Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





21 СÆР. ПОЛЛИАННÆЙЫ УЫНАФФÆ



Арв тагъд талынг кодта. Поллианнæ Джон Пенделтоны хæ дзарæ й дæ лæ мæ куы ’рцæ йзгъордта, уæ д уарынхуыз уыди. Æ рдæ гфæ ндагыл фембæ лд Ненсийыл, йæ къухы зонтыкк, афтæ мæ й. Фæ лæ уæ дмæ арв раирд ис, æ мæ къæ вдахуыз нал уыди.

— Æ вæ ццæ гæ н, мигътæ иувæ рсты ацæ удзысты, — фехъусын кодта Ненси, йæ цæ ст арвыл ахæ сгæ йæ. — Æ з æ нæ уи дæ р афтæ ’нхъæ л уыдтæ н, мисс Полли мæ ацы зонтыккимæ дæ размæ куы рарвыста, уæ д. Йæ мæ т дæ уыл уыди!

— Йæ мæ т? — рохстхуызæ й загъта Поллианнæ, æ мæ уый дæ р мигътæ м скасти.

Ненси «гъым», зæ гъгæ, фæ кодта.

— Мæ нмæ гæ сгæ, цы загътон, уый нæ фехъуыстай, — тæ ргайхуызæ й бафиппайдта Ненси. — Æ з афтæ зæ гъын: дæ мадыхо дыл мæ т кодта!

— Охх, — ныуулæ фыд Поллианнæ, рæ хджы йæ мадыхомæ цы фарст раттын хъуыд, уый æ рымысгæ йæ. — Хатыр, нæ мæ фæ ндыд, цæ мæ й фæ тæ рса, уый.

— Æ з та цин кæ нын! — хъæ рæ й загъта Ненси. — Цин, цин!

Поллианнæ йæ м дисгæ нгæ нымдзаст:

— Цин кæ ныс? Мæ мадыхо Полли мыл мæ т кæ й кодта, ууыл цин кæ ныс? Ненси, хъазтæ й афтæ хъазæ н нæ й!.. Исчи ахæ м хъуыддагыл цин кæ ны! — нæ разы кодта чызг.

— Ам хъазтæ й ницы ис, — загъта та Ненси. — Мæ нæ н хъазын мæ хъуыдыйы дæ р нæ уыд. Ды, куыд кæ сын, афтæ мæ й не ’мбарыс, мисс Полли дыл мæ т кæ й кодта, уый цы нысан кæ ны!

— Нысан кæ ны, мæ т кæ й кодта, уый, æ мæ уым та æ хсызгонæ й ницы ис! — ныллæ ууыди Поллианнæ. — Цы ма хъуамæ нысан кæ на?

Ненси хивæ ндæ й йæ сæ р батылдта.

— Уæ дæ дын æ з, цы нысан кæ ны, уый зæ гъдзынæ н. Уый нысан кæ ны, кæ дæ й-уæ дæ й йæ м адæ ймаджы æ ууæ лтæ й цыдæ р кæ й райхъал ис, æ мæ æ дзух æ рмæ стдæ р йæ хæ с кæ й не ’ххæ ст кæ ны!

— Ненси, — нæ разы кодта Поллианнæ. — Мæ мадыхо Полли алы хатт дæ р йæ хæ с æ ххæ ст кæ ны. Уый у... хæ сы сылгоймаг! — Поллианнæ, йæ хæ дæ г дæ р æ й нæ бамбæ рста, афтæ мæ й, æ рдæ гсахаты размæ Джон Пенделтонæ й цы ныхæ стæ фехъуыста, уыдон рафæ змыдта.

Ненси ныххудти:

— Раст дæ, ахæ м у... æ мæ кæ ддæ риддæ р ахæ м уыд, мæ нмæ гæ сгæ. Фæ лæ ды куы ’рбацыдтæ, уæ дæ й фæ стæ мæ ахæ м нал у.

Поллианнæ йæ н йæ цæ сгом фæ ивта, тыхстхуызæ й йе ’рфгуытæ нылхынцъ кодта.

