Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





НАРТЫ СÆФТ. НАРТЫ СÆФТ



НАРТЫ СÆФТ

НАРТЫ СÆФТ

Нарты тыхджынтæ иууылдæр фæцардысты хæцгæйæ. Бирæ тыхгæнджыты тых басастой. Нал сын уыд, сæ тых ма кæимæ бавзæрстаиккой, ахæм.

Хъуыды кæнын байдыдтой, чемæ ма бавзарæм нæ тых, зæгъгæ.

Уæд сын фыдбылызы Сырдон загъта:

— Хуыцауæн кувгæ кæнут, фæлæ ма йæ тыхæй дæр бафæлварут.

Нарт ын загътой:

— Кæм и, куы нæ йæ зонæм.

Сырдон сын загъта:

— Куы йæ смæсты кæнат, уæд уæм йæхæдæг зындзæни.

Нарт Сырдоны фæрсынц:

— Æмæ йæ цæмæй смæсты кæнæм?

— Цагъды фæуат, Нарт, — загъта Сырдон, — кæд искуы ис, уæд ын кувгæ мауал кæнут æмæ йын йæ ном ферох кæнут. Стæй уæ дуæрттæ бæрзонд саразут, цæмæй уæ сæртæ гуыбыр ма кæнат, намæ, мæнæн кувынц, зæгъгæ, зæгъдзæн. Афтæ куы бакæнат, уæд уæ йæхæдæг агурдзæн.

Нарт Сырдоны коммæ бакастысты. Сарæзтой сæ дуæрттæ бæрзонд. Ныууагътой сæ кувын.

Куынæуал хъуыды кодтой хуыцауы, уæд сæм зæрватыччы рарвыста:

— Фæцу мын Нартмæ æмæ мын сæ бафæрс, цæуыл у сæ тæргай? Зæрватыкк æртахти, Нарты Ныхасы талайыл абадт æмæ сын хатиагау радзырдта:

— Æз уæм дæн минæвар. Цы лæгæн куывтат, уый мæ рарвыста: «Цы кодтон, Нарт, цæуыл фæтæргай стут?»

Уырызмæг æй бамбæрста æмæ Нартмæ бадзырдта:

— Кæй агуырдтам, уый нæм йæхæдæг минæвар æрæрвыста, æмæ минæварæн дзуапп радтын хъæуы. Цы дзуапп ын радтон, ууыл атæрхон кæнут æмæ мын æй æмдзыхæй зæгъут.

Нарт ын загътой:

— Æмæ нæ цы тæрхон кæнын хъæуы? Рагæй йыл куы тæрхон кæнæм. Мах хуыцауæн лæггад бирæ фæкодтам, фæлæ нæм уый йæхи дæр никуы равдыста. Гъеныр рацæуæд, æмæ нæ тых бавзарæм.

Уырызмæг афтæ радзырдта зæрватыккæн. Зæрватыкк атахт æмæ сфардæг ис хуыцаумæ æмæ йын рафæзмыдта Нарты ныхæстæ.

Хуыцау та зæрватыккæн зæгъы:

— Иу здæхт-ма акæн æмæ сын зæгъ: «Мыййаг уыл куы фæтых уон, уæд уын уæ мыггаг иууыл сыскъуынон, æви ма уæ фыдвæд ныууадзон?»

Раздæхт зæрватыкк æмæ та Нартмæ æртахти.

Радзырдта сын хуыцауы ныхас.

Нарт бакастысты кæрæдзимæ æмæ зæгъынц:

— Кæд нын нæ мыггаг скъуыны, уæд нын æй бынтон сыскъуынæд.

Се ’дылытæ дзурынц:

— Æвæды бæсты уадз æмæ фыдвæд дæр уа.

Æмæ сæм уæд Уырызмæг бадзуры:

— Фыдвæдæй æвæд хуыздæр у. Цы дзы кæнæм æнусы цардæй? Нæ нæ хъæуы æнусы цард, фæлæ нын радтæд æнусы кад.

Нарт Уырызмæджы ныхасыл уæлдай нал загътой.

Хуыцау смæсты ис æмæ сæм Уастырджийы рарвыста, æмæ сæ Уастырджи ралгъыста: «Уæ боны куыст иу голладжы дзагæй фылдæр ма кæнæд!»

Цалдæр хоры мæкъуылы-иу æрнай кодтой Нарт, æмæ сын дзы-иу рауад æрмæст голладжы дзаг. Фæлæ Нарт хъуыдыджын куыннæ уыдысты, æмæ ныхъхъуыды кодтой æмæ бон æрмæст иу уыгæс най кæнын райдыдтой, æмæ сæм алы уыгæсæй дæр цыдис иу голладжы дзаг, мæкъуылæй та — дæс голладжы. Афтæмæй сæ цард цыдис æфсæстæй. Хуыцау сын сæ хин куы базыдта, уæд сæ ралгъыста, æмæ сæ хуымтæ бон цъæх кодтой, æхсæв та-иу кæрдинаг сысты.

Бон-иу ацыдысты Нарт, æмæ — сæ хортæ цъæх; æхсæв дæр-иу сæм куы ацыдысты кæрдынмæ, уæд дæр-иу цъæх фестадысты. Уæд сарæзтой сæ хуымты цур халагъудтæ æмæ дардтой сæ фæтты фындзтыл саджил æрцытæ æмæ-иу хорты уымæй фехстой, æмæ-иу уыцы саджил арц кæй алыг кодта, уый-иу райсоммæ дæр баззадис цæттæ æфсирæй.

Æфсирæн-иу йæ хъæды арх дæр æрыссадтой йæ нæмыджимæ æмæ афтæмæй афæдзæй-афæдзмæ фæцардысты.

Стæй загътой: «Нæхуыдтæг куы радтам хуыцауæн дзырд — æнусы цардæй æнусы кад хуыздæр у, зæгъгæ».

