Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЗÆГЪÆЛ ГÆРАХÆЙ



Нæ хæ хбæ стæ й Фыдыбæ стæ йы Стыр хæ стмæ ацыд бирæ сагсур лæ ппутæ æ мæ хæ дæ фсарм чызджытæ. Уыдонæ й иутæ сæ цард нывондæ н æ рхастой сæ рибары сæ раппонд, иннæ тæ сæ райгуырæ н хъæ убæ стæ м сыздæ хтысты уæ лахизы тырысаимæ. Æ з дæ р ма арыд-уырыдæ й сæ мбæ лдтæ н мæ фыды уæ зæ гыл.

Мæ нæ дардæ й кæ мæ бæ ллыдтæ н, æ хсæ вæ й-бонæ й мæ тæ лæ нтæ кæ мæ хастон, уыцы хъæ убæ стæ æ мæ цъитирагъ айнæ г къæ дзæ хтæ...

Фыццаг бонты сæ мбæ лдтæ н мæ хъæ уккæ гтыл, стæ й азылдтæ н сыхаг хъæ утыл: кæ мæ н арфæ кодтон, кæ мæ н — хъыгтæ. Цас мыл рацыд хъæ уы, афтæ та мæ зæ рдæ ахсайдта мæ рагон хæ тæ нтæ м. «Абæ рæ г сæ кæ н, мæ нæ йуый», — хатын хинымæ р мæ химæ.

Мад мын мæ фæ ндон куы бамбæ рста, уæ д мæ м тæ ригъæ дгæ нæ гау æ рбакаст.

— Хæ хты ахуыр нал дæ, лæ ппу, æ мæ куы нæ цæ уис... Хи къахæ й фыдбылыз цæ мæ н агурæ м.

— Мæ хъиамæ тджын мад, — авæ рдтон мæ къух йæ мæ ллæ г уæ хскыл, — æ з цуаны нæ цæ уын, фидæ рттæ м дæ р нæ бахиздзынæ н, æ рмæ ст уалæ Кæ фæ йтты сæ рæ й кæ мттæ, рæ гътæ м кæ сæ нцæ стæ й фæ кæ сдзынæ н, ме ’хсæ в та бахæ сдзынæ н зонгæ лæ гæ тмæ... Сом изæ р мæ ардæ м хъæ уы.

— Цæ й, фæ уæ д, сайгæ никуы фæ кæ ныс, æ мæ дыл æ ууæ ндын, — йæ дæ рзæ г къух мын кæ ддæ рау мæ русыл фæ лмæ н æ руагъта. — Цалынмæ дын хæ лцоны хæ ринаг æ вæ рын, уæ дмæ дæ хи арæ вдз кæ н.

— Мæ н цас рæ вдзытæ хъæ уы, мæ нæ асавахим топп, лалым æ мæ джидæ райсдзынæ н, æ ндæ р...

— Лалым æ мæ джидæ йæ та цы кæ ныс?

— Ау, их хæ рынмæ -иу нæ м быдыртæ й куы цыдысты, уæ д сæ гъы ’хсыримæ нæ хицæ н нæ батайдзæ н? Джидæ йæ цъенгæ их æ рсæ тдзынæ н æ мæ йæ лалымы рахæ сдзынæ н.

— Хорз дæ зæ рдыл æ рлæ ууыд, кæ ннод мын цола хæ ссыс æ мæ дыл кæ д хуызы цъыртт бахæ цид... Афтæ мæ й нын чызг дæ р ничи ратдзæ н, — мидбылты бахудти гыцци. — Æ рмæ ст дæ хицæ н стыр уаргъ ма скæ н.

Чызджы коймæ мæ цæ сгом цъуйы нæ мыгау асырх æ мæ уæ лындзмæ [7] рахызтæ н.

Уайтагъд мæ уæ зæ гтæ хæ ссæ н голлаг сæ ргъуывтон, райстон мæ топп, мæ фыды цуанон лæ дзæ г æ мæ Дзуæ ртты рагъыл фæ уæ лæ мæ дæ н. Куыд бæ рзонддæ р мæ цæ ст ахсын байдыдта хæ рынæ н бæ згæ хохаг халсартæ: скъамо, хуырхæ г, стъæ лха, хъоппæ г, мæ ртатыкк... Дæ с азы бæ рц сæ нал фæ хъæ стæ дæ н. Ныр дзы мæ мондæ гтæ уагътон.

Мæ нæ Кæ фæ йтты цъупп. Чысыл алæ ууыдтæ н, стæ й нарæ г рагъыл бахызтæ н Знауыры сæ рæ вæ рæ н тигъмæ. Галы цармы йас лæ гъзы мæ уаргъ æ ристон, нымæ т райтыдтон æ мæ сихор скодтон.

Биноклæ й фæ лгæ сын арф кæ мттæ м, ихсæ р бæ рзæ ндтæ м. Сау хæ хтæ зынынц Уазайæ суанг Къæ рзоны саргъаумæ, урс хæ хты цæ г та — Уазайæ Цæ ргæ сты хохмæ. Иу сæ иннæ мæ й аивдæ р, бæ рзонддæ р. Æ мæ куыннæ, хæ хтæ й, дам, рæ сугъддæ р — хæ хтæ сæ хæ дæ г. Мингай азты сæ чындздзон чызджытау сфæ лыстой митзæ йтæ æ мæ уадтымыгътæ, хур æ мæ къæ вдатæ. Ныр сæ рæ гътыл цъенгæ их æ ндонау ныхъхъæ бæ р æ мæ урс галтау дардмæ зынынц.

Афтæ мæ м фæ кæ сы, цыма Дыгургом фынг у, йæ фæ йнæ фарс та бадынц нарты гуыппырсартæ. Бадынц арвæ й зæ ххы астæ у æ мæ гаджидæ уттæ уадзынц. Нарты Батрадз та сын Уазайау уырдыгыстæ г у... Уæ дæ цæ й фæ разон, цæ й диссаг у сæ уромæ г, уæ лдайдæ р цъенгæ ихзæ йтимæ... Уыдонмæ кæ сгæ йæ, мæ зæ рдыл æ рлæ ууы фыдæ лтыккон таурæ гъ: зæ ххы, дам, хуыцау куы рафæ лдыста, уæ д йе змæ лынæ й не ’нцад, æ мæ йыл æ рæ вæ рдта хæ хтæ. Уæ ддæ р змæ лыд. Фæ стагмæ йыл æ рæ ххуырста цъититæ, æ мæ æ рсабыр.

