Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





4 УАЦ Фæсыкк космосы. 3 страница



Цалдæ р ацæ ргæ сыл шимпанзейы Байриты кæ рты зылдысты егъау цæ джджинаджы алыварс. Чи йын йæ быны арт кодта, чи дзы ведратæ й дон уагъта, чи та дзы цавæ рдæ р задæ ссады æ нгæ с лæ хурæ г кодта.

Иу æ нæ дæ ндаг шимпанзе дзы Зазамæ æ лгъаджы цæ стæ й бакаст, стæ й иуæ рдæ м ату кодта мæ стыгъуызæ й æ мæ сдзырдта:

— Æ нæ рай скæ нат ацы сырдтæ й, цымæ сæ, нывонд кусæ рттæ гтау, уынгты цы ралас-балас кæ нут. Адонмæ кæ сгæ йæ зæ рдæ адджынæ н къæ бæ р бахæ рын дæ р нал уадзы.

— Орангутангты мæ рдтæ н, цы нæ хъæ уы, уый фæ кæ нæ нт. — Йæ ихсыд мылыйы ’хсæ нæ й ралæ мæ рста æ ндæ р маймули. — Заводтæ æ мæ сæ фабрикты кусджытæ скодтой. Айразмæ мæ чызгимæ уыдтæ н дзабырхуыйæ н фабрикæ йы. Хъуамæ йын цырыхъхъытæ бахуыйын кодтаин. Зилæ м æ нæ хъæ н фабрикæ йы æ мæ... Дунескæ нæ г! иу маймулийыл дзы уæ ддæ р куы ’рхæ цыдаид мæ цæ ст. Фæ йнæ рдыгæ й ацы æ лгъаг сырдтæ сæ дæ ндæ гтæ ныззыхъхъыр кодтой æ мæ ныл кæ д кодтой худгæ. Стæ й дзы бирæ тæ кæ д фæ лвæ рдтой дзурыныл дæ р...

— Дæ -дæ -дæ й, цымæ цы уыдзæ нис, цы? Цымæ цæ мæ æ рцæ удзæ н нæ маймулимыггаджы фæ стаг, — бахъуыр-хъуыр кодта фыццаг шимпанзе æ мæ ма цыдæ р сцæ йдзырдта, фæ лæ йын Заза йæ ныхас фескъуыдта, цыма маймулиты уынгæ дæ р нæ кæ ны, уыйау фæ рæ тæ й йæ къухты хъазгæ иуæ рдæ м азылд æ мæ хъæ рæ й, сегас дæ р æ й куыд фехъуыстаиккон, афтæ сдзырдта:

— Сæ фтмæ!

Маймулитæ уыцы æ мхуызон фæ цъæ хахст кодтой æ мæ, цæ ргæ сæ й фæ тæ рсæ г карчы цъиутау, амбæ хстысты аджы фæ стæ. Уым сæ кæ рæ дзиуыл калдæ й раййæ фта Байри.

— Цы кодтат, уæ хорзæ хæ й? Бирæ гъ уæ м фæ лæ бурдта? — афарста сæ.

— Бирæ гъ дарæ г дæ мауал уæ д. Ды дæ р дзы хорз дзураг сырд æ рбаластай? — Сæ дзæ мбытæ йыл æ мхуызон сцагътой:

— Уымæ й ма тæ рсут. Сабыр, æ нæ хъыгдард у, — ныфсытæ сын æ вæ рдта Байри.

— Сабыр дзабырхуыйæ н фабрикæ йы кусджытæ дæ р уыдысты, фæ лæ ныл ибон куы худтысты, уæ д сæ м мæ чызг цыдæ р сдзырдта æ мæ мын æ й фæ цæ йскъуыдтæ кодтой, саубонмыл. — Йæ ныхас адарддæ р кодта, уый размæ йæ чызджы цырыхъхъытæ бахуыйыны тыххæ й фабрикæ мæ чн бакодта, уыцы шимпанзе.

— Куы уын загътон, ай чырыстон, æ нæ хъыгдард фос у, — сабыр сæ кæ ны Байри. — Стæ й цас цыдæ ртæ зоны. Дисæ й йыл амæ ликкат.

