Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДÆСÆМ СÆР. Чиполлино æмæ Куырм Мысты балц иу ахæстонæй иннæмæ



Æ мбисæ хсæ в Чиполлино райхъал. Цæ мæ дæ р гæ сгæ йæ м афтæ фæ каст, цыма чидæ р дуар æ рбахоста. «Чи уыдаид цымæ? — ахъуыды кодта йæ хинымæ р. — Кæ д, мыййаг, мæ фыны исты федтон? »

Цалынмæ Чиполлино, цы йæ райхъал кодта, ууыл сагъæ сты уыд, уæ дмæ та цыдæ р уынæ р йæ хъустыл ауад. Уыцы уынæ р уыд къахæ нæ й архайды хуызæ н.

«Чидæ р зæ ххы бын фæ ндаг гæ рды», — йæ хъус къулыл авæ ргæ йæ, скарста Чиполлино.

Куыддæ р афтæ ахъуыды кодта, афтæ къулы сыджыт æ ркалд, уый фæ стæ агуыридуры тъæ пп фæ цыд, æ мæ чидæ р ныккæ ндмæ æ ргæ пп кодта.

— Кæ дæ м æ рбахаудтæ н? — райхъуыст кæ йдæ р æ мыр хъæ лæ с.

— Мæ камерæ мæ, — дзуапп радта Чиполлино, — æ хсинтæ Балты галуаны æ ппæ ты талынгдæ р ныккæ ндмæ. Хуыдалынджы æ ппындæ р ницы уынын æ мæ дын, куыд æ мбæ лы, афтæ салам раттын мæ бон кæ й нæ у, уый тыххæ й бахатыр кæ н.

— Æ мæ ды чи дæ? Æ з талынгыл ахуыр дæ н, ам та æ гæ р рухс у, æ мæ æ ппындæ р ницы уынын.

— Диссагæ й цы кæ ныс?! Уæ д ды, æ вæ ццæ гæ н, Куырм Мыст дæ, нæ?

— Базыдтай йæ, — дзуапп радта Куырм Мыст. — Æ з ацырдæ м фæ ндаг айгæ рдынмæ рагæ й хъавыдтæ н, фæ лæ мын рæ стæ г нæ уыди. Мæ зæ ххыбыны фæ ндæ гтæ дæ сгай километрты дæ ргъæ н сты æ мæ сæ м æ дзухдæ р цæ ст дарын хъæ уы. Чи дзы сыгъдæ ггæ нинаг вæ ййы, чи — цалцæ ггæ нинаг. Иуæ й-иу рæ ттæ й дон æ рхъары, æ мæ мыл æ хснырсæ г сагъуыд. Ацы уаллæ ттæ й та бынтон мæ сæ рæ н нал дæ н. Кæ цырдыгæ й не ’рбахилдзысты, ахæ м нæ й. Искæ й фæ ллойæ н аргъ кæ нын дзы иу дæ р нæ зоны. Æ мæ ацырдæ м фæ ндаг къæ ртт кæ нын дæ р бонæ й бонмæ уымæ н æ ргъæ втон. Фæ лæ абон райсом мæ хицæ н фидарæ й загътон: «Синьор Куырм Мыст, кæ д исты базонынмæ тырныс æ мæ дæ дуне фенын фæ нды, уæ д ног тыргъ акъæ ртт кæ ныны рæ стæ г ралæ ууыд». Æ мæ æ з дæ р бавнæ лдтон...

Ам Чиполлино синьор Куырм Мысты ныхас фескъуыдта æ мæ йын йæ хи бацамыдта:

— Мæ ном хуыйны Чиполлино, амонгæ та кæ ны «хъæ дындз». Æ з дæ н кавалер Помидоры уацайраг.

— Дæ хи мын дзæ гъæ лы амоныс, — загъта йын Куырм Мыст. — Æ з дæ дæ тæ фæ й уайтæ ккæ дæ р базыдтон. Раст дын куы зæ гъон, уæ д дын тынг тæ ригъæ д кæ нын, ацы рухсы дæ æ хсæ вæ й-бонæ й кæ й дарынц, уый тыххæ й. Ахæ м уавæ рæ н куыд зын фæ разæ н у, уый æ з тынг хорз зонын, фæ лæ дын цы мæ бон у!