Æмæ уыйадыл алчидæр йæхицæн ингæн къахыныл ныллæууыдис, æмæ уым сæхи калын байдыдтой.

Афтæ ’рцыди се сæфт разагъды Нартæн.

НАРТЫ ÆМБИСÆНДТÆЙ[2]

• Нарт æрвон зынгæй равзæрдысты.

• Далæ быдыры гутонджынтæ, Нарты Уырызмæг — сæ гутондар! (Зарæджы ныхæстæй)

• Саг Нартæн — адæг ласынæн.

• Царциаты Суа æмæ Нарты Уырызмæгау рæдау.

• Ацæмæзы хуынд æмæ дæ Агуындæйы лæвар баййафæд!

• Уазæг нæртон лæгмæ цæуы.

• Нæртон фысым тынгæрфыг вæййы.

• Хорз æфсин Сатана, Нартæн зонд чи амыдта, йæ дыууадæс къæбицы хæрд æмæ нозтæй дзаг кæмæн уыдысты.

• Сатанайы цонгæй æнтыд фæу!

• Се ’нтауæг Сатана, сæ кувæг Уырызмæг!

• Сæ бæгæны Сатанайы фых.

• Нартæн æрдхæрæны куывд тыхæвзарæн æмæ æууæнкæн уыди.

• Майрæмбон — Нартæн сæ кувæн бон.

• Нарты Уырызмæг зæгъ — æмæ цард цæуа, Сатана зæгъ — æмæ бæркад цæуа.

• Нарт гуыбыныл мард нæ уыдысты.

• Нарт Нарт уæд уыдысты æмæ ронгæй сæ бæрц куы зыдтой.

• Нартæн сæ арм арм уыди, сæ рард та кад уыди.

• Нарт æххуысæн æххуыс уыдысты, хæстæн — хæст.

• Нарты ныхас лæгты ныхас уыд.

• Нартау æмвæнд — уæларвмæ фæд.

• Нартæн сæ дзыхы ныхасы курдиат уыди.

• Цыппæрæм — Нартæн уынаффæйы бон.

• Нарт се ’взæрты зондæй нæ фарстой.

• Нарты сæ зонд нæ сæфта.

• Нарт сæ дзырд нæ сайдтой.

• Нартæн сæ дзырд фæсайынæй се ’ндон сау æфсæйнаг кодта.

• Нарт æппæлд адæм уыдысты.

• Нарт кадыл мæлæг уыдысты.

• Нарт фынæй лæг амарын сæ сæрмæ нæ хастой.

• Нартау иугъæдон.

• Нартау æргом æмæ растзæрдæ.

• Нарт сæхимæ дæр æнцад æрбадын нæ зыдтой: куы сæм-иу фатæвзарæн уыд, куы кардфæлварæн.

• Нарты ном æхсарæн баззад.

• Майрæмбон Нартæн сæ хæцæн бон уыд.

• Нартыл фыддæрæй-фыддæртæ сæмбæлд, фæлæ сыл ничи фæтых и.

• Нæртон лæг æхсары бын оффытæ нæ кæны.

• Нæртон туг зилы йæ тугдадзинты.

• Æхсæртæггатæ цыбыр мыггагæй хæрзхъæд æмæ сгуыхт уыдысты.

• Уадзæн Æхсæртæггатæ загъдæуы.

• Æхсæртæггатæ Йелиайау иудзæфон сты.

• Арв Батрадзæй нæрын нæ уæндыд.

• Уадзæн Сослан фæзæгъынц.

• Нарт фаты фындзмæ сæхи дардтой, карды коммæ — сæ бæрзæй.

• Нарт цæмæй Нарт уыдысты? — Тых æмæ хъаруйæ, зонд æмæ ’хсарæй.

• Нарт дæр æмдыхæй архайдтой.

• Нарт сæркъулæй нæ цыдысты.

• Нарт дзуæрттæн дæр нæ барстой.

• Фыдвæды бæсты — æвæд!

• Нартæн се ’рвон зынг раджы ахуыссыд семæ.

ДЗЫРДУАТ

А

Агуыр — æвæццæгæн, туркаг адæмыхатт — огуз-огур. Ирон адæмы фыдæлтæ — алантæ — огуримæ æмбæлдысты нæ эрæйы VI—VII æнусты.

Адайы хох — Ирыстоны хæхтæй иу, ис Зæрæмæг, Цъæй æмæ Рацъы æхсæн.

Аза, Аза-бæлас — кадджытæм гæсгæ, зайы дзæнæты; ис æм низтæ сурыны æмæ мард æгас кæныны тых.

Аласа — чысыл уæвгæйæ, тынг домбай чи у, ахæм бæхты мыггаг.

Алæгатæ — Нарты сæйрагдæр æртæ мыггагæй иу. Кæс: Æртæ Нарты.

Алæмæт — ам: тынг диссаг, стыр æмбисонд.

Аминон — ирон мифологийы — мæрдты бæсты дуаргæсы сæрмагонд ном.

Андиаг нымæт — дагъистайнаг нымæт; анди, зæгъгæ, афтæ хуыйны иу адæмыхатт Дагъистаны.

Ангусаг саргъ — цавæрдæр бæстæйæ («Ангусæй») æфтгæ саргъ.

Арвы айдæн — аргъæуттæ æмæ кадджытæм гæсгæ — æгас дунейы, суанг зæххы бын дæр, цы хъуыддæгтæ цæуы, уыдон кæм зынынц, ахæм айдæн.

Арвы рон — арвы æрдын.

Арт — схонæй зынг цы æндоны гæбазæй ацæгъдынц, уый.

Архъызы дæндаг — кæнæ хъох-дæндаг, Хæмыцы дæндаг; кадджытæм гæсгæ, ахæм дæндаг кæй комы уыдаид, уымæн йæ фæндоныл «нæ» никæцы сылгоймаг загътаид.

