Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





4 УАЦ Фæсыкк космосы. 2 страница



Заза рардтæ афтæ рæ вдз кæ й арæ зта, уый дисыл бафтыдта студентты.

— Нæ, фæ лæ афтæ хорз кæ м базыдтай ацы зын предмет? — фæ рсынц æ й цымыдисæ й.

— Сымах æ хсæ н дæ р ис зæ рдæ хæ лар маймулитæ. —Мæ нг ныхæ стыл схæ цыд Заза. — Æ з хæ рз чысылæ й бахаудтæ н иу стыр ахуыргонд шимпанземæ. Цуанон гориллæ тæ й мæ балхæ дта. Иууылдæ р мæ дардта йæ кусæ н уаты. Тынг бирæ рæ стæ г хардз кодта мæ нæ н математикæ амоныныл. Уый фæ стæ амард. Æ з æ нæ хицауæ й баззадтæ н. Уынджы мæ æ рцахста иу гориллæ æ мæ мæ Базелы институтæ н ауæ й кодта.

Байри йæ уазджытæ н скодта сойывыхтæ. Магазинæ й æ рбахаста иу сæ ны авг. Цæ хæ радоны йæ лæ ппынтæ й иуæ н æ ртонын кодта рæ гъæ д памидортæ. Скарста салат. Хæ ргæ -хæ рын маймулитæ й алчи дæ р архайдта Зазайы ’рдæ м нæ кæ сыныл. Æ вæ ццæ гæ н сæ м адæ ймаджы уынд афтæ æ лгъаг каст æ мæ уымæ кæ сгæ йæ сæ зæ рдæ хæ рд нæ уагъта.

Заза уæ здан бадт æ ркодта фынгыл. Райста къус, вилкæ. Къусмæ равгæ дта памидоры кæ рстытæ, вилкæ йæ æ рбайста сойы фых уæ ливых. Анызта иу агуывзæ сæ н.

Байри акуывта, цæ мæ й хæ ст рæ хджы фæ уа æ мæ æ взонг сыл маймулитæ н сæ мойæ гтæ тагъд æ рæ здæ хой сæ хæ дзæ рттæ м, уый тыххæ й.

— Ахæ м амондмæ æ нхъæ лмæ гæ сæ н, æ вæ ццæ гæ н, налдæ р ис, — æ нкъардгъуызæ й бахъуыр-хъуыр кодта студенттæ й иу.

— Тæ рсгæ ма кæ н. Маймулитæ куынæ уал уа, уæ д нæ л адæ ймæ гтæ й уæ ддæ р мой кæ ндзыстæ м, —хъазгæ мхасæ н ын ныфс авæ рдта иннæ студент.

— Уый тыххæ й хъуамæ уæ мукъутæ хæ рзуынддæ р уой, — Заза нозт ахуыр нал у æ мæ йын, æ вæ ццæ гæ н, сæ н уайтагъд йæ сæ ры магъз сызмæ лын кодта.

— Кæ с, дæ хорзæ хæ й, — хинæ йдзаг худт бакодта студенттæ й иу. — Зæ гъæ м, мæ хуызæ н рæ сугъд, æ взонг маймули сфæ нд кодта дæ уæ й смой кæ нын, уæ д цы зæ гъис? —зыны йыл, ахынджылæ г кæ нын чи уарзы, ахæ м кæ й у.

— Цалынмæ маймули уай, уæ дмæ дын рæ сугъд уæ вæ н нæ й. Кæ д æ рдзы ахæ м диссаг æ рцæ уа, æ мæ адæ ймаг фестай, уæ д дæ бон у, мæ хуызæ н ацæ ргæ нæ, фæ лæ дæ хийау æ взонг лæ ппуйæ смой кæ нын.

Чысыл маймулитæ зæ рдиагæ й хъусынц Зазамæ, сæ рардтæ сын кæ й саразы, уый тыххæ й йæ бирæ бауарзтой, æ мæ сын æ хсызгон вæ ййы, чи дзы хынджылæ г кæ нынмæ хъавы, уыцы студенттæ н аккаг дзуапп куы радты, уæ д...

Ацы хатт фæ стæ мæ цæ угæ йæ Заза бæ ндæ н йæ хъуырыл кæ нын нал бауагъта.

