Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





22 СÆР. ПОЛ ФОРД



Поллианнæ мистер Пенделтонæ н Джимми Бины хабар куы радзырдта, раст уыцы бон пастор Пол Форд тезгъо кодта хъæ ды. Йæ зæ рдæ дардта, æ рдзы сабырдзинад ын, йæ аргъуаны мæ тæ й йæ зæ рдæ йы цы æ лхынцъытæ фæ зынд, уыдон райхалын кæ й баххуыс кæ ндзæ н.

Пол Форд тынг тыхст уыди. Цы аргъуан ын бабар кодтой, уым афæ дзы дæ ргъы иу мæ йæ иннæ мæ хъуыддæ гтæ заууатмæ ’рцыдысты. Æ ппынфæ стаг æ м афтæ фæ каст, цыма ныр, кæ дæ мфæ нды ма фæ зил, алырдыгæ й хахуыртæ, хылтæ, хæ лæ гдзинад æ мæ дам-думтæ й фæ стæ мæ ницыуал ис. Куы быцæ у, куы лæ гъстæ, куы уайдзæ фтæ кодта, куы та-иу сыл йæ къух ауыгъта æ мæ зæ рдæ бынæ й куывта. Фæ лæ абон басасти, уавæ р хуыздæ р нæ, фæ лæ ’взæ рдæ р кæ й фæ цис, ууыл.

Йæ дыууæ викарийы ницæ й тыххæ й кæ рæ дзийы ныхмæ систы, æ мæ уыцы ницыйæ бирæ хъæ лæ баты фæ стæ æ цæ г æ взаринаг фарст рауади. Йæ аргъуаны цырддæ р æ мæ сæ рæ ндæ р æ ртæ сылгоймаджы хæ рзгæ нæ г комитетæ й сæ хи систой, дам-думы чысыл стъæ лфæ н дзæ гъæ лдзыхты аххосæ й стыр хъаугъа кæ й расайдта, уымæ н. Аргъуаны зарджыты къорд ныххæ лиу ис, иу нæ гæ й зарын кæ мæ н æ мбæ лы, уый фæ дыл кæ й нæ бафидыдтой, уый тыххæ й. Суанг «Кæ рæ дзийæ н æ ххуысы чырыстон æ хсæ над» дæ р змæ ст уыди, уымæ н æ мæ йын йæ хицауады уæ нгтæ й дыууæ йы æ ргомæ й рафаудтой. Аргъуаны дины скъолайы ректор æ мæ дыууæ ахуыргæ нæ джы сæ куыст куы ныууагътой, уæ д уымæ н йæ бон бафæ разын нал уыд, æ мæ фæ лмæ цыд пастор йæ хи æ рсабыр кæ нынмæ ацыдис хъæ дмæ. Уым куывта æ мæ хъуыдыты аныгъуылд.

Хъæ ды кæ рдæ гхуыз æ рдынцары бын Пол Форд, йæ размæ цы хæ с лæ ууыд, уый бæ лвырд уынын райдыдта. Куыд æ м касти, афтæ мæ й хъуыддæ гтæ сæ тæ ккæ тæ мæ нмæ бахæ ццæ сты. Æ нæ мæ нг исты кæ нын хъуыди, стæ й æ вæ стиатæ й.

Аргъуаны куыст ныллæ ууыд. Хуыцаубонтæ, иумæ йаг кувæ н бонтæ, миссионерон цай, æ хсæ вæ ртæ æ мæ изæ рты адæ м къаддæ рæ й-къаддæ р кодтой. Аргъуаны пайдайæ н зæ рдиагæ й чи лæ ггад кодта, ахæ мтæ ма, æ цæ г, цалдæ р баззади. Фæ лæ уыдон дæ р æ мзæ рдæ йæ нæ архайдтой. Арæ х не ’мбæ рстой, сæ алыварс æ рмæ ст, аргъгæ нæ г каст сæ м цы цæ стытæ кодтой æ мæ, сæ хи цæ стæ й цы федтой, уый кой кæ нын сæ хуыздæ р куыст кæ мæ н уыд, ахæ м æ взæ гтæ кæ й уыди.