Арц — рагон рæхойæн хæцæнгарз; йæ даргъ хъæды кæроныл сагъд уыдис æрхуыйæ кæнæ та æфсæйнагæй конд цыргъ фындз.

Арыхъхъ — Елхотæй хурыскæсæнырдæм цы нæухохы рагъ ацыдис, уый сæрмагонд ном.

Арыхъхъытæ — лæнчытæ æмæ къуыппытæ арæх кæм ис, ахæм ран.

Арыхъ-сапон, Арыхъхъ-сапон — ам: хорз сапон. Арыхъхъыты ранæй-рæтты вæййы фынкгæнаг цъæх æлыджы мыггаг, фыццаг заманы дзы найгæйæ æхсадтой бæхтæ.

Астæрд — дурæй, хъæдæй, авгæй æмæ æндæр истæмæйты цъарæвæрд.

Астæуккаг Нарт — Нарты хъæуы æртæ сыхæй иу. Кæс: Æртæ Нарты.

Астфисынон, цыппæркъуымон хæдзар — раджы заманы-иу иуæй-иу хæдзæрттæ кæнæ мæсгуытæ, фидардæры тыххæй арæзт цыдысты афтæ, æмæ дзы мидæгæй уыдис цыппар къуымы, æддæрдыгæй та — аст фисыны.

Астымгæрдæг-къуыстымхал — астымты, дурджын рæтты кæрдæг тыхджын вæййы, æмæ, ома, астымгæрдæг арæххалæй, бирæйæ; хорз, барзджын кæрдæг.

Ахар-калак — æвæццæгæн, Ахал-калак, горæт Гуырдзыстоны.

Ахæсты аргъ — ахст лæджы, уацайраджы суæгъдгæнæггаг фиддон.

Ахст («цæргæсы хъæр æмæ сыл уарийы ахст фæкодта») — цъæхахст, цъæхснаг тыхджын хъæр.

Аххæрæг, аххæрджытæ — хохаг хæдзары цары хъæдтæ, цæджындзтыл чи æнцайы, уыдон; аххæрджыты уæлæ æвæрд вæййынц лыстæгдæр хъæдтæ — уæладзæнтæ, уыдон уæлæ та хъилтæ — æндзæлмттæ, стæй уæд пыхс, хъæмп æмæ сыджыт.

Ахъ-денджыз — Каспийы денджыз.

Ацц — хъæддаг бабыз (хъаз?).

Æ

Æвæд лæг — æнæцот, æнæбайзæддаг, æвæстаг.

Æвидигæ — æнæихсигæ; цасдæриддæр дзы хъауай, уыйас ногæй-ногмæ æфтгæ кæуыл кæны, ахæм исты.

Æвицог бæстæ — æнæсгæрст, æнæбæрæггонд, æнæхæрд бæстæ.

Æгъуыстуай куыд фæдæн — ома, куыд фесæфтæн, куыд бабын дæн.

Æйкæвдылд, айкæвдылд — «бæхы уым сапонæхсад, æйкæвдылд акодта» — ома, хорз æй цынадта.

Æлутон, æлутон фых бæгæны — ирон адæмы фыдæлтæ æлутон, зæгъгæ, афтæ хуыдтой бæрæг хицæн æгъдауыл конд бæгæны. Фæстагмæ «æлутон» æмбарын байдыдтой афтæ, цыма уый у цавæрдæр диссаджы хæринаг кæнæ нозт, йæ гыццыл фæхъæстæйæ дæр адæймагæн йе стонг мыггагмæ чи сæтты, низтæ чи суры, мард чи æгас кæны, адæймаджы цæрæнбон даргъдæр чи кæны, ахæм.

Æлхæд — ам: æлхæд адæймаг, цагъайраг кусæг.

Æмбырддон хæдзар — кæс: Æхсæртæггаты зæронд хæдзар.

Æммадæлонтæ — иу мадæй гуырдтæ.

Æмхицхæрæн Бæрæг обау — цавæрдæр бынаты, раны сæрмагонд ном.

Æмцег — фыццаг заманы-иу уыдис ахæм æгъдау, æмæ æдыхдæр мыггагæй чи уыд, ахæм хæдзар-иу хæссынмæ иста лæппу (кæнæ чызг) тыхджындæр мыггагæй. Æмæ уæд уыцы дыууæ хæдзары (дыууæ мыггаджы) кæрæдзийæн уыдысты æмцегтæ. Хъомыл кæнынмæ-иу цы лæппу кæнæ цы чызг радтой, уый та хуындис хъан.

Æндзалм — кæс: Аххæрæг.

Æрвыг — æрвгъуыз цъæх.

Æргъæу — рæсугъд æмæ зынаргъ дуры мыггаг, перламутр.

Æргъæуон цæхæр кæсаг — æргъæухуыз, перламутрхуыз цæппæрджын кæсаг.

Æрдамонгæ хæдзар — мыггаг-иу ард кæм хордтой, æвæццæгæн, ахæм хæдзар.

Æрдзæ («амардта сæдæ сæдæ æмæ æрдзæ сæдæ сырды») — мин.

Æрмийæ, æрмидаргæйæ æхсын — хæцæнгарз къухы, армы даргæйæ, æнæ истæуыл æрæвæргæйæ æхсын.

Æртæ абоны куывд — æвæццæгæн, æртæ къуырийы дæргъы куывд.

Æртæ Нарты — Нарты сæйрагдæр æртæ мыггаджы: Æхсæртæггатæ, Борæтæ æмæ Алæгатæ. Иуæй-иу варианттæм гæсгæ та, Нарты хъæуы æртæ сыхы: Уæллаг Нарт, Дæллаг Нарт, Астæуккаг Нарт.

Æрттигътæ — фæтты кæрæттыл-иу цы æртæтигъон æфсæн фындзтæ. (бырынчъытæ) конд уыдис, уыдон.