—Дæ у тынг зæ рдиагæ й куы фæ ндид, Байри, уæ ддæ р æ з нæ алидзин. Куы йæ зоныс, мæ нæ н бинонтæ кæ й ис. Уыдонæ й кæ дæ м хъуамæ фæ лидзон?

— Уæ ддæ р æ гъдау афтæ амоны, — нæ фæ нды Байрийы адæ ймагмæ байхъусын.

— Уый, чи зоны, кæ ддæ р уыд. Ныр уынгты æ нæ бастæ й цал адæ ймаджы рацæ уы. Цæ уылнæ исчи фæ кæ ны уыдоны бæ ндæ нæ й бастæ й. — Зазайы уыцы ныхас басаста Байрийы. Бæ ндæ н йæ къухы рахаста.

Фæ ндагыл сыл амбæ лд айдагъ, цыбыр хæ лæ фтæ кæ уыл уыд, ахæ м адæ ймæ гты къорд. Зæ рдиаг ныхас кодтой цавæ рдæ р заводы куыстыл. Куы сæ м бахæ ццæ сты, уæ д Заза йæ дыууæ армы кæ рæ дзимæ нылхъывта æ мæ сдзырдта хъæ лдзæ гæ й.

— Зæ рдиаг салам уын, мæ зынаргъ æ фсымæ ртæ, профессор Зазайæ, — лæ ппутæ дзыхълæ уд фæ кодтой. Ныккастысты Зазамæ. Уый фæ ндыд семæ аныхас кæ нын, фæ лæ сыл Байри фæ цъæ хахст кодта:

—Чи уын радта сымахæ н уынгты ныхас кæ ныны бар! — Лæ ппутæ уайтагъд фæ цæ уыныл сты. Бæ рæ г уыд, нырма маймулитæ й се уæ нджы фидар мигъ кæ й ис.

— Адоныл цы уæ лдай ис хæ лæ фтæ? — иудзæ вгар æ нæ дзургæ йæ ауайыны фæ стæ бафарста Заза.

— Уыдон резинæ аразæ н заводы раззагон кусджытæ сты. Сæ хæ дæ г æ рымысыдысты резинæ йы тыхджын хорз хуыз. Уый тыххæ й сын сæ зæ рдæ алхæ ныны охыл радтой ацы дзаумæ ттæ.

Байри уазал кас бахæ рын кодта адæ мæ н. Заза нал бахордта. Байритæ й хæ рдджынæ й рацыд. Генриеттæ нæ зыдта уыцы хъуыддаг æ мæ тынг тыхст, зæ гъгæ, кæ д дзы кæ нæ исты риссы, кæ нæ та йæ исчи бафхæ рдта. Заза йын бамбарын кодта хъуыддаг æ мæ уæ д æ рсабыр. Куыддæ р хæ рд фесты æ мæ сын сæ тæ бæ гътæ систа Байри, афтæ фæ цæ уæ г. Адæ мæ н ницы загъта сæ бынæ ттæ м бацæ уыны тыххæ й. Бирæ тæ дзы сæ хигъæ дæ й бацыдысты æ мæ схуыссыдысты. Заза дæ р бакодта йе ’мбæ лтты. Æ нхъæ лмæ кæ сы, ахсæ в хъахъхъæ нæ г чи у, уый кæ д æ рбацæ удзæ н. Кæ д сæ хгæ ндзæ н клеткæ ты дуæ рттæ. Уæ дмæ -иу нæ уæ ндыд фыссæ нтæ сисын æ мæ фыссыны «урок» райдайын.

Хъахъхъæ нæ г гориллæ тæ куы алыгъдысты, уæ дæ й фæ стæ мæ кусджытæ æ хсæ в хъахъхъæ нæ г уыдысты радгай.

Ничи зыны. Заза æ нæ уи ныхæ стæ кæ ны. Дзуры сын, зæ ххыл адæ м куыд цæ рынц, уыдæ ттæ. Иурæ стæ джы дуарæ й æ рбайхъуыст къæ хты хъæ р. Заза къухæ й ацамыдта йе ’мбæ лттæ н. Иууылдæ р ахуыссыдысты хъæ мпыл. Уалынмæ, хуыснæ гау, хъавгæ æ рбацыд Зазайы хæ лар ус операцигæ нæ н хатæ нæ й. Залы куы ничиуал уыд, уæ д бауад Зазамæ (уæ дмæ уый растад йæ размæ ).