— Чи зоны мæ нæ ацы аджы цы фыцæ м, уый дæ р базонид, — йæ фыдуынд хæ мхудтæ хинæ йдзаг зылынтæ скодта иу маймули. Иннæ тæ сенæ дæ ндаг дзыхтæ ныххæ лиу кодтой æ мæ сыф-сыфгæ нгæ худынц. Зазайы сæ м нæ дæ р хъусын, нæ дæ р исты дзурын фæ ндыд, фæ лæ та нæ фæ лæ ууыд. Уадз æ мбарой уыдонæ й къаддæ р кæ й нæ зоны алцы дæ р æ мæ, цыма маймулитæ н дзуаппæ н нæ, фæ лæ дзы æ нæ уый сирвæ зт, уыйау загъта:

— Диссаг уыдзæ н, сымах цы бæ гæ ны бахсидат, уый.

Маймулитæ ныр тæ рсгæ нал фæ кодтой. Мæ нæ йма, сырд æ рмахуыр кæ уыл у, уый сæ цуры ис, цыфæ нды фыдуаг куы суа, уæ ддæ р æ й Банри баиргъæ вдзæ н, ницы знаггад кæ нын æ й бауадздзæ н, фæ лæ ныр фырдисæ й худын нæ, дзурын дæ р нал арæ хстысты. Сæ сæ ртæ уæ ззаугай æ нкъуыстой æ мæ кæ рæ дзимæ дзагъырдзастæ й кастысты. Къаддæ р дис нæ фæ кодта Байри йæ хæ дæ г дæ р. Маймулитæ й куыд хъуыста, афтæ мæ й планетæ Æ нгæ сыл бæ гæ ны аразын зонынц æ рмæ стдæ р Сиберийы маймулитæ. Æ мæ Заза йæ хæ дæ г куыд дзырдта, афтæ мæ й йæ æ ндæ р хъуыддæ гтыл дард зиптунскæ сæ йнаг ахуыргонд Козо сахуыр кодта, фæ лæ бæ гæ ны та кæ цæ й базыдта, зæ гъгæ. Ныр йæ дызæ рдыгдзинад хъæ рæ й нæ ма загъта, афтæ мæ й йын йæ хæ дæ г дзуапп дæ ттынмæ фæ цис.

— Æ вæ ццæ гæ н мæ фæ ндагыл æ нæ рхъуыдыйæ сирвæ зт, абон бæ гæ ны кæ й фыцдзыстæ м, уый. Ай та ахæ м сырд у, æ мæ цы фены, цы фехъусы, уый дзы рох нæ кæ ны. О, æ нæ мæ нг афтæ уыдзæ н.

Заза сын хъуамæ раргом кодтаид, зæ ххыл цæ ргæ йæ йæ хæ дæ г бирæ хæ ттыты кæ й федта бæ гæ ны фыцгæ, уый, фæ лæ йæ ныууагъта. Иуæ й йæ хæ дæ г уымæ й йæ цардвæ ндаг ныггæ лиртæ кодтаид, иннæ мæ й та йæ уыцы зæ ронд, хæ ррæ гъ маймулитимæ дзурын нæ фæ ндыд. Сугсæ ттæ н къуыдыр сугты рæ дзагъды аууонмæ ахаста, цæ мæ й йæ м шимпанзетæ мадæ р зынгæ кодтаиккой, мадæ р сын сæ ныхас хъуыстаид.

... Чындзæ хсæ вы бон дæ р та йæ акодта Байри. Нæ йæ фæ ндыд ацы хатт. Уый æ нхъæ лдта, зæ гъгæ, чындзæ хсæ вы бæ стæ ппæ т маймулитæ уыдзæ н, мыййаг, æ м асты дзырдæ ппарæ нтæ куы кæ ной. Куы нæ сæ м фæ лæ ууа æ мæ исты æ нахъола ми куы бакæ на, фырмæ стæ й исты рæ дыд куы ’руадза æ мæ йæ хъуыддæ гтæ куы ныссуйтæ уой, уымæ й тарст.