Æрфæн — Нарты хистæр Уырызмæджы æмбисонды бæхы сæрмагонд ном. Кадджытæм гæсгæ уый у зæххон бæхты «хистæр», ома, дам, бæхты мыггаг зæххыл уымæй рацыдис. Ирд æхсæвты арвыл цы урсбын фæтæн тæлм фæзыны æмæ ирон адæм, Æрфæны фæд, зæгъгæ, кæй хонынц, уый ном дæр рауадис ацы мифон бæхы номæй.

Æстæмæй-астмæ — амоны, «иннабонæй-иннабонмæ» цы амоны, уый. Кæс: Иннабонæй-иннабонмæ.

Æфсати — ирон мифологийы — сион сырдты æмæ цуаны бардуаг. Йæ бадæн бынатыл, кадджытæм гæсгæ, нымад уыд Адайы хох.

Æфсургъ — ирон мифологийы — тæхгæ æмæ æвæллайгæ, æвæлмæцгæ бæх.

Æхсæртæггатæ — Нарты сæйрагдæр æртæ мыггагæй иу. Кæс: Æртæ Нарты.

Æхсæртæггаты зæронд хæдзар, Алæгаты стыр хæдзар, Борæты æрдамонгæ хæдзар, Нарты иумæйаг хæдзар, Нарты æмбырддон хæдзар, Нарты кадджыты бирæ ис ахæм ныхæстæ: уыдон сты, æгас мыггаг ма-иу се ’ппæт иумæ куы цардысты, уыцы незаманты царды æгъдæутты бæрæггæнæн.

Æхсинæг — бæлон.

Æхснæрцъы — къутæр зайæгойы мыггаг, йæ зæнг вæййы фылдæр-фылдæр æнгуылдзы стæвдæн.

Æхсын — тар бурбын хуыз уæныг-гал.

Б

Бабиаг æфтаугæтæ — цавæрдæр бæстæйæ («Бабийæ») æфтгæ æфтаугæтæ.

Бадæн (Хæмыц... ныхъхъæр кодта Нартмæ: «Тулæг кæмæ ис, уый тулæджимæ рацæуæд, бадæн кæмæ ис; уый бадæнимæ рацæуæд, уыдон кæмæ не сты, уый та — фистæгæй, æмæ ахæссут уæхицæн сырдты мæрдтæ!» — ам: æвæццæгæн, бæх.

Баджиз дардзæн — бахъыг дардзæн.

Базæрдæхсайгæ ис — басывæрджын ис.

Бакайдта — ам: фæхъæуын кодта, фæцагъта.

Байзæддаг — цот, зæнæг, фæстагæттæ.

Балсæджы Цалх — ирон мифологийы — тыхджын удгоймаг цалхы хуызы, цардис уæлæрвты.

Балц — кæс: Стæр, Хæтæн.

Барастыр — ирон мифологийы — мæрдты бæсты хицау.

Бардуаг — рагон мæнгуырнындзинадмæ гæсгæ — бæрæг исты бар кæмæ ис, уыцы дауæг, зæгъæм: «Абоны бардуаг», «Рыны бардуаг», «Бынаты бардуаг».

Барысчъи — афтæ хуынди, марды тыххæй-иу фыдызгъæл æмæ урсаг куы нæ хордтой, уæд уый.

Басмахътæ — рагон къахыдарæс, хæдзары дарынæн, схъæл фындзтæ сын, сæ зæвæттæ та гом.

Бæлгъæ — бæрæг нæу, афтæ цавæр адæм æмæ бæстæ хуындысты, уый.

Бæх æууæрдын — дугъон бæхмæ сæрмагонд зылд кæнын.

Бæхджыны иу азæнтæ — «Уастырджийы гаджидау» кæнæ «фæндаггоны нуазæнтæ», зæгъгæ, кæй хуыдтой, уыдон.

Бестау — Пятигорск-горæты цур цы хох ис, уый ном. Туркаг æвзагыл «бестау» амоны — «фондз сæры», ома фондз цъуппы цы хохæн ис, уый.

Бидасы тахъа — Нарты кадджытæм гæсгæ, номдзыд Бидасы æмбисонды згъæр худ; хæсты коймæ-иу йæхæдæг абадти хæстоны сæрыл, æмæ-иу уыцы хæстон лæджы уæд кард дæр нал карста, фат дæр дзы нал хызти.

Болат — рагон æндоны мыггаг.

Бонасадæн кæнын — хи фæстиæттæ кæнын.

Бонвæрнон (кæнæ Боброн) — сæууон стъалы, бонырдæм цы стыр, ирд стъалы скæсы, уый.

Бонцау — иу бон цас ацæуæн ис, уый. Фæндаджы дæргъ-иу фыццагон рæстæджы нымадтой бонцаутæй.

Борæтæ — Нарты сæйрагдæр æртæ мыггагæй иу. Кæс: Æртæ Нарты.

Бузна, бузнаг нæл хуы — фыдмитæгæнаг, налат хъæддаг хуы.

Бурæ («бурæ нæл фыс») — хæрзхаст.

Бурæмæдз — мифон сасмы мыггаг.

Быцентæ — лыстæг адæмы мыггаг. Нарты Хæмыцы каистæ, Донбеттыртæй равзæргæ, цардысты зæххы бын.

Г

Галæгон — ирон мифологийы — дымгæты бардуаг.

Галуан — дурæй амад рæсугъд стыр хадзар, фидæрттæгонд, мæсгуытимæ, йæ алфамбылай — æмæхгæд быру.

Галхатт — дыууæ галæй иу хаттæн цы раласæн ис, уый.

Гамхуд — аргъæуттæ æмæ кадджытæм гæсгæ, ахæм худ, æмæ-иу æй адæймаг йæ сæрыл куы æркодта, уæд-иу ын уынæн нал уыдис, йæхадæг та уыдта алцы дæр.

Гæбæт — лалым.

Гæтæг — ирон мифологийы — суадæтты бардуаг, Сырдоны фыд.