— Уæ дæ мæ нмæ та ам талынг кæ сы...

— Хъазгæ кæ ныс æ ви æ цæ гæ й дзурыс? Зындæ р ран бахаугæ нæ уыдзæ н. Æ вæ дза, адæ м куыд æ нæ хатыр сты! Мæ нымадмæ гæ сгæ, кæ д искæ й талынг ран бакæ нын сфæ нд кодтай, уæ д хъуамæ уый æ цæ гæ йдæ р, цæ стытæ кæ м баулæ фой, ахæ м ран уа.

Чиполлино бамбæ рста, Куырм Мыстимæ талынг æ мæ рухсы тыххæ й дзурынæ й кæ й ницы пайда ис, уымæ н æ мæ уый, рухсы цъыртт кæ дæ м нæ калд, ахæ м галуанты цæ рын ахуыр уыд, æ мæ уыцы фарстайы фæ дыл сæ хъуыдытæ кæ рæ дзиимæ ницы хуызы сбадтаиккой.

— Æ ргом дзургæ йæ, — загъта Чиполлино, — ацы рухс мæ н дæ р хъыгдары, — æ мæ йæ цæ сгом кæ нгæ æ нкъардхуыз акодта.

— Уæ дæ дын æ з цытæ дзурын!

Чиполлинойы ныхæ стæ тынг фæ цыдысты Куырм Мысты зæ рдæ мæ.

— Ды чысыл къаддæ р куы уаис, уæ д... — загъта Куырм Мыст.

— Æ з? Дæ умæ гæ сгæ æ з дынджыр дæ н? Ард дын хæ рын, æ з Куырм Мысты цыфæ нды хуынчъы дæ р кæ й бацæ удзынæ н, уый тыххæ й.

— Чи зоны, чи зоны. Фæ лæ дæ тынг зæ рдиагæ й курын, æ мæ мын мæ галерейтæ хуынчъытæ ма хон. Уый дын мæ курдиат. Ныр та дæ уавæ ры тыххæ й. Афтæ мæ м кæ сы, цыма дæ фервæ зын кæ нын мæ бон бауыдзæ н.

— Чысыл раздæ р цы галерей скъахтай, ууылты мæ бон æ нцонæ й алæ сын бауыдзæ н, — загъта Чиполлино. — Æ рмæ ст ды разæ й цу, кæ ннод фæ дзæ гъæ л уыдзынæ н. Куыд фехъуыстон, афтæ мæ й дæ галерейты бирæ фæ зилæ нтæ ис.

— Чи зоны, æ мæ раст дзурынц, — загъта Куырм Мыст. — Æ з ахуыр фæ ндагыл цæ уынæ й уайтагъд афæ лмæ цын. Кæ д дæ фæ нды, уæ д ног фæ ндаг дæ р айгæ рддзынæ н.

— Кæ цырдæ м? — бафарста Чиполлино.

— Кæ цырдæ м дæ фæ нды, уыцырдæ м. Æ рмæ ст нæ талынг ранмæ куыд бахона, афтæ. Кæ ннод нæ мæ нæ ахæ м рухсы куы смидæ г кæ на, уæ д мæ уд схаудзæ н.

Чиполлинойы зæ рдыл æ рбалæ ууыд, Куысыфтæ г, Сæ нæ фсир æ мæ иннæ тæ хъизæ марæ й кæ м мардысты, уыцы ныккæ нд. Зæ ххы бынты сæ цуры куы февзæ ра, уæ д хæ рзаг дисæ й амæ лдзысты.

— Мæ нмæ гæ сгæ, — загъта Чиполлино, — фæ ндаг рахизæ рдæ м айгæ рдын хъæ уы.

— Мæ нæ н рахизæ й галиуæ й уæ лдай нæ й, фæ лæ кæ д дæ у афтæ фæ нды, уæ д рахизæ рдæ м дæ р айгæ рддзынæ н.

