Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТЫККАГ ХАЙ 10 страница



Æппæты фыццаг йæ зæрды æрæфтыд, редакцийы кусджытæн номхæссæнæн чи баззадаид, ахæм бæрæгбон саразын. Хъуамæ сæ фæлладуадзæн бон арвыстаиккой æрдзы хъæбысы. Уый тыххæй та равзарын хъуыд, æмбал кæмæн нæй, ахæм рæсугъд ран. Ирыстоны алы кæмтты куыннæ уыди аргъауæнгæс бынæттæ, фæлæ ссарын хъуыди, алкæй зæрдæмæ дæр чи фæцыдаид, ахæм бынат. Уый тыххæй та базонын хъуыди алкæй фæндон дæр. Æмæ радыгай сидын райдыдта нæ кусджытæм.

Кæй зæгъын æй хъæуы, алкæмæ дæр уыди йæхи хъуыды. Иутæм Куырттаты ком хуыздæр каст, иннæтæм — Хъобангом. Уæлладжырæгтæ нæм цалдæрæй куыстой, æмæ уыдон дæр хъæццул сæхирдæм ивæзтой. Дыгургомы рæсугъддзинадæн æмбал та дзы уæвгæ нæ уыди. Кæд нæм уырдыгæттæ дыууæ йеддæмæ нæ куыста, уæддæр сын сæ хъуыды зæгъыны бар уыд æмæ йæ куыннæ хъуамæ загътаиккой, стæй йæ зæгъгæ дæр кодтой æмæ чысыл ма бахъæуа, кусæрттаджы (рагацау колхозтæй иуы фысæн æхца бафыста æмæ йæм кæд фæзындзысты, уымæ цæттæ уыдысты) уырдæм арвитыныл ма сразы уа. Фæлæ йын адæм се ’ппæт фарст нæма ’рцыдысты æмæ дарддæр сидыны куыст кодта. Цас фылдæр адæм æм цыдис, уыйбæрц тынгдæрæй-тынгдæр мæсты кодта, уымæн æмæ цал уыдысты, уал хуызы дзырдтой. Тынг мæ фæндыд, йæ маст искæуыл куы акалдтаид, уый, уымæн æмæ та нын, цæуыл худтаиккам, уый фæуыдаид...

Æз зыдтон, Уырызмæгмæ мæсты кæй у, уый. Мæсты та йæм цæуыл сси? Уый размæ мæй гонорар адæмæй фылдæр райста, афтæмæй Бексолтаны хъуыдымæ гæсгæ газетæн иннæтæй фылдæр пайда никæмæй фæци: куыста æрмæст йæхи æрмæджытæ фыссыныл, уацхæсджыты фыстытæм та тынг чысыл æргом здæхта. Уыйхыгъд Бексолтан йæхи ’рмæджытæ къаддæр ныффыста, авторты писмотимæ та зæрдиагдæрæй бакуыста, афтæмæй йæ гонорар Уырызмæгæй бæлвырд къаддæр рауад, æмæ æнæдзургæйæ йæ маст йæ хуылфы хæлбурцъытæ кодта.

Цы ’рхъуыдычындæуа, зæгъгæ, мæхинымæр сагъæс кодтон. Æваст сæры фæзынд ахæм фæнд: Уырызмæгмæ бацыдтæн, æхца мæ, зæгъын, тынг æхсызгон хъæуы. Бексолтан та æдзухдæр йæхицæй æппæлыд, мæнæй фылдæр æхца ацы редакцийы никæмæ ис, зæгъгæ, стæй дзы æз даргæ кодтон, æмæ мын дзы, зæгъын, ардыгæй мызд райсынмæ дæхи ’фсон æфстау ракур. Уырызмæг ацæргæ уæздан лæг уыд. Йæ къухтæ-иу йæ синтыл сæвæрдта, афтæмæй-иу сабыргай фæцæйцыд. Бексолтан ма-иу æй фæзмгæ дæр акодта, гуыбыр-гуыбыр фæцæйцæуы, афтæмæй, дам нын нæ гонорар смарзта.

Уырызмæг цæмæй хæйрæг уыд, Бексолтанæн æм йæ къæс-къæс цæуы, уый. Бацыди йæм æмæ-иу æдзухдæр куыд сабыргай дзырдта, афтæ ныллæг хъæлæсæй райдыдта:

— Ардыгæй мæ мыздмæ дæс туманы хъæуы æмæ мын æфстау нæ ратдзынæ?