— Байри ацыд? — фæ сусхъæ лæ сæ й бафарста.

— Ацыд.

— Уæ дæ никæ мæ н уал у тас. Ахсæ в хъахъхъæ нын Боройы рад у. Фыдрасыгæ й æ рбацыд. Уым иу сынтæ гыл ныххауд æ мæ марды хуызæ нæ й хуыссы, — хъæ лдзæ гæ й дзуры ус, стæ й йе тарæ й райста æ ртæ тетрады æ мæ иу чиныг.

— Адон та уал дын рæ стæ гмæ йы фаг сты.

—Стыр бузныг, — загъта Зазайæ лæ вар исгæ йæ, стæ й ма йæ дзырдмæ бафтыдта, —хъус-ма, кæ дæ й нырмæ зонгæ стæ м æ мæ дын дæ ном нæ зонын. Ис дын ном?

— Ис. Мах не ’ртæ дæ р кæ рæ дзи Зирæ тæ хонæ м. Институты куыста иу диссаджы хæ ларзæ рдæ сыл шимпанзе. Зирæ хуынд. Уый номæ й хонæ м мах дæ р кæ рæ дзи.

— Гъе, æ мæ хорз. Æ з дæ р дæ Зирæ хондзынæ н.

Зирæ йетарæ й райста иу гæ ххæ тты тыхтон. Райхæ лдта йæ. Уыдис дзы, дохтыртæ судзин кæ мæ й фæ аразынц, цыдæ р ахæ м мигæ нæ н.

— Зоныс, уый циу? — бафарста Зазайы.

— Медицинæ йы хъуыддæ гты тынг рæ вдз нæ дæ н, фæ лæ, æ нхъæ л дæ н, æ мæ судзин аразæ н уыдзæ н, — дызæ рдыггъуызæ й сдзырдта.

— Уый æ рымысыд иу стыр ахуыргонд шимпанзе Ширмæ. Маймулитæ раздæ р, стæ й ныр дæ р, Ширмæ йы куы фæ сырдтой, уæ дæ й фæ стæ мæ адæ ймæ гтæ й фыдуаг чи уа, уыдон æ рсабыр кæ ныны тыххæ й сæ рыл арæ зтой операци. Магъзæ й-иу чысыл цыдæ р хай фæ хицæ н кодтой æ мæ -иу адæ ймаг бынтон змæ лынхъом дæ р нал уыд. Уый тыххæ й Ширмæ æ рымысыд ацы прибор. Фæ скъæ бут æ й фæ цæ в. Мæ нæ ацы кнопкæ фелхъив æ мæ операци цæ ттæ у. Ширмæ йы фæ стаг хатт операцион хатæ нæ й ахстæ й ракодтой. Ацы прибор стъолыл баззад. Æ з æ й мæ дзыппы нывæ рдтон. Уый размæ мын дзы иу цалдæ р операци саразын кодта Ширмæ. Тынг хорз-иу мын кæ й рауадысты, уый тыххæ й мæ зæ рдæ мæ фæ цыд æ мæ йæ бафснайдтон.

— Ныр дзы никуыуал спайда кодтай?

—Нæ ма.

— Æ мæ дзы маймулитæ сæ хæ дæ г та куыднæ пайда кæ нынц? Мæ нмæ гæ сгæ операцийæ уый бирæ æ нцондæ р у.

— Ширмæ мæ цæ йдæ р тыххæ й тынг фæ фыд-зæ рдæ сты. Йæ куыстыты йын иууылдæ р скуынæ г кодтой. Уыимæ дзы ацы прибортæ й цы уыд, уыдон дæ р.

— Цыдæ р стыр сæ ры хицау уыд уыцы Ширмæ. Газеты цыдæ ртæ бакастæ н уый тыххæ й.

— Хæ йрæ джыты хай фæ уæ нт иууылдæ р. Стырæ й дæ р æ мæ чысылæ й дæ р маймулитæ сты. Маймулитæ адæ ймагæ н хорзæ й никуы ницы сараздзысты. — Йæ къух ауыгъта. Ныры хуызæ н фыдæ хдзинад æ м никуы фæ хатыдта Заза маймулитæ м.