Куырм Мыст айтæ -уыйтæ нал фæ кодта, фæ лæ æ васт хуынкъ къахынмæ февнæ лдта. Чиполлинойы къахæ й сæ рмæ сыджытæ й байдзаг кодта.

Лæ ппу ферхæ цыд, æ мæ йæ хуыфæ г сулæ фын нал уагъта. Фынддæ с минуты бæ рц йе ’муд не ’рцыд. Æ ппынфæ стаг йæ хуыфын æ мæ æ хснырсынæ й куы банцад, уæ д йæ хъустыл ауад Куырм Мысты хъæ лæ с:

— Цы фæ дæ, лæ ппу, мæ фæ стæ цæ уыс æ ви нæ?

Чиполлино, Куырм Мыст цы хуынкъ акъахта, уым æ нцонæ й бацыд. Куырм Мыст цалдæ р метры акъахта æ мæ æ вæ ллайгæ йæ дарддæ р йæ куыст кодта.

— Æ з мæ нæ дæ н, мæ нæ, синьор Куырм Мыст, — тыхстхуызæ й дзуапп радта Чиполлино. Тыхсгæ та уымæ й кодта, æ мæ, Куырм Мыст, зæ хх къахгæ йæ, сыджыт йæ къæ хтæ й фæ стæ мæ калдта æ мæ -иу Чиполлинойæ н къуыбæ рттæ кæ м йæ цæ сты бахаудысты, кæ м — йæ дзыхы.

Цалынмæ Куырм Мысты фæ стæ цæ уын нæ райдыдта, уæ дмæ йæ ахæ стоны къулы хуынкъ акодта, цæ мæ й, алыгъд, уый Помидор куы бафиппайа, уæ д ма зона, кæ цы хуынкъыл алыгъд, уый.

— Дæ хи куыд æ нкъарыс? — бафарста йæ Куырм Мыст, йæ куыст нæ ныууадзгæ йæ.

— Хуыздæ р уæ вæ н нæ й, афтæ, — дзуапп радта Чиполлино. — Афтæ талынг у, æ мæ дзы зæ рдæ рухс кæ ны.

— Нæ дын дзырдтон, дæ хи бæ лвырд хуыздæ р æ нкъарын райдайдзынæ, зæ гъгæ?! Кæ д дæ фæ нды, уæ д иучысыл аулæ фæ м. Уæ вгæ куы нæ ’рлæ ууæ м, уæ д хуыздæ р у, уымæ н æ мæ мæ н кæ дæ мдæ р тагъд кæ нын хъæ уы. Кæ д дын, мыййаг, мæ галерейты æ нахуырæ й зын цæ уæ н у?

— Нæ -а, цæ уæ м дарддæ р! — дзуапп радта Чиполлино. Уымæ н æ мæ йæ фæ ндыди йе ’мбæ лттыл тагъддæ р сæ мбæ лын.

— Гъемæ тынг хорз у. — Æ мæ Куырм Мыст йæ куыстмæ ноджы цырддæ р февнæ лдта.

Чиполлино йæ тыххæ й æ ййæ фта.

Чиполлинойы ралыгъдыл фынддæ с минуты куы рацыд, афтæ йæ камерæ йы дуар байгом. Æ ндарæ нмæ æ хситтæ й заргæ æ рбацыд синьор Помидор.

Цы тынг зæ рдиагæ й æ нхъæ лмæ каст ацы фембæ лдмæ синьор Помидор! Ныккæ ндмæ бынмæ куы хызт, уæ д æ м афтæ фæ каст, цыма йæ уæ зæ й ссæ дз килограммæ й къаддæ р нæ ахауд.