Гурæй-гурмæ (гуырæй-гуырмæ) цæуын — ома, хæд фæстæ цæуын.

Гуры фидар — ис Гуры горæты, Гуырдзыстоны.

Гуыдын — раджы заманты-иу бæрæг истæй тыххæй, истæй номыл кодтой, иу лæг сисын кæй нæ фæрæзта, ахæм стыр уæлибæх; уый хуындис гуыдын; стыр кæрдзын дæр уымæ гæсгæ фæсномыгæй фæхонынц гуыдын.

Гуым, Гуымы быдыр — бæстæйы ном; æвæццæгæн, уый у — Хъуым, Хъуымы быдыр Цæгат Кавказы, ныры Пятигорскы цур.

Гуымирытæ — ирон таурæгътæм гæсгæ, зæххыл фыццаг равзæрд Уадмеритæ, зæгъгæ, ахæм адæмы мыггаг. Уыдон уыдысты ставд æмæ тыхджын адæм: кæмтты нæ цыдысты, зæхх сæ нæ урæдта. Уыдон фæстæ фæзынди æндæр адæм — Камбада, зондæй дæр æмæ тыхæй дæр Уадмериты хуызæн, фæлæ асæй тынг къаннæг, æмæ зæххыл цæрынæн нæ бæззыдысты. Уыдон дæр зæххы аккаг нæ фесты, æмæ та уæд хуыцау сфæлдыста Уæйгуыты. Уыдон дæр нæ фæрæстмæ сты, æмæ уæд хуыцау сфæлдыста Нарты. Нарт рауадысты зæххы аккаг адæм.

Гуыппырсартæ — уæнгджын, домбай, æххæстзонд, æгъдауджын æмæ номдзыд лæгтæ.

д

Дауæг, дуаг — ирон мифологимæ гæсгæ, бæрæг исты бартæ лæвæрд кæмæ уыдис, ахæм «чысыл» хуыцау.

Дæ хал, дæ бæндæн фæхауа — æлгъыст, ома, дæ мыггаг сыскъуыйа, цот дæ ма рацæуа, дæ цард рæстмæ ма фæуа.

Дæлдæртæ — лæггадгæнджытæ, дæлдæр адæм.

Дæллаг Нарт — Нарты хъæуы æртæ сыхæй иу. Кæс: Æртæ Нарты.

Дæлтъур — фыццагон ирон хæдзары артдзæсты фæйнæфарс-иу уыдис дуртæ æвæрд æхсидæвты кæрæттæ æрæвæрынæн, æмæ ахæм дур хуындис дæлтъур.

Дæргъ уæрхмæ гæрста — ома, йæ фæндаг цыбыр кодта.

Догъ, донхъ — хъуг, фыс, сæгъ иу дыгъдæн цы ’хсыр æркæны, уый.

Догъгъæрæг, доххæрæг — хуымтæм, уыгæрдæнтæм æмæ аф.д. дон уадзæн чысыл къанау.

Донбеттыр — ирон мифологийы — денджызтæ æмæ стыр дæтты бардуаг; Донбеттыртæ — Донбеттырæн йæ хæдзарвæндаг, денджызы бын цæрæг адæмы ном, стæй сæ бæстæйы ном дæр.

Дур-Дура — Нарты Хæмыцы бæхы ном.

Дывæрссагæй — (дывæрццæгæй) рабадтысты — дыууæ рæнхъæй.

Дыдзы хур — ирон мифологийы — мæрдты бæсты хур.

Дыдзы хъарм — цъус хъарм, хъæрмуст.

Дыууадæстæнон фæндыр — рагон ирон фæндыр.

Дыхъусыг — 1) тъæпæнбын стыр æрхуы аг (цæджджинаг); 2. дыууæхъусджын стыр дурын.

Дз

Дзаггарз — нозт, тынгдæр бæгæны, цы стыр мигæнæны рахæссынц бадтмæ, уый.

Дзауматухæг — фыццаг рæстæджы-иу ирон адæммæ, чындз хæсгæйæ, чындзы дзауматæ уыдысты хицæн лæджы æвджидгонд, æмæ уый хуындис дзауматухæг.

Дзæгъындзæг — маргъы мыггаг, гæркъæраджы хуызæн.

Дзæнхъайы цæст — кристалл.

Дзигло, хæххон дзигло — хæххон чысыл цъиу; ам уæйгуытæ афтæ хонынц Нарты.

Дзындз-аласа — зæлдагхуыз, сызгъæринхуыз аласа. Кæс: Аласа.

Дзыхы дон — Нарт нуазынæн цы донæй хастой, уый.

Е

Елиа — ирон мифологийы — арвы нæрд æмæ арвы æрттывды бардуаг.

Ердо — хуынкъ рагон ирон хохаг хæдзары цары, фæздæг æмæ рухс цæуынæн; иуæй-иу рæтты ма йæ хонынц «сæйраг», «сæйраг рудзынг».

Ехсыхъæд — къутæр, зайæгойы мыггаг; йæ зæнг вæййы фылдæр-фылдæр ехсыхъæды стæвдæн.

З

Залгъæд — ныллæг къутæртæй чи зайы, ахæм зайæгойы мыггаг; йæ зæнг у лыстæг æмæ цыбыр.

Залты мит — залты мит æмæ æнусты цъити — иттæг бирæ миты æруард, ома, залты бæсты цы мит æруары, ахæм.

Згъæр, згъæр хæдон — фыццагон хæстон дарæс, згъæр цæгтæй конд, адæймаджы буар кард æмæ фæттæй хъахъхъæныны тыхкæй.

Зилахар — Нарты хъазæн фæз, Нарт фат æмæ ’рдынæй, кардæй, дугъы уайынæй, кафын æмæ симынæй сæ хъару кæм æвзæрстой, уый.

Зонынджын — цы ’рцыди æмæ цы ’рцæудзæн, уый чи зоны, ахæм адæймаг.

