Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





УАСТЫРДЖИ ÆМÆ НÆРТОН ÆНÆФЫНДЗ МÆРГЪУЫДЗ



УАСТЫРДЖИ ÆМÆ НÆРТОН ÆНÆФЫНДЗ МÆРГЪУЫДЗ

Уастырджийæн уыдис дыууæ усы.

Дард балцы ацæуын сфæнд кодта Уастырджи æмæ йæ дыууæ усæн зæгъы:

— Фæндаггæгтæ мын æрцæттæ кæнут, хæрынæн мын адджын чи уа, хæссынæн рог, стæй мын тагъд ахуыйут дзаумæттæ.

Дыууæ усы февнæлдтой бæлццоны арæвдз кæнынмæ. Уæд хистæр ус кæстæрмæ афтæ дзуры:

— Ахуый тагъддæр, ахуый, нæ лæг тагъд цæуы.

Уæд ын кæстæр ус зæгъы:

— Цас тæрсыс нæ лæгæй, Нарты Мæргъуыдз, мыййаг, дын куынæ у!

Хистæр ус кæстæрмæ уæд афтæ бадзуры:

Æмгар æмгарæн нæ лæгæй сомы куы кæны, адæмы хæрзтæ нæ лæджыстæн куы кæнынц, уæд ма Мæргъуыдз та чи у? — йæ кой дæр ын куы ничи хъусы!

Бон-изæрмæ хистæр ус кæстæрмæ дзургæ дæр нал скодта. Изæры Уастырджи æрцыди, æмæ уымæ дæр нал дзырдта.

— Цы кæныс, цæуылнæ мæм дзурыс? — зæгъгæ, йæ фæрсы Уастырджи.

— Куыд ма дæм дзурон, абон мын дæлæ дæ уарзон ус цы загъта?! Ахуый, зæгъгæ, йын зæгъын, нæ лæг цæугæ кæны балцы, æмæ тагъддæр фезмæл. Уый мын афтæ бакодта: «Уагæры цас тæрсыс нæ лæгæй, Нарты Мæргъуыдз дын куынæ у, мыййаг!»

Æхсæвы ныххуыссыдысты. Райсомæй Уастырджи йæ бæхыл сбадтис æмæ араст ис. Уынджы сæмбæлд йæ кæстæр усыл æмæ йын афтæ зæгъы:

— Уæ, æнаккаг, знон та цытæ фæдзырдтай?

Уый йын загъта:

— Бæгуы фæдзырдтон, фæлæуу æмæ дын сæ дæхицæн дæр зæгъон.

Нал æм фæлæууыди Уастырджи. Араст ис æмæ цæуын байдыдта. Иу æвицог бæстæм бафтыд æмæ сæмбæлд бæхрæгъауыл, — уыцы иухуызон цъæх бæхтæ уыдысты, йе дзы къах æндæрхуызон нæ уыди, йе хъус. Йæхинымæры дис кæны Уастырджи: «Адон иу лæджы бæхтæ уаиккой, æмæ уыйбæрц иу лæгмæ куыд уыдзæн?»

Сæ гæсты сын бафарста:

— Адон кæй бæхтæ сты, иу мадæй райгуырæгау уыцы æмхуызон куы сты?

— Адон сты Нарты Мæргъуыдзы бæхтæ, — зæгъгæ, загътой бæхгæстæ.

Ноджы тынгдæр ныддис кæны Уастырджи: «Уæ, йæ хæдзары ахсджиаг амæла, цавæр лæг у! Уæдæ йæ дауджытимæ дæр куы никуы федтон!»

Уырдыгæй рацыд æмæ та иу галрæгъауыл æрбамбæлди — сыгъдæг иухуызон урсдзых æхсынтæ. Бафарста хъомгæсты:

— Кæй галтæ сты адон?

Æмæ сæ гæстæ загътой:

— Адон сты Нарты Мæргъуыдзы галтæ.

«Цавæр лæг у уагæры, йе йæ дауджытимæ куы никуы федтон, йе йыл зæххыл куы никуы сæмбæлдтæн?!» — дисты бацыд Уастырджи. Уырдыгæй дæр та ацыди. Фембæлд ахæм фысты дзугыл, æмæ зæххыл нæ цыдысты, ноджы уыдысты уыцы иухуызон саукъæхтæ æмæ саусæртæ.