«Чиполлино мæ къухы ис, — йæ хицæ й хъал уæ вгæ йæ, хъуыдытæ кодта уый. — Æ ппæ т дæ р ын радзурын кæ ндзынæ н, стæ й йæ æ рцауынддзынæ н. Ауындзгæ, æ нæ мæ нг æ й ауындзгæ кæ ндзынæ н! Уый фæ стæ рауадздзынæ н Сæ нæ фсир æ мæ иннæ сæ рхъæ нты, уымæ н æ мæ дзы иуæ й дæ р нæ тæ рсын. Мæ нæ дын уый та, мæ ахст кæ м бады, уыцы камерæ йы дуар... Афонмæ уыцы гыццыл цъаммайрагæ н йæ цæ стытæ фыркуыдæ й бахус сты. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, мæ къæ хты бын йæ зонгуытыл æ рхаудзæ н æ мæ мæ хатыртæ курдзæ н. Канд йæ зонгуытыл не ’рхаудзæ н, фæ лæ мын мæ цырыхъхъытæ н батæ дæ р кæ ндзæ н. Æ з æ й нæ хъыгдардзынæ н. Уадз æ мæ йе рагъы нуæ рттыл ратул-батул кæ на. Йæ зæ рдæ цæ уыл фæ лæ ууа, ахæ м фадат дæ р ын скæ ндзынæ н, стæ й йын æ нæ нхъæ лæ джы мæ тæ рхон хъæ рæ й зæ гъдзынæ н: «Ауындзгæ! »

Фæ лæ кавалер Помидор дынджыр дæ гъæ лæ й дуар куы байгом кодта æ мæ дзыппыдаргæ цырагъ куы ссыгъта, уæ д дзы Чиполлинойыл йæ цæ ст не ’рхæ цыд. Камерæ афтид разынд.

Помидор йæ цæ стытыл нæ баууæ ндыд. Ахæ стоны кусджытæ йæ фарсмæ лæ ууыдысты æ мæ федтой, сæ хицау куыд асырх, уый фæ стæ куыд абур, куыд ацъæ х æ мæ æ ппынфæ стаг фырмæ стæ й куыд асау, уый.

— Цы хъуамæ фæ уыдаид уыцы лæ ппу? Чиполлино, цъаммар чи у, уый, кæ м бамбæ хстæ?

Фæ лæ уыцы фарст дзæ гъæ лы радта. Кæ м хъуамæ бамбæ хстаид, цыппар къулы, бандон æ мæ донæ й дзаг дурын йеддæ мæ кæ м ницы уыд, уым?

Кавалер Помидор бандоны бынмæ бадзагъул кодта, ныккаст дурынмæ, йæ цæ стæ нгас æ рзылд царыл, пъолыл, къултыл, фæ лæ дзы цы хъуамæ федтаид! Уацайраг зæ ххы скъуыды ныххауд.

— Чи йæ рауагъта? — мæ стджынæ й бафарста Помидор æ мæ Лимоныхъотæ м разылд.

— Нæ зонæ м, синьор Кавалер! Дæ гъæ л дæ химæ куы уыд, — загъта ахæ стон хъахъхъæ нджыты хицау.

Помидор йæ бæ рзæ й аныхта, æ цæ гдæ р, дæ гъæ л мæ химæ куы уыди, зæ гъгæ.

Цæ мæ й уавæ рыл бæ стондæ р ахъуыды кодтаид, уый тыххæ й бандоныл æ рбадт.

Бадгæ йæ æ нцондæ р хъуыдыгæ нæ н у, фæ лæ бадгæ йæ дæ р, Чиполлино цы фæ ци, уый сусæ гдзинад райхалын йæ бон нæ баци. Уыцы рæ стæ г дымгæ дуар ныггуыпп ласта.

— Байгом æ й кæ нут, лæ вархортæ! — фæ хъæ р кодта Помидор.

— Уымæ н гæ нæ н нæ й, дæ иууылбæ рзонддзинад, гуыдыр куыд фехгæ д, уый нæ фехъуыстай?

Кавалер Помидор дуар дæ гъæ лæ й байгом кæ ныныл афæ лвæ рдта, фæ лæ йын дзы ницы рауад, уымæ н æ мæ гуыдыр æ дде гомгæ нгæ уыд.