Фæ лæ дзы уадиссагæ й ницы уыд. Заза Байрийы алыхатт дæ р хъуыд æ рмæ сдæ тр суг сæ ттынæ н. Æ мæ уæ ззаугай йæ хæ с æ ххæ ст кодта, афтæ мæ й аивæ й каст æ мæ хъуыста, Байриты кæ рты цы цæ уы, уымæ. Æ ниу æ м дзы зынгæ бирæ ницы кæ ны. Иугай сыл маймулитæ тын нывæ ндæ гау кæ нынц хæ дзарæ й сарамæ (пец уым æ вæ рд уыд), сарайæ хæ дзармæ. Кæ мæ н — йæ дзæ мбыты тæ бæ гъ, кæ мæ н тас, кæ мæ н аг, гъе сасир. Æ вæ ццæ гæ н хæ ринæ гтæ цæ ттæ кæ нынц. Иу хатт кæ рты фæ зынд иу къуылых нæ л шимпанзе дæ р. Йæ дыстæ рæ быныкъæ дзты онг тылд, йæ дзæ мбытæ æ гасæ й тугæ й змæ ст. Егъау хъæ дын арынг æ м ралæ вæ рдтой сыл маймулитæ мæ нгагъуыстæ й. Цыдæ ртæ ма сын адзырдта, цыдæ р хæ стæ сын бакодта, стæ й арынг йæ къуыпрагъыл баппæ рста æ мæ фæ схæ дзарæ рдæ м счипсчипгæ нгæ ацыд.

Заза бамбæ рста, уым кусæ рттæ кæ й кæ нынц.

Æ мбисбон уыдаид, афтæ Зазайы хъустыл ауад, чындзхæ сджытæ æ рбацæ уынц, зæ гъгæ. Уый æ нхъæ лдта, ома ныртæ ккæ машинæ тыл фæ ндырдзæ гъдгаз, заргæ ’рбалæ удзысты уазджытæ. Кæ д сиахс зæ ронд у (Байрийы ныхæ стæ йæ зæ рдыл дардта), уæ ддæ р цыты уазджыты номыл йемæ уыдзæ н сагсур æ взонг маймулитæ. Заза сæ, развæ лгъау, тæ рсгæ дæ р скодта. Йæ зæ ххон цардæ й ма йæ зæ рдыл куыд лæ ууы, афтæ мæ й чындзхæ сджытæ м æ хсæ нгæ рзтæ дæ р вæ ййы. Ам дæ р мыййаг афтæ куы уа æ мæ дзы искæ й йæ расыджы зæ рдæ бахъæ лдзæ г кæ ныны тыххæ й куы бафæ нда иу хъæ ддаг сырд багæ рах кæ нын, уæ д цы дæ бон у. Æ мæ йæ хи æ раууон кодта сугты рæ дзагъды фæ стæ, афтæ мæ й сусæ гæ й кæ сы, маймулитæ чындзхæ сджыты размæ чердæ м акалдысты, уыцырдæ м.

Уалынмæ дын æ рбазындысты, Зазайы хъуыдымæ гæ сгæ уазджытæ чи хъуамæ уыдаиккой, уыдон. Разæ й цыппар сыл шимпанзейы æ мæ дыууæ сыл орангутанджы сынты уæ лæ се уæ хсчытыл хæ ссынц, фырзæ рондæ й чи нымпылд æ мæ чи ныггæ лиртæ ис, ахæ м нæ л маймулийы. Сынт, стæ й орангутанг йæ хæ дæ г дæ р уыд тынг хъæ зныг фæ лыст. Байрийы кæ стæ р лæ ппын æ рбауад Зазамæ. Йæ фарс ын басхуыста æ мæ йын æ ппæ лæ гау акодта:

— Уый сиахс у.

— Æ мæ йæ чи хæ ссы, уыдон та чи сты? — афарста йæ Заза.

— Йæ устытæ.

— Ау, сæ мойы се уæ хсчытыл æ рхастой, — цæ мæ й ма йын ноджы иу æ мкъай акæ ной, уый тыххæ й? — бадис кодта Заза.

— Афтæ у æ гъдау. Уый у, орангутангтæ й иууыл фидардæ р чи уыд æ мæ иууыл фылдæ р чи цæ ры, ахæ м. Æ взонг нæ л орангутангтæ иууыл хæ сты сты. Айхуызæ тты цот кæ ныны тыххæ й дарынц, цæ мæ й йæ цот дæ р рацæ уой йæ хиау фидар æ мæ цæ рой бирæ. Йе ’мкъæ йттæ та хæ сджын сты, цæ мæ й йæ ног æ мкъай курынмæ хæ ссой сынтыл, цал уой, уалæ й. Алы ахæ м орангутангæ н дæ р афтæ кæ нынц, уый фæ тк у.