Æ нусон ихзæ йтæ хуры зæ лдаг тынты алырдæ мыты рæ дзæ гътой, æ мæ хæ ххон æ рдз йæ хуыз æ вдыста. Уæ лдай аивдæ р зындысты бæ рзæ ндты тæ хæ г æ взистбазыр æ врæ гътæ, æ ргъæ у арвгæ рæ ттæ. Мæ сæ рмæ та арв зындис зонтыккау, цыма йæ кæ рæ ттæ бæ рзонддæ р цъуппытыл æ рæ нцадысты. Комы иннæ фарс йæ айнæ г сæ р хæ рдмæ сивæ зта Бæ гуыдур æ мæ мæ м каст йæ дзæ нхъа цæ стытæ й. Нарты Уырызмæ гау йæ сæ р додойгæ нæ гау банкъуыста: «Гъей, мæ дард фæ дон, кæ д мах æ гомыг хæ хтæ стæ м, уæ ддæ р нæ кад, не ’фсарм, нæ фарн нæ химæ сты... Никæ й æ фхæ рæ м, иу нæ иннæ йыл гадзрахатæ й нæ цæ уы, кæ рæ дзийæ н та — ныфс, æ нцой. Кæ д ныл хъызт зымæ г, уадтымыгътæ æ мæ арвы судзгæ цæ хæ ртæ сæ бæ ллæ хтæ ныккалынц, уæ ддæ р фæ рсæ й-фæ рстæ м сæ ныхмæ æ рлæ ууæ м. Мингай æ нусты архайынц нæ рафæ лдахыныл, фæ лæ цалынмæ æ мзонд, æ мзæ рдæ уæ м, уæ дмæ нын тыхгæ нæ г тых не ссардзæ н... Бецау, бафæ змут мах: макæ й æ фхæ рут, уарзут кæ рæ дзийы, иу иннæ йы ма ’ппарæ д цъысыммæ... Хур бон уа, хъызт — лæ уут фæ рсæ й-фæ рстæ м. Нæ зæ хх рæ сугъд, хъæ здыг куы у, уæ д ыл хæ ларæ й цæ рын цæ уылнæ зонут, цы уын нæ фаг кæ ны? Чи сарæ зта хъадамантæ, ахæ стæ ттæ, атомтæ? Уæ хæ дæ г! Кæ м равзæ рдысты фыдгæ нджытæ -марджытæ, суцъагæ нджытæ æ мæ уæ йгæ нджытæ, лæ джыфыдхортæ? Уæ хи астæ у! Ау, адæ ймаг йæ хи æ ппæ тæ й тыхджындæ р, зондджындæ р куы хоны?!. Кæ м уыдтæ ды ацал-ауал азы? Кæ й аххосæ й нал райхъуыст дæ зарæ г иу айнæ г къæ дзæ хы сæ рæ й? Дæ умæ æ нхъæ лмæ кæ сгæ йæ, дæ дзæ бидыры хай дурзæ йы бын куы фæ ци... Адæ ймаджы цармдарæ г цалдæ р тугмондаг лæ гсырды расидтысты хæ ст, сымах та кæ рæ дзийы туджы мæ цыдыстут: джебогъыл-иу систа иу иннæ йы, сыгъдыстут цавæ рдæ р пецты, калдтой уæ доны, æ хгæ дтой уыл ахæ стоны æ фсæ н дуæ рттæ. «Сабитæ, зæ рæ дтæ стонгæ й, бæ гънæ гæ й дзынæ зтой... Цæ й фыдгæ нæ г, цæ й тæ ригъæ дджын дæ, адæ ймаг... »

Уыцы ныхæ стимæ уæ йыгхох аххæ й ныккуыдта, нырхуым. Фæ стагмæ æ ррæ хцыд.

Бирæ сагъæ стæ, бирæ уæ ззау хъуыдытыл мæ бафтыдта Бæ гуыдуры додойаг æ мæ зæ рдæ сæ ттæ н хъынцъым, фæ лæ мын рæ стытæ кæ й дзырдта, ууыл та дызæ рдыг нæ кæ нын.

Уалынмæ хур Стырфарсы сæ рмæ ныххæ стæ г æ мæ мыл хурдзыд уæ лдæ ф йæ хи æ ртыхта. Мæ хъустыл уад Сонгуытыдоны уынæ р, зымты зæ рдæ агайæ г иугæ ндзон æ хситт. Æ рæ джиау афынæ й дæ н. Диссаг, царды мыл зындзинад, бæ ллæ хæ й цыдæ риддæ р æ рцыд, уыдон даргъ згæ хæ рд рæ хысау фæ д-фæ дыл мæ цæ стытыл уадысты. Мæ хид мæ къæ хты бынæ й акалд, хъуырдухæ н кодтон. Цыма мыл авд пъæ ззыйы ныббадт, уыйау сызмæ лын нал фæ рæ зтон. Æ рæ джиау мæ м иу маймулийы æ нгæ стæ бынмæ дзыд пыррыкрихи лæ г топп ныддардта: «Маргæ дæ кæ нын! »