Æ ппынфæ стаг синьор Помидор бамбæ рста, йæ хæ дæ г йæ хи ахæ стоны кæ й бакодта æ мæ йæ сæ рра уæ вынмæ бирæ нал хъуыд.

Ногæ й та цъæ хтæ ’мæ буртæ кæ нынмæ фæ ци. Ахæ стоны кусджытæ м бартхъирæ н кодта, ныртæ ккæ, дам, мæ куы нæ ссæ рибар кæ нат, уæ д уе ’ппæ ты дæ р ныццæ гъддзынæ н.

Цыбыр дзырдæ й, цæ мæ й дуар байгом уыдаид, уый тыххæ й йын срæ мудзынæ й хуыздæ р хос нæ уыд. Кæ нгæ дæ р афтæ бакодтой. Динамит куы схæ цыд, уæ д синьор Помидоры хæ рдмæ фæ хаста, куы ’рхауди, уæ д æ й сыджыт йæ быны баныгæ дта. Лимоныхъотæ къахынмæ февнæ лдтой æ мæ йæ æ ппынæ рæ джиау сæ бон цъыфæ йдзæ гтæ й раласын баци. Хæ рдмæ йæ схастой æ мæ йын йæ сæ р, йæ фындз, йæ къæ хтæ æ мæ къухтæ, æ нæ хъæ н сты æ ви нæ, уый сгарынмæ фесты.

Йæ сæ р æ нæ хъæ н разынд, фæ лæ фындз тынг хъыгдард баййæ фта. Йæ хъæ дгæ мттыл ын пластырь куы баныхæ стой, уæ д Помидор хуыссæ н бацагуырдта. Йæ фындзыл пластырь ныхæ стæ й адæ мы ’хсæ нмæ рацæ уын æ фсæ рмы кодта.

Чиполлино æ мæ Куырм Мыст дзæ вгар адард сты, динамиты гæ рах куы райхъуыст, уæ д.

— Цымæ уый цы уыдаид? — бафарста Чиполлино.

— Хъуыды дæ р æ й ма кæ н, — загъта Куырм Мыст. — Æ фсæ ддон ахуыртæ та кæ мдæ р цæ уынц, æ вæ ццæ гæ н. Принц Лимон йæ химæ æ вæ джиауы æ фсæ ддон разамонæ г кæ сы, æ мæ цалынмæ хæ ст ракъаха, — суанг мæ нг хæ ст дæ р уæ д, — уæ дмæ иу ран не ’рбаддзæ н.

Куырм Мыст архайдта тынг зæ рдиагæ й. Æ ппæ лыди талынгæ й. Уыйхыгъд рухсы фыдгой кæ нынæ й нал æ фсæ ст. Цы нæ фау ыл æ вæ рдта, ахæ м нал баззад.

— Иу хатт, — загъта Куырм Мыст, — мæ цæ сты кæ ронæ й бакастæ н сойын цырагъмæ... Нæ дæ бауырндзæ н, цы у, уый куы базыдтон, уæ д лидзынмæ фæ дæ н. Афтæ тагъд згъордтон, æ мæ мæ зæ ххы цæ рджытæ й ничи баййæ фтаид.

— Æ мæ куыннæ хъуамæ лыгъдаис?! Иуæ й-иу сойын цырæ гътæ афтæ тынг рухс кæ нынц, æ мæ сæ м цыфæ нды цæ ст дæ р нæ фæ лæ удзæ н, — загъта Чиполлино Куырм Мысты зæ рдæ балхæ ныны тыххæ й.

— Нæ мæ бамбæ рстай, — загъта Куырм Мыст. — Уыцы сойын цырагъ судзгæ нæ кодта. Мæ амондæ н æ й чидæ р ахуыссын кодта. Уый судзгæ куы кодтаид, уæ д мæ раны уыдаин!

Чиполлино йæ хинымæ р дисы бацыд, судзгæ чи нæ кæ ны, уыцы сойын цырагъ цæ стытæ н цы зиан хъуамæ æ рхæ сса, зæ гъгæ. Уыцы тæ ккæ уысм Куырм Мыст, æ нæ нхъæ лæ джы йæ куыст фæ уадзгæ йæ, загъта:

— Мæ хъустыл кæ йдæ р хъæ лæ стæ уайынц!