Æ ппæ т уыдæ ттæ м кæ сгæ йæ, Пол Форд хорз æ мбæ рста, уый аххосæ й йæ хæ дæ г, Хуыцауы лæ ггадгæ нæ г, стæ й аргъуан, сахар æ мæ чырыстон дин дæ р хъизæ мар кæ й кæ нынц, æ мæ кæ ндзысты ноджы тынгдæ р, кæ д... Бæ рæ г уыди, исты кæ нын кæ й хъæ уы, уый, стæ й уайсахат. Фæ лæ цы?

Пастор сабыргай йæ дзыппæ й систа, хуыцаубонмæ кæ й æ рцæ ттæ кодта, уыцы фыстытæ, æ лхынцъæ рфыгæ й сæ м касти. Йæ раныхас цы ныхæ сты бындурыл саразынмæ хъавыд, уыдон аивæ й Библийæ куы бакаст, уæ д йæ цæ сгомы хуыз тызмæ г уыди:

 

«Сар уæ сæ р, динамонджытæ æ мæ фарисейтæ, цæ стмæ хъустæ! Сымах хæ рут идæ дзты хæ дзæ рттæ æ мæ бирæ кувут цæ стмæ. Уый тыххæ й баййафдзыстут карз æ фхæ рд...

Сар уæ сæ р, динамонджытæ æ мæ фарисейтæ, цæ стмæ хъустæ! Моисейы Æ гъдаумæ гæ сгæ суанг битъына, хъонтхора æ мæ зирайы дæ сæ ймаг хай дæ ттут, йæ ахъаззæ гтæ — рæ стдзинад, иннæ йы барæ вдауын æ мæ уырнындзинад та ницæ мæ дарут. Сымахæ н æ мбæ лд адæ ттæ кæ нын æ мæ уыдæ ттæ дæ р рохуаты ма уадзын»[3].

 

Уый уыди мастæ й йедзаг æ ргом ныхас. Хъæ ды кæ рдæ гхуыз æ рдынцары бын пасторы зæ рдæ бын хъæ лæ с зæ лыди рæ хойæ н фидисау. Суанг мæ ргътæ æ мæ æ хсæ рæ гтæ дæ р, цыма аргъыуцгæ нгæ тасы бацыдысты, уый хуызæ н ныхъхъус сты. Æ мæ пасторæ н йæ цæ стытыл ауад, иннæ хуыцаубоны уыцы ныхæ стæ йæ аргъуаны куыд азæ лдзысты, уый.

Йæ аргъуаны адæ м! Уыдон уыдысты йæ сывæ ллæ ттæ. Æ мæ сын йæ бон афтæ зæ гъын уыди? Йæ ныфс бахæ сдзæ н уыдæ ттæ зæ гъынмæ? Æ мæ йæ ныфс бахæ сдзæ н нæ зæ гъынмæ?! Уыцы æ ргом ныхæ стæ, йæ хæ дæ г сæ куы нæ ’мбарын кæ на, уæ ддæ р адæ ймаджы зæ рдæ йы тас уагътой. Æ мæ æ нæ рлæ угæ йæ куывта. Зæ рдæ бынæ й куырдта æ ххуыс æ мæ къухдариуæ г. Ехх, куыд тынг, куыд уæ лмонцæ й бæ ллыд, цæ мæ й ныр, ацы уынгæ г рæ стæ джы, раст фæ ндаг ссара, уымæ. Фæ лæ цы фæ ндаг равзæ рста, уый раст уыд æ ви нæ?

Пастор сабыргай йæ гæ ххæ ттытæ батыхта æ мæ сæ фæ стæ мæ йæ дзыппы нывæ рдта. Уый фæ стæ, цыма, хъæ рзгæ скодта, уыйау ныуулæ фыд, бæ ласы рæ бын йæ хи кæ рдæ гыл æ руагъта æ мæ йæ цæ сгом йæ къухтæ й сæ хгæ дта.

Раст æ й уыцы ран ауыдта Поллианнæ, мистер Пенделтонæ й сæ химæ куы ’рцæ йздæ хти, уæ д. Ныхъхъæ р кодта æ мæ йæ м базгъордта.

— Мистер Форд! Дæ къах нæ асастай... кæ нæ æ ндæ р исты? — тыхстхуызæ й бафарста чызг.