«Ау, цы дæ дарын, цæ уыл мæ марыс? » — дзурын æ м. «Цæ уыл? Мæ н афтæ фæ нды... стæ й мæ кæ й ницы хъыгдарыс, уымæ н». Æ дзынæ г æ м кæ сын: «А-а-а, уый туграсыг лæ джыфыдхор Пакъуындзæ куы дæ... Ды — барджын, хотыхджын, æ з — дæ цагъар, дæ амæ ттаг... Цæ в, цæ мæ ма кæ сыс, залиаг калм! » Райхъуыст гæ рах. Хæ рдмæ фæ хаудтæ н æ мæ сагъдауæ й аззадтæ н. Фын уыдис, уый фембæ рстон, фæ лæ мæ хицæ й иу-авд метры æ ддæ дæ р, æ рбагæ ппæ ввонг йæ хи зæ хмæ нылхъывта, фыны мæ чи мардта, ахæ м тугдзых, æ рмæ ст — цыппæ ркъахыг мысы. Уыцы уысм нæ фехъал дæ н, зæ гъгæ, уæ д мын йæ цыргъ дæ ндæ гтæ й мæ хурх адзæ нгæ л ластаид æ мæ аллайаджы мард кодтон. Куыддæ р топмæ февнæ лдтон, афтæ къæ мбырæ й агæ пп ласта. Æ з былмæ базгъордтон æ мæ йæ æ рмидаргæ йæ фехстон. Сырд йæ мидбынат цъилау ныззылд, райхъуыст йæ хъис-хъис æ мæ цæ стыныкъуылдмæ фæ сбыл фæ ци. Бауадтæ н æ хсæ нмæ. Йе ’вдулæ нты, кæ рдæ гыл ауыдтон туджы æ ртæ хтæ, æ вæ ццæ гæ н, рог цæ ф фæ ци. Хъуамæ йын «зонды хос» фæ уа, æ мæ, фынæ й лæ гмæ куыд хъуызгæ у, уый йæ зæ рдыл дара.

«Уыныс, а дунейыл цытæ цæ уы? » — ауад мæ хъустыл кæ йдæ р ныдæ м ныхас. Мыййаг, Дымты фыдæ й-фыртмæ кæ мæ кувынц, уыцы Хъæ уы зæ ды хъæ лæ с уа? Зæ ды та фæ хонынц куырыхон адæ ймаг.

Æ вæ дза, кæ уылты сты æ рдзы сусæ гдзинæ дтæ!

Хур Бæ гуыдуры цъупмæ æ рцæ йхызт. Мæ хи хурудæ й Къæ йысæ ры лæ гæ тмæ ныйисон, зæ гъгæ, мæ хæ ссинæ гтæ систон æ мæ кæ рдæ гджын суангыл фæ дæ лæ мæ дæ н. Лæ гæ тмæ хæ стæ г æ рбадтæ н иу фæ салæ мхæ ццæ кæ рдæ джы гуцъулайыл æ мæ та биноклæ й кæ сын алырдæ мыты. Чырынты æ рысдæ фтон цалдæ р дзæ бидыры. Сæ хъахъхъæ нæ г бодз, йæ сæ р разилбазилгæ нгæ, былæ й фæ лгæ сыд. Цалынмæ къæ мбыртыл фæ сбылмæ нæ бахызтысты, уæ дмæ сæ мæ цæ ст нæ систон. Уый уæ лвæ д дурцæ нды фарсмæ иу зым йе ’хситтæ й нал æ нцад.

Мæ фыд цуанон лæ г уыд æ мæ -иу арæ х дзырдта: «Лæ г хъуамæ тых ма кæ на, цæ ра хи удвæ ллойæ, фæ лæ сырдтæ, мæ ргътæ та адæ ймаджы тыххæ й сты, æ мæ дзы искуы иу хатт хай райсын тæ ригъæ д нæ у». Уыцы ныхæ стæ зæ рдыл даргæ йæ, мæ фазыл бабырыдтæ н дуры фæ сдзæ гатмæ. Мæ нæ хъуынаварс дурыл бады гогызы йас зым. Йæ дзæ рныхтæ й акъахы хъуына, къæ бутæ й йæ аскъауы æ мæ та ныууасы. «Цы уа, уый уæ д, райсом дзы физонæ г акæ ндзынæ н æ мæ æ фсæ стæ й мæ ихы уаргъимæ афардæ г уыдзынæ н». Бахъавыдтæ н. Уасгæ -уасын нæ мыг йæ цæ стыл сæ мбæ лд, æ мæ маргъ йæ мидбынат тыбар-тыбур систа. Ацахстон æ й. Хæ рынкъа йын йæ хурхыл сдардтон. Лæ гæ тмæ хæ стæ г, куысы бынæ й уади суадон, æ мæ йæ м уый былыл базылдтæ н. Уалынмæ фæ изæ рмилтæ, æ мæ лæ гæ тмæ ссыдтæ н. Мæ харда-мурда æ рæ вæ рдтон айнæ грæ бын, мæ хæ дæ г бахызтæ н, йæ раззаг къул къæ йдурæ й астæ рд кæ мæ н уыд, ахæ м ныллæ гцар æ рдзон лæ гæ тмæ. Дзæ бæ х æ м нæ ма æ ркастæ н, афтæ мæ хъустыл ауад зонгæ хъæ лæ с:

— Гъей, ам чи ис?!

Базыдтон нæ хъæ убæ стаг цуанон Майрæ мы.

— Æ з дæ н, ма фехс! — дзурын æ м хъазгæ мхæ ццæ æ мæ рахызтæ н лæ гæ тæ й. Кæ рæ дзиуыл ныттыхстыстæ м.

— Цæ й, æ хсæ вæ р уал скæ нæ м, стæ й нæ ныхæ стæ кæ ндзыстæ м, — загъта Майрæ м. — Бæ рзæ ндты уыдтæ н æ мæ тынг бафæ лладтæ н.

Мæ хæ ринæ гтæ æ рæ вæ рдтон сыгъдæ г кæ ттагыл.

— Нозт нæ й, Майрæ м, хатырæ й уæ д.

— Нæ нуазыс, уый зонын. Мæ нæ мæ хи рифтагæ й къубуска сис, æ з дзы чысыл ацаходон, — йæ мидбылты бахудт цуанон. — Адæ ймаг хæ йрæ джы холлагмæ дæ р фæ ныхилы... Мах фæ ндагыл арахъхъ комкоммæ фыдбылыз у — лæ джы йæ къах нал фæ хæ ссы, ам та иуыл хæ рдмæ цæ уын хъæ уы, уыимæ æ ххæ лтæ, рындзытæ, фидæ рттæ.

Майрæ м зæ дтæ, дауджыты ном ссардта, къубуска йæ былыл сдардта æ мæ йæ дурæ нцой æ рæ вæ рдта.

Ахицæ н не ’хсæ вæ р. Æ з та лæ гæ тмæ бахызтæ н æ мæ нæ «хуыссæ н уат» цæ мæ йдæ рты бабæ стон кодтон.

Нæ хи æ руагътам, уæ дæ цы уыдаид.

