Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





23 СÆР. ÆНАМОНД ХАБАР



Иу хатт миссис Сноуы курдиатмæ гæ сгæ Поллианнæ мистер Чилтоны исæ нуатмæ бацыди, цæ мæ й, миссис Сноуæ й цы хосы ном ферох ис, уый базона. Афтæ рауад, æ мæ Поллианнæ дохтыр Чилтонмæ раздæ р никуы уыди.

— Мæ нмæ гæ сгæ, фыццаг хатт дæ н дæ хæ дзары? Ай дæ хæ дзар у? — бафарста чызг, цымыдисæ й йæ алыварс кæ сгæ йæ.

Дохтыр æ нкъардæ й бахудти.

— О... афтæ у, — дзуапп радта лæ г, гæ ххæ тты сыфыл цыдæ р фысгæ йæ, — фæ лæ ай у æ рмæ стдæ р райгуырæ н хæ дзары ницæ йаг фæ лгонц. Адон сты æ рмæ ст дыууæ уаты, æ ндæ р ницы. Нæ, ай хæ дзар нæ у.

Поллианнæ йæ сæ р æ мбаргæ тылд бакодта.

— Зонын æ й. Хæ дзар саразынæ н хъæ уынц сылгоймаджы къух æ мæ зæ рдæ кæ нæ сывæ ллон, — загъта чызг.

— Цы? — дохтыр цæ хгæ р фæ зылдис.

— Уый мын мистер Пенделтон загъта, — дзуапп радта Поллианнæ, — сылгомайджы къух æ мæ зæ рдæ йы, стæ й сабийы тыххæ й. Дохтыр, æ мæ ды дæ хицæ н сылгоймаджы къух æ мæ зæ рдæ цæ уылнæ ссарыс? Уæ д та Джимми Бины ды райсис, кæ д мистер Пенделтоны нæ бафæ нда, уæ д?

Дохтыр Чилтон тыххудт ныккодта.

— Уæ дæ мистер Пенделтон афтæ зæ гъы, сылгоймаджы къух æ мæ зæ рдæ куы нæ уой, уæ д хæ дзарæ н уæ вæ н нæ й, зæ гъгæ? — бафарста лæ г, ныхас иннæ рдæ м аздахгæ йæ.

— О, афтæ мын загъта. Фæ лæ дæ цæ уылнæ фæ нды, дохтыр Чилтон?

— Нæ фæ нды? Цы? — дохтыр ногæ й фыссæ н стъолмæ азылди.

— Сылгоймаджы къух æ мæ зæ рдæ ссарын. Хæ дæ гай... куы мæ ферох ис! — Поллианнæ фæ сырх. — Æ з дын хъуамæ загътаин, æ вæ ццæ гæ н... мистер Пенделтон бирæ азты размæ мæ мадыхо Поллийы нæ уарзта, æ мæ йæ м уымæ гæ сгæ... цæ рынмæ нæ цæ уæ м. Æ з дын дзырдтон, кæ й ацæ удзыстæ м, уый... фæ лæ фæ рæ дыдтæ н. Искæ мæ н æ й кæ й нæ радзырдтай, ууыл мæ зæ рдæ дарын, — фæ ци йæ ныхас сагъæ схуызæ й.

— Нæ... никæ мæ н æ й радзырдтон, — дзуапп радта дохтыр æ нахуыр хъæ лæ сы уагæ й.

— Уæ дæ хорз у алцыдæ р, — Поллианнæ йæ н фенцондæ р æ мæ арф ныуулæ фыд. — Æ мбарыс, æ рмæ стдæ р æ й дæ уæ н загътон... Афтæ мæ м фæ каст, цыма мистер Пенделтонæ н йæ цæ сгом цыдæ р худæ г сси, алцыдæ р дæ уæ н радзырдтон, уый куы базыдта, уæ д.

— Æ цæ г? — дохтыры худæ нбылæ й ракаст.

— О, мæ нмæ гæ сгæ, уый нæ фæ ндыди, цæ мæ й йæ иннæ тæ базоной... кæ д æ цæ г нæ у, уæ д. Фæ лæ ды сылгоймаджы къух æ мæ зæ рдæ цæ уылнæ ссардтай, мистер Чилтон?