— Фæ лæ у-ма, æ мæ уыцы зæ ронд... —цыдæ р ма сцæ йдзырдта Заза, фæ лæ йæ уый фембæ рста æ мæ загъта, судзинтæ йын аразынц, зæ гъгæ, стæ й алыгъд.

— Уый дын, гъе, — йæ хиимæ дзурæ гау кæ ны Заза. — Байри мын афтæ лыстæ ггай нæ радзырдта ацы хабар.

Чындзхæ сджыты æ рбацыдмæ кæ рты сагъд уыд цыппар рæ хснæ г саджил цæ джындзы. Цæ джындзтыл тыхт уыд сырх хъуымац. Уый æ ддейæ та фæ лыст уыдысты алыгъуызон дидинджытæ й. Сиахсы сынты уæ лæ сæ вæ рдтой уыцы цæ джындзтыл. Бынæ й йæ алыварс тымбыл зылдæ й æ рлæ ууыдысты, уæ дæ йнырмæ уынгты чи рауай-бауай кæ ны, уыцы сыл маймулитæ. Фæ зынд дзы цалдæ р нæ л маймулийы дæ р. Фæ лæ нæ лтæ сегас дæ р уыдысты къуылыхтæ æ мæ цæ нкуылтæ.

Сиахсы æ мкъæ йттæ æ хсæ зæ й дæ р бацыдысты хæ дзармæ. Уый йæ хæ дæ г, йæ фарсыл цы дзæ къулгонд уыд, уый йæ размæ æ рбаласта. Йæ ком ын сæ хæ лдта æ мæ бынмæ калын байдыдта лыстæ г æ хцайы хуызæ н цыдæ р æ рттивæ гтæ. Заза æ нхъæ л уыд, зæ гъгæ, ныр маймулитæ уыцы æ рттивæ гтыл зыд кæ нгæ йæ кæ рæ дзи хъуынхъис хæ рдзысты. Фæ лæ сæ м уыдонæ й: æ вналгæ дæ р ничи фæ кодта. Алы æ ркалдæ н дæ р-иу сæ сæ ртæ й ныллæ г акуывтой æ мæ -иу, зарæ ггæ нæ гау, æ мхъæ лæ сæ й цыдæ ртæ хъуыр-хъуыр кæ нын райдыдтой.

Дзæ къул куы раафтид ис, уæ д æ й маймули йæ былтæ м схаста. Ныффу дзы кодта æ мæ йæ хуылфæ й хъуысын райдыдтой цавæ рдæ р æ нæ хъинон хъихъхъытæ. Уыцы зæ лтæ м хъусгæ йæ бынæ й лæ ууæ г маймулитæ, сылæ й, нæ лæ й, кæ рæ дзи дзæ мбытыл ныххæ цыдысты æ мæ, чепенагæ нæ гау, цæ джындзты алыварс райдыдтой зилын.

Чысыл фæ стæ дæ р сиахсы æ хсæ з æ мкъайы ракодтой æ вдæ м файнусты. Кæ рæ дзи дзæ мбытыл хæ цгæ йæ бацыдысты чепенагæ нджытæ м. Кæ стæ р файнуст бахызт зылды астæ умæ, иннæ тæ баиу сты чепенагæ нджытимæ æ мæ райдыдтой семæ зилын. Ног чындз райдыдта æ рттивæ гты уидзын. Уидзы сæ æ мæ сæ уары йæ алыварс зилджытыл. Куы йын фесты уæ рст, уæ д нæ л маймулитæ систой ног чындзы сæ дзæ мбытыл æ мæ йæ сынтмæ сæ ппæ рстой. Сиахсы ма йæ зæ ронд стджытæ цас хастой, уый бæ рц рог фестад æ мæ ныттыхст йæ ног æ мкъайыл. Уый йетарæ й систа цавæ рдæ р æ рттиваг хæ цъил, йæ мойы хъуырыл æ й бабаста æ мæ дыууæ йæ дæ р кæ рæ дзиуыл тыхстæ й æ рбадтысты сынтыл.

Уый фæ стæ æ хсæ з хистæ р файнусты райстой сынт æ мæ сæ фæ схæ дзары ’рдæ м ахастой. Сæ фæ дыл заргæ æ мæ гæ ппытæ гæ нгæ ацыдысты иннæ маймулитæ дæ р.