Уый йæм уыцы æнæуынон цæстæй скаст, бандонæй фæгæпп кодта æмæ йын æвзæртæ загъта, гъер, дам, ахæмтæ дæу хуызæттæй фæзæгъынц. Уырызмæгмæ диссаг фæкастысты йæ ныхæстæ, фæлæ йын уæддæр уæзданæй загъта:

— Омæ мыл цы хъæртæ кæныс, кæд дæм ис, уæд мын ратт, кæд нæй, уæддæр тыххæй нæу...

— Ацу, зæгъын, мæ цурæй!

Уырызмæг йæ фæстæ дуар æрдæггомæй ныууагъта, æмæ сæм мах Сафаримæ кастыстæм. Уырызмæг уыцы æнкъардæй раздæхт, цыдæр мæсты, дам, у, хъæрты бын мæ фæкодта...

Йæ кусæн уатмæ бацыд, мах тыргъы лæууæм. Уыцы рæстæг нæ къамисæг Федыр сиргæ цыд æрбацæйкодта. Куыд бамбæрстон, афтæмæй йæм редактор фæдзырдта æмæ комкоммæ йæ ных хицауы кусæн уатмæ сарæзта. Сафарæн афтæ зæгъын, иуварс слæуу æмæ мауал худ. Федыр мæ цурмæ куы ’рбахæццæ, уæд æй фæурæдтон æмæ йын, мæ ныхæстæ Бексолтанмæ куыннæ хъуысой — Бексолтаны кусæн уаты ракомкоммæ лæууыдтæн — афтæ бамбарын кодтон, Бексолтаны, зæгъын, сразы уæвынмæ бирæ нал хъæуы æмæ йын ды дæр зæгъ, нæ фæллад уадзынмæ Налцыччы ’рдæм ацæуæм, Æрвхуыз цадты былгæронæй хуыздæр баулæфæн бынат нæй, зæгъгæ.

— Уыцы бынæттæ мæнæн хорз зонгæ сты. Мæ сиахс уырдыгон у, æмæ йæм уазæгуаты арæх вæййын. Иу хатт дæр мæ æнæ уыдон фенгæ нæ рауадзы. Мæ бар-ма йæ уадз, — æмæ дын Бексолтаны кусæн уаты куы фæмидæг уаид.

Сафармæ мæ къух фæтылдтон æмæ, мидæгæй цытæ цæудзæн, уымæ хъусынмæ нæхи ’рцæттæ кодтам.

— Бексолтан, — дзуры йæм Федыр, — нæ фæлæ ма Æрвхуыз цадты ’рдæм ныццæвæм.

— Цы загътай?! — фæтъæлланг ыл ласта лæг. — Мæ цæсты кæронæй дæр дæ куыннæуал ауынон, афтæ!.. Крохобор!

Федыр лидзæг фæцис, редактормæ цыдис, уый дæр дзы æрбайрох æмæ иннæрдæм ныццавта. Бексолтан ма йæ фæдыл радзырдта: «Æртæ сомы бафиды, йæхи ныдздзæлæби кæны, стæй ма фынгæй йæ усæн шампайнаг расæрфы, йæ сывæллæттæн — къафеттæ!»

Федырмæ уыцы ныхæстæ фехъуыстысты æмæ йæхицæн дзурæгау бакодта: «Уæ шампайнаг дæр мæ ницæмæн хъæуы, уæ къафеттæ дæр уæхи уæнт, æз сымахимæ никуыдæмуал цæуын...»

— Ахæм митæ кодтам кæрæдзийæн, фæлæ хæларæй цардыстæм. Куыстыл та афтæ æнувыд уыдыстæм, æмæ нæм иннæтæ хæлæг кодтой. Хъазæн ныхас нæм тынг уæлиау æвæрд уыд. Кæрæдзийы ахудын кæнынæй æхсызгондзинад истам. Æмæ ма Бексолтаны тыххæй ноджыдæр цалдæр ныхасы.

Иу хайады куы куыстам, уæд мæ сулæфын нæ уагъта. Йæхæдæг дæр, раст зæгъгæйæ, æгуыстæй нæ бадти. Æгуыстæй нæ, фæлæ йыл искуы æвдæлон сахат скодта, зæгъгæ, уый нæ хъуыды кæнын. Мæн та мæхи сæрибардæрæй кæм æнкъардтаин, ахæм уавæрты кусын фæндыд æмæ ууыл зæрдиагæй архайдтон...