— Ненси, иу цæ мæ йдæ р дæ куы бафæ рсин, уый мæ фæ нды, — ныуулæ фыд чызг. — Куыд дæ м кæ сы, мæ мадыхо, йемæ кæ й цæ рын, уымæ й разы у? Ам... куы нал цæ рин, уæ д ын зын уаид?

Ненси сонт каст бакодта чызджы сагъæ схуыз цæ сгоммæ. Уыцы фарстмæ æ нхъæ лмæ рагæ й каст æ мæ дзы тарстис. Арæ х-иу йæ хи фарста, цымæ йын цы зæ гъдзæ нис, цавæ р дзуаппыл баууæ нддзæ н Поллианнæ? Фæ лæ ныр... ныр гуырысхотæ фидар уырнындзинад фестадысты, мисс Полли йæ зонтыккимæ Поллианнæ йы размæ куы рарвыста, уæ д, æ мæ ма Ненси уыцы фарстыл цин дæ р бакодта. Фидарæ й æ ууæ ндыд, абон чызджы уарзтмондаг зæ рдæ кæ й басабыр кæ ндзæ н, ууыл.

— Йемæ кæ й цæ рыс, уымæ й разы у? Ам куы нал уаис, уæ д ын зын уаид? — ныхъхъæ р кодта Ненси. — Раст цыма дын уый кой нæ кæ нын, уыйау! Ау, дæ размæ мæ нæ рарвыста, арвыл чысыл мигъы къуымбил куы ауыдта, уæ д? Ау, дæ дзаумæ ттæ мын иууылдæ р дæ лæ мæ не ’рхæ ссын кодта, цæ мæ й дын рæ сугъд уат уа, уый тыххæ й, куыд дæ фæ ндыдис, афтæ? Куы ’рхъуыды кæ нæ м, райдианы кæ й смæ сты... — Афойнадыл йæ хи фæ урæ дта æ мæ ныххуыфыдис. — Нæ мæ фæ нды искæ й хъуыддæ гты мæ фындз тъыссын, — тагъд-тагъд дзырдта дарддæ р, тыхулæ фт кæ нгæ йæ. — Фæ лæ мæ нæ ацы гыццыл хабæ рттæ æ вдисынц, ды ам кæ й дæ, уый фæ рцы фæ лмæ ндæ р æ мæ зæ рдæ хæ лардæ р кæ й сси, уый: гæ ды æ мæ къæ была, стæ й ныр мемæ куыд ныхас кæ ны, æ мæ... ох, бирæ цыдæ ртæ! Ам куы нал уаис, уæ д дæ куыд тынг мысид, уый зæ гъын дæ р зын у, — фæ ци йæ ныхас Ненси, цы тæ ссаг æ ргом ныхас дзы рацæ йирвæ зт, уый арфдæ р бамбæ хсыныл архайгæ йæ. Фæ лæ суанг ныр дæ р цæ ттæ нæ уыди, Поллианнæ йы цæ сгом æ виппайды цы цинæ й ныррухс ис, уый фенынмæ.

— О, Ненси! Æ з ахæ м цин кæ нын... ахæ м цин кæ нын! Ды йæ зонгæ дæ р нæ кæ ныс, мæ мадыхо Поллийы кæ й хъæ уын, ууыл æ з куыд тынг цин кæ нын, уый!

«Ау, ныр ма йæ куыд ныууадздзынæ н! — хъуыды кодта Поллианнæ чысыл фæ стæ дæ р, асинтыл йæ уатмæ сцæ йцæ угæ йæ. — Æ з æ й кæ ддæ риддæ р зыдтон, мæ мадыхо Поллиимæ цæ рын мæ кæ й фæ нды, уый. Фæ лæ йæ æ з зонгæ дæ р нæ кодтон, куыд тынг мæ фæ нды, цæ мæ й мæ мадыхо Поллийы дæ р мемæ цæ рын фæ нда! »