— Гъы, кæ д, куыд æ рбафтыдтæ ацы аргъæ утты бæ стæ мæ? — йæ рæ мбыныкъæ дзæ й мыл андзæ выд Майрæ м.

Радзырдтон ын мæ цыды сæ р. Нæ ферох сты мысы æ мæ зым дæ р.

— Фынæ й лæ г мард у, æ мæ йæ м иуæ й-иу сырдтæ æ мхиц сты, уæ лдайдæ р ацы налат мысы, — бафиппайдта Майрæ м. — Дзæ бидырты дæ р хæ ры, дæ амондæ н фехъал дæ.

— Ды дæ р абон рацыдтæ? — фæ рсын æ й.

— Абон, суанг фыццаг кæ ркуасæ нты. Бонивайæ нты Сырхы цъупмæ схæ ццæ дæ н. Цалдæ р дзæ бидыры хызт Хъусты бынмæ, фæ лæ дæ рддзæ ф уыдысты æ мæ нæ фехстон. Фæ стагмæ фидармæ бахызтысты. Фæ стæ мæ иу хъæ пæ нæ й дзаг мыхцыл куыд æ рбацæ йцыдтæ н, афтæ мæ дæ ле ихыл æ рысдæ фтон цыдæ р сау. Цы уа, зæ гъгæ йæ м тыххæ йты ныббырыдтæ н. Разынд сы. Мæ гуыр, уырынсыкъа дзæ бидыры зæ й арф нынныгæ дта. Кардæ й мæ хицæ н къахæ вæ рæ нтæ ацарæ зтон æ мæ йæ сихортæ й фæ стæ мæ къахын, фæ лæ ницы, æ рмæ стдæ р йæ риуыгуыдыры онг сыгом. Дыгæ рдыгæ й стырдæ р у. Цъенгæ ихы кард нæ исы, ноджы — фыдран, фезмæ лæ н дзы нæ й. Æ вналын æ м бæ ргæ нæ хъуыд, фæ лæ ма йæ ныр куыд ныууагъдæ уа.

— Æ мæ йæ дзидза хæ рынæ н бæ ззы?

— Чи зоны, зæ йы бын цас лæ ууы, йæ цармæ й та æ рду ратонын нæ комы. Тæ ф дæ р нæ кæ ны. Ахæ м цъенгæ ихы мидæ г пыл куы нæ бамбидзæ н, — загъта Майрæ м.

— Дарддæ р та йын цы кæ нгæ у?

— Цы куы зæ гъай, уæ д — къахгæ. Фæ рæ т кæ ннод къахæ н бæ ргæ хъæ уы, мæ нмæ та кард йеддæ мæ ницы, — батыхст лæ г. — Ныр нын æ й хуыцау иумæ радта, æ мæ сæ умæ райсом хъæ умæ куы ныууаис...

— Джидæ йæ ницы бакæ никкам? — афарстон хъæ лдзæ гæ й.

— Джидæ бæ ргæ хуыздæ р бацарæ хсид, æ мæ чи хæ йрæ г уыд.

— Уæ дæ мауал тыхс, мæ хистæ р, мæ нмæ дын сæ рдасæ нæ й цыргъдæ р джидæ.

— Нæ хъазыс? — йæ уæ хскæ й мæ æ рбасхуыста.

— Хъазгæ? Мæ хистæ рæ й? — бафсæ рмы дæ н.

— Уæ дæ дæ м кæ цæ й æ рцыд, æ ви йæ айнæ гæ й ракъахтай?

— Их æ рсæ ттынмæ йæ нæ хицæ й рахастон. Цъити их, дам, сæ гъы æ хсыримæ æ вдадзы хос у.

— Æ нæ мæ нг, афтæ у, — бахъæ лдзæ г Майрæ м. — Уыныс, дзæ бидырæ н уад æ ртæ ры... Сахатмæ дæ р æ й ракъахдзыстæ м. Ныр æ нæ мæ тæ й бафынæ й кæ нæ м.

Цасдæ р нæ ныхас фескъуыд. Мæ н бафæ ндыд Майрæ ммæ иу фарст раттын. «Бафæ рс, ахæ м фадат дын нал фæ уыдзæ н», — дзырдта мæ м мæ зæ рдæ дæ р. Гъемæ йæ м хатын:

— Майрæ м, зонын æ й, фæ ллад дæ... Райсом дыл уæ з нал æ руадздзынæ н. Ныр дæ фæ рсын: кæ д дыл 45 азы йеддæ мæ нæ ма цæ уы, уæ д дæ р зын æ мæ æ нцондзинады ад хорз зондзынæ. Гъемæ дæ цард-цæ рæ нбонты диссагдæ рæ н дæ зæ рдыл цы дарыс? Цавæ р цау дæ нæ рох кæ ны?

Лæ г дзæ вгар рæ стæ г ницы сдзырдта. Æ рæ джиау афтæ:

— Хорз, Мулдар, уыдис ахæ м хабар æ мæ дын æ й радзурдзынæ н. Чи зоны, дæ умæ диссаг нæ фæ кæ са, фæ лæ мæ хицæ й никуы рох кæ ны. Йæ радзурын мын уæ лдай æ хсызгондæ р у, мæ нæ ацы лæ гæ ты кæ й æ рцыд, æ мæ та йæ кæ ддæ рау ног кæ й банкъардзынæ н, уый. Цæ й адджын, цæ й зынаргъ стут, рагбонты мысинæ гтæ... Цæ виттон, мæ цардвæ ндаг бынтон лæ гъз нæ уыди, — райдыдта дардæ й йæ ныхас. — Зоныс æ й, райгуырдтæ н Дымты хъæ уы, мæ гуыр зæ хкусæ джы хæ дзары 1904 азы. Æ рыгонæ й — уæ лыгæ с, фыййау... Советон цардарæ зт куы æ рфидар, уæ д нын скъолаты дуæ рттæ уæ рæ х байгом сты, æ мæ мыл кæ д азтæ рацыд, уæ ддæ р ма сахуыр кæ нын мæ къухы бафтыд. Бирæ фæ дæ н æ хсæ надон куысты. Гъе фæ лæ арæ х æ рымысын иу цау. Мах цæ рæ м тæ ккæ хъæ уы астæ у, ныхасмæ хæ стæ г. Цыдаид мыл 21 азы, афтæ иу фæ ззыгон райсом схызтæ н нæ уæ лхæ дзармæ æ мæ цæ стгæ сæ нтæ й алырдæ мыты фæ лгæ сын. Цас рацыдаид, афтæ мæ хъустыл ауад кæ йдæ р фæ сус хъæ лæ с: «Майрæ м, æ руай-ма нæ м! » Кæ сын, æ мæ ныхасы цалдæ р зæ ронд лæ джы бады, сæ иу мæ м йæ къух тилы. Æ з уæ лындзæ й æ ргæ пп ластон æ мæ сæ разы алæ ууыдтæ н. Къæ йдуртыл рæ нхъæ й бадтысты хъæ уы хистæ ртæ й цалдæ р: Дзусты Гуыгъо, Тедтойты Цæ рай, Чекойты Тæ къа æ мæ Агкаты Басыл. Мæ ныццыдмæ сын Тæ къа цыдæ р æ мбисонд дзырдта, æ мæ худтысты.