— Мæ н ныртæ ккæ æ ндæ р цыдæ р æ ндавы, — дзырдта дарддæ р Зирæ. — Хуымæ тæ джы дæ м не ’рхастон, мыййаг, ацы мигæ нæ н. Куыд хатын, афтæ мæ й ды бирæ фылдæ р æ мбарыс æ мæ зоныс царды. Нæ цытджын хистæ ртыл мæ бафæ лварын фæ нды мæ медицинон дæ сныйад. Ды та цы зæ гъдзынæ?

—Мыййаг дæ куы базоной, уæ д... — дызæ рдыггъуызæ й загъта Заза.

— Уыцы операци ахæ м чысыл хъæ дгом ныууадзы йæ фæ стæ æ мæ йæ хъуынты ’хсæ н уаргæ дæ р ничи скæ ндзæ н. Стæ й дæ р сын цæ рæ нбонты мах ахæ м сабыр, æ нæ хин лæ ггад кæ нæ м æ мæ ныл ничи фæ дызæ рдыг уыдзæ н. Йæ аххосаг ын чи рафæ лгъауа, ахæ м кусæ г ам никæ й зонын. Базел ма дзы ис чысыл æ мбаргæ дæ р æ мæ уый та, цæ мæ йзон, кæ д æ рбаздæ хдзæ н. Стæ й ма здæ хгæ дæ р æ ркæ ндзæ н? Æ ндæ р кой сæ м куынæ уал ис. Ширмæ дам, цавæ рдæ р къорд сарæ зта. Зилы хъæ уты, горæ тты. Кæ мдæ риддæ р орангутангтыл хæ ст кæ ны: сылæ й, нæ лæ й, чысылæ й, стырæ й суанг зæ рондмæ, иууыл сæ бындзагъд кæ ны. Чи зоны уымæ дæ р баххæ сса искуыцæ й.

— Цы уа, уый уæ д. Æ рмæ ст арæ хстгай архай æ мæ дæ операци рæ стмæ куыд рауайа. — Афæ дзæ хста ма йын Заза.

— Уый тыххæ й мыл дæ зæ рдæ дар. Чысылæ й фæ стæ мæ æ ндæ р ницы федтон æ мæ ныр цахæ мфæ нды операци дæ р ахуыргонд маймулитæ й æ взæ рдæ р нæ саразин. — Фидарæ й загъта Зирæ. Заза йæ рады «урок» куы ауагъта, уæ д райста, Зирæ йын цы чиныг æ рхаста, уый. Йæ цъарыл ын бакаст: «Циу хæ ст æ мæ цавæ р фæ стиуджытæ м æ ркæ ндзæ н маймулиты». Иннæ тæ бафынæ й сты, уæ ддæ р ма уый бадт æ мæ каст чиныг.

XX

Байри æ нæ уый дæ р йæ цардæ й райгонд нæ уыд. Иугæ ндзон уыцы æ нкъард, æ рхæ ндæ ггъуызæ й æ нæ бары змæ лыд. Йæ фырлæ мæ гъдзинадæ й йæ маст искæ уыл ныппырх кодтаид, уый йæ бон нæ уыд æ мæ йæ хи зæ рдæ йы та цæ угæ нал кодта. Искуы-иу хибарæ й куы аззад, уæ д кæ йдæ р фыдæ лгъыст кодта æ мæ афтæ мæ й йæ уды сагъæ с кайдта.

О, фæ лæ фæ стаг цалдæ р боны бынтон йæ хихуызæ н нал у, йæ тугхъулон цæ сты бынтæ æ дзух сты уымæ л, йæ тъæ пæ н фындзы фæ рстæ м хъуын, зæ йхафт цъæ нутау, бынмæ фæ лдæ хт. Раздæ рау йæ маст йæ риуы æ мбæ хстæ й нал хæ ссы. Иу тызмæ г ныхас æ м чи скæ ны, уымæ н æ й дывæ р-æ ртывæ рæ й бафиды.

Æ мæ маймулитæ н цыфæ нды кæ нæ д, фæ лæ адæ мыл дæ р кæ й нал ауæ рды, уый скъуыны Зазайы астæ уы магъз. Нырма ахæ м хабар никуы уыд, æ мæ Байри адæ ймаджы бафхæ рдтаид, исчи-иу æ ндæ р искæ й хай ахæ рынмæ тыхæ й куы бырста, уæ ддæ р æ м лæ дзæ гæ й никуы февнæ лдта, никуы йæ æ рцавта. Йæ хъусыл, науæ д-иу ын йæ цонгыл ахæ цыд æ мæ -иу æ й йæ бынатмæ баласта. Иннæ маймулитау лæ дзæ г нæ дардта.