Пастор йæ къухтæ йæ цæ сгомæ й айста, хæ рдмæ скасти æ мæ бафæ лвæ рдта йæ мидбылты бахудын:

— Нæ, мæ зынаргъ, нæ! Æ з æ нæ уи... улæ фын.

— О! — Поллианнæ йæ н фенцондæ р æ мæ сулæ фыд, фæ стæ рдæ м акъахдзæ ф кодта. — Уæ д алцыдæ р хорз у. Æ мбарыс, мистер Пенделтоны куы ссардтон, уæ д йæ къах саст уыди. Æ цæ г уый хуысгæ кодта, ды та бадгæ кæ ныс.

— О, æ з бадгæ кæ нын, ницы мæ у саст æ мæ цъæ л... дохтыртæ цы сдзæ бæ х кæ ной, ахæ мæ й ницы.

Йæ фæ стаг ныхæ стæ загъта тынг сабырæ й, фæ лæ сæ Поллианнæ фехъуыста. Пастормæ касти æ мæ йын тынг фæ тæ ригъæ д кодта.

— Æ з æ й зонын, цы зæ гъынмæ хъавыс, уый. Цыдæ р дæ удхарæ й мары. Мæ фыд-иу уыди ахæ м уавæ ры... арæ х. Мæ нмæ гæ сгæ, пастортæ ахæ м уавæ ры арæ х вæ ййынц. Æ мбарыс, уыдоныл тынг стыр хæ с æ вæ рд ис.

Пол Форд æ м иучысыл дисхуызæ й бакаст.

— Дæ фыд пастор уыди?

— О, сэр. Нæ йæ зыдтай? Æ з æ нхъæ лдтон, алчидæ р æ й зоны. Уый ракуырдта мæ мадыхо Поллийы хойы, ома мæ мады.

— Æ мбарын æ й. Фæ лæ æ з ам пасторæ й цалдæ р азы йеддæ мæ нæ кусын, æ мæ алы бинонты хабæ рттæ нæ зонын.

— Æ нæ мæ нг, сэр... ома, æ нæ мæ нг, нæ, — бахудти Поллианнæ.

Иуцасдæ р ничи ницы сдзырдта. Пастор раздæ рау бæ ласы бын бадти æ мæ афтæ зынд, цыма, Поллианнæ йæ разы кæ й ис, уый дзы ферох ис. Йæ дзыппæ й йæ гæ ххæ ттытæ систа, фæ лæ сæ м нæ касти. Зæ ххыл цы бæ ласы сыф уыд, уымæ нымдзаст, афтæ мæ й та уыцы хус сыфмæ æ ппындæ р рæ сугъдæ й ницы уыди. Поллианнæ пастормæ каст æ мæ йын тæ ригъæ д кæ нын райдыдта.

— Абон... тынг хорз бон у, — райдыдта чызг ныфсджынæ й.

Иуцасдæ р та сыбыртт нæ райхъуыст. Уый фæ стæ пастор фестъæ лфыд æ мæ хæ рдмæ скасти.

— Цы?.. О, тынг хорз бон у.

— Æ мæ, кæ д октябрь у, уæ ддæ р уазал нæ у, — бафиппайдта Поллианнæ ноджы ныфсджындæ рæ й. — Мистер Пенделтоны хæ дзары ныридæ гæ н тохна ссыгътой, фæ лæ уый хъармы тыххæ й нæ у, æ рмæ ст æ хсызгондзинадæ н. Æ з уарзын артмæ кæ сын, ды та?

Поллианнæ йæ фарстæ н дзуапп афтæ дæ р нæ райста, кæ д фæ разонæ й æ нхъæ лмæ фæ каст, уæ ддæ р.

— Пастор кæ й дæ, уый дæ зæ рдæ мæ цæ уы?

Ацы хатт æ м пастор скасти.

— Мæ зæ рдæ мæ цæ уы... уый та цавæ р æ нахуыр фарст у! Æ мæ мæ цæ мæ н фæ рсыс уымæ й, мæ зынаргъ?

— Æ нæ уи... Ахæ м хуыз дын ис... æ мæ мæ фыды ’рымысыдтæ н. Уый дæ р-иу ахæ м уыди... хаттæ й-хатт.