Иу хатт та редакцимæ хъæстмæ ’рбацыд цавæрдæр æдзæлгъæд сылгоймаг. Йæхи рагæй кæй нæ ныхсадта, уый йе ’ддаг бакастыл дæр бæрæг уыд. Мæныл тыргъы амбæлд æмæ мын афтæ зæгъы, мæ лæгыл, дам, хъаст кæнынмæ ’рбацыдтæн.

Æз æй нæ кусæн уатмæ сардыдтон, уым, рахизæрдыгæй цы лæг бады, ахæм хъуыддæгтæ, зæгъын, уымæ хауынц.

Сылгоймаг куы бахызт, уæд æз дæр чысыл фæстæдæр бацыдтæн. Бексолтан ыл йæ цæст куы ’рхаста, уæд йæ цæсгом фæтар, йе ’рфгуыты ’лхынцъ фæарфдæр æмæ йæхи кусæг скодта. Сылгоймаг йæ хызын æрæвæрдта. Фындз кæуыл ис — мæнæн мæ фындз ницавæр тæф æмбары — уымæ дзы цыма исты æвзæр тæф скалдаид, афтæ мæм фæкаст. Ныр ын Бексолтан «æрбад» дæр нæ зæгъы, дзургæ дæр æм ницы кæны. Хъуыдыгæнæг æй куы нæ уыд, уæд æм ус йæхæдæг дзуры:

— Æз дæумæ ’рбацыдтæн, мæнæ лæг...

— Хъусын дæм, — уыцы нæвæндонхуызæй сдзырдта Бексолтан.

— Мæ лæгимæ цæрын мæ бон нал у...

— Æмæ уый тыххæй махмæ цæуын хъæуы?

— Алы бон мæ нæмгæ кæны. Извырг никуы федтай, извырг!

— Омæ ардæм цæмæ ’рбацыдтæ, милицæмæ йыл бахъаст кæн...

— Милицæ дæр ын æлхæд сты. Гъер-ма мæнæ ’рбакæс, — æмæ йæ чъизи къаба суанг астæумæ схъил кодта. — Ацы цъæхтæ мын йæ къахы цæфы фæдтæ сты...

— Гъе уый та мæн ницæмæн хъæуы, — æнæрвæссонхуызæй загъта Бексолтан.

... Нæ йæ ныууагъта, цалынмæ йæ телефонæй кæдæмдæр адзурын кодта, уæдмæ.

Хатгай-иу исты æнахъинон хъуыддæгтæ æрымысыдтæн æмæ-иу Бексолтаны фарстон, уый та куыд у, зæгъгæ. Мæ нысан уыдис, цæмæй мæ стыхса æмæ йæхæдæг редакторæн зæгъа, ацы æдылыйы мæнæй ахъуытты кæнут, зæгъгæ. Гъемæ уый мæ къухы бафтыд, фервæзтæн тызмæг Бексолтанæй.

— Уымæй фервæзтæ, фæлæ дын, æвæццæгæн, дæхицæй фервæзыны хъомыс нæй.

— Омæ-ма раст зæгъ, кæй бафхæрдтон, уыдонæй æфхæрыны аккаг кæцы нæ уыд? Кæцыйæн дзы тæригъæд кæныс? О, уыцы зæронд ус фæуæд. Уый дæр мæнæ-мæнæ фыдбылызы нæ баппæрстон, фæлæ. Уæдæ ахудыны тыххæй цы хабæрттæ æрымысыдтæн, уым дæр ахæм стыр аиппæй ницы ис. Козбаутæ æмæ зæвæттæсдæрджытæ, хиппæлойтæ æмæ мæрддзæстытæ, хæлиудзыхтæ æмæ цæстмæхъустæ, бынатмæбырсджытæ æмæ тонагæнджыты ныхмæ кæй дзурын, уый тыххæй та мæм азым мачи хæссæд, стæй мæ тынг тызмæг дæр мачи хонæд. Никуы сын барстон, стæй сын барынвæнд дæр нæ кæнын. Сæ митæ сын хурмæ хæсдзынæн, адæмы сыл худын кæндзынæн.