Заза ма фенхъæ лмæ каст чындзæ хсæ вы дарддæ ры æ гъдæ уттæ й исты фенынмæ, фæ лæ ницыуал йæ къухы бафтыд. Фæ схæ дзармæ, сæ хъæ лæ ба кæ цæ й цыд, уырдæ м та йæ ныфс нæ ахаста.

Æ ппынфæ стаг фæ зынд Байри къуылых расыгæ й. Синаг дæ р нал бафтыдта Зазайы æ фцæ джы, афтæ мæ й йæ акодта йæ клеткæ мæ.

XXII

Иу изæ р Байри æ рбацыд. Йемæ ’рбахаста хæ дзары дарæ н хуымæ тæ джы хæ лаф æ мæ къандзол. Зазамæ сæ радта.

— Адон скæ н æ мæ мемæ рацу.

— Кæ дæ м мæ кæ ныс? — Дзаумæ ттæ фенгæ йæ фæ дызæ рдыг Заза.

— Тæ рсгæ ма кæ н. Дæ умæ мæ рарвыста институты хистæ р. Æ вæ ццæ гæ н фехъуыста, ды рардтæ кæ нынмæ рæ вдз кæ й дæ, уый æ мæ дæ уымæ н агуры.

Заза иучысыл ахъуыды кодта, стæ й сразы...

Байритæ м баййæ фта ацæ ргæ, фæ лæ нырма йæ фердæ хт рог кæ мæ н уыд, ахæ м орангутангы. Йæ цæ сткæ сæ нтæ фындзы хъæ лмæ æ рбырыдысты æ мæ сæ сæ рты Зазамæ кастысты дыууæ тымбыл цъæ х цæ сты. Заза мидæ мæ куы бахызт, уæ д ын сыстад. Цыма стыр кадджын уазæ г уыд Заза, уыйау йæ размæ рацыд. Йæ къух ын райста æ мæ бæ зджын хъæ лæ сæ й загъта:

— Сиберы педагогон институты ректор, техникон зонæ дты дохтыр профессор Барбис.

— Профессор Заза, — кæ й йыл нæ баууæ нддзæ н, уый зыдта Заза, фæ лæ уæ ддæ р загъта, профессор кæ й у, уый дæ р.

— Æ з куыд фехъуыстон, афтæ мæ й ды дæ хæ дæ фсарм æ мæ æ мбаргæ, зондджын, маймулийау. — Фæ тызмæ ггъуыз ис Барбисы цæ стæ нгас. — Иугæ р афтæ у, уæ д та дæ м æ з æ рбацыдтæ н хъуыддаджы фæ дыл баныхас кæ нынмæ. Хынджылæ джы рæ стæ г мын уæ вгæ й дæ р нæ й.

— Æ з дæ м хъусын. Гæ нæ н уæ вгæ йæ архайдзынæ н дæ фарстытæ н æ мбæ лон дзуаппытæ радтыныл, — йæ ног æ лвыд рустыл йæ арм æ руагъта Заза. Адæ ймæ гтæ н сæ сæ ртыл, нæ лтæ н ма, æ гæ рыстæ мæ й, сæ цæ сгæ мттыл дæ р хъуын æ гæ р тынг даргъ кæ й цыд, уый тыххæ й сын сæ мæ й иу хатт æ лвыдтой.

— Æ з фехъуыстон, цыма ды тынг рæ вдз дæ математикæ мæ? — цæ хгæ р рахызт хъуыддагмæ Барбис.

— Тынг рæ вдз, зæ гъгæ, чи зоны бынтон раст нæ у, фæ лæ чысыл цыдæ ртæ æ мбарын. — Хæ дæ фсарм дзуапп радта Заза.

— Мæ н фæ нды, цæ мæ й мæ хи цæ стæ й фенон уыцы хъуыддаг. Кæ д гæ нæ н ис, уæ д сараз иуцалдæ р рарды.

— Бафæ лвардзынæ н. — Сразы Заза. Барбис йæ дзыппæ й систа, иуцалдæ р æ нæ конд рарды фыст кæ м уыд, ахæ м тетрад, хæ дфысгæ ручкæ имæ йæ æ рæ вæ рдта Зазайы раз. Уый сыл йæ цæ ст ахаста, стæ й æ нæ разыйы цæ стæ й бакаст ректормæ.