Минуты бæ рц хъусæ й лæ ууыдысты, фæ лæ стæ й дохтыр загъта:

— Алкæ д сæ райсæ н нæ вæ ййы... куы сæ ракурай, уæ д, мæ чызг.

Поллианнæ сагъæ сгæ нгæ йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта.

— Мæ нмæ гæ сгæ, дæ уæ н сæ дæ бон уыди райсын, — не сразы ис чызг. Йæ ныхæ сты æ ргомæ й азæ лыд зæ рдæ лхæ нæ н.

— Бузныг, — ныххудти дохтыр, йе ’рфгуытæ хæ рдмæ сисгæ йæ. Уый фæ стæ йæ ныхасмæ бафтыдта. — Тæ рсын, дæ уæ й хистæ р чи у, уыдонæ й иуæ й-иутæ... хъуыды кодтой æ ндæ рхуызон. Цыфæ нды куы уа, уæ ддæ р уыдон... уыйбæ рц æ гъдауджын нæ разындысты, — бафиппайдта лæ г.

Поллианнæ та йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта, фæ лæ йæ цæ стытæ æ васт фырдисæ й фæ хъоппæ г сты.

— Дохтыр Чилтон, афтæ зæ гъынмæ хъавыс... Ды дæ р мистер Пенделтоны хуызæ н искæ й къух æ мæ зæ рдæ мæ бæ ллыдтæ... æ мæ сæ дæ бон райсын не сси?

Дохтыр цалдæ р хатты сыстади.

— Цæ й, Поллианнæ, уый кой нæ кæ ндзыстæ м... Дæ хи искæ й зындзинæ дтæ й цæ уыл тыхсын кæ ныс? Тагъддæ р азгъор миссис Сноумæ. Æ з хосы ном ныффыстон, стæ й, нуазын æ й куыд хъæ уы, уый дæ р. Исты ма йæ хъуыдис?

Поллианнæ йæ сæ р батылдта.

— Нæ, сэр, бузныг, — загъта чызг æ нкъардæ й, дуары ’рдæ м фæ цæ йцæ угæ йæ.

Бахизæ нмæ куы рацыд, уæ д æ виппайды фæ зылдис æ мæ зæ рдæ рухсæ й ныхъхъæ р кодта:

— Цыфæ нды куы уа, уæ ддæ р æ з цин кæ нын, ма мады къух æ мæ зæ рдæ мæ кæ й нæ бæ ллыдтæ, ууыл! Хæ рзбон, дохтыр!

Æ намонд цау æ рцыд октябры фæ стаг бон. Поллианнæ скъолайæ сæ химæ тагъд кодта æ мæ, фæ ндагыл куы фæ цæ йцыд, уæ д афтæ зынди, цыма, рæ вдз цы хæ дтулгæ ’рбаввахс кæ ны, уымæ й йын тас нæ у.

Фæ стагмæ, цы ’рцыдис, уый бæ лвырд зæ гъын никæ й бон уыдис. Афтæ цæ мæ н рауад æ мæ азымджын чи у, уый бамбарын кæ нын ничи фæ рæ зта. Фæ лæ фæ ндзæ м сахатыл Поллианнæ йы, бирæ кæ й уарзта, уыцы уатмæ бахастой. Чызг уыди лæ мæ гъ æ мæ æ нæ бон, нæ ма æ рчъицыдта. Мисс Поллийæ н фыртæ ссæ й йæ цæ сгомы хуыз фæ лыгъд, Ненси куыдта, æ мæ афтæ мæ й чызджы дзаумæ ттæ раластой. Уыцы рæ стæ г горæ тæ й дохтыр Уоррен тæ хгæ уадæ й цыди йæ хæ дтулгæ йыл. Телефонæ й йæ м фæ дзырдтой.

— Æ мæ мадыхойæ н йæ цæ сгоммæ кæ сын дæ р нæ хъуыди, куыдта Ненси. Дохтыр куы ’рбацыд æ мæ æ нæ сымæ й рынчыны сгарын куы райдыдта, уæ д уый дыргъдоны Зæ ронд Томимæ ныхас кодта. — Æ нæ уи дæ р бæ рæ г уыди, йæ хæ с æ й кæ й не ’хсыны, уый. Адæ ймаг йæ хæ с куы феххæ ст кæ ны, уæ д йæ къухтæ зыр-зыр нæ фæ кæ нынц, стæ й йæ цæ стæ нгас, цыма хуыссæ нæ й мæ лæ ты зæ ды асурынмæ хъавы, ахæ м нæ вæ ййы. Нæ, мистер Том, йæ цæ стæ нгас ахæ м нæ вæ ййы!