Чиполлино дæ р хъусынмæ фæ ци. Уымæ дæ р дард кæ цæ йдæ р кæ йдæ р хъæ лæ стæ æ рбайхъуыстысты, фæ лæ дзы иу ныхас равзарын дæ р йæ бон нæ баци.

— Хъусыс? — загъта Куырм Мыст. — Уыдон адæ ймаджы хъæ лæ стæ сты. Адæ м кæ м уа, уым та рухсæ н æ нæ уæ вгæ нæ й. Иннæ рдæ м цæ уын куы райдаиккам, уæ д хуыздæ р уаид.

Чиполлино лæ мбынæ гдæ р æ рыхъуыста æ мæ базыдта, чи дзырдта, уыдонæ й иу мастер Сæ нæ фсиры хъæ лæ с кæ й уыд. Æ рмæ ст нæ раиртæ ста, цырыхъгæ нæ г цæ уыл дзырдта, уый.

Лæ ппуйы зæ рды уыди йæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кæ нын, цæ мæ й йæ базыдтаиккой, уый тыххæ й, фæ лæ йæ хиуыл фæ хæ цыд. «Уыдон мæ хæ лæ рттæ кæ й сты, — йæ хинымæ р ахъуыды кодта Чиполлино, — уый Куырм Мыст уадз æ мæ ма ма зона, кæ ннод фæ ндаг гæ рдыныл куынæ уал сразы уа, уымæ й тæ ссаг у».

— Синьор Куырм Мыст, — арæ хстгай райдыдта Чиполлино, — æ з иу талынг лæ гæ ты кой фехъуыстон, æ мæ мæ нымадмæ гæ сгæ ардæ м хæ стæ г у.

— Мæ галерейæ дзы талынгдæ р у? — дызæ рдыггæ нгæ йæ бафарста Куырм Мыст.

— Бирæ талынгдæ р! — ныфсджынæ й загъта Чиполлино. — Æ вæ ццæ гæ н, махмæ кæ й хъæ лæ стæ æ рбайхъуыстысты, уыдон уыцы лæ гæ тмæ æ рбацыдысты, цæ мæ й сæ цæ стытæ н баулæ фыны фадат раттой.

— Хм... — бахъуыр-хъуыр кодта Куырм Мыст. — Цæ уылдæ рты дызæ рдыг кæ нын, фæ лæ дæ кæ д уыцы лæ гæ тмæ бацæ уын афтæ тынг фæ нды, уæ д дæ ныхмæ дзурын мæ бон нæ у.

— Дæ хорзæ хæ й, синьор Куырм Мыст. Никуы дын æ й ферох кæ ндзынæ н! — æ рхатыд æ м Чиполлино. — Ды дæ р ног лæ гæ тимæ базонгæ уыдзынæ. Цас фылдæ р фенай, уыйбæ рц фылдæ р зондзынæ. Афтæ нæ у?

— Хорз, фæ уæ д, дæ у куыд фæ нды, афтæ. Фæ лæ, рухсмæ мæ цæ стытæ куы сриссой, уæ д дæ уæ н æ взæ рдæ р уыдзæ н.

Цалдæ р минуты фæ стæ хъæ лæ стæ бæ лвырд хæ стæ гдæ рæ й хъуысын райдыдтой.

Чиполлиномæ дзæ бæ х æ рбайхъуыст, Куысыфтæ г куыд уæ ззау улæ фт ныккодта, уый:

— Уыдон иууылдæ р мæ н аххостæ сты. Тæ худы, Чиполлино куы фæ зынид æ мæ нæ куы фервæ зын кæ нид!

— Кæ д нæ рæ дийын, уæ д дзы чидæ р дæ ном загъта, — бафиппайдта Куырм Мыст.

— Мæ ном? — Цыма ницы ’мбары, уый хуызæ н бафарста Чиполлино. — Уымæ н уæ вæ н нæ й. Чи цы дзуры, уый не ’мбарын.