Ныр мадзура хæ ринаггæ нæ г къæ ссавæ лдæ хт фæ цис. Æ дзух йæ дзæ мбыйы дары, йæ бырынкъыл цыргъ æ фсæ йнаг кæ мæ н ис, ахæ м цыбыр лæ дзæ г. Чысыл ницæ й тыххæ й дæ р æ й фæ тъыссы адæ ймаджы агъды фæ лмæ ны, кæ нæ йæ фарсы, æ нæ ауæ рдонæ й дзы æ ркалы иу кæ нæ иннæ æ нæ азым адæ ймаджы бæ гънæ г фæ сонтыл.

Пуй, хæ йрæ джы хай фæ уат иууылдæ р! Уымæ й ма уыдтой ацы æ намонд адæ м рæ вдыд, æ мæ та уый дæ р йæ ахастыл йæ дзæ мбы систа. Дойныйæ н нуазы адæ мы туг. Æ мæ адæ мы цас тынгдæ р æ фхæ рдта, уый бæ рц стырдæ р маст хаста Зазайæ н.

Иу бон та уыцы мæ стыйæ рауад хæ ринаггæ нæ нæ й. Фегом кодта, Заза цы клеткæ йы уыд, уый дуар. Лæ джы цонгмæ февнæ лдта æ мæ йæ йæ фæ дыл ласæ гау ракодта. Генриетта уый куы федта, уæ д хъуамæ йæ хи андæ гътаид маймулийыл, фæ лæ йын уый лæ дзæ джы цыргъ йæ тæ ккæ риуы фæ сагъта, усæ н йæ туг акалд æ мæ хъиау-хъиаугæ нгæ атымбылтæ ис клеткæ йы къуымы. Бæ ргæ ма йæ дæ ндæ гты къæ с-къæ с цыд, фæ лæ ралæ бурынмæ йæ ныфс нал бахаста.

Зазайæ н йæ маст рафыхт. Хъуамæ тымбыл къухæ й ныццавтаид маймулийы, фæ лæ йæ хиуыл фæ хæ цыд. Фæ хæ цыд, мыййаг, æ й куы банымудза æ мæ йын исты фыдбылыз куы саразой, уый тæ ссæ й, стæ й иннæ клеткæ ты адæ м куы сæ змæ нтой, уый тыххæ й дæ р.

Байри йæ суанг сугсæ ттæ ны онг йæ фæ дыл фæ ласта. Уым ын фæ рæ т йæ къухты фæ сагъта æ мæ сдзырдта тызмæ гæ й:

— Хæ ц æ мæ æ рсæ тт суг. Ацы æ лгъаг сырдты ’хсæ н ды уыцы хъуыддагмæ фæ рæ вдз дæ æ мæ дын суг сæ ттын кæ нон, уый фадат дæ р мын нæ й. Кæ дмæ уæ нард кæ нынц, сæ мард æ мæ сын сæ дзуарæ н, цы нæ хъæ уы, уый фæ кæ нат мæ уды тæ ригъæ дæ й.

Заза сугты рæ дзагъдæ й иу суг райста. Фæ рæ т дзы æ рсагъта, стæ й ныллæ г хъæ лæ сæ й бафарста Байрийы.

—Хатыр бакæ н, фæ лæ ды адæ ммæ ахæ м фыдæ х зæ рдæ никуы дардтай. Ныр дæ цавæ р фыдбылызы бындз фæ сагъта фат цымæ?

— Бындз мæ нæ фæ сагъта фат, фæ лæ зæ ронд, хæ мхутджын орангутанг. Уас дзы мæ сонт хъæ булы тæ ригъæ дæ й йе ’хсæ з æ мкъайы идæ дз куы абадиккой.

— Адæ мыл дæ сардыдта уыцы зæ ронд орангутанг? — Нæ йын бамбæ рста Заза йæ ныхæ сты мидис.

— Адæ мыл мæ нæ сардыдта, фæ лæ маймулийæ н йæ зæ рдæ йы маст куы уа, уæ д æ й хъуамæ искæ уыл ныккала. Мæ нæ н та мæ бон ацы æ лгъаг сырдтæ й фылдæ р никæ уыл цæ уы.