Бафарста фыййæутты:

— Адон кæй фос сты?

Уыдон загътой:

— Адон сты Нарты Мæргъуыдзы фысвос.

«Цавæр диссаг у, уыйбæрц хъару йæм кæцæй ис? Дауджытæй дæр уыйбæрц фос куы никæмæ уынын!» Уырдыгæй ацыди; иу боны бонцау та куы фæцыди, уæд сæмбæлд, хъугрæгъауыл — æмхуызон фæздонджын хъуццытæ. Тынг та фæдистæ кодта Уастырджи. Бафарста хъомгæсты:

— Адон кæй хъуццытæ сты?

— Адон сты Нарты Мæргъуыдзы хъуццытæ.

Дисгæнгæйæ та рацыд уырдыгæй дæр. Иу боны бонцау та куы фæцыди, уæд иу хъæумæ баввахс ис; кæсы, æмæ хъæуы сæр дыууæ зæронд лæджы иумæ бадынц æмæ кæрæдзийæн ныхæстæ кæнынц, — сæ иу родгæс уыди, се ’ннæ та уæлыгæс.

— Уе ’зæр хорз уа, — зæгъгæ, сæм сдзырдта Уастырджи.

— Хуыцауы хорзæх дæ уа, уазæг, æмæ æгас цæуай!

— Ныббарут мын, Нарты Мæргъуыдз кæм цæры, уый мын бацамонут.

Дыууæ зæронд лæджы фæдис кодтой:

— Мæргъуыдз кæм цæры, уый чи нæ зоны, уый цавæр адæймаг у?

Уастырджи сын зæгъы:

— Ма мыл фæхудут, дардæй æрцæуæг лæг дæн.

Уæд сæ кæрæдзимæ бакастысты дыууæ зæронд лæджы æмæ загътой:

— Æвæццæгæн, Мæргъуыдз кæдæм нæ хæццæ кæны, ахæм бæстæ дæр ма ис.

Æмæ йын бацамыдтой:

— Дæ конд дзæбæх у, дæ уынд дзæбæх у, дæ бæхы арæзт дæр хорз у. Хъæуы астæуты стыр уынгыл ссу; иу ран уыдзæни авд уазæгдоны: æппæты уæллаг дауджыты бынат у, уый дæле — æлдæртты бынат, уый дæле та — фæрссаг адæмы бынат, уымæй дæлæмæ та кæвдæсæрдты æмæ иннæты бынæттæ сты. Дауджыты бынатæн бæхбæттæн уыдзæни сызгъæринæй, бæхбæттæнæй уазæгдонмæ та уыдзæн авгæй астæрд. Æлдæртты бынатæн йæ бæхбæттæн уыдзæн æвзистæй, бæхбæттæнæй уазæгдонмæ та уыдзæни æргъæуæй астæрд. Фæрссаг адæмты бынатæн йæ бæхбæттæн уыдзæн æрхуыйæ конд. Бæхбæттæнæй уазæгдонмæ та нæзы фæйнæгæй астæрд. Кæвдæсæрдты æмæ иннæ адæмты бынаты бæхбæттæнтæ та уыдзысты хъæдæй. Бæхбæттæнæй уазæгдонмæ та уыдзæн хъæмптыд. Дзæбæх лæппу дæ, æмæ дауджыты бынатмæ сфардæг у.

Ацыдис. Куы схæццæ ис æмæ бæстыхæйтты фæлгонцмæ куы бакасти, уæд йæхинымæры æрхъуыды кодта: «Цæй, мæхи ма растауон, кæвдæсæрдты бынаты ныллæууон». Æмæ рахызти кæвдæсæрдты уазæгдоны цур. Бабаста йæ бæх бæхбæттæныл, йæхæдæг бацыди кæвдæсæрдты уазæгдонмæ æмæ уым сбадтис. Мæргъуыдзæн йæ кæстæриуæггæнджытæ рауадысты æмæ бæх федтой: сызгъæринæй йыл цæфхæдтæ уыд, йæ саргъы дзаума та алы зынаргъ дурæй фæлыст. Ахæм диссаджы бæх куы федтой, уæд кæстæриуæггæнджытæ уазæгмæ нал бауæндыдысты, фæлæ Мæргъуыдзмæ ссыдысты, æмæ йын загътой:

— Ныббар нын, фæлæ нæ кæвдæсæрдты уазæгдоны иу уазæг æрæнцад, æмæ йын йæ бæхы алыфарс азылдыстæм, æмæ нæм дауджытæй дæр ахæм бæхыл ничима уыди.