Уыцы рæ стæ г райхъуыст мастер Сæ нæ фсиры хъæ лæ с:

— Чиполлино дзырд радта, кæ й нæ фервæ зын кæ ндзæ н, уый тыххæ й æ мæ йын æ нæ фæ зынгæ нæ й. Ууыл æ з æ ппындæ р дызæ рдыг нæ кæ нын.

Куырм Мыст та загъта:

— Хъусыс? Дæ у кой кæ нынц. Ницы хъусын, зæ гъгæ мын мауал зæ гъ. Фæ лтау мын, ардæ м мæ цæ мæ н æ рбацæ уын кодтай, уый зæ гъ.

— Синьор Куырм Мыст, — йæ сусæ гдзинад раргом кæ нынвæ нд скодта Чиполлино, — чи зоны, æ цæ гдзинад æ ппæ ты разæ й куы загътаин, уæ д хуыздæ р уыдаид, фæ лæ, хъуыддаг цæ й мидæ г ис, уый дын æ рæ джиау уæ ддæ р зæ гъон. Ныртæ ккæ цы хъæ лæ стæ хъусæ м, уыдон цæ уынц æ хсинтæ Балты ныккæ ндæ й. Уыцы ран хъизæ марæ й мæ лынц, æ з фервæ зын кæ нынæ й зæ рдæ кæ мæ н бавæ рдтон, мæ уыцы хæ лæ рттæ.

— Æ мæ сæ дæ зæ рды мæ фæ рцы фервæ зын кæ нын ис?

— Æ нæ мæ нг афтæ. Мæ фæ ндонмæ гæ сгæ ардæ м зæ хх фæ къахтай. Уый тыххæ й дæ æ з дæ н æ нæ кæ рон бузныг. Дæ хорз хорз у æ мæ йæ æ ххæ ст, мæ хæ лæ рттæ кæ м сты, уырдæ м бакъах æ мæ сæ ахæ стонæ й фервæ зын кæ нон.

Куырм Мыст иучысыл ахъуыды кæ ныны фæ стæ загъта:

— Хорз, æ з разы дæ н. Уæ вгæ мæ нæ н уæ лдай нæ у: æ з кæ цырдæ мфæ нды дæ р къахдзынæ н. Де ’мбæ лттæ кæ м сты, уыцырдæ м къахынмæ дæ р нæ зивæ г кæ нын.

Чиполлино стыр зæ рдиагæ й зæ ронд Куырм Мыстæ н ныбба кодтаид, фæ лæ лæ ппуйы цæ сгом цъыфæ й афтæ самæ ст, æ мæ йæ дзых кæ м и, уый йæ хæ дæ г дæ р нал зыдта.

— Сыгъдæ гзæ рдæ йæ дын арфæ кæ нын, синьор Куырм Мыст! Цалынмæ цæ рон, уæ дмæ дын дæ хорздзинад нæ ферох кæ ндзынæ н!

— Хорз, хорз, — зæ рдæ уынгæ г хъæ лæ сæ й загъта Куырм Мыст. — Ницæ йаг хъуыддæ гтыл рæ стæ г нæ хардз кæ ндзыстæ м. Фæ лтау февналæ м æ мæ дæ хæ лæ рттæ м тагъддæ р бахæ ццæ уæ м.

Æ мæ ногæ й куыстмæ февнæ лдта. Нымадæ й цалдæ р уысмы фæ стæ ахстыты къул бахуынкъ кодта. Стыр хъыгагæ н, раст уыцы рæ стæ г мастер Сæ нæ фсир спичкæ ссыгъта. Фæ ндыд æ й, рæ стæ г цас у, уый базоныны тыххæ й сахатмæ ’ркæ сын.

Мæ гуыр Куырм Мыст рухсмæ фæ уыргъуыйау. Æ васт фæ стæ мæ фæ зылд æ мæ тары фæ цыдæ р.

