындæ р нæ! Мæ хæ дæ г ын бакодтон дуар: æ нцойгæ нæ н лæ дзджытимæ ’рбацыди! Йæ бæ хтæ йæ м ифтыгъдæ й хæ дзары цур æ нхъæ лмæ кæ сынц. Цыма æ ппындæ р, иу ныхас дæ р чи никуы никæ имæ скодта, уыцы тызмæ г зæ ронд нæ дзæ рин нæ у, уый хуызæ н! Ахъуыды ма кæ н, мистер Том, уый йæ м æ рбацæ уæ д!

— Æ мæ цæ уылнæ хъуамæ? — бафарста зæ ронд лæ г къæ йныхæ й.

Ненси йæ м худæ н каст бакодта.

— Цыма йæ мæ нæ й хуыздæ р нæ зоныс, уыйау!

— Цы-ы?

— Дæ хицæ й ницызонæ г ма араз, — мæ стыгæ рæ й загъта Ненси. — Дæ хæ дæ г мын дæ дзырдæ ппарæ нтæ й мæ сæ р разилын кодтай!

— Цы зæ гъынмæ хъавыс уымæ й?

Ненси скъæ ты дуарæ й хæ дзары ’рдæ м акаст æ мæ зæ ронд лæ гмæ хæ стæ гдæ р бацыдис.

— Байхъус-ма! Кæ ддæ р мисс Поллийæ н уарзон уыди, уый мын ды нæ загътай? Æ мæ мæ м иу хатт афтæ фæ каст, цыма дыууæ æ мæ дыууæ кæ рæ дзимæ бафтауын мæ бон суыдзæ н æ мæ дзы рауайдзæ н цыппар. Афтæ мæ й та, уый цыппар нæ, фæ лæ фондз у!

Зæ ронд Том азылд æ мæ дарддæ р йæ куыст кодта.

— Кæ д мын дæ зæ рды исты зæ гъын ис, уæ д мын æ й, куыд æ мбæ лы, афтæ бамбарын кæ н, — загъта мæ стыйæ. — Æ з ам демæ ’нгуылдзтыл нæ нымайдзынæ н!

Ненси ныххудти.

— Иу ныхасæ й, æ з иу цыдæ р фехъуыстон, æ мæ уый фæ стæ ахæ м хъуыдымæ ’рцыдтæ н, цыма йæ уарзон уый уыди! — бамбарын кодта чызг.

— Мистер Пенделтон?!

— Фæ рæ дыдтæ н, уый ныр бæ ргæ зонын. Мистер Пенделтон уарзта нæ дзæ бæ х чызджы мады, æ мæ йæ уымæ н фæ ндыд... цæ й, афтæ фæ уæ д, — бафтыдта Ненси. Афоныл æ рхъуыды кодта, Джон Пенделтон дзы йæ хицæ н чызг зæ гъынмæ хъавыд, уый кæ й никæ мæ н радзурдзæ н, уымæ й Поллианнæ йæ н зæ рдæ кæ й бавæ рдта. — Уæ дæ й нырмæ адæ мы фарстон æ мæ базыдтон, мисс Поллиимæ бирæ азты дæ ргъы кæ рæ дзийæ сæ хи дæ рдты ласынц, уый; стæ й, æ стдæ с азы йыл куы цыд, уæ д сын сæ нæ мттæ иумæ цы дам-думтæ бабастой, уыдоны тыххæ й йын æ нæ уынон кæ й сси.

— О, хъуыды йæ кæ нын, — сразы ис Зæ ронд Том. — Æ мæ уый уыди, мисс Дженни йын куы нæ бакуымдта æ мæ ’ндæ римæ куы ацыд, уымæ й æ ртæ æ ви цыппар азы фæ стæ дæ р. Мисс Полли хабар зыдта æ мæ йын, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, тæ ригъæ д кодта. Йæ зæ рды йæ басабыр кæ нын уыди. Чи зоны, æ гæ р бацархайдта. Куыдфæ нды куы уа, уæ ддæ р ыл чидæ р дам-думтæ æ рымысыди, йæ фæ дыл зилы, зæ гъгæ, дзæ гъæ лдзырд кодтой.

— Цæ мæ й уый искæ й фæ дыл зила! — загъта Ненси.

— Дæ бон у, æ мæ йæ мæ нæ н ма дзурай, фæ лæ адæ м йæ кой кодтой, — дзырдта дарддæ р зæ ронд лæ г. — Æ мæ уый иу чызг дæ р, чысыл дæ р æ м сæ рыстырдзинад куы уа, уæ д нæ ныххатыр кæ ндзæ н. Уæ дмæ фæ зындис иннæ дæ р, æ ндæ р. Уый йæ бауарзта, фæ лæ та уыимæ дæ р мæ стыты бахауди. Уый фæ стæ сæ тæ лæ гау æ хгæ д-зæ рдæ йæ цæ рын райдыдта, зонын дæ р æ й никæ йуал фæ ндыд. Йæ зæ рдæ цыма дур ныццис.