— Худыны кой кæм кæныс, уым ма æххæст, телеуынынады куы куыстай, уæд дзы, йæхи музыкæйы дæсны чи хуыдта, уый тыххæй дæр радзур.

— Уый дæр зæвæттæсдæрджытæй уыди. Хицауы дзыхмæ касти æмæ, йæ цæсгом тар кæны, зæгъгæ, уæд-иу йæ алыварс ахъахъхъæдта. Цæмæн афтæ у, уый-иу æваст рахатыдта æмæ йын-иу кæцырдæм дзургæ уыд, уый уайтагъд сбæлвырд. Йæ зæрдæмæ цы цæуы, уый дæр-иу ын зын рахатæн нæ уыд æмæ-иу дзы, цæмæй хицау разыйæ баззадаид, уый тыххæй рæстдзинады ныхмæ дæр радзырдта, уыцы рæстдзинадхæссæг суанг йæ хуыздæр æрдхорд куы уыдаид, уæд дæр...

Иуахæмы командировкæйы Цыколайы уыдтæн. Фембæлдтæн хъомты фермæйы кусджытимæ. Сæ куысты-иу æнафонмæ баззадысты æмæ-иу сын уæгъд рæстæг куы фæци, уæд телевизормæ кастысты. Уарзæм ирон адæмон музыкæ, фæлæ, дам, арæх фыдæнхъæл фæвæййæм, ирон зарджытæ æмæ фæндырдзæгъдтыты бæсты, дам, классикон кæй хонынц, ахæм музыкæйы концерт раттынц. Балцæй куы сыздæхтæн, уæд планеркæйы цыколайаг фосдарджыты ныхæстæ рафæзмыдтон. Загътон, мæхæдæг дæр семæ разы кæй дæн, уый дæр. Цы дзырдтон, уый хицауы зæрдæмæ нæ фæцыд. Йæ хæдивæг æй йæ цæстæнгасмæ гæсгæ базыдта æмæ дын мæ ныхмæ куы радзурид:

— Мах хъуамæ, хуымæтæг адæм куыд хъуыды кæнынц, уымæй уæлдæр лæууæм, архайæм сæ эстетикон рæзтыл. Хъуамæ журналист хъугдуцæджы ныхæстæ ма фæзма, фæлæ йын бамбарын кæна, адæмон сфæлдыстад æмæ классикон музыкæ кæрæдзийæн æцæгæлон кæй не сты...

Иу ныхасæй, уый алцыдæр æмбары, журналист, ома æз æмæ хъугдуцæг та иу дзыхæй дзурæм, аивад не ’мбарæм.

«Фæлæуу, — зæгъын, мæхинымæр, — æз дын равдисдзынæн, музыкæйæн цас дæсны дæ, уый».

Ууыл хæрз цыбыр рæстæг рацыд, афтæ радон равдыст цæттæ кодтон æмæ йæ сфæлгонц кæнын хъуыд музыкæйæ. Студимæ ныццыдтæн æмæ дзы нæ кусæг Юрийы ныййæфтон. Пианинойæ дæсны цагъта, уый зыдтон æмæ йын мæ хъуыды бамбарын кодтон. Хъуамæ уый пианинойы амонæнтæ куы иуæрдæм рахафтаид, куы иннæрдæм, гæнæн кæм уыдаид, уым та-иу амонæнтæ йæ къахæй дæр æрцавтаид æмæ йæ афтæмæй магнитофоныл ныффыстаиккам. Аппаратурæ сифтындзын кодтон, æмæ Юрий, куыд ын загътон, афтæ амонæнтыл йæ къухы æнгуылдзтæй куы галиуæрдæм хыррытгæнгæ ацæуы, куы рахизæрдæм, иу хатт та сæ йæ къахæй дæр æрцавта. Худгæ дæр-иу скодта, æмæ уый дæр фысты бахауд. Пленкæ фонотекæйы къоппы сæвæрдтон æмæ йæ звукорежиссер Асланимæ хицауы хæдивæгмæ, æмбырды мæ ныхмæ чи дзырдта, уый кусæн уатмæ схастам æмæ йын афтæ зæгъын:

— Байхъус-ма ацы музыкæмæ, чи йæ ныффыста, уый нæ зонын, стæй мæ равдысты сфидаудзæн æви нæ?