— Фембæ лдмæ уал, синьор Чиполлино! — æ рбайхъуысти ма талынгæ й йæ хъæ р. — Ды хорз лæ ппу дæ. Сыгъдæ гзæ рдæ йæ дын баххуыс кæ -нынмæ хъавыдтæ н, фæ лæ ныл, рухсимæ кæ й сæ мбæ лдзысты, уый рагацау зæ гъын хъуыд. Мæ н сайыны сæ р дзы ницæ мæ н хъуыд.

Куырм Мыст куыддæ р фæ тар, афтæ, цы хуынкъ æ рбакъахта, уый сæ рмæ сыджыт æ ркалд æ мæ дзы ацæ уæ н нал уыд.

Куырм Мысты хъæ лæ с дæ р бамынæ г. Кæ д ма исты дзырдта, уæ ддæ р йæ ныхæ стæ й иуæ н дæ р фехъусæ н нал уыд.

Йæ хинымæ р ын æ нкъардæ й фæ ндараст зæ гъыны фæ стæ йæ хицæ н дзурæ гау бакодта: «Бузныг, хæ ларзæ рдæ Куырм Мыст. Дуне къуындæ г у. Чи зоны, искуы ма фембæ лæ м. Уæ д дæ, кæ й афæ лывтон, уый тыххæ й æ нæ мæ нг хатыр ракурдзынæ н! »

Афтæ мæ й Чиполлино фæ хицæ н йе ’мбæ лццонæ й. Къухмæ рзæ нæ й йæ цæ сгомы чъизитæ ныссæ рфта æ мæ йæ хæ лæ рттæ м уыцы хъæ лдзæ г, бæ рæ гбонхуызæ й батахт.

— Уæ бонтæ хорз, мæ хæ лæ рттæ! — цыма хæ тæ лы ныхъхъæ р кодта, уый хуызæ н ныккæ нды айхъуыст йæ зыланггæ наг хъæ лæ с.

Ахстытæ н уый куыд æ хсызгон уыдаид, ууыл ахъуыды кæ нут! Уыдон йæ размæ ракалдысты æ мæ йæ хъæ быстæ æ мæ баты бын фæ кодтой. Цы чъизитæ ма йыл уыди, уыдонæ й уайтæ ккæ дæ р асыгъдæ г.

Чи йын хъæ быс кодта, чи йæ хъыдзы кодта, чи та йын-иу йе уæ хск æ рхоста.

— Сабырдæ р, сабырдæ р, — лæ гъстæ гæ нæ гау сæ м дзырдта Чиполлино, — уæ быны мæ ныккæ ндзыстут.

Фæ лæ йæ хæ лæ рттæ тагъд не ’рсабыр сты. Фæ стагмæ сын Чиполлино йæ хи хабæ рттæ куы радзырдта, уæ д сæ цин фæ цыдæ р.

— Уæ дæ ды дæ р мах хуызæ н ахст уыдтæ? — бафарста йæ мастер Сæ нæ фсир.

— Куыд фехъуыстай, афтæ! — дзуапп радта Чиполлино.

— Хъахъхъæ нджытæ куы ’рбацæ уой, уæ д дæ не ’рцахсдзысты?

— Хъуамæ мæ ма ’рцахсой, — загъта Чиполлино. — Куыддæ р фæ зыной, афтæ профессор Кæ рдойы хъисфæ ндыры амбæ хсдзынæ н. Мæ лæ ты дынджыр, мыййаг, куы нæ дæ н.

— Æ мæ ма нæ уæ д ардыгæ й та чи ахондзæ н! — бакатай кодта Ус-Куысыфтæ г.

— Уыдон иууылдæ р мæ н аххостæ сты! — арф ныуулæ фгæ йæ, загъта Куысыфтæ г. — Иууылдæ р мæ н тыххæ й хъизæ мар кæ нут!..

Чиполлино сын зæ рдæ тæ бæ ргæ æ вæ рдта, фæ лæ йын дзы ницы уади, стæ й йæ хæ дæ г дæ р, æ ргом дзургæ йæ, хуыздæ р уавæ ры нæ уыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.