— Æ рдæ бон мæ м ды дзæ гъæ лы фæ тызмæ г дæ, фæ лæ дын ныр хъуамæ æ з бауайдзæ ф кæ нон, бынтон саби мæ кæ й æ нхъæ л дæ, уый тыххæ й. — Ахæ м стыр ахуыргонд маймулиимæ, куырмæ мбæ хстытæ й хъазæ гау, ныхас кæ нын ницы пайдайыл банымадта Заза.

— Цæ мæ н афтæ зæ гъыс? — нæ йæ бамбæ рста Барбис æ мæ йæ м дызæ рдыджы цæ стæ й бакаст.

— Адон мæ нæ Байрийы лæ ппынтæ дæ р куы сараздзысты.

— Хатыр, фæ лæ зондджын маймулитæ афтæ фæ дзурынц, зæ гъгæ, цæ мæ й зонынад банкъарай, уый тыххæ й райдай иууыл æ нцондæ рæ й.

— Цæ й уæ дæ фод де ’рдыгонау, — сразы Заза æ мæ райдыдта рардты сæ рæ й кæ нын. Кæ ны сæ цас гæ нæ н ис, уымæ й цыбырдæ р æ мæ вазыгджындæ р хуызты. Стæ м хатт аивæ й бакæ сы Барбисмæ. Уын йæ хъуынджын хæ мхудтæ размæ райвæ зта. Кæ сæ н цæ стыты æ рфгуыты сæ рмæ систа æ мæ цымыдисæ й кæ сы Зазайы къухты змæ лдмæ. Тетрады цы рардтæ уыд, уыдон куы фесты, уæ д ма йæ м ноджы радта, йæ бирæ куысты рæ стæ джы иууыл вазыгджындæ р кæ уыл фембæ лд, уыцы рардтæ й иуцалдæ р. Заза сæ, сæ нк стигъæ гау, ацарæ зта.

— Фæ лæ у, дæ хорзæ хæ й, — хæ стæ гдæ р æ м бабадт Барбис. — Адæ ймаг уæ вгæ йæ афтæ хорз кæ м базыдтай ацы вазыгджын предмет?

Зазайæ н æ виппайды йæ хъуыдыйы февзæ рд, ибон дард Зиптуны скæ сæ йнаг ахуыргонд шимпанзейы тыххæ й газеты цы уац бакаст, уый. Уым фыст уыд, зæ гъгæ, дард Зиптуны скæ сæ йнаг математикон зонæ дты дохтыр, профессор Къозойæ н йæ цæ хæ радоны уыд сæ рмагонд сырддон. Къозойы иууыл уарзондæ р сырдтæ уыдысты адæ ймæ гтæ. Уыдон-иу бакодта йæ кусæ нуатмæ æ мæ йæ хъæ лдзæ г дардтой. Куы амард, уæ д ын йемæ баныгæ дтой цалдæ р удæ гас адæ ймаджы йæ хи фæ ндонмæ гæ сгæ. Ныр Зазайы бафæ ндыд уыцы хъуыддагæ й спайда кæ нын æ мæ райдыдта дзурын.

— Ды, æ нхъæ л дæ н, фехъуыстаис дард Зиптуны скæ сæ йнаг ахуыргонд Къозойы тыххæ й. Уымæ бахаудтæ н æ з хæ рз сабийæ. Хъомыл кодтон йæ кусæ н уаты. Бирæ мæ кæ й уарзта, уый тыххæ й иууыл мемæ ныхас кодта. Æ з дæ р базыдтон дзурын. Уый йын ноджы æ хсызгон уыд. Райдыдта мæ ахуыр кæ нын: фыссын æ мæ кæ сыныл. Уый фæ стæ мын амыдта рардтæ кæ нын. Уымæ æ взыгъд кæ й уыдтæ н, уый тыххæ й мæ Къозо хуыдта профессор. Сæ рибарæ й мæ бауагъта йæ библиотекæ мæ. Уым ахуыр кодтон мæ хигъæ дæ й математикæ йы æ ппæ т фарстытæ. Цы не ’мбæ рстон, уый та мын амыдта йæ хæ дæ г. Ех, бæ ргæ мын хорз уыдис уымæ, фæ лæ куы амард, уæ д мæ иннæ сырдтæ æ мæ адæ мимæ ауæ й кодтой сырддонмæ. Уырдыгæ й та мæ балхæ дта Базел.