Поллианнæ зыдта, йæ уынаффæ мистер Пенделтонæ н фехъусын кæ нын æ нцон хъуыддаг кæ й нæ уыдзæ нис, уый, æ мæ нырма разæ й чи уыд, уыцы ныхасæ й тарсти. Бирæ йæ уарзта æ мæ йын тæ ригъæ д кодта, уымæ н æ мæ йæ м афтæ касти, цыма тынг хъизæ мар кæ ны. Бирæ азты хъуынтъызæ й æ мæ иунæ гæ й цæ ргæ йæ, ахæ м æ намонд кæ й сси æ мæ уыцы хъуыддаджы азымджын йæ мад кæ й у, уымæ й йæ зæ рдæ рысти. Æ мæ хъуыды кодта, ацы стыр фæ ныкхуыз хæ дзар, йæ хицау ногæ й куы сæ нæ низ уа, уæ д цыхуызæ н суыдзæ н, ууыл: сабыр æ мæ æ мыр уæ ттæ, быронæ й йедзаг пъол, стъолыл дзолгъо-молгъойæ — алы дзауматæ. Йæ зæ рдæ фæ йнæ рдæ м рæ дывта, нæ лгоймаг иунæ гæ й куыд хъизæ мар кæ ны, уымæ кæ сгæ йæ. Фæ ндыдис æ й, ахæ м искæ й ссарæ н куы уаид, чи... Цины хъæ римæ йæ бынатæ й фæ гæ пп ласта. Диссаджы хъуыды йæ м фæ зынд!

Куыддæ р ын уæ гъд рæ стæ г фæ цис, афтæ азгъордта Пенделтон-Хиллмæ æ мæ уайтагъд стыр чиныгдоны мистер Пенделтоны раз февзæ рди. Нæ лгоймаг йæ рæ сугъд æ мæ даргъ къухтæ æ вдæ лонхуызæ й къæ лæ тджыны фæ рстыл æ рæ вæ рдта; иузæ рдион чысыл къæ была хуыссыди йæ къæ хты раз.

— Цæ й, Поллианнæ, мæ царды кæ ронмæ мемæ «циндзинадæ й» хъаздзынæ æ ви нæ? — бафарста рæ вдаугæ йæ.

— О! — ныхъхъæ р кодта Поллианнæ. — Æ з дын, дунейы æ ппæ ты хъæ лдзæ гдæ р цы ис, уый æ рхъуыды кодтон, æ мæ...

— Нæ дыууæ йæ н? — фæ бæ лвырддæ р кодта Джон Пенделтон. Йæ былты кæ рæ ттæ иучысыл дæ лæ мæ ’рцыдысты.

— Н-нæ, фæ лæ...

— Поллианнæ, ау, ды мын «нæ » зæ гъдзынæ? — зæ рдæ мæ хъаргæ хъæ лæ сæ й йын аскъуыдта йæ ныхас.

— Æ з... мæ бон нæ у, мистер Пенделтон, æ цæ г дын зæ гъын. Мæ мадыхо Полли...

— Не сразы ис... дæ... рауадзыныл?!

— Æ з... нæ йæ бафарстон, — загъта Поллианнæ æ рхæ ндæ гхуызæ й.

— Поллианнæ!

Чызг йæ цæ стытæ иннæ рдæ м азылдта, йæ хæ лары тæ ргай æ мæ тызмæ г цæ стæ нгасæ н нæ бафæ рæ зта.

— Фæ рсгæ дæ р æ й нæ бакодтай?!

— Мæ бон нæ уыди, сэр... æ цæ гæ й, — схæ ц-æ рхæ цгæ нгæ дзырдта Поллианнæ. — Æ мбарыс, æ з уый базыдтон... æ нæ фæ рсгæ йæ. Мæ мадыхо Поллийы фæ нды, цæ мæ й йемæ цæ рон, æ мæ... æ мæ мæ н дæ р фæ нды йемæ баззайын, — хъæ батырæ й басасти чызг. — Ды йæ дæ хæ дæ г дæ р зоныс, мемæ куыд зæ рдæ хæ лар у! Æ мæ... æ мæ хатгай фæ хъуыды кæ нын, цыма уый дæ р иуæ й-иу хабæ рттыл цин кæ нын райдыдта... бирæ цæ уылдæ рты. Зоныс æ й, раздæ р цин кæ нын кæ й нæ зыдта, уый. Дæ хæ дæ г мын æ й загътай. О, мистер Пенделтон, мæ бон нæ у мæ мадыхо Поллийы ныууадзын... ныр!