Мæргъуыдз сын загъта:

— Ацæут æм æмæ йæ бафæрсут, чи у, цавæр у, уымæй!

Рацыдысты йæм, рудзынгæй йæм бакастысты, — мидæмæ цæуын æм нæ бауæндыдысты. Уазæгдоны цырагъ сыгъди, æмæ цырагъæй уазæджы дзаумæттæ тынгдæр æрттывтой. Фæстæмæ ссыдысты Мæргъуыдзмæ æмæ йын зæгъынц:

— Бацæуын æм нæ бауæндыдыстæм, бакастыстæм æм, æмæ æнкъардæй бады. Диссаг у йæ уынд.

Уæд Мæргъуыдз йæхæдæг дисы бацыдис: «Ау, мæ кæстæриуæггæнджытæй ахæмтæ куы ис, æмæ дауджытимæ чи цæуы, уæд уыдон кæмæ нæ уæндынц, уый цавæр уыдзæн? Уастырджи, зæгъгæ, ма фæдзурынц, æмæ уый мæхæдæг дæр никуы федтон. Цæй æмæ фæдис фæкæнон, фæдисмæ Уастырджийы цæуаг хонынц, æмæ кæд уый уа, уæд æй базондзынæн».

Мæргъуыдз ахæм сау рувас рауагъта, æмæ йæ алы ’рду дæр хурау худгæ кодта, Бонвæрнонау тыбар-тыбур. Фæсивæд рувасы асырдтой быдырмæ, æмæ та сын хъæугæрæтты æрбалыгъди. Дыккаг хатт та йæ асырдтой, æмæ сын хъæуы астæуты алыгъди.

Къæйных сылгоймæгтæ схъæр кодтой:

— Фæдис! Не ’рра фæсивæд быдырты цы рауай-бауай кæнынц: мæнæ куы и сырд!

Æмæ сылгоймаджы хъæр дардмæ кæм нæ хъуысы! — кæвдæсæрдты уазæгдонмæ фехъуысти. «Ай цавæр фæдис у?» — зæгъгæ, разгъордта Уастырджи æмæ йæ бæхыл абадти. Уæд æм иу ус афтæ дзуры:

— Уæ, уайых фæуай, уæртæ лæппу, адæм фæдисы куы ацыдысты, сырд та мæнæ куы фæлидзы, уæд ды фæсте цæмæн баззадтæ; кæд нæ уæндыс, уæд дыл мæ кæлмæрзæн æркæнон!

— Фæлæуу, мæ хæдзар, хорз ус, мæнæн дæр мæ амал цы уа, уый кæндзынæн.

Фæцагайдта Уастырджи, аййæфта рувасы, йæ арцыл æй систа æмæ йæ схæссы дæлæ. Адæм йæ фæдыл ссæуынц дисгæнгæ. Мæргъуыдз дæр тынг фæдис кодта уазæджы арæхстдзинадыл æмæ бæхыл йæ размæ рацыди.

— Æгас цæуай, — загъта уазæгæн.

Мæргъуыдз æмæ уазæг ныхæстæ кæнгæ схæццæ сты Мæргъуыдзы бæстыхæйттæм. Мæргъуыдз уазæджы ныхæстыл адардта, æмæ уазæг кæвдæсæрдты уазæгдоны бæсты дауджыты уазæгдоны смидæг ис. Фæхъуыды кодта, ам куы нæ æрфысым кодтон, зæгъгæ, æмæ йæ бæхы фæстæмæ рацæйласта кæвдæсæрдты бæхбæттæнмæ, фæлæ йæ кæстæриуæггæнджытæ нал рауагътой, æмæ æрфысым кодта дауджыты уазæгдоны.

Рахастой йын фынг, æмæ