— О, зонын æ й, цыдæ ртæ фехъуыстон. Дуары цур æ й куы ауыдтон, уæ д мæ ’рхауынмæ дæ р бирæ уымæ н нал хъуыди. Уал азы кæ рæ дзимæ дзыхæ й дæ р нæ дзырдтой, æ мæ йæ м ныр фæ зынди. Уазджыты уатмæ йæ ахуыдтон æ мæ йын йе ’рбацыды тыххæ й фехъусын кодтон.

— Æ мæ уый та цы загъта? — Зæ ронд Том йæ улæ фт фæ урæ дта.

— Ницы... фыццаг. Æ нæ змæ лгæ йæ бадти, æ мæ мæ м афтæ фæ каст, цыма мæ нæ фехъуыста. Ногæ й йæ зæ гъынмæ куы хъавыдтæ н, уæ д мæ м мынæ г хъæ лæ сæ й сдзырдта: «Зæ гъ мистер Пенделтонæ н: ныртæ ккæ фæ цæ уын». Æ з рацыдтæ н æ мæ йын загътон. Уый фæ стæ ардæ м разгъордтон, цæ мæ й дын æ й радзурон, — фæ цис Ненси йæ ныхас, æ мæ та фæ стæ мæ фæ каст.

— Гъым! — схъуыр-хъуыр кодта Зæ ронд Том æ мæ ногæ й йæ куыстмæ бавнæ лдта.

Мистер Джон Пенделтоны Харрингтонты хæ дзары, уазджыты уаты, бирæ ’нхъæ лмæ кæ сын нæ бахъуыди. Рæ вдз къахдзæ фты уынæ рæ й базыдта, мисс Полли кæ й æ рбаввахс ис, уый. Йæ зæ рды уыди сыстын, æ мæ йе ’нцойгæ нæ н лæ дзджытæ м февнæ лдта, фæ лæ йæ уый къухы змæ лдæ й баурæ дта. Йæ къух æ м нæ балæ вæ рдта, йе ’нгасыл бæ рæ г уыди хиуылхæ ст.

— Æ з æ рбацыдтæ н, Поллианнæ куыд у, уый базонынмæ, райдыдта лæ г схæ ц-æ рхæ ц кæ нгæ.

— Бузныг, йæ уавæ р нæ аивта.

— Æ мæ... цы кæ ны, уый зæ гъынмæ нæ хъавыс? — ацы хатт Джон Пенделтоны хъæ лæ сы азæ лыд зæ рдæ хсайд.

Сылгоймаджы зæ рдæ суынгæ г ис.

— Мæ бон нæ у... Ехх, куы уаид мæ бон!

— Афтæ зæ гъынмæ хъавыс... нæ йæ зоныс?

— Нæ зонын.

— Дохтыр... та?

— Мæ нмæ гæ сгæ, дохтыр Уоррен йæ хæ дæ г дæ р ницыуал зоны. Ныр уынаффæ йы фæ дыл Нью-Йоркæ й иу специалистмæ фæ дзырдта. Хъуамæ дохтырты æ рæ мбырд кæ ной.

— Æ мæ... цæ ф кæ цы ран у, уый зоныс?

— Йæ сæ рыл иу чысыл цæ ф ис, иу-дыууæ цъæ хы йæ буарыл... йæ астæ уыстæ г хъыгдард баййæ фта. Æ вæ ццæ гæ н, къæ хтæ дæ р уымæ н бандзыг сты.

Мистер Пенделтоны хъуырæ й мынæ г хъæ р сирвæ зти. Иуцасдæ р ницы сдзырдта, уый фæ стæ фæ сус хъæ лæ сæ й бафарста:

— Æ мæ Поллианнæ... цы цæ стæ й кæ сы уымæ?

— Нæ ма йæ зоны, мæ бон ын æ й нæ у зæ гъын.

— Æ мæ уый хъуамæ... исты бамбæ рстаид!

Мисс Полли, фæ стаг рæ стæ г куыд фæ цахуыр ис, афтæ та йæ хъуырмæ февнæ лдта.

— О, йæ бон змæ лын нæ у, уый зоны, фæ лæ афтæ ’нхъæ лы, цыма йæ къæ хтæ саст сты. Æ мæ цин кæ ны, уымæ н æ мæ хуыздæ рыл нымайы, дæ уау йæ къæ хтæ асæ ттын, миссис Сноуы низæ й фæ рынчыны бæ сты, — уымæ н æ мæ «саст къæ хтæ бандæ дзынц, сдзæ бæ хгæ н кæ мæ н нæ й, уыцы низтæ та афтæ мæ й баззайынц». Афтæ дзуры æ ппынæ дзух, æ мæ мæ м афтæ кæ сы, цыма... нал бафæ раздзынæ н!