Дзæ вгар рæ стæ г иу сыбыртт нæ райхъуыст. Сабырдзинад хæ лдта æ рмæ ст тохнайы арты къæ рцц-къæ рцц. Æ ппынфæ стаг нæ лгоймаг сдзырдта.

— О, Поллианнæ, æ мбарын æ й. Дæ бон æ й нæ у ныууадзын... ныр. Æ мæ дын нал лæ гъстæ кæ ндзынæ н, — фæ стаг дзырд ахæ м сабырæ й азæ лыд, æ мæ, зæ гъæ н ис, нæ райхъуыст, фæ лæ йæ Поллианнæ фехъуыста.

— Ды алцы нæ ма зоныс, — тæ вдæ й загъта чызг. — Дунейы ис æ ппæ ты хъæ лдзæ гдæ р хъуыддаг, æ мæ йæ дæ бон саразын у... æ цæ гдæ р, ис!

— Уый мæ нæ н нæ у, Поллианнæ.

— Дæ уæ н у! Дæ хæ дæ г æ й загътай. Ды дзырдтай, зæ гъгæ, хæ дзар æ рмæ стдæ р... сылгоймаджы къух æ мæ зæ рдæ йæ, стæ й сабийæ сырæ зы! Æ мæ ис... сывæ ллон... æ з нæ, æ мбарыс, фæ лæ ’ндæ р...

— Цыма мæ н, дæ у йеддæ мæ, исчи хъæ уы! — загъта нæ лгоймаг мæ стыйæ.

— Бафæ нддзæ н дæ... алцыдæ р куы базонай, уæ д! Ды ахæ м дзæ бæ х æ мæ зæ рдæ хæ лар дæ! Æ рмæ ст дзæ нхъа дуртæ, сызгъæ рин æ хца æ мæ, муртаккæ гтæ н кæ й æ мбырд кæ ныс, уыцы ’хцатыл куы ахъуыды кæ най....

— Поллианнæ! — йæ ныхас ын аскъуыдта нæ лгоймаг тынг мæ стыйæ. — Ацы хатт уыцы æ дылыдзинадæ н кæ рон скæ нын хъæ уы! Æ з дын уый зæ гъын бирæ хатт фæ лвæ рдтон! Мæ цæ рæ нбонты муртаккæ гтæ н иунæ г цент дæ р никуы арвыстон! Афтæ гъе!

Къæ йныххуызæ й йæ роцъойыл хæ рдмæ схæ цыди æ мæ йæ хи ’рцæ ттæ кодта, цæ мæ æ нхъæ лмæ каст, уый фенынмæ — рыст æ мæ фыдæ нхъæ лдзинад Поллианнæ йы цæ стыты. Фæ лæ дзы стыр дисæ н нæ уыди нæ дæ р рыст, нæ дæ р фыдæ нхъæ лдзинад, æ рмæ стдæ р цин æ мæ дис.

— Ехх, ехх! — ныхъхъæ р кодта чызг æ мæ йæ армытъæ пæ нтæ кæ рæ дзиуыл нытътъæ пп ласта. — Æ з ахæ м цин кæ нын! Ома, — йæ хи сраст кодта Поллианнæ, æ фсæ рмхуызæ й фæ сырх ис, афтæ мæ й, — æ з уый зæ гъынмæ нæ хъавын, æ мæ мæ гуыртæ н тæ ригъæ д нæ кæ нын. Фæ лæ æ з тынг цин кæ нын, Индийы цы гыццыл лæ ппутæ ис, уыдон дæ у кæ й нæ хъæ уынц, ууыл. Уымæ н æ мæ иннæ тты ’рмæ стдæ р уыдон хъæ уынц. Æ мæ уый мæ нæ н тынг æ хсызгон у, уымæ н æ мæ, кæ д афтæ у, уæ д Джимми Бины суазæ г кæ ндзынæ. Æ з æ й зонын, ды йæ райсдзынæ!

— Райсдзынæ н... кæ й?

— Джимми Бины. Уый уыдзæ ни «саби», æ мбарыс? Æ мæ йын æ хсызгон уыдзæ н. Къуырийы размæ йын, суанг æ й мæ хи хæ рзгæ нæ г комитеты сылгоймæ гты дæ р райсын кæ й нæ фæ нды, уый загътон, æ мæ тынг æ рæ нкъард ис. Фæ лæ йæ ныр куы базона... уæ д ахæ м цин кæ ндзæ н!

