|
|||
Хъодзаты Æхсар. Повесть. ПРОЛОГСтр 1 из 18Следующая ⇒
Хъодзаты Æ хсар. Ныббар мын, Дзерассæ (Повесть). Цæ гат Ирыстоны чингуыты рауагъдад. Орджоникидзе, 1967 аз. Хъодзаты Æ хсар НЫББАР МЫН, ДЗЕРАССÆ Повесть ПРОЛОГ. 2 АВДÆ НЫ ЗАРÆ Г. 2 ЦЫДЫСТЫ САЛДÆ ТТÆ... 4 ГАГИЙЫ «АВТОГРАФ». 5 ДИЗИРТИР. 6 Æ РГЪÆ ФСТ ДАМГЪÆ ТÆ... 6 «АРГЪ 12 КАП. ». 8 ФЫДБОН, ФЫДЛÆ Г — АВДДÆ ЛДЗÆ Х! 9 ХÆ СТЫ ЦАЛХ АТЫЛДИ... 11 «Æ З КÆ М УЫДТÆ Н, УЫМ НИЧИ УЫДИ». 12 СЫМСИ.. 13 СУДЗИНТÆ, УАСÆ НТÆ, АХОРÆ НТÆ... 14 ФÆ НДАГ Æ МÆ ЗÆ РДÆ... 15 ТУЛЫ УÆ РДОН БОНРУХСМÆ... 15 ЦЫХТЫ АД.. 19 НÆ УАРЗЫН СЫВÆ РДЖЫН СЫЛГОЙМÆ ГТЫ.. 19 «АИВАД ХЪУАГ МА СТЫ»... 21 ФЫДÆ ЛТЫ ФАРН МÆ РДТÆ М НÆ ЦÆ УЫ.. 21 ТУАЦЪÆ ЙЫ КОМУЛÆ ФТ. 22 ХЪУСЫС, ДЗЕГ?. 24 УАЗÆ Г — ХУЫЦАУЫ УАЗÆ Г. 25 ЭПИЛОГ. 28
ПРОЛОГ Кæ д, мыййаг, исчи диссаджы хабæ рттæ уарзы? Нæ фехъуыстон ма зæ гъæ д: фыдæ нхъæ л æ й фæ кæ ндзынæ н. Æ з фыссæ г нæ дæ н. Фыссæ джы сис мæ къухы уæ вгæ дæ р никуы уыд. Хатгай зæ й ракæ лынæ н фаг вæ ййы змисы мур. Хатгай фæ ззыгон къæ вда йæ фæ дыл расайы зымæ джы. Хæ ст Иры зæ ххæ й куы ацыд, уыцы аз нæ хъæ умæ æ рцыди Дзерассæ. Ирон æ взаджы уроктæ лæ вæ рдта фæ ндзæ м — æ вдæ м кълæ сты. Ахуыргæ нджытæ — хæ рз стæ м: райдиан кълас дæ р уыдис йæ бæ рны. Скъола хæ ст фехæ лдта. Ахуыр кодтам колхозы агъуыстыты. Дзерассæ йы цæ стытæ нын уыдысты гом рудзгуытæ. Уырдыгæ й зындысты дунетæ. Арв. Æ врæ гътæ. Бæ лæ стæ. Гутонрæ вдз галтæ. Дон... Абетæ... Алы дамгъæ дæ р хицæ н дуне. А — йæ цыргъ цъуппæ й æ нцайы арвыл. Асинау йæ къæ хтæ — даргъ. Дамгъæ тæ н — сæ фæ тæ г. Йæ фæ дыл лæ ппынтау рацæ уынц иннæ тæ. А — агъуыст, арт, авдæ н, аргъау, амонд... Æ — сыгъдæ г ирон дамгъæ. Тулдзы уидæ гтау къабазджын. Арф сæ ауагъта айнæ джы. Фидар æ рлæ ууыд. Ома, æ з — æ хсар, æ рыгон, æ мбисонд, æ гъдау, æ фсарм... Б — йæ худы бырынкъæ й хураууон кæ ны. Бадзуры: уынут — быдыр, бæ ркад, бирæ... Фыццаг бон бауарзтам Дзерассæ йы. Йæ ныхас цыди хохаг донау зæ рдæ йы арфдæ р къуымæ й. Нуазынмæ йæ м тындзыдтой хуры тынтæ, бæ лæ стæ, мæ ргътæ, сырдтæ... Фестæ м каст. Ацыдыстæ м. Чи — фæ цу æ мæ ма ’рцуйы фæ ндагыл, чи æ рыздæ хти нæ хи хъæ умæ æ мæ кæ ны цæ рæ нхостæ. Æ з дæ н ирон æ взаджы ахуыргæ нæ г. Кусын хæ хбæ сты. Дыууæ азы размæ мæ уаты стъолыл æ рбаййæ фтон гæ ххæ ттыты тыхтон. Цымыдисæ й йæ райхæ лдтон.
«Зынаргъ Дзег! Дзерассæ йы фæ дзæ хстмæ гæ сгæ дæ м æ рвитын ацы къухфыстытæ. Дзерассæ мæ йы размæ амарди ракæ й. Куырдта, цæ мæ й тетрады цы фыст ис, уый дæ уæ й дарддæ р мачи базона, Дзерассæ йæ æ мгусæ г С... »
Цæ ссыгтæ ныхъуыргæ йæ бакастæ н фыстытæ. Кæ йдæ р уæ ззау цæ стытæ мæ тугдадзинтыл æ рæ нцадысты. Уæ дæ й нырмæ чидæ р судзины бырынкъæ й æ вналы рагон хъæ дгоммæ. Цæ мæ н цæ уы зæ рдæ йы гуыпп-гуыпп? Æ ви уыдон ивгъуыд бонты къахдзæ фтæ сты? Афтæ райгуырдысты мæ мысинæ гтæ. Хатыр ракурын мæ байрох и. Марды фæ дзæ хст нæ сæ ххæ ст кодтон: Дзерассæ йы фыстыты сусæ ггагæ й ницы уыди. Хуымæ тæ джы хъæ ууон ахуыргæ нæ джы хъуыдытæ. Сæ фарсмæ сын мæ ницæ йаг литературон фæ лварæ нтæ саккаг кодтон. Уыцы аиппытæ мæ химæ исын. Зонын æ й, Дзерассæ мын сæ ныббарстаид. Ахæ м хæ ларзæ рдæ уыди, æ мæ... Дзег.
|
|||
|