Зым — хъæддаг гогыз.

и

Ивазн — цæнгтæ фæйнæрдæм айвазгæйæ, иу къухы кæронæй иннæмæ, рагон рæстæджы дæргъбарæн.

Иннабонæй-иннабонмæ, иу абонæй иннæ абонмæ — æвæццæгæн, къуыри.

Иумæйаг æмбырддон хæдзар — кæс: Æхсæртæггаты зæронд хæдзар.

к

Кадзитæ — кадджытæм гæсгæ — зæххы бын, денджызы бын цæрæг адæм; дæлимонтæ, зинтæ.

Кайын — хъауын, фæхъуаг кæнын.

Кæраз — цæджындзтыл арæзт тапкагонд. Рагон рæстæджы-иу æрвдзæфы кæнæ æнæуый марды æвæрынæн ныссагътой бæрзонд цыппар цæджындзы, сæ уæлæ цæхгæрмæ кау кæнæ хъилтæ æвæрд, афтæмæй.

Кæрдих — карст, хай исты хæринагæй.

Кæфты-Сæр-Хуыйæндон-æлдар — ирон мифологийы — кæфты, кæсæгты бардуаг.

Курдиат — 1) кадджытæм гæсгæ Нартмæ хуыцауæй уыдис ахæм лæвар, æмæ-иу сæ цы бафæндыд, уый-иу æрцыдис; 2) стыр зæрдæргъæвддзинад, стыр зонд, иттæг арæхстдзинад истæмæ; зæгъæм, фыссæджы курдиат, нывгæнæджы курдиат; 3) курындзинад.

Куый хъæд, куый дур баисты — ома, фæйнæрдæм ныххæлиу сты, ныппырх сты.

Куырдалæгон — ирон мифологийы — уæларвон куырд, куырды куысты бардуаг; Нартæн кодта хæцæнгæрзтæ, сæрыдта Нæртон адæмы.

Куырыппы бæрзонд — нæухох, ис Цæгат Ирыстоны.

Куыф — стыр чыргъæд; хохы дзы хуымтæм фæласынц фаджыс.

Къ

Къала бæлас — æнæхъæн бæлас æд къалиутæ æмæ æд уидæгтæ.

Къаты бон — кусгæ бон (бæрæгбон нæ, фæлæ).

Къæрид, кæрид — кæрцы хæррæгъ, æвзæр кæрц.

Къæсса — цармæй конд голлаггонд.

Къоти — хæф, цъæй, фаджыс. «Къоти калын» — хæлæф кæнын, зыд кæнын.

Къулбадæг ус — ирон аргъæуттæ æмæ кадджыты — сидзæргæс ус, хибар ран цæрæг, хинтæ æмæ кæлæнтæгæнæг, дунейыл цы ’рцыди æмæ цы ’рцæудзæни, уыдон зонæг.

Къусбæрттæ кæнын фæныкæй — фæныкæй хъазын, фæнык барын.

Къухдзæг — хъомвосæй найгæнгæйæ, цæджындзмæ æппæты хæстæгдæр цы стур вæййы, уый.

Къуыстил — æнæхъæн хъæды лыггагæй конд, къахт мигæнæн.

Къуыстымхал — кæс: Астымгæрдæг-къуыстымхал.

л

Лæгдон — рæстæгмæ цæрæн бынат хъахъхъæнджытæн, фосгæсæн æмæ аф. д.

Лæглæууæн дзыхъхъ — ирон куырдадзы мидæг-иу хъæсдарæг арæзт уыдис ныллæг къуыдырыл, æмæ цæмæй куырды æгæр тынг гуыбыр кæнын ма хъуыдаид, уый тыххæй-иу хъæсдарæджы фарсмæ уыдис дзыхъхъ къахт, гъе уый хуындис лæглæууæн дзыхъхъ.

Лыстхуыд — ома, лыстæг сынкæй хуыд.

м

Мады бæх — фыццаг рæстаджы-иу сиахс, ирæдæй уæлдай, чызджы мады номыл цы бæх лæвар кодта, уый.

Мæ сæры хицау — кæс: Хицау.

Мæргъгæ — бадæн саргъы гæрз, бæхы риуыл кæнгæ, саргъ фæстæмæ цæмæй нæ быра, уый тыххæй.

Мæрдæгъдау, марды æгъдау — фыццаг рæстæджы-иу, мардмæ бацæугæйæ, нæлгоймæгтæ хостой сæ сæртæ (ехсæй, тымбылкъухæй), сылгоймæгтæ — сæ уæрджытæ, сæ рустæ. Уый хуындис мæрдæгъдау.

Мæрт — фыццаг заманы хорбарæн, æхсæз килограммы бæрц.

Мæхæлыстыгъд — лалымыстыгъд.

Мидгъуын къæрид — бæгънæг буарыл конд кæрц.

Миф — рагон адæмы таурæгъ, дуне æмæ адæмты равзæрды тыххæй, æрдзы фæзындты тыххæй, хуыцæуттæ æмæ хъæбатырты тыххæй.

Мифологи — искæцы адæмы равзæрды тыххæй, дауджытæ, сгуыхт лæгтæ æмæ æндæр ахæмты тыххæй рагон таурæгътæ, мифтæ се ’ппæт иумæ.

Мондаджджын — æфхæрæн дзырд сылгоймагæн; хæлд, æдзæсгом.

Мусонг — сырддзæрмттæй кæнæ бæласы къалиутæй конд рæстæгмæ цæрæнбынат, халагъуд.

Мыдамæстытæ — мыдджын хыссæйæ конд кувинæгтæ.

Мысыр — Египет.

н

Наййаг — най цы стурæй фæкæнынц, уый; æфхæрæн дзырд.

Налхъуыт-налмас — зынаргъ дуры мыггаг, æвæццæгæн, бриллиант.

Нæ хицау — кæс: Хицау.