Кæ д йæ цæ стытæ доны зылдысты, уæ ддæ р нæ лгоймаг, фырхъизæ марæ й йæ хуыз кæ мæ н фæ цыд, уыцы цæ сгом федта. Йæ хъуыдытæ йæ æ нæ бары раздæ хтой, фæ стаг хатт æ й йæ химæ куы хуыдта, уæ д ын Поллианнæ цы загъта, уымæ: «Мæ бон нæ у мæ мадыхо Поллийы ныууадзын... ныр! » Æ мæ уыцы мысинагмæ гæ сгæ тынг фæ лмæ нæ й бафарста, йæ хъæ лæ с ногæ й куы фæ фидардæ р, уæ д:

— Мисс Харрингтон, Поллианнæ йæ н мæ хæ дзары цæ рын цас фæ лæ гъстæ кодтон, уый зоныс æ ви нæ?

— Дæ хæ дзары!.. Поллианнæ йæ н!

Йæ хъæ лæ сы уагæ й нæ лгоймаджы ных фенцъылд ис, æ мæ куы сдзырдта, уæ д йæ хи хъæ лæ с зæ лыди карз æ мæ хиуылхæ цгæ йæ.

— О. Æ з дзы мæ хицæ н хъавыдтæ н чызг зæ гъынмæ, закъонмæ гæ сгæ. Æ мæ йын, кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, мæ зæ рды уыди мæ бынтæ ныууадзын.

Мисс Полли иучысыл фæ фæ лмæ ндæ р ис. Поллианнæ мæ цы диссаджы фидæ н æ нхъæ лмæ каст, ууыл ахъуыды кодта. Æ мæ сагъæ сы бацыд: цымæ Поллианнæ фаг æ мбаргæ æ мæ кæ рæ ф уыди, цæ мæ й бирæ ’хцамæ, стæ й, ацы адæ ймаг æ хсæ нады цы бынат ахсы, уымæ ма схæ лæ г уа?

— Æ з Поллианнæ йы бирæ уарзын, — дзырдта дарддæ р нæ лгоймаг. — Æ з æ й уарзын, куыд йæ хи, афтæ йæ мады тыххæ й дæ р. Æ з цæ ттæ уыдтæ н Поллианнæ йæ н, мæ зæ рдæ йы арфы фондз æ мæ ссæ дз азы цы уарзондзинад фæ хъахъхъæ дтон, уый раттынмæ.

«Уарзондзинад». Мисс Полли æ виппайды æ рымысыд, сывæ ллоны йæ хæ дæ г цæ мæ н райста, уый. Æ мæ йын уыцы мысинаг йæ зæ рдыл æ рлæ ууын кодта, Поллианнæ райсомæ й цы ныхæ стæ загъта, уыдон: «Æ з уарзын, „мæ зынаргъ“ мæ хиуæ ттæ куы фæ хонынц! » Æ мæ уыцы уарзтмондаг чызгæ н лæ вæ рд цыди, фондз æ мæ ссæ дз азы дæ ргъы цы уарзт нæ бамынæ г ис, уый. Поллианнæ фаг æ мбаргæ уыд, цæ мæ й ахæ м мондаггæ нæ нмæ схæ лæ г уа! Мисс Полли уый зæ рдæ састæ й бамбæ рста. Æ мæ ма бамбæ рста æ ндæ р цыдæ р — æ нæ Поллианнæ йæ йæ хи фидæ н кæ й баталынг уыдзæ н.

— Æ мæ?.. — бафарста сылгоймаг.

Мистер Пенделтон, мисс Поллийæ н йæ хъæ лæ сыл йæ бар кæ й нал цæ уы, уый бамбаргæ йæ, æ нкъардæ й бахудти.

— Не сразы ис, — дзуапп радта нæ лгоймаг.

— Цæ уылнæ?

— Дæ у ныууадзын æ й нæ бафæ ндыд. Афтæ зæ гъы: ды йемæ тынг хæ ларзæ рдæ уыдтæ, æ мæ йæ фæ нды демæ баззайын. Афтæ йæ м кæ сы, цыма дæ у дæ р фæ нды, демæ куы цæ рид, уый, — фæ ци йæ ныхас, бандонæ й сцæ йстгæ йæ.

Мисс Поллимæ нæ бакасти, афтæ мæ й дуары ’рдæ м цæ хгæ р фæ зылд. Уыцы уысм айхъуыста цырд къахдзæ фты уынæ р æ мæ федта, зырзыргæ нгæ йæ м кæ й балæ вæ рдтой, уыцы къух.

— Дохтыр Поллианнæ йы тыххæ й исты бæ лвырддæ р куы зæ гъа, уæ д дын æ й фехъусын кæ ндзынæ н, — загъта мисс Полли ризгæ хъæ лæ сæ й. — Хæ рзбон, бузныг де ’рбацыдæ й. Поллианнæ... бацин кæ ндзæ нис.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.