— Æ цæ г? — загъта пастор æ мæ кæ дæ мдæ р ныджджих.

— О. Æ мæ -иу æ й уæ д бафарстон, ныр дæ у куыд фæ рсын, афтæ, пастор кæ й у, уый йæ зæ рдæ мæ цæ уы æ ви нæ?

Нæ лгоймаг æ нкъардæ й бахудти.

— Æ мæ -иу... цы загъта?

— Уый-иу загъта, æ нæ мæ нг, йæ зæ рдæ мæ цæ уы, зæ гъгæ, фæ лæ -иу, алкæ ддæ р бафтыдта, «хъæ лдзæ ггæ нæ г тексттæ » куы нæ уаиккой, уæ д пасторæ й иу минут дæ р нæ фæ лæ ууид.

— Цы... куы нæ уаид? — Пол Форд йæ цæ стæ нгас сыфæ й фæ хицæ н кодта æ мæ дисгæ нгæ ныккасти Поллиннæ йы хъæ лдзæ г цæ сгоммæ.

— Мæ фыд сæ схуыдта афтæ, — ныххудти чызг. — Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, Библийы афтæ нæ хуыйнынц. Фæ лæ уыцы тексттæ иууылдæ р сты Библийы æ мæ райдайынц ахæ м дзырдтæ й: «кæ ддæ риддæ р цин кæ нут Хуыцауимæ »; «цин кæ нут, рæ студтæ »; «сцин кæ нут æ мæ фырцинæ й райут» æ мæ æ ндæ р ахæ мтæ, æ мбарыс? Ахæ м бирæ сты! Иу хатт мæ фыдæ н бынтон зын куы уыдис, уæ д сæ банымадта, æ мæ разындысты астсæ дæ.

— Астсæ дæ!

— О, цин кæ нын æ мæ нын хъæ лдзæ г уæ вын чи фæ дзæ хсы, ахæ мтæ, æ мбарыс? Уымæ н сæ схуыдта «хъæ лдзæ ггæ нæ гтæ ».

— О-о! — пасторæ н йæ цæ сгомы хуыз цыдæ р æ нахуыр сси. Йæ цæ стæ нгас сæ мбæ лыд, гæ ххæ ттыл цы раныхас уыди, уымæ н йæ фыццаг дзырдтыл: «Сар уæ сæ р... ». — Æ мæ дæ фыд... уарзта уыцы «хъæ лдзæ ггæ нæ г тексттæ? » — бафарста лæ г.

— Тынг, — аивæ й йæ сæ р разыйы тылд бакодта Поллианнæ. Уый дзырдта, зæ гъгæ, банымайын сæ куы сфæ нд кодта, уыцы бон ын кæ й фецондæ р ис, ома, кæ д Хуыцау æ нæ хъæ н астсæ дæ хатты цин кæ нын æ мæ хъæ лдзæ г уæ вын бафæ дзæ хста, уæ д Æ й, æ нæ мæ нг, фæ нды, цæ мæ й афтæ... иучысыл уæ ддæ р кæ нæ м. Æ мæ мæ фыд йæ хиуыл æ рхудти, уымæ н æ мæ цин стæ м хатт кодта. Фæ лæ йын уый фæ стæ уыцы тексттæ цыфæ нды хъыджы дæ р ныфс лæ вæ рдтой — хъуыддæ гтæ -иу æ взæ р куы цыдысты, хæ рзгæ нæ г комитеты сылгоймæ гтæ кæ рæ дзиимæ куы хыл кодтой... ома-иу истæ й фæ дыл сæ хъуыды куы нæ баиу, — сраст кодта йæ хи чызг. — Уыцы текстты тыххæ й мæ фыд хъазт æ рымысыди. Мемæ райдыдта æ нцойгæ нæ н лæ дзджытæ й. Фæ лæ дзырдта, уыцы хъуыдыйыл «хъæ лдзæ ггæ нæ г текстты» фæ рцы фæ хæ ст ис, зæ гъгæ.

— Æ мæ цавæ р хъазт у? — бафарста пастор.

— Цæ мæ й алцæ м дæ р, цин кæ нæ н цæ уыл ис, ахæ м исты ссарай. Æ мæ куыд загътон, афтæ мæ й æ нцойгæ нæ н лæ дзджытæ й райдыдтам.