— Суг дын ныссæ тдзынæ н, цас дæ хъæ уы, уыйбæ рц, æ рмæ ст мын радзур, цы дæ бахъыгдардта уыцы орангутанг? — бахатыд æ м Заза.

— Нырма мæ демæ дзæ нгæ да цæ гъдынмæ не ’вдæ лы. Фæ лтау уал суг сæ тт, æ з та мæ митæ акæ нон. Æ нæ уи дын æ й радзурдзынæ н. Уæ ддæ р æ ндæ р мæ сагъæ стæ кæ мæ н ракæ нон, уый мын нæ й. Маймули та йæ зæ рдæ йы мæ стытæ радзурынæ й йæ тыппыртæ куы суадзы, уæ д ын фенцондæ р вæ ййы.

Байри рог цыбыр къахдзæ фтæ й азгъордта мидæ мæ. Заза иудзæ вгар ныссаста суг, стæ й дзы йæ хъæ бысыдзаг сæ вгæ дта æ мæ комкоммæ хæ ринаггæ нæ нмæ араст. Тæ ккæ йыл къæ сæ ргæ рон фембæ лд Байри. Йæ зæ рдæ барухс. Йæ дзæ мбыйæ æ рхоста Зазайы фæ сонтæ.

— Уый дын мæ зæ рдæ мæ цæ уы, науæ д айæ ппæ т хæ рыны уæ нгæ лтæ н иунæ гæ й цы хъуамæ кæ нон? Нырмæ хæ ринаггæ нджытæ цалдæ р уыдысты, сугсæ ттæ г хицæ н уыд, артгæ нæ г — хицæ н, сырдтæ н хæ ринагдæ ттæ г — хицæ н. Ныр та æ ппæ т уыцы куыстытæ иууылдæ р мæ хи кæ нинаг сты.

— Æ мæ цы фесты иннæ кусджытæ? — бацымыдис кодта Заза.

— Ахæ мтæ н дæ къуымых зонд цы бамбардзæ н, фæ лæ дын æ й уæ ддæ р зæ гъон: цæ уы стыр хæ ст. Уый тыххæ й ма дын, æ нхъæ л дæ н, дзырдтон. Мæ зæ рдыл нал лæ ууы. Æ ниу ма мын зæ рдæ дæ р кæ м ис. Маймулитæ кæ рæ дзи цæ гъдынц уыцы хæ сты. Уырдæ м арвыстой кусджыты æ мæ æ з иунæ гæ й аззадтæ н.

— Уый хъуыддаг у, — маймули йæ куыд нæ фæ фиппайа, афтæ æ хсызгон улæ фт скодта Заза, стæ йма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Орангутанг дæ цы бахъыгдардта, уый мын зæ гъинаг уыдтæ.

— Йæ кой дæ р мæ зæ рдæ йы сындзау ныхсы, дæ лдзиныг фæ уа. — Егъау пецы сугтæ бакалдта, дынджыр æ нæ хсад аджы змæ ст дон ауагъта, цыдæ р лæ хурæ ггонд ыл ныккодта, стæ й бандоныл йæ хи æ руагъта æ мæ райдыдта дзурын:

— Орангутангтæ хин æ мæ кæ лæ нæ й бацахстой хицауады иууыл стырдæ р бынæ ттæ, фæ лæ туг æ мæ стæ гæ й ницæ йаг кæ й сты, уый сæ хæ дæ г дæ р æ мбарынц. Æ мæ сфæ нд кодтой сæ мыггаг раивын. Нæ маймули мыггаджы шимпанзетæ й уæ здандæ р æ мæ сыгъдæ гдæ р туг нæ й. Стæ й ахуыр æ мæ зонады æ мбæ хст дуæ рттæ гом кæ нынмæ уыдонæ й рæ вдздæ р ничи ис. Раздæ р маймулиты иу мыггаг иннæ мæ чындзы нæ цыд, иу иннæ мæ й сыл маймули нæ куырдта æ мкъайæ н. Ныр, иугæ р, орангутангтæ бафæ нд кодтой сæ туг шимпанзеты тугимæ сæ мхæ ццæ кæ нын, уæ д сыл шимпанзетæ н нæ л шимпанзетæ й мой кæ ныны бар нал ис. Æ ниу нæ м нæ лтæ налдæ р баззад. Иууыл сæ хæ стмæ акодтой, фæ лæ ма дзы цы стæ м сахъатджынтæ баззад, уыдонæ н дæ р æ мкъай ссарыны бар нал ис, раздæ р кæ мæ н уыд æ мкъай, уыдонæ н та цот кæ ныны бар нал ис. Ацæ ргæ нæ л орангутангтæ й ма цот рауадзынæ й ныфс кæ мæ й ис, стæ й æ взонгæ й фæ стæ мæ уæ нгæ й фидар чи уыд, уыдон зилынц шимпанзеты хæ дзæ рттыл. Сыл шимпанзе сæ зæ рдæ мæ кæ м фæ цæ уы, уырдыгæ й комкоммæ ацæ уынц хицауады сæ ргълæ ууæ гмæ. Дзæ мбы фыст дзы рахæ ссынц æ мæ уæ д йæ ныхмæ ницы дзурæ н ис. Гъе, æ мæ иу зæ ронд орангутанг йæ цæ ст æ рæ вæ рдта мæ хистæ р хъæ булыл, — йæ зæ рдæ суынгæ г ис Байрийæ н. Йæ цæ ссыгтæ та фемæ хстысты.