Нæрæмон — йæхиуыл хæцын, йæхи уромын чи нæ фæразы, æрхъæцмæ чи нæ хъæцы, ахæм адæймаг.

Ногбон — ам: Ногбоны бардуаг.

Ноггæнæн суадон — кадджытæм гæсгæ-иу уыцы суадоны доны йæхи чи цынадта, уый-иу фестадис хæрз æрыгон адæймаг.

Ныв, нывы конд — амонд, хъысмæт, ныхыфыст.

Ныккæнд — зæххы бын конд цæрæн бынат, фосы бынат, хæзна дзауматæ æвæрæн бынат.

Ныккола — ирон мифологийы — дуаджы ном.

Нымд кæнын — æгъдау дæттын.

Ныхыдзуарджын — амондджын.

п

Пысултæ — уæлæдарæс.

р

Реком — ирон мифологийы — стурвосы бардуаг. Рекомы кувæндæттæ Ирыстоны ис цалдæр раны. Сæ тæккæ рагондæр ис Цъæйы комы.

Рифтаг — дзæкъул, хордзен.

Ронг — Нарты нозт, тынг хæрзад æмæ карз.

с

Сагъадахъ — Нарты кадджыты: иу варианттæм гæсгæ у фатдон, иннæ варианттæм гæсгæ та — хæдæхсгæ фатдон.

Саденджыз — æвæццæгæн, Сау денджыз.

Сафа — ирон мифологийы — артдзæсты, уæларт рæхысы, цыргъаджы æмæ бинонты царды бардуаг.

Сахсæн — бæхы къæхтæбæтгæн, гæрзæй конд.

Сæйраг, сæйраг рудзынг — кæс: Ердо.

Сæрæй исгæ æмæ бынæй ахадгæ — кадджытæм гæсгæ — ома, уæле дзы цас исай, уыйас бынæй æфтгæ кæуыл кæны, ахæм.

Сæрджын саг — ома, стырсыкъаджын саг.

Сæры хицау — кæс: Хицау.

Сæрын — æфсæйнаг, æндон хъæбæрдæр кæнын. Ам фылдæр вæййы Нарты хъæбатырты сæрыны кой. Зæгъæм, Батрадз йæхи байсæрын кодта уæларвон куырд Куырдалæгоны куырдадзы. Сослан йæхи байсæрын кодта бирæгъы ’хсыры.

Сæццæйæ аззад — джихæй, сагъдауæй аззад.

Сехы гоппыл фæхау — æлгъыст, ома, фесæф, бабын у.

Силæм — куыдзы ном; Силæм у зæххон куыйты хистæр, зæххон куыйты мыггаг цы куыдзæй рацыд, уый.

Совахъхъ — маргъы мыггаг.

Софиайы зæппадз — Батрадз Софиайы зæппадзы куыд ныгæд æрцыдис, уый фæсномыгæй æвдисы чырыстон дины фæуæлахиздзинад муртаккаг диныл. Чырыстон дин цыдис Византийæ, æмæ уым та стырдæр æмæ рæсугъддæр аргъуан уыдис Софиайы аргъуан.

Ссын — ам: цыргъ кæнын.

Стæггаг, сымахæй нæ стæггаг куы уаид — ома, сымахæй нæм сылыстæг куы уаид

Стæр — хæстон балц къордæй.

Стæрон — стæры уæвæг.

Стыг, «мигъы стыг» — мигъы цъупп.

Стыггай — къордгæйттæй, дзыгуыртæ-дзыгуыртæй.

Стъæлды фæуай — ома, фесæфай, бабын уай.

Суанг (дысон иу суангыл цуаны ацыдтæн) — фахс.

Сухы цагъд — ома, бындзагъд.

Сы — сыкъа.

Сылæгмигъ — бæзджын сур мигъ.

т

Танхъа — фынк.

Тапка — цауд агъуыстгонд.

Таранджелоз — ирон мифологийы — дзуар; йæ кувæндæттæ баззадысты Тырсыйы, Тибы.

Тархъы Сындз — бæсты ном Каспийы денджызы был.

Тахъа — згъæр худ; кæс: Бидасы тахъа.

Тæтæртупп — ирон мифологийы — дуаджы ном.

Телыг — ставд лæдзæг.

Тинты кæрц — зынаргъ сырддзæрмттæй конд кæрц.

Тулæг — уæрдон.

Тутыр — ирон мифологийы — бирæгъты бардуаг.

Тыбауы хох — ис Цæгат Ирыстоны, Дæргъæвсы комы.

Тылиф кæны — хи фæиуварс кæнын, фæфæливын.

Тъ

Тъæр — къонайы цур сугтæвæрæи, дур кæнæ æфсæйнагæй.

Тъыфыл цæргæс — стыр цæргæс.

У

Уаддымд — ирон мифологийы — уадау тагъд уайаг бæхы мыггаг.

Уаддымдтæ — уад йæ мит кæмæн фæхаста, ахæм зæххы гæппæлтæ хæхты.

Уадсур — ирон мифологийы — уад æййафæг бæх.

Уаз, Уаза, Уазы къуыпп — хохы ном Дыгургомы.

Уарби — бæрæг нæу, афтæ цавæр бæстæ æмæ адæм хуындысты, уый.

Уарпы фидар — уыдис ныры Кубаны облæсты, Урупы доны был.

Уарт — фыццаг рæстæджы — карды цæфæй хи хъахъхъæнын стыр чъиригонд хæстон дзаума, цонгыл кæнгæ.

Уас-къуыпп — кувæн къуыпп.

Уацамонгæ, Амонгæ, Нартамонгæ — кадджытæм гæсгæ, Нарты диссаджы зонынджын къус, кæхц, хъæбатырты кæхц. Уыдис æм ахæм миниуæг, æмæ-иу стыр хæстон сгуыхтдзинæдтæ чи равдыстаид, стæй йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй æрмæст дæр æцæгтæ чи радзырдтаид, уымæ-иу йæхæдæг йæхи æгъдауæй бацыди: иннæтæй йæ къухы никæмæн æфтыд Уацамонгæйæ бануазын.