— Йæ, нæ хорз кæ стæ р, нæ мардæ вæ рæ г, ацы аз хъæ убæ стæ дзæ бæ х, сæ рæ гас сты, бафснайдтой сæ хос, сæ хор, фос дæ р æ нæ зиан, æ мæ райсом хъæ уæ н хоры куывд ис, — загъта Цæ рай. — Дæ уæ н та Æ фсатийы фосæ й хай ис, фæ ндаг дын хорз цæ уы æ мæ Сонгуыты коммæ куы бауаис... Хъæ уы зæ дмæ дзæ бидыры сæ рæ й дæ р бæ ргæ бакувиккам... Гъемæ дæ м нæ фæ нд куыд кæ сы?

— Нæ буц хистæ рты цы фæ нда æ мæ цæ уыл не сразы уыдзынæ н, — дзуапп сын радтон. — Æ рмæ ст ма нæ химæ дæ р афæ рсон.

— Афæ рс, афæ рс, дæ цæ рæ нбон нын бирæ, — йæ къух мыл рæ вдауæ гау æ руагъта Гуыгъо. — Де ’хсæ в Къæ йысæ ры лæ гæ тмæ бахæ сс, сæ умæ райсом та — дæ лæ г æ мæ дæ хæ дæ г, амонын дын хъæ уы.

Аздæ хтæ н нæ химæ. Хабар мæ фыдæ н радзырдтон.

— Хистæ рты фæ ндоныл дыууæ зæ гъæ н нæ й, лæ ппу. Дæ хи арæ вдз кæ н, Æ фсати дæ фысым уæ д... Æ рмæ ст фидæ рттæ м сыгъзæ рин саджы фæ дыл дæ р ма баныфс кæ н, фыдбылыз кæ й хъæ уы, — фæ дзæ хста мын.

Мæ хъыримаг, ме ’рчъитæ м базылдтæ н. Мæ мад мын хордзенты цыдæ р хæ ринæ гтæ авæ рдта æ мæ сихорыл мæ фæ ндаг адардтон Сонгуыты коммæ, мæ нæ ардæ м.

Хур ма æ нусон цъититыл йæ фæ стаг тынтæ луæ рста, афтæ схæ ццæ дæ н ацы лæ гæ тмæ. Йæ дуармæ хъуынаджын дурыл æ рбадтæ н æ мæ биноклæ й кастæ н сырдты хизæ нтæ, рындзтæ м. Хатт-иу бæ рзæ ндтæ, хæ нхуылтæ й[8] дурзæ йтæ ныххæ ррæ тт ластой æ мæ -иу сæ уынæ р арвы хъæ рау айзæ лыд кæ мттæ, нарджыты. Рæ стæ ггай-иу цъити дæ р аскъуыд æ мæ автоматæ й æ хсæ гау йæ къæ р-къæ р цыд. Цæ ргæ стæ, уаритæ дæ р дард балцтæ й здæ хтысты сæ фидæ ртты астæ рд ахстæ ттæ м. Зæ рдæ скъæ фта зымты иугæ ндзон æ хситт. Хуры фæ стаг тынтæ м æ взистау æ рттывта Къæ йысæ ры æ хсæ рдзæ н. Сонгуытыдон амыдта фыдæ лтыккон зарæ г, фæ рсаг та йын кодтой айнæ гварс нарджытæ, ихзæ йтæ. Кæ д хæ хтæ, цъититы æ гомыг йе цавддуртæ фæ хонæ м, уæ ддæ р бынтон афтæ нæ у. Уыдон дзурын, зарын, хъыг кæ нын дæ р зонынц, гъе æ рмæ ст сæ æ мбаргæ та искуы иутæ кæ нынц... Кæ д æ рдзы рæ сугъддзинадæ й мæ мондæ гтæ уагътон, уæ ддæ р мæ мæ т сырдтыл уыд. «Куыд ныццæ удзынæ н хъæ уы чъирикъувджытæ м афтид къухæ й», — тыхстæ н химидæ г. Уалынмæ хур фæ схохмæ ныххызт, изæ ры фæ лм нарджыты æ рæ мбæ хст, æ мæ арæ хстгай æ хсæ в йæ бартæ айста. Фæ стагмæ иу фæ ндыл ныллæ ууыдтæ н: сæ ударæ й мыхцыл фæ уæ лæ мæ уыдзынæ н æ мæ фидармæ бахизæ ны стыр рындз æ рцахсдзынæ н. Кæ д дæ ле иунæ г сырд уа, уæ ддæ р æ й мæ ныл хъæ уы æ мæ куыд сарæ хсон, афтæ.

Æ хсæ вæ р скодтон, уæ дæ цы уыдаид, æ мæ æ рбахызтæ н мæ нæ ацы лæ гæ тмæ. Уыдис дзы фæ салæ й лыстæ н. Мæ нымæ ты иу æ мбис мæ быны, иннæ мæ уæ лæ, худ та мæ нывæ рзæ н, афтæ мæ й уайтагъд афынæ й дæ н.