Æ мæ та Поллианнæ ногæ й радзырдта йæ таурæ гъ. Чысыл фæ стæ дæ р Поллианнæ æ мæ пастор, кæ рæ дзийы къухтыл хæ цгæ йæ, къуыбырæ й дæ лæ мæ ’рцыдысты. Поллианнæ йы цæ сгом фырцинæ й ныррухс ис. Уый уарзта ныхас кæ нын æ мæ йын ныр бауромæ н нал уыд. Афтæ йæ м каст, цыма, радзурын цæ й тыххæ й хъуыди, уыдæ ттæ тынг бирæ уыдысты: хъазт, йæ фыд, раздæ ры цард ныгуылæ ны. Æ мæ пасторы зонын фæ ндыд алцæ й тыххæ й дæ р. Къуыбыры рæ бын сæ фæ ндæ гтæ фæ хицæ н сты; алчидæ р дзы ацыдис йæ фæ ндагыл.

Уыцы изæ р Пол Форд, йæ кабинеты бадгæ йæ, хъуыдыты аныгъуылд. Йæ разы стъолыл хæ ццæ -мæ ццæ йæ — гæ ххæ тты сыфтæ, раныхасæ н рагацау кæ й ныффыста, уыдон. Йе ’нгуылдзты ’хсæ н цы кърандас нылхъывта, уый та æ ндæ р сыфты сæ рмæ ’рлæ ууыди. Уыдон уыдысты сыгъдæ г æ мæ ’нхъæ лмæ кастысты ног текстмæ. Фæ лæ пастор, раздæ р цы ныффыста, ууыл нæ хъуыды кодта, стæ й цы фыссынмæ хъавыдис, ууыл дæ р. Йæ сæ нтты уыди дард — чысыл горæ ты ныгуылæ ны, иннæ пасторимæ; уый уыди мæ гуыр æ мæ рынчын, алцæ уыл дæ р мæ т кодта æ мæ, зæ гъæ н ис, дунейы уыди хæ рз иунæ г, фæ лæ лæ мбынæ г касти Библи, цæ мæ й дзы, Хуыцау цин кæ нын æ мæ хъæ лдзæ г уæ вын цал хатты бафæ дзæ хста, уый ссара.

Иуцасдæ р рæ стæ джы фæ стæ Пол Форд феуæ гъд ис йæ хъуыдытæ й æ мæ, йæ къухы бын цы сыфтæ уыди, уыдон бадзæ бæ х кодта. «Матфейы Евангели, 23: 14–23», — ныффыста пастор, фæ лæ уый фæ стæ кърандас фехста æ мæ, цалдæ р минуты размæ йæ бинойнаг стъолыл цы журнал ныууагъта, уый райста. Уæ нгмард æ мæ уазалцæ стæ й рæ нхъытыл йæ цæ ст ахаста. Уалынмæ фæ комкоммæ ис ахæ м ныхæ стæ м:

 

«Иу хатт фыд йæ фыртæ н, сæ умæ райсом йæ мадæ н суг нысæ ттын кæ й нæ бакуымдта, уый зонгæ йæ, загъта:

— Том, фидарæ й мæ уырны — ды цингæ нгæ йæ ацæ удзынæ æ мæ суг ныссæ тдзынæ.

Æ мæ Том æ нæ дзургæ йæ суг сæ ттынмæ ацыди. Цæ мæ н? Уымæ н æ мæ йын фыд æ ргомæ й бамбарын кодта, раст кæ й бакæ ндзæ н, уымæ йæ м æ нхъæ лмæ кæ й кæ сы, уый. Зæ гъæ м, фыд загъта:

— Том, абон дæ мадæ н суг ныссæ тын нæ бакуымдтай, уый фехъуыстон. Тынг ныкъкъæ мдзæ стыг дæ н дæ у тыххæ й. Ныртæ ккæ ацу æ мæ йæ бакæ н!

Мæ нмæ гæ сгæ, уый йæ фыртæ й сугтæ афтæ дæ р нал федтаид».