Аслан пленкæ æрыздыхта. «Музыкæйы дæсны» йæм байхъуыста æмæ афтæ:

— Бæлвырд æй нæ хъуыды кæнын, кæнæ Бетховены музыкæ у, кæнæ Чайковскийы, фæлæ дæ бакасты сфидаудзæн...

— Цалынмæ мæ нæма ферох, уæдмæ дын де ’рдхорды хабæрттæ дæр ракæнон.

— Ракæн, фæлæ цыма сæ фылдæр мысгæ ’ркодтай, афтæ мæм кæсы.

— Мысæггагæй дзы ницы ис. Дæхæдæг æй нæ зоныс, кæрæдзийæ-иу куыдтæтæ хъазыдыстæм, уый?! Ныртæккæйы фæсивæдмæ цыма ахæм миниуджытæй ницы ис, афтæ мæм кæсы. Стæй мах заманы æрмæст лæппутæ хынджылæг скъæрдтой кæрæдзийæ. Сылгоймаг сылгоймаджы иу ахæм уавæры куы сæвæрдтаид, уæд ыл, æвæццæгæн, Иугонд Нациты Организацимæ бахъаст кодтаид, фæлæ мах кæрæдзийæн алцыдæр барстам.

Муссæйы «Рæстдзинад»-мæ дæр нæхæдæг райсын кодтам кусынмæ. Хорз лæппу уыд, журналистикæ бирæ уарзта, фыста æмдзæвгæтæ, повесттæ. Æнæхиндæр йæхицæй скæнæн нæ уыди, фæлæ тынг æууæндаг. Æз рагæй дæр, йæхи поэт чи хоны, уыдонмæ æнæууæнк цæстæй кæсын, уымæн æмæ се ’хсæн æрмæстдæр иугай курдиатджынтæ вæййы. Гъе æмæ нæ иумæйаг æрдхордыл ахудынвæнд скодтон.

Ме ’мкусджытæй иу тарскæйаг уыди, æмæ йын бафæдзæхстон, колхозы бланк-ма мын, зæгъын, æрбахæсс. Мæ фæдзæхст мын сæххæст кодта. Æз дзы ныффыстон: «Хетæгкаты Къостайы номыл колхозы партион организаци йæ куысты пъланмæ бахаста де сфæлдыстадон изæр саразын, куыд зындгонд поэт, афтæ». Бынæй дзы бафыстон парторганизацийы секретары мыггаг. Писмо къонверты нывæрдтон, æдде йыл Муссæйы адрис ныффыстон æмæ йæ фæстæмæ ме ’мкусæгмæ раттон, Тарскæйы йæ посты лагъзы ныппардзынæ, зæгъгæ.

Муссæ писмо куы райста, уæд ын æхсызгон куыннæ уыдаид, кæд мæ чидæртæ нæ нымайынц, уæддæр мын адæм аргъ кæнынц, суанг ма мæ фæсвæд хъæуты дæр зонынц, æндæр мын литературон изæртæ нæ аразиккой, зæгъгæ.

О, хæдæгай, писмойы лæмбынæг ныффыстон, фембæлд куыд цæудзæн, уыдæттæ. Хъæумæ бацæуæны поэты размæ рацæудзысты ногдзаутæ. Культурæйы хæдзары йын æгасцуай зæгъдзæн хъæуы хистæр 112-аздзыд Ибрагим, йе ’мдзæвгæтæ йын кæсдзысты скъоладзаутæ. Цæуынмæ куы фæзивæг кæна, уымæй тарстæн æмæ ма дзы кæронæй бафыстон: «Дыууæрдæм фæндагыл цы хæрдзтæ бакæнай, уыимæ таксийыл дæр, уыдон колхозы правлени йæхимæ исы».

Цыбыр дзырдæй, лæг таксийы бабадт æмæ Хуссайраг поселочы уылты Тарскæмæ араст. Шофыримæ баныхас кодта, фæстæмæ дæр мæ æрбаласдзынæ, зæгъгæ. Хъæугæронмæ бахæццæ сты, фæлæ дзы иу ногдзауыл дæр йæ цæст не ’рхæцыд, æрмæстдæр дзы кæйдæр хъазтæ æмæ рæуæдтæ хызтысты. Муссæ афтæ зæгъы, Октябрьскыл, дам, нæ цæуын хъуыди. Шофыр ын разил-базил кæныныл нал сразы, æмæ Культурæйы хæдзар бацагуырдтой. Йæ дуар æхгæд куы разынд, уæд, парторг кæм цæры, уымæй, уынджы цы лæппутæ лæууыд, уыдоны бафарстой. Хуыцаубон уыд, æмæ лæджы сæ цæхæрадоны цыдæртæ архайгæ баййæфтой.

Муссæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæсты уыдис æмæ салам дæр нæ ратта, афтæмæй йæм дзуры:

— Æз Муссæ дæн.

— Хъусын дæм, — æмæ парторг йæ сагойыл æрæнцой кодта.

— Æз поэт Муссæ дæн, æрбахуыдтай мæ, дæхæдæг та дæ цæхæрадоны куыстытыл схæцыдтæ!..

Лæг йæхинымæр ахъуыды кодта: «Чермены æррадонæй ма раирвæзæд. Уыдонæй дæр йæхи чи профессор фæхоны, чи — поэт...»

Ныр шофыр кæсы æмæ ныхæстæм хъусы. Уый тынгдæр йе ’хцайы мæт уыди, æндæр афонмæ йæ дымгæ дæр нал уыдаид. Куыддæртæй Муссæйы машинæйы сбадын кодта æмæ йæ фæстæмæ горæтмæ æрбаласта.

— Рæвдздæр æхца, — дзуры йæм шофыр. — Боны ’мбис мæ æгуыст фæкодтай!

Муссæ ма йын, колхоз дын бафиддзæн, зæгъынмæ хъавыд, фæлæ шофыры тызмæг цæстæнгасмæ куы бакаст, уæд ницыуал сдзырдта, йæ дзыппæй æхца систа æмæ шофырæн, цасдæриддæр ын загъта, уыйбæрц йæ къухы банымадта.

— Мурат, цыфæндыйæ дæр дзы хъæлдзæгдзинадæн æмбал нæй æмæ нæ ныхас худынæй фæуæм.

— Худинæгтæ мæм уыйбæрц ис, æмæ мын бонмæ дæр конд нæ фæуыдзысты, æмæ ма дын дзы кæронбæттæны иу радзурдзынæн...

— Уæд Министрты Советы куыстон. Розæ, зæгъгæ, нæм иу секретаршæ уыди. Алы кусæн уатмæ дæр бауайын уарзта, æмæ йæ æз йæ цымыдисы тыххæй маймули схуыдтон. Уый та мæнмæ ахæм номæй дзурын райдыдта. Кæмфæнды-иу мæ куы ауыдта, уæддæр-иу мæ разæй фæуыныл архайдта æмæ-иу мæм дардæй дæр, маймули, зæгъгæ, ныхъхъæр кодта. Æз Министрты Советы нал куыстон, фæлæ кæрæдзийы нæмттæ нæ ферох кодтам, куы-иу амбæлдыстæм, уæд-иу сæ æнæмæнг æрымысыдыстæм.

Чиныгуадзæн «Ир»-ы цал азы бакуыстаин, Хуыцау йæ зонæг, афтæ та Розæйыл профцæдисты хæдзармæ — чиныгуадзæн уæд уым уыдис — фæцæйцæугæйæ амбæлдтæн. Уый мæ раздæр ауыдта æмæ мæм хъæр кæны:

— Маймули!

Ныр мæ разæй иу авд-дæс санчъехы дарддæр цæуы иу сылгоймаг. Æз мæхи ницыхъусæг скодтон æмæ трогуарæй æрхызтæн. Дыккаг хатт «маймули», зæгъгæ, куы ныхъхъæр кодта, уæд сылгоймаг фæстæмæ фæкаст æмæ дис кæны, ай цы уа, зæгъгæ. Æз æм саст хъæлæсæй дзурын:

— Тротуарæй æрхиз, йæхи дыл ныццæвдзæн.

О Хуыцау, зæгъгæ, фæкодта æмæ мын афтæ:

— Дæуимæ ацæуон?

Мæ дæларм æй бакодтон æмæ суанг тигъмæ йемæ фæцыдтæн. Уый дарддæр цæуын хъуыд æмæ мын афтæ, цалынмæ уæллаг тигъмæ схæццæ уон, уæдмæ ам фæлæуу, мыййаг, дам, мæ куы расура. Гъемæ, мæгуыр, тарст сылгоймаг тагъд-тагъд уæлæмæ фæцагайдта. Фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта, кæд мæ фæсте сурæг и, зæгъгæ.