Æ хсæ вы цафон уыдаид, хуыцау йæ зонæ г, афтæ мæ м кардæ лвæ стæ й æ рбагæ пп кодта иу хæ мпæ лдзæ сгом тызмæ г лæ г æ мæ мæ æ рбарæ хуыста. «Æ ллæ х, амардта мæ! » — айхъуыстон мæ мидхъæ лæ с, мæ хæ дæ г фæ гæ пп ластон. Ноджы мæ сæ р царыл афтæ сцавтон, æ мæ цæ стытæ й цæ хæ ртæ акалд. Уыцы уысм фæ лæ бурдтон ифтыгъд хъыримагмæ æ мæ лæ гæ тæ й мæ хи раппæ рстон. Цыма, мæ фале цы фæ салджын фахс ис, фыдгæ нæ г уыцырдæ м алыгъд, афтæ мæ м фæ каст, æ мæ мæ нгвæ дæ г æ рбалхъывтон. Æ хсæ вы тары топпы хъæ р нæ ргæ ацыд æ рхæ й-æ рхмæ, айнæ гæ й-айнæ гмæ. Уалынмæ цасдæ р мæ уд мæ химæ æ рцыд æ мæ, карды цæ ф мыл кæ м æ руад, зæ гъгæ, мæ хи æ рысгæ рстон. Цъæ ррæ мыгъд дæ р мыл нæ разынд, рысти æ рмæ ст мæ сæ ры цæ ф. Хæ йрæ джы хай мыл сагъуыд, зæ гъгæ, дис кæ нын. Уыйбæ рц тас мæ бацыд, æ мæ суанг бонмæ топпæ ргъæ вдæ й фæ лæ ууыдтæ н æ дде, лæ гæ тмæ нал бауæ ндыдтæ н. Бонæ рдæ м мæ уазал æ рæ лхъывта, фæ лæ быхстон — тас цы нæ кæ ны. Уæ дмæ хур æ ркаст æ мæ сæ ууон æ ртæ хау мæ тас сысын байдыдта. Стыр аходæ нтæ м бынтондæ р ме ’муд æ рцыдтæ н. Лæ гæ тæ й райстон мæ нымæ т, хордзен, дзæ нхъа дурыл æ рбадтæ н æ мæ хъуыдыты аныгъуылдтæ н. «Ау, кæ й цы хъыгдарын, чи мæ мардта? Уæ дæ ме ’фхæ рд, ме схуыст ныхас дæ р никæ уыл ис... » «Æ мæ кæ д фын уыд, мыййаг? » — дзуры мæ м мæ зæ рдæ. Мæ хъуыдытæ сæ мтъеры сты. Æ рæ джиау фестадтæ н æ мæ биноклæ й кæ сын, дысон цы фахсы ’рдæ м фехстон, уырдæ м. Царциаты диссаг! Лæ гæ тæ й иу-150 метры фалдæ р галдзæ бидырæ н йæ къæ хтæ хæ рдмæ, йæ пæ лæ хсар сыкъатæ та куысы ныссагъдысты. «Ай та дын дыккаг æ мбисонд... Ау, адон иууылдæ р фынтæ сты, æ ви мæ зонд фæ цыд? » — фарстон мæ хи. Ногæ й та мæ хъуыдытæ схæ ццæ сты. Мæ зæ рдæ ахсайдта нæ номдзыд цуанæ ттæ Байсогъуырты Куыцыкк æ мæ Куыдзойты Михелмæ. Чи зоны, уыдонæ й исчи рацыд мæ нæ й раздæ р, бæ рзонды йæ ныццавта æ мæ æ ртылд. Кæ д афтæ у, зæ гъгæ, хъæ р кæ нын уæ д иуы номæ й, уæ д — иннæ йы, топп дæ р ма фехстон, фæ лæ æ гомыг хæ хтæ цы дзуапп раттаиккой.

Фæ стагмæ бацыдтæ н сырды мардмæ: разынд æ нæ хъæ н 14 зады. Нæ мыг сæ мбæ лд йæ тæ ккæ ныхыл: йæ фындзыхуынчъытæ й ма туг хъарыд. Уæ ле куы рахаудаид, уæ д йæ тулæ нтæ фахсыл бæ рæ г дариккой, стæ й йæ царм, йæ уæ нгтæ афтæ æ гайнæ гæ й нæ баззадаиккой. Ныр æ мбарын байдыдтон æ цæ гдзинад: æ хсæ вы мæ м ничи æ рбалæ бурдта, федтон фын. Дзæ бидыр та фæ мард мæ дзæ гъæ л гæ рахæ й. Куыд алы хатт, афтæ дысон дæ р сырдты къорд ныллæ гмæ сæ хи æ ристой æ мæ сæ раздзог мæ амæ ттаг баци.

Сырды мард нылластон доны былмæ, бастыгътон æ й. Йæ уæ нгтæ йын цармы батыхтон æ мæ сæ фæ салæ й æ рæ мбæ рзтон. Æ нцондæ р ссарыны охыл ын йæ фарсмæ лæ дзæ гыл æ рцауыгътон мæ къурткæ, мæ хæ дæ г хуылфыдзаумæ ттæ, фиутæ хордзенты бавгæ дтон æ мæ сæ дынджыр сæ римæ раргъуывтон. Мæ уæ зззау уаргъимæ сабыргай, иукъах-дыкъахæ й æ мбисбон ныххæ ццæ дæ н Хъæ уы зæ ды кувæ ндонмæ. Хъæ убæ сты цинæ фсæ ст адæ м сæ тæ ккæ змæ лдыл уыдысты. Кæ стæ ртæ ма арыдтой дыууæ галы сæ ртæ, дзидза та фыхти цæ джджинæ гты. Фæ сивæ д мæ дзæ бидыры сæ римæ ауыдтой, цы! — сæ хор-хор райхъуыст, æ д уаргъ мæ сæ уæ лныхты бахастой хистæ рты размæ. Куыннæ мыл бацин кодтаиккой: бирæ арфæ тæ мæ м æ рхауд. Къæ йы сæ рмæ, ома ардæ м, хæ рæ гыл фервыстой ме ’мцахъхъæ н лæ ппутæ Куыдзойты Гадже æ мæ Чекойты Михелы. Уайтагъд сырды мардимæ фездæ хтысты. Фынгтæ уæ лдай хуыздæ р сфидыдтой дзæ бидыры сæ рæ й... Гъе уый дын мæ зæ рдылдарæ н, кæ д ма хъал дæ, уæ д.