 

Пастор рохстæ й йæ цæ ст дарддæ р хаста рæ нхъытыл æ мæ ахæ м ныхæ стæ м фæ комкоммæ ис:

 

«Нæ лгоймæ гтæ æ мæ сылгоймæ гтæ н сæ уды æ рдзон хъæ ддыхдзинад лæ мæ гъдæ р нæ, фæ лæ фидардæ р кæ нын хъæ уы... Адæ ймагæ н æ ппынæ дзух йæ аиппыты кой кæ ныны бæ сты йын йæ хорз миниуджыты кой ракæ нут. Цы ’взæ рдзинæ дтыл фæ цахуыр ис, уыдоны ахæ стæ й йæ раласут, феххуыс кæ нут йæ хуыздæ р æ мæ йе ’цæ г „æ з“-æ н, цæ мæ й йæ бон ныфсджынæ й архайын æ мæ уæ лахиз кæ нын уа! Хæ рзаив, фæ лмæ нзæ рдæ æ мæ ныфсджын адæ ймаг у фæ зминаг; уымæ кæ сгæ йæ, йæ алыварс чи ис, уыцы адæ мæ н сæ цард аивы. Адæ мæ й, сæ зонд æ мæ сæ зæ рдæ тæ цæ мæ й дзаг вæ ййынц, уый разыны. Кæ д адæ ймаг хæ ларзæ рдæ æ мæ æ гъдауджын у, уæ д рæ хджы йæ сыхæ гтæ дæ р ахæ мтæ суыдзысты. Фæ лæ кæ д бирæ гъы каст кæ ны, æ дзух йæ хъуыр-хъуыр цæ уы æ мæ иннæ ты фауы, уæ д ын йæ сыхæ гтæ дæ р уымæ й фиддзысты, уыимæ дывæ рæ й!.. Иннæ тæ м æ взæ рæ й исты куы агурат æ мæ ’взæ рдзинадмæ æ нхъæ лмæ куы кæ сат, уæ д æ й райсдзыстут. Фæ лæ уæ кæ д, хорздзинад кæ й ссардзыстут, уый фидарæ й уырны, уæ д уыцы хорздзинад райсдзыстут... Зæ гъут уæ фырт Томæ н, суг ныссæ тын ын æ хсызгон уыдзæ н, уый кæ й зонут, æ мæ фендзыстут, уыцы куыст рæ вдз æ мæ æ хсызгонæ й кæ й бакæ ндзæ нис, уый! »

 

Пастор журнал иуварс авæ рдта. Минуты фæ стæ фестад æ мæ нарæ г уаты дыууæ рдæ м цæ уын райдыдта. Уый фæ стæ арф ныуулæ фыд æ мæ йæ фыссæ н стъолы раз бандоныл йæ хи æ руагъта.

— Хуыцауы ’ххуысæ й æ з афтæ бакæ ндзынæ н! — фæ хъæ р кодта пастор. — Æ з зæ гъдзынæ н мæ аргъуаны адæ мæ н, мæ фырттæ н æ мæ мæ чызджытæ н, суг сæ ттын сын æ хсызгон уыдзæ н, уый кæ й зонын! Æ з, сæ куыстыл цин куыд кæ ной, ууыл бацархайдзынæ н, æ мæ сæ уæ д, сæ сыхæ гтæ цас суг ныссастой, уымæ кæ сын нал æ вдæ лдзæ н!

Йæ раздæ ры раныхас цы гæ ххæ тты сыфтыл фыст уыдис, уыдонмæ фæ лæ бурдта æ мæ сæ ныскъуыдтæ кодта. Ахæ м æ ппæ рст сæ акодта, æ мæ «сар уæ сæ р» февзæ рди йæ бандоны иу фарс, «æ гъдауы ахуыргæ нджытæ æ мæ фарисейтæ! » та иннæ фарс. Æ мæ та йæ кърандас урс лæ гъз сыфыл ногæ й згъорын райдыдта...

Иннæ хуыцаубоны Пол Форд йæ раныхасы сидти адæ ймаджы хуыздæ р æ ууæ лтæ м, æ мæ йæ сарæ зта Библийы «хъæ лдзæ ггæ нæ г тексттæ й» иуы бындурыл: «Хъæ лдзæ г ут Дунедарæ гимæ æ мæ цин кæ нут, рæ студтæ; раст адæ м, цин кæ нут иууылдæ р»[4].



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.