Уæладзæн — кæс: Аххæрæг.

Уæлæндыг — зæронд ирон хæдзары-иу артдзæсты сæрмæ уыдис дыууæ хъилы ауыгъд, сæ уæлæ та кау (хуынди «æндыг») — истытæ æвæрынæн. Уыцы хъилтæ хуындысты уæлæндгуытæ.

Уæллаг Нарт — кæс: Æртæ Нарты.

Удæвдз — Нарты кадджыты — диссаджы уадындз, йæхæдæг йæхи æгъдауæй алы зарджытæ чи кодта, ахæм.

Уыдисн — дисны.

Уырдæндах — уырд — тынуафæн дзаума; уырдæндах — уырдтæ цы æндахæй арæзт сты, уый.

Уытъыр — доны цæрæг зулкъ.

Ф

Фалгæрæттæ — куыройы фыдæй фæлгæтæджы æхсæн цы ссады рыгтæ æрæмбырд вæййы, уыдон.

Фæлвæра — ирон мифологийы — фысвосы бардуаг.

Фæндырты уæ фæцæгъддзысты — ома, зарджытæ уыл фæкæндзысты.

Фæрирнк — цирхъ кæнæ æхсаргарды мыггаг.

Фæсмæргомау лæппу — къæйныхгомау лæппу.

Фæснах — бæрæг нæу, фæлæ, æвæццæгæн, роныл ауыгъд истытæ æвæрæй.

Фæтк — æгъдау, уаг.

Фæтыг — бæрæг хицæнхуызон æндоны мыггаг.

Фосы конд — мулкыл фæхæст.

Фыранк — тигр.

Фурд — 1) денджыз, 2) сындæг чи цæуы, ахæм стыр дон.

Фыдвæд — фыдцот, æвзæр байзæддаг.

X

Харæ хъуымац — зæлдаг хъуымацы мыггаг.

Хатиаг æвзаг — бæрæг нæу, цавæр æвзаг у, уый.

Хахиаг хæрх идон — бæрæг нæу, цавæр ндон у, уый.

Хæзмы быдыр — бæрæг нæу, цавæр быдыр у, уый.

Xæлцон — дзæкъул, хызын.

Хæрзæджытæ — адæмы хæрзтæ.

Хæстбойнон (хъæстбойнон) баци — басывæрджын и.

Хæтæн — балц фос фæкæныны тыххæй.

Хицау — ам: фыццагон ирон æгъдаумæ гæсгæ сылгоймагæн не ’мбæлди йæ ладжы ном, йæ тиуы ном, йæ ладжы фыды ном, уыдонæн сæ мыггаджы ном дзурын, фæлæ сæ-иу амыдта фæсномыгæй. Йæ ладжы хуыдта «мæ сæрыхицау», йæ лæджы фыды — «нæ хицау» æмæ аф. д.

Хорасанхуд — хорз цъæх уæлдзарм худ. Хорасан, зæгъгæ, афтæ хуыйнынц бæстæ æмæ горæт Ираны.

Хорæлдар — ирон мифологийы — хорты бардуаг.

Хорхор бæх — хорæй хаст бæх.

Xор-хос — хор æмæ хосæй цыдæриддæр ис, уый. Ам: бирæ фæллæйттæ.

Хуыйысæр — рагон ирон хъисын фæндыр.

Хуындæджы бадæг — фыццаг рæстæджы ирон адæммæ уыдис ахæм æгъдау: ног чындзæн, йæ чындзы ’рцыдæй цалынмæ афæдз рацыдаид, уæдмæ йæ фыды хæдзармæ цæуын не ’мбæлди. Афæдзы фæстæ-иу ацыд йæ цæгатмæ æмæ дзы-иу дзæвгар рæстæг фæци. Гъе уыцы рæстæг хуынди «хуындæджы бадæн» рæстæг, чындз та-иу хуынди «хуындæджы бадæг».

Хуысар хъуымац — зынаргъ зæлдаг хъуымац.

Хуыцауæгас загъта — хуыцаумæ скуывта.

Хъ

Хъабахъ — фыццаг рæстæджы — даргъ хъил, йæ уæлæ нымæты кæнæ фæйнæджы гæбаз фидаргонд, марды номыл мысан ахсынæн.

Хъамбул уæраг — фидар уæраг.

Xъан — кæс: Æмцег.

Хъандзал — 1) æндоны хицæн мыггаг, тынг хъæбæр; 2) æндонæй конд цъæт.

Хъандзалджын тулæг — цъæтджын уæрдон.

Хъандзалсæфтæг бæх — æндонсæфтæг бæх.

Хъара-денджыз — Сау денджыз.

Хъара-сапон — сау сапон.

Xъæрæу — иуцæстон, сохъхъыр.

Хъæргæнаг — топп (цуанонты æвзагыл).

Хъох-дæндаг — кæс: Архъызы дæндаг.

Xъуаз — хъуг (сыл) саг.

Xъугом — егъау хуымгæнды зæхх хæхбæсты.

Хъуымбылæг — къоригонд; хъуымбылæгтæ-иу анвдæрæн кодтой карды фистоныл.

Хъуытаз — чысыл дзæнгæрæг.

ц

Цам — къæмдзæстыг, æгад, аххосджын.

Цæджджинаг — стыр æрхуы аг бæгæны æмæ фыдтæ фыцынæн, йæ бын цыргъ. Уыдис хæзна дзаумайыл нымад.

Цæхгæр — бæгæныстон стыр уæрæх гарз.

Церечы згъæр — кадджытæм гæсгæ — номдзыд лæг Церечы згъæр хæдон. Хæсты коймæ-иу йæхæдæг йæ хицауы уæлæ фестад, æмæ йæ уад кард нæ карста, фа<



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.