— Хъал дæ н, хъал, Майрæ м, стыр зæ рдиагæ й дæ м хъуыстон. Нал мæ ферох уыдзæ н дæ мысинаг.

— Гъемæ уал бафынæ й кæ нæ м, райсом нын бирæ куыстаг ис. Бон цæ уы æ мæ фарн хæ ссы.

— Лæ ппу, «Хур æ ркаст... Нывæ нды хохæ й хохмæ тын... » Нæ ма стæ м? — айхъуыстон мидфынмæ Майрæ мы ныхæ стæ. Рабадтæ н. Рахызтыстæ м лæ гæ тæ й. Кæ д сусæ ны мæ й уыдис, уæ ддæ р цъититæ зымæ гау æ ндæ втой, озонæ мхæ ццæ уæ лдæ ф буарæ н цыдæ р æ хсызгондзинад лæ вæ рдта, уæ нгтæ химидæ г хъазыдысты. Куысы суадоны нæ хи цæ хсадтам, нæ хæ ссинæ гтæ айстам æ мæ салд дзæ бидырмæ фæ раст стæ м. Сахаты фæ стæ махæ н не схæ ццæ, хурæ н йе ’ркаст. Тыххæ йты ныххызтыстæ м ихæ йдзаг нарæ г æ рхмæ. Мæ нæ галдзæ бидыр. Йæ дзагъыр цæ стыты бамбæ хст тас, рис æ мæ мæ лæ ты сау марой. «Цуан ма сыл цæ мæ н фæ кæ нæ м, æ ви сын зымæ г æ мæ уадтымыгътæ, митзæ йтæ æ мæ дурзилæ нтæ, тугдзых сырдтæ æ мæ æ ндарæ н замантæ æ гъгъæ д зындон не сты? » — ахъуыды кодтон.

— Куы йæ ракъахæ м, уæ д æ й кæ рдæ гджын фахсыл коммæ нылласдзыстæ м, — загъта Майрæ м. — Уæ дмæ æ ртæ фсдзæ н æ мæ йæ æ нцонæ й бастигъдзыстæ м.

Нæ хицæ н къахæ вæ рæ нтæ акодтам æ мæ тохы бацыдыстæ м æ ндонæ хсыст ихимæ. Рацыдаид дыууæ сахаты бæ рц, афтæ хæ хты фидыц, раздæ ры уæ нгвидар æ мæ сæ рбæ рзонд дзæ бидыр «фервæ зт» цъенгæ ихты уацарæ й. Йæ дынджыр уырын сыкъатæ й йæ арæ хстгай нылластам Къæ йысæ ры æ хсæ рдзæ ны былмæ. Уæ дмæ сырд æ ртæ фст. Бастыгътам æ й. Уæ нгтæ гондæ й йæ ихдоны цæ вæ рдтам, нæ хæ дæ г æ рхыты, фæ хсты æ руыгътам хъæ ллæ гътæ, хъуынатæ æ мæ арт скодтам. Майрæ м дардта уæ хстыл физонджытæ. Нард дзидзайы сой цæ хæ рмæ тагъд æ мæ арт, цырындæ ргæ нгæ, пихлæ йттæ калдта. Физонджыты хæ рздæ фмæ комдæ ттæ ивылдысты. Сцæ ттæ нæ хæ ринаг.

— Цæ й, мæ хæ дæ г уал дзы ацаходон, цы нæ вæ ййы... Уæ ддæ р æ з ацардтæ н, дæ уыл та 30 азы дæ р нæ ма цæ уы, кæ йдæ р сауæ рфыг рæ сугъд дæ м æ нхъæ лмæ кæ сы, — мидбылхудгæ мæ м йæ цæ ст æ рныкъуылдта куырыхон цуанон.

— Цытæ дзурыс, мæ уæ здан хистæ р, æ ви мæ æ мбалхор хоныс? Ахæ м уавæ рты хъуыддаг хистæ рæ й кæ стæ ры сæ рыл нæ у, — бакастæ н æ м уайдзæ фгæ нæ гау.

— Цæ й, хорз, æ ви хъазæ н ныхас нал æ мбарыс, — айвæ зта мын мæ дысалгъ. — Авæ р-ма мæ нæ н Чермены цæ ссыгæ й, уый цыфæ нды хъылма микъробты дæ р бындзагъд ныккæ ндзæ н.

— Гъа-ма, Æ фсатийы лымæ н, ныр дæ хæ рдмæ цæ уын нал хъæ уы, — йæ къухты йын фæ сагътон къубуска. Лæ г дзы анызта æ мæ физонæ гæ й адджын комдзæ гтæ ныккодта.

— Уый мардæ гасгæ нæ г дзидза куы у, мах та цыдæ р гуырысхотыл фестæ м, — æ рбакаст мæ м цуанон.

Куывды бадæ гау нæ хи хорз федтам, уæ дæ цы. Рацыд иу сахаты бæ рц.

— Дзидзамæ ницы лаз и, æ ндæ р афонмæ... — йæ къух ауыгъта лæ г æ мæ бахудт. — Дæ уæ й та кæ д ацы фембæ лд нæ ферох уаид. Чи зоны йæ фысгæ дæ р ныккæ най æ мæ фыдзонд хъайтарты номхыгъдмæ бахауон.

— Æ гонгæ й, дæ рагон мысинаг, дæ зонды ныхæ стæ мæ боныгмæ бахæ сдзынæ н, фæ лæ мыхуыры кæ д фæ зындзысты, уый зын зæ гъæ н у: бирæ азты мæ литературон куыстмæ нæ равдæ лдзæ н.

— Уый дæ бар у, дæ равг дæ хæ дæ г хуыздæ р зоныс, — фестад Майрæ м æ мæ хæ хтæ, цъититыл йæ цæ ст ахаста. — Цæ й, нæ хи баифтындзæ м, уæ ззау уæ ргътимæ нæ 12–14 километры ауайын хъæ уы.

Мæ хистæ р сырды мард дыууæ раст æ мбисы бакодта æ мæ амоны сæ р æ мæ царммæ:

— Адон дæ уаргъмæ бафтау.

