Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Къæппæджы холлаг



Къæппæджы холлаг

Хъæды куы вæййын, уæд æппæты фыццаг лæдзæггаг агурынмæ фæвæййын, уымæн æмæ уымæй размæ мæхи иунæг фæхонын, мæ развæндаг агурынмæ мын æххуысгæнæг нæ вæййы æмæ пыхсыты, цъымарабынты куырмæджы цæуæгау фæкæнын. Уæдæ дæ размæ ахæм дон февзæрдзæн, æмæ йæ цалынмæ лæдзæгæй асгарай, уæдмæ нæ базондзынæ, цæй æрфæн у, уый. Афтæмæй та тæссаг у, дон дæ цырыхъхъыты сæрты кæм акæла, ахæм рæтты бауайынæй. Уæвгæ, дæ фæндаг цыфæнды лæгъз куы уа, уæддæр иунæгæй цæуæг бæлццонæн лæдзæгæй хуыздæр æххуысгæнæг зын ссарæн у.

Æнцонæй нæ бафтыд ацы хатт мæнæн дæр мæ къухы лæдзæггаг ссарын. Иу æмæ дыууæ æхсæр къутæрыл — мæ лæдзæг æдзухдæр талайæ скæнын — нæ сæмбæлдтæн, фæлæ дзы лæдзæджы стæвдæн æмæ растыл марадз-зæгъай, кæд æмæ мæ цæст æрхæцыд. Æппынфæстаг уæддæр Калачы Пухоны аккаг къабайаг разынд, æмæ мæ ног æмбалимæ ныфсджындæрæй мæ фæндагыл араст дæн. Иудзæвгар фæцæуыны фæстæ мæ зæрды иучысыл аулæфын æрæфтыд æмæ ныр та, цæуыл æрбадтаин, ахæм бынат агурынмæ фæдæн. Уыцы хъуыддаг рæхснæг тала ссарынæй æнцондæр хъуыддаг нæ уыди, фæлæ йæ уæддæр ссардтон. Уый разынд хуымæтæджы фыдконд, йæ фæзынды фыццаг бонæй фæстæмæ æфхæрд йеддæмæ чи ницы бавзæрста, хæрисы ахæм бæлас. Æвæццæгæн, зæххæй иуцасдæр куы скаст, уæд æй фæрсæрдæм атасынчындæуыд æмæ мæм йæ зæнджы иу хай бадынæн хорз фæкаст æмæ йыл мæхи æруагътон...

Бынтон хорз куыд ничи у, афтæ бынтон æвзæр дæр ничи у. Æппындæр чи ницæмæн бæззы, ахæмæй зæххыл ницы ис, æндæр ахæм ныхас нæ баззадаид: «Ау, къæппæджы холлагæн дæр нæ бæззы?!»



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.