— Тынг цæ фтæ у? — ризгæ хъæ лæ сæ й загъта зæ ронд лæ г.

— Зын зæ гъæ н у, — загъта Ненси кæ угæ йæ. — Ахæ м фæ лурс у, раст марды хуызæ н. Фæ лæ мисс Полли загъта, æ гас у, зæ гъгæ, æ мæ йæ уымæ й хуыздæ р чи хъуамæ зона: йæ улæ фтмæ дæ р ын хъуыста, стæ й йæ зæ рдæ йы гуыпп-гуыпмæ.

— Æ мæ йæ ничи зоны, цы йын бакодта уыцы... уыцы... — зæ ронд Томæ н фыртыхстæ й йæ цæ сгомыл туджы цъыртт нал баззад.

Ненси йæ былтæ фæ цъупп ласта:

— Ехх, фæ ндид мæ, мистер Том, исты аккаг дзырдæ й йæ куы схонис... стæ й хъæ бæ рдæ рæ й. Дæ лдзæ х фæ уæ д! Ахъуыды ма кæ н — нæ чызгыл нын хæ дтулгæ баскъæ рдта! Ацы смаггæ наг хæ дтулгæ тæ й рагæ й дæ р мæ удхæ ссæ г уынын... рагæ й дæ р, рагæ й!

— Цæ ф кæ цы ран у?

— Нæ зонын, нæ зонын, — хъæ рзæ гау дзырдта Ненси. — Æ рмæ стдæ р йæ ных лыг у, фæ лæ тынг нæ, стæ й мисс Полли куыд зæ гъы, уымæ гæ сгæ, тæ ссаг нæ у. Фæ лæ тæ рсы, мидæ гæ й исты хъыгдард кæ й баййæ фта, уымæ й, æ мæ зæ гъы, Поллианнæ комы хуыссы, зæ гъгæ.

Зæ ронд Томы цæ стыты худæ н цæ хæ р ферттывта.

— Ненси, мисс Полли афтæ нæ загътаид. Мæ нмæ гæ сгæ, уый загъта «хуыссы комæ йы», — бафиппайдта зæ ронд лæ г.

— Цы? Нæ зонын, нæ зонын, — ныхъхъæ рзыдта Ненси, йæ сæ р батылдта æ мæ цæ уынæ ввонг фæ зылд. — Дохтыры рацыдмæ ’нхъæ лмæ кæ сын нал фæ разын. Бирæ ’хсинæ гтæ... мæ царды мидæ г æ ппæ ты фылдæ р... тынг бирæ ’хсинæ гтæ мын кæ й нæ й, уый мын тынг хъыг у, тынг хъыг, тынг! — хъарджытæ кодта Ненси, æ нæ бонæ й йæ къухтæ раздух-баздух кæ нгæ йæ.

Фæ лæ дохтыры ацыды фæ стæ дæ р Ненсийæ н йæ бон Зæ ронд Томæ н бирæ зæ гъын нæ уыди. Чызгæ н йе стджытæ й иу дæ р саст нæ разынд, йæ сæ р уыди уæ лæ нгай цæ ф. Дохтыр йæ сæ р батылдта æ мæ загъта, уавæ р æ рмæ стдæ р рæ стæ г равдисдзæ н, зæ гъгæ. Йæ ацыды фæ стæ мисс Полли ноджы тынгдæ р ныффæ лурс. Поллианнæ нæ ма ’рчъицыдта, фæ лæ ныр цыма фынæ й кодта, афтæ зынди, бæ ллæ н куыд уыдис, ахæ м сабырæ й. Горæ тæ й дæ сны рынчынгæ сы æ рбахуыдтой æ мæ йæ м уыцы изæ р æ нхъæ лмæ кастысты. Ног хабарæ й æ ндæ р ницы уыди. Ненси дзыназгæ йæ азылд æ мæ фæ стæ мæ къæ бицмæ фæ раст.

Поллианнæ ’рмæ стдæ р дыккаг райсом байгом кодта йæ цæ стытæ, кæ м ис, уый æ рæ мбæ рста.