— Бынтон мæ куы ’фхæ рыс уый, — фæ зылдтæ н æ м. — Сæ р æ мæ царм хистæ ры, кæ ннод сырдамарæ джы вæ ййынц.

— Сырдыл æ рдзон фыдбылыз æ рцыд, мах тæ ригъæ дджын не стæ м... Ацы сæ рæ й та быдыргъ сараз æ мæ йæ дæ бацæ уæ ны сæ вæ р. Æ цæ г гъе уæ д дæ зæ рдыл бадардзынæ мæ кæ ддæ ры цау, нæ абоны фембæ лд.

— Уыдон мæ афтæ дæ р нал ферох уыдзысты.

— Нæ, нæ, ахæ сс сæ.

— Цæ й, хорз, сæ р ахæ сдзынæ н, куыд загътай, афтæ йын сараздзынæ н, фæ лæ ма дæ зæ ронд фыд Сандыр æ гас у æ мæ царм уымæ н балæ вар кæ нæ м, ламаздыхъæ н æ й дардзæ н. Мæ нæ йын зым та æ хсæ вæ рæ н... Афтæ куы нæ уа, уæ д мæ н мисхал дæ р нæ хъæ уы, — загътон фидарæ й.

Лæ г мæ м цасдæ р æ дзынæ г каст. Мæ фæ нд нал аивдзынæ н, уый куы бамбæ рста, уæ д йæ къух ауыгъта:

— Раст нæ дæ, фæ лæ — гъа, фæ уæ д дæ ныхас.

Абон, дзæ бидыр къахгæ йæ, мæ лалымы авæ рдтон иу-фондз килойы бæ рц ихтæ. Ныр мæ уаргъ æ гæ р уæ ззау куы разынд, уæ д сæ акалдтон. «Ихмæ иу-дыууæ боны фæ стæ хæ рæ гыл æ рбауайдзынæ н æ мæ сыхæ гтæ н дæ р ахæ сдзынæ н», — уыд мæ хъуыды.

Сихортыл раргъуывтам нæ уæ ргътæ. Майрæ м разæ й, æ з йæ фæ дыл, афтæ мæ й ныфтыдтам нарæ г фæ ндагмæ. Цæ уæ м сындæ ггай, хатт-иу æ рулæ фыдыстæ м.

Мæ хистæ р ма мын радзырдта, мæ фыдимæ цуаны кæ д æ мæ кæ мыты уыдысты, цы тæ ссаг уавæ рты-иу бахаудтой, уыдæ ттæ. Хаста æ мбисæ ндтæ, таурæ гътæ...

Майрæ мы хъæ умæ ныххæ ццæ стæ м изæ рдалынгты. Мæ н ма ауайын хъуыд дыууæ километрмæ ’ввахс.

— Раздæ х нæ м, — куырдта цуанон. — Æ хсæ вæ р иумæ скæ ндзыстæ м, чысыл дæ фæ ллад дæ р суадз.

— Бузныг, гуырысхо ницæ уыл кæ нын, — арфæ йын ракодтон, — мæ нæ й Сандыр æ мæ бинонтæ н — зæ рдиаг саламтæ. Æ з та, цалынмæ мыл мæ фæ ллад æ мæ мæ хъæ дгæ мтты рыст нæ ма æ ртæ фстысты, уæ дмæ хæ дзар бацагурон.

— Цæ й, кæ д афтæ у, уæ д фæ ндараст кæ н, — мæ къух мын райста, æ мæ фæ хицæ н стæ м.

***

Рацыд бирæ азтæ. 85-аздзыд Майрæ мимæ та сæ мбæ лдыстæ м. Ныр уый у хæ сты, фæ ллойы æ мæ партийы ветеран. Æ рымысыдыстæ м нæ кæ ддæ ры фембæ лд.

— Хорз ма йæ хъуыды кæ нын, — бахъæ лдзæ г Майрæ м, — фæ лæ уыцы дзæ бидыры сæ р цы фæ ци?

— Нæ тæ ккæ уæ лкъæ сæ р, арæ х дæ фæ фæ рсы, куыдтæ, дам, цæ ры мæ ирвæ зынгæ нæ г... Дæ номыл æ й дарын, цом, фен æ й.

— Цом, — сразы мæ кадджын хистæ р æ мæ хæ дтулгæ йы абадтыстæ м.

Байгом дуар. Уæ лкъæ сæ рмæ бауыдта кæ ддæ ры зæ йласты сæ р. Æ риста йæ арæ хстгай. Уарзон хъæ булау æ й йæ риумæ нылхъывта... Бецау, нал æ й бафарстой йæ цæ ссыгтæ. «О ме ’нусон мысинаг, цæ й æ мхуызон систæ м... Сырдтæ, мæ ргътæ, хæ хты рæ сугъддзинад, цъититы сыгъдæ г уæ лдæ ф æ мæ æ лутоны хуызæ н суадæ тты ад та банкъардтон, мæ цæ стытыл уайынц, — дзырдта ныдæ мæ й, дзæ бидыры аив боцъо даугæ йæ, Майрæ м, — фæ лæ азтæ, азтæ, нымайæ г сæ ма уа, æ фсургъæ й тагъддæ р згъорынц. Уæ д мыл 45 азы йеддæ мæ нæ ма цыд... Ацы æ хсызгондзинад мæ бирæ бонты рæ вдаудзæ н».

— Тыхсгæ ма кæ н, мæ хæ лар, æ нусæ мбай тулдзæ н уадтымыгътæ ницыма хъом вæ ййынц, — ацамыдтон рудзынгæ й иу уæ нгджын бæ ласмæ.

— Тулдз уа, дур — сæ азтæ нымад сты, æ нусон ничи æ мæ ницы у, — загъта ма куырыхон хистæ р, дзæ бидыры сæ р йæ бынаты æ вæ ргæ йæ.

Цасдæ р ма афæ стиат стæ м нæ ирон фынджы уæ лхъус, гъе стæ й ахызтыстæ м Терчы былмæ. Цæ уæ м знæ т доны иувæ рсты æ мæ та — дзуринæ гтæ, мысинæ гтæ... Æ хсæ вæ рафон бахызтыстæ м Майрæ мты кулдуарыл.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.