— Ау, æ мæ уый нырма хæ рзæ взонг куы у, — бадис кодта Заза. — Æ ппын йæ карæ й дæ р нæ аргъуыц кæ ны уыцы орангутанг?

— Уыйхыгъд рæ сугъд æ мæ фидæ рттæ конд у. Ахæ мæ й хорз цот кæ й рацæ удзæ н, уый бамбæ рста зæ ронд хæ рæ г æ мæ мын æ й æ вдæ м æ мкъайæ н кæ ны. Аргъуыцы кой та кæ нын дæ р нæ хъæ уы.

— Æ мæ ууыл афтæ мæ сты кæ ныс? — афарста йæ Заза. — Цас ма фæ цæ рдзæ н уыцы зæ ронд æ мæ уæ д дæ лæ ппын сæ рибар уыдзæ н.

— Хъæ бул циу, искуы уый бамбарынхъом куы бауаид дæ къуымых зонд, уæ д æ й базонис. — Ноджы тынгдæ р суынгæ г ис Байрийы зæ рдæ æ мæ ма тыхæ й ралæ мæ рста: —ахъуыдты у ныр. Маймулитæ й дæ исчи ам куы ’рбаййафа, уæ д мын мæ артыл дон ауадздзысты. Æ нæ уый чындзæ хсæ в куы кæ нон, уæ д мæ м исты фæ кæ сынтæ хъæ удзæ н.

— Æ мæ æ з, — цыдæ р ма сцæ йдзырдта Заза, фæ лæ йын Байри йæ цонгыл фæ хæ цыд æ мæ йæ дуармæ федде кодта.

XXI

Уыйразмæ йын йæ риу лæ дзæ джы цыргъæ й куы фæ рæ хуыста, уæ дæ й фæ стæ мæ Байри йæ цæ сты сындз фестадис Генриеттæ йæ н. Цалынмæ -иу æ й Заза йæ хъæ бысы хæ ссæ гау нæ ракодта, уæ дмæ хæ рынмæ дæ р нал куымдта. Байрийæ н йæ химæ дæ р цыма фæ смон æ ркаст. Æ вæ ццæ гæ н, ахæ м æ фхæ рынтыл ахуыр кæ й нæ уыд, уый тыххæ й. Генриеттæ -иу æ м уыцы фыдæ х цæ стæ й куы ныккаст æ мæ -иу клеткæ йы къуымты знæ т раппар-баппар куы райдыдта йæ хи, уæ д-иу мæ гуыр шимпанзейæ н йæ зæ рдæ йы тугтæ ныттагъдысты, цыма, æ мбаргæ удгоймаг у, уыйау дзы æ фсæ рмы кодта. Йæ лæ дзæ г аппæ рста æ мæ та, раздæ рау, хæ лар цæ стæ й кæ сын райдыдта йæ бæ рны уæ вæ г æ намонд адæ ммæ. Æ вæ ццæ гæ н йæ лæ ппыны хъысмæ тыл дæ р ныхъхъæ цыд æ мæ йæ зæ рдæ йы маст фæ рогдæ р ис.