Чысыл саби алæ мæ тон аргъаумæ куыд фехъусы. афтæ хъуыста Барбис Зазайы ныхасмæ. Иу мур дæ р æ м дзы дызæ рдыггаг ницы фæ зынд. Йæ хæ дæ г хорз зонгæ у Къозойы цард æ мæ сфæ лдыстадимæ. Уый адæ мы куыд уарзта æ мæ сæ æ дзух цалдæ ргæ йттæ й йæ кусæ н уаты куыд дардта, афтæ мæ й, зæ гъгæ, гæ нæ н ис æ мæ дзы исчи ахæ м зонды хицау разындаид, афтæ ахъуыды кодта Барбис æ мæ хъæ лдзæ ггъуызæ й райдыдта дзурын:

— Мæ нæ н тынг æ хсызгон у, Æ нгæ сы адæ ймæ гтæ й ахæ м зондджын кæ й бахъомыл, уый. Дæ кой мын куы кодтой, уæ д æ з бынтон æ ндæ ргъуызон ахъуыды кодтон. Иуцалдæ р азы размæ ’рцыд ахæ м хъуыддаг: Уæ лдæ р физиологи æ мæ психологийы институты фæ зынд иу цавæ рдæ р æ мбаргæ адæ ймаг. Уый йæ хи хуыдта æ ндæ р планетæ йæ æ рцæ уæ г. Йæ ном та хуынд Барон. — Заза куыддæ р фестъæ лфыдис. Рæ вдздæ р байхъуыста, зæ гъгæ, ацы профессор кæ д исты бæ лвырд зонид йæ журналист æ мбалы тыххæ й. — Ацы тæ нæ гсæ р шимпанзеты уыйонг срæ гъæ д кодта ныхасæ й æ мæ æ рæ вæ рдтой фарст стыр æ мбырды раз. Йæ хи дæ р ын ныхасы рацæ уын кодтой. Уым уыдтæ н æ з дæ р. Хъуыстон ын йæ ныхасмæ. Уый бæ рц бакодтой шимпанзетæ æ мæ йæ клеткæ йæ ссæ рибар кодтой. Дарæ с ыл скодтой. Кодта зонадон куыст, цыдис экспедициты. Ширмæ имæ ныллæ ууыдысты, кæ ддæ р ам, зонад æ мæ техникæ тынг размæ дзыд кæ мæ уыд, ахæ м адæ м кæ й цард, уый сбæ лвырд кæ ныныл. Маймулитæ куыддæ р скæ рæ дзийы мидæ г сты. Зонады цавæ р цæ стæ нгас у раст кæ нæ зылын, уый равзарæ н нал уыд. Уыйадыл Барон дæ хицау Базелы къухмæ лæ вæ рд æ рцыд. Уый йын операцийы фæ рцы йæ зонд фесафын кодта, æ ндæ ра, нæ зонын, афонмæ цытæ æ рцыдаид адунейыл.

«Ницы йын зоныс ды дæ р, — хъуыды кæ ны Заза. — Йæ цармы иу цавæ рдæ р гуымыдза лæ джы атыхта Барон æ мæ ныр цæ мæ йзон кæ м тезгъо кæ ны. Æ нæ мæ нг уыцы Ширмæ мæ уыдзæ н».

— Ныр уæ дæ й фæ стæ мæ ис ахæ м фидар бардзырд, — папирос сдымдта Барбис æ мæ дзуры дарддæ р: — куыддæ р ма æ ндæ р планетæ йæ фæ зына ахæ м адæ ймаг, афтæ йæ фыццаг фембæ лæ г маймули хъуамæ фæ уын кæ на йæ бынаты. О, фæ лæ ды нæ хи бæ стаг адæ ймæ гтæ й кæ й дæ, уымæ гæ сгæ дæ умæ хъуамæ ма хауа уыцы цæ стæ нгас.

— Цæ мæ йзон? Мæ нмæ гæ сгæ æ з ницы азымджын дæ н, дзурын кæ й зонын æ мæ математикæ афтæ хорз кæ й сахуыр кодтон, уым. Кæ д уæ мæ сæ р искуы бахъæ уа, уæ д цæ ттæ дæ н æ ххуысмæ. Науæ д дæ р мын хъысмæ т куыд стæ рхон кодта, афтæ цæ рын. Никæ й ницы хъыгдарын. — Йæ хъуыддаг бафидардæ р кæ ныны тыххæ й сдзырдта Заза æ мæ ныр æ нхъæ лмæ кæ сы, Барбис ын цы зæ гъдзæ н, уымæ.