ЦЫППÆРÆМ ХАЙ

... Когда человек пишет о самом себе,

он пишет и о нас, и о других.

Виктор Шкловский

 

Зондджын адæмæй чидæр афтæ загъта, цыфæнды æвзæр чиныгæй дæр, дам, исты хорздзинад базондзынæ. Æз та афтæ зæгъин: «Цыфæнды æвзæр адæймагмæ дæр исты хорз миниуæгæн æнæуæвгæ нæй, уымæн æмæ æнæаипп куыд ничи у, афтæ æнæхорз дæр ничи у, фæлæ фыццæгтæн сæ хорздзинæдтæ фылдæр вæййынц, дыккæгтæн — се ’взæрдзинæдтæ, æмæ хæрзтæн сæ аиппытæ нал фæзынынц, æвзæртæн — сæ хорздзинæдтæ».

«Рæстдзинад»-ы куы куыстон, уæд нæм иу ницæйаг уыди. Асæй — дынджыр, хæрзконд, фæлæ дзы зæрдæ ницæмæй рухс кодта. Алы ран дæр пъæнæзау йæхирдæм ссывта. Уый сæрвæлтау та алцыдæр йæ сæрмæ хаста. Йе ’взæр миниуджытæн сæ фылдæр баст уыдысты козбаудзинадимæ. Кæйфæнды зæвæттæ дæр басдæрдтаид, æрмæст ын дзы исты пайда уæд. Цал æмæ цал стыр æмæ гыццыл хицауы бын атылди, цал æмæ дзы цалы йæхимæ бынмæ æркæсын кодта! Йæ сæрмæ æгаддзинадæй цы нæ хаста, ахæм нæ уыди. Æгады уавæрты йæ бирæ хæттыты федтон, фæлæ мæ дзы иу никуы ферох уыдзæн...

Уыцы рæстæджы фæсчъылдымæй бирæ цыдæртæ хастой. Зонгæ кæмæн уыдис, исты æнхъæлмæ кæмæ кастысты, æхца кæмæ уыдис, уыдон. Уæлдæр бынæтты бадджытæн та, хастой, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд бынтон раст нæ уыдзынæн, уымæн æмæ уыдонæн ласгæ кодтой. Æмæ-иу дефицит цæмæй нæ ацарæзтой! Суанг ма чъылдымсæрфæн гæххæтт дæр æнцонтæй ссарæн нæ уыдис. Куы-иу фæзындис, уæд-иу æй дуканигæстæ сæ хæстæджытæ æмæ хæлæрттыл айуæрстой. Цы ма-иу дзы аззад, уыдонмæ та дæргъæй-дæргъмæ рады лæууын хъуыд.

О, æмæ та иу ахæм рæстæг скодта, ома гæххæтт дуканимæ куы ’рбаластой, ахæм рæстæг. А Теуа — Мурат æй фæсномыгæй афтæ хуыдта — йæ цæсгомы руаджы кæдæмфæнды дæр бафсæрстаид, адæмы сæрты-иу йæ дынджыр къухтæй бацамыдта, уæртæ ма мын уый æмæ уый радæтт, мæн не ’вдæлы, зæгъгæ, æмæ та-иу дуканигæс дæр йæ коммæ бакаст. Йæ уындмæ гæсгæ йын исты ’нхъæл уыдысты, æмæ-иу æлхæнджытæ дæр фылдæр хатт йæ ныхмæ сдзурын ницыуал бафæрæзтой.

Гъе, æмæ нæ куысты бакомкоммæ цы дукани уыд, уырдæм уыцы агургæ æмæ æнæаргæ гæххæтт æрбаластой. Теуайæн йе смудæнтæ афтæ куыстой, æмæ гæххæтты тæф дæр дардмæ æмбæрстой. Уайтагъд хицаумæ смидæг, гæххæтт æй хъæуы æви нæ хъæуы, уый базоныны тыххæй. Хъуыдис æй, уый куы бамбæрста, уæд тагъд-тагъд асинтыл фæдæлæмæ кодта. Редактормæ куы бауад, уæд æз дæр уым уыдтæн æмæ сын сæ ныхæстæ фехъуыстон.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.