Заза ныр зыдта, Байри ма йæ м кæ нынмæ куы ’рбацæ уа, уæ д дзы цы домдзæ н, цæ мæ н æ й хъæ удзæ нис, уый. Генриеттæ йы цалдæ р боны фæ фæ дзæ хста, цæ мæ й йæ м йæ зæ рдæ ма ’хсайа æ мæ дзæ гъæ лы хъаугъатæ ма кæ на. Уый дæ р æ рсабыр. Уæ дмæ йæ риуы хъæ дгом дæ р байгас æ мæ йæ зæ рдæ йы маст сындæ ггай банымæ г.

Зазайы тынг фæ ндыдис, тагъддæ р куы райдаид Байри чындзæ хсæ вмæ цæ ттæ кæ нын, уый. Йæ зæ рдæ æ дзух æ ддæ мæ æ хсайын байдыдта. Нырмæ -иу æ м санитартæ й, науæ д иннæ кусджытæ й исчи æ рбауад. Бæ стæ йы уавæ рыл-иу ныхас кодтой æ мæ -иу афтæ мæ й базыдта, йæ клеткæ йæ н æ ддейæ цы хабæ рттæ цæ уы, уыдон. Ныр ма стæ м хатт-иу исчи æ рбауайы. Йæ цæ ст хæ сфидæ джы хаст акæ ны, клеткæ тыл æ мæ та фæ цæ уæ г вæ ййы. Иунæ г Байри у æ мæ хабæ рттæ н исты æ мбардзæ н, зæ гъгæ, уый Зазайы уырнгæ дæ р нæ кæ ны, иннæ тæ й та, кæ имæ аныхас кæ на, уый йын нæ й. Уыцы тызмæ ггъуызæ й рауай-бауайгæ нæ г маймулитæ й кæ й æ вдæ лы цавæ рдæ р хæ ринаггæ нæ г шимпанзеимæ ныхас кæ нынмæ.

О, фæ лæ йæ æ ддæ мæ куы акæ нид. Ныхас куы никæ мæ й ницы фехъуса, куы никæ имæ аныхас кæ на, уæ ддæ р маймулиты ахастæ й бамбарид, хъуыддæ гтæ куыд цæ уынц, уый.

Æ мæ æ ппынфæ стаг йæ бæ ллиц сæ ххæ ст. Иу бон адæ мы клеткæ тæ й хæ рынмæ куы рауагъта Байри, уæ д Зазайæ н аивæ й бамбарын кодта, йемæ йæ акæ нынмæ кæ й хъавы, уый. Æ вæ ццæ гæ н Генриеттæ йæ нæ ма ферох уыйразмæ йы хъаугъа. Æ мæ, чи зоны, цавæ рдæ р сыл адæ ймагæ й уыйбæ рц нæ дæ р аргъуыц кодта, нæ дæ р тæ рсгæ, фæ лæ æ ндæ р рæ ттæ й цы ныхæ стæ æ рыхъуыста, уыдон ын йе уæ нджы мигъ бауагътой æ мæ ныр æ ппæ т адæ мы иумиаг хъаугъатæ й тæ рсгæ йæ йæ хи хызта.

Хæ рд куы фесты, уæ д Заза клеткæ мæ бацыд, йæ фæ дыл бахызт Генриеттæ дæ р. Иучысыл абадыны фæ стæ йын лæ г бамбарын кодта, чысыл рæ стæ гмæ йæ æ ддæ мæ ахизын кæ й фæ нды, уый. Уæ лдай ницыуал загъта сылгоймаг дæ р. Йæ хи къулы ’рдæ м здæ хтæ й хъæ мпыл æ руагъта. Йæ иу цонг сæ ры бын бакодта, иннæ дыууæ уæ раджы ’хсæ н атъыста. Бæ рæ г уыд, тагъд кæ й афынæ й уыдзæ нис, уый.

Заза сыстад. Клеткæ йы дуар йæ фæ дыл рахгæ дта æ мæ уæ ззау къахдзæ фтæ й рахызт æ ддæ мæ. Уым æ м æ нхъæ лмæ каст Байри йæ къухы йын синаг куы ауыдта, уæ д йæ зæ рдæ ныккæ рзыдта, фæ лæ маймули цахæ мфæ нды уæ вгæ йæ дæ р маймули кæ й у, уый зоны. Нæ й йемæ быцæ угæ нæ н. Æ мæ Заза æ фсондзыл фæ лтæ рд галау йæ сæ р бахаста синаджы тæ лы æ лхынцъ кæ ронмæ...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.