— Мæ мадыхо Полли, цы ’рцыд? Сбон ис? Цæ уылнæ сыстын? — сдзырдта чызг. — Мæ мадыхо Полли, мæ бон сыстын куы нæ у! — Æ мæ йын сыстын куы нæ бантыст, уæ д ногæ й, хъæ рзгæ йæ, базыл æ рхауди.

— Нæ, нæ, мæ зынаргъ... нырма змæ лгæ дæ р ма кæ н, — цырд, фæ лæ йæ мынæ г хъæ лæ сæ й сабыр кодта йæ мадыхо.

— Цы ’рцыдис? Мæ бон сыстын цæ уылнæ у?

Мисс Полли хъизæ мархуызæ й урсхудджын сылгоймагмæ фæ рсгæ каст бакодта. Уый рудзынджы раз лæ ууыд, æ мæ йæ Поллианнæ хуыссæ нæ й нæ уыдта. Йæ сæ р разыйы тылд бакодта æ мæ дзуапп радта æ мырæ й, афтид былтæ й.

— Зæ гъут ын æ й.

Мадыхо Полли ныххуыфыди, йæ хъуыры цы къуыбар ныббадт æ мæ йæ дзурын чи нæ уагъта, уый аныхъуырыныл архайдта.

— Знон дæ изæ рæ й хæ дтулгæ скъуырдта. Фæ лæ Хуыцауæ н табу, фервæ зтæ. Сабыр хуысс æ мæ бафынæ й кæ ныныл бацархай.

— Хæ дтулгæ? А-а, о... æ з... æ з згъоргæ кодтон, — Поллианнæ йы цыма арв æ рцавта, уый хуызæ н фæ цис. Йæ къух йæ ныхмæ систа. — А-а-а... риссы!.

— О, мæ зынаргъ, фæ лæ йæ мацæ мæ дар. Æ рмæ ст... сабыр хуысс.

— Мæ мадыхо Полли, мæ хи ахæ м æ взæ р, ахæ м æ нахуыр æ нкъарын! Мæ къæ хтæ цыдæ р æ нахуыр сты... Æ ппындæ р сæ не ’мбарын!

Рынчынгæ смæ лæ гъстæ гæ наг каст бакæ нгæ йæ, мисс Полли зынæ й сыстад æ мæ уаты рæ бынмæ бацыди. Рынчынгæ с хуыссæ нмæ æ рбаввахс ис.

— Чи зоны, ныхасы бар мæ нæ н ратдзынæ, — райдыдта сылгоймаг æ нæ мæ т хъæ лæ сæ й. — Базонгæ кæ нынæ н афон у, æ мæ ныр мæ хи бацамондзынæ н. Мæ ном хуыйны мисс Хант, æ з дæ мадыхойæ н дæ умæ кæ сын æ ххуыс кæ ндзынæ н. Æ мæ дæ ’ппæ ты фыццаг цы куринаг дæ н, уый, — мæ нæ ацы гыццыл урс таблеткæ тæ аныхъуыр.

Поллианнæ йы касти ныфссастæ й:

— Нæ мæ фæ нды, цæ мæ й мæ м кæ сой... ома æ дзухдæ р! Мæ н сыстын фæ нды. Куы йæ зонут, скъоламæ цæ уын, уый. Ау, райсом скъоламæ нæ ацæ удзынæ н?

Мисс Полли цы рудзынджы раз лæ ууыд, уырдыгæ й мынæ г кæ уын райхъуысти.

— Райсом? — бахудти сылгоймаг. — Афтæ тагъд дын ахæ м бар нæ ратдзынæ н. Фæ лæ æ рмæ ст ацы таблеткæ тæ аныхъуыр, æ мæ фендзыстæ м, кæ ддæ ра дын нæ баххуыс кæ никкой.

— Хорз, — сразы ис Поллианнæ, — фæ лæ хъуамæ иннæ бон скъоламæ ацæ уон. Æ мбарыс, фæ лварæ нтæ мын ис.

Минуты фæ стæ ногæ й дзурын райдыдта: скъолайы, хæ дтулгæ йы, йæ сæ р куыд риссы, уый кой кодта. Фæ лæ чысыл фæ стæ дæ р йæ хъæ лæ с ныссабыр, уымæ н æ мæ йыл таблеткæ тæ тых кæ нын райдыдтой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.