— Уый кæ ндзæ н, æ з та нæ! — загъта мистер Пенделтон фидарæ й. — Поллианнæ, уый æ дылы ми у!

— Ды афтæ зæ гъынмæ хъавыс, æ мæ йæ нæ райсдзынæ?

— О, уый зæ гъынмæ хъавын.

— Уый дæ уæ н диссаджы «саби» уаид, — тыхæ й сфæ рæ зта Поллианнæ. Скæ уынмæ йæ бирæ нал хъуыдис. — Æ мæ ды дæ р иунæ г нæ уаис... Джиммииæ.

— Нæ йыл гуырысхо кæ нын, — дзуапп радта нæ лгоймаг. Фæ лæ... æ з хуыздæ рыл нымайын иунæ гæ й цæ рын.

Цы бирæ къуыритæ рацыд, уыдоны дæ ргъы Поллианнæ ныр фыццаг хатт æ рымысыд, кæ ддæ р ын Ненси цы загъта, уый. Æ мæ мæ стыйæ йæ ныфс бахаста зæ гъынмæ:

— Ды, æ вæ ццæ гæ н, афтæ хъуыды кæ ныс, цыма дзæ бæ х удæ гас лæ ппу, де скъаппы цы зæ ронд стæ гдар дарыс, уымæ й хуыздæ р нæ уыдзæ н, фæ лæ мæ нмæ афтæ нæ кæ сы!

— Стæ гдар?

— О! Ненси загъта, скъаппы йæ дарыс, зæ гъгæ.

— Æ з... — Æ нæ нхъæ лæ джы нæ лгоймаг йæ хи къæ лæ тджыныл аппæ рста æ мæ ныккæ л-кæ л кодта. Худти зæ рдæ бынæ й, ахæ м зæ рдиагæ й, стæ й ахæ м хъæ рæ й, æ мæ Поллианнæ йæ н йæ цæ стысыгтæ фемæ хстысты. Мистер Педелтон уый куы бафиппайдта, уæ д йæ цæ сгомы æ нгас уайтагъд фæ ивта. — Поллианнæ, мæ нмæ гæ сгæ, ды раст дæ... куыд дæ м кæ сы, уымæ й бирæ растдæ р, — загъта рæ вдаугæ хъæ лæ сæ й. — Раст куы зæ гъон, уæ д æ й æ з зонын, «дзæ бæ х удæ гас лæ ппу», ме скъаппы цы стæ гдар дарын, уымæ й хуыздæ р кæ й уыдзæ нис, уый; æ рмæ ст... мах алы хатт ивыныл разы нæ вæ ййæ м. Поллианнæ, иуæ й-иу хатт хуыздæ рыл фæ нымайæ м, не скъæ ппыты цы стæ гдартæ ис, уыдоныл хæ цын... Фæ лæ мын, æ вæ ццæ гæ н, ды уыцы лæ ппуйы тыххæ й фылдæ р базонын кæ ндзынæ...

Æ мæ йын Поллианнæ алцыдæ р радзырдта. Чи зоны, уавæ р фæ рогдæ р ис худынæ й, чи зоны та, Джимми Бины зæ рдæ мæ хъаргæ таурæ гъ, Поллианнæ тæ вдæ й кæ й дзырдта, уый, ныридæ гæ н æ нахуыр фæ лмæ н чи сси, уыцы зæ рдæ фæ цагайдта. Цыфæ ндыйæ дæ р уыцы изæ р Поллианнæ æ мæ Джимми Бин иннæ сабаты хуынд уыдысты Пенделтон-Хиллмæ.

— Æ з ахæ м цин кæ нын! Мæ н фидарæ й уырны, дæ зæ рдæ мæ кæ й фæ цæ удзæ нис, уый, — загъта Поллианнæ, хæ рзбон дзургæ йæ. — Мæ н тынг фæ нды, цæ мæ й Джимми Бинæ н хæ дзар уа... æ мæ, кæ й хъæ уа, ахæ м бинонтæ, æ мбарыс?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.