— Гъе æ мæ ныр дæ сæ р хъæ уы институты. Æ рмæ ст дæ раздæ р фæ лвардзысты стыр ахуыргæ ндтæ. Кæ д уым кусынæ н сбæ ззай, уæ д дæ хъуамæ спайда кæ нæ м. Цы зæ гъдзынæ? — фæ рсæ джы каст æ м бакодта.

— Институты кусынæ н уавæ ртæ хъæ уы. Ныртæ ккæ цы къуындæ г клеткæ йы цæ рын, уым кусæ н нæ й, — цыма йын афтæ загъта ректор, зæ гъгæ, ныртæ ккæ кусын райдай, уыйау дзурын райдыдта уавæ ртыл.

— Уый æ з дæ уæ й къаддæ р не ’мбарын, — уæ ддæ р маймулитимæ кæ й ныхас кæ ны, уый цæ мæ й æ нкъара Заза, уый тыххæ й фидар хъæ лæ сæ й загъта Барбис, стæ й ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Æ з уал баныхас кæ ндзынæ н рухсады министримæ, стæ й иумæ бацæ удзыстæ м уæ лдæ р министрадмæ. Æ з æ нхъæ л дæ н æ мæ дæ къух дæ р сараздзысты æ мæ мæ къух дæ р. Мæ лектортæ н сæ ахсджиагдæ ртæ хæ сты фесæ фтысты. Ныр институты программæ йæ æ ртыццаг хай дæ р нал цæ уы ахуыргонд.

Цалынмæ Барбис æ мæ Заза ацы ныхæ стæ кодтой, уæ дмæ Байри аргæ вста карк. Магазинæ й æ рбахаста урс дзул æ мæ къалбастæ. Ноджы дыууæ авджы сæ н...

Заза йæ клеткæ мæ куы ’рбацыд, уæ д фырцин æ мæ нуæ зтæ й уыд расыг.

— Рæ хджы райдайдзыстæ м, адæ м куыд цæ рынц, афтæ цæ рын, Заза ныттыхст йæ бинойнагыл æ мæ йын йæ рæ сугъд цæ сгомæ н пъатæ кæ ны.

— Хъæ дмæ ацæ удзыстæ м фæ стæ мæ? — тарстгъуызæ й йæ афарста Генриеттæ.

— Цæ мæ н хъæ дмæ? Æ з зæ гъын, махмæ зæ ххыл куыд цæ рынц, афтæ цæ рдзыстæ м. Уыдзæ н нын хæ дзар, цæ хæ радон. Уæ дыууæ Мери кæ ндзыстут хæ дзары æ мæ цæ хæ радоны куыстытæ. Æ з кусдзынæ н уæ лдæ р ахуыргæ нæ ндоны, Артур та ахуыр кæ ндзæ н скъолайы.

— Æ мæ ам нал цæ рдзыстæ м? — фæ цырд Артур.

— Нал. Æ гъгъæ д нын у клеткæ ты маймулиты цард кæ нын. — Йæ сæ р ын æ рлæ гъз кодта Заза.

— Мæ н нæ фæ нды ардыгæ й, — æ рхæ ндæ ггъуызæ й бахъуыр-хъуыр кодта Артур.

— Уæ д цæ уылнæ? — фæ дисау Заза.

— Гертруд ам баззайдзæ н æ мæ...

— Гъе, уый æ цæ г хъуыддаг... — ныхъхъуыды кодта Заза. Рагæ й хаты, Артур æ мæ Гертруд æ нæ кæ рæ дзи кæ й нæ фæ разынц, уый.

— Цы, уый зоныс, Артур?

— Цы.

— Нæ ма дæ байдыдта дзæ бæ х æ мбарын?

— Куыд нæ? Дзургæ дæ р кæ ны, æ мбаргæ дæ р æ мæ фысгæ дæ р.

— Уæ дæ æ з бацархайдзынæ н, кæ м хъæ уа, уым, цæ мæ й немæ рацæ уа. Ды та йын йæ хиимæ баныхас кæ н. Уадз æ мæ уый дæ р демæ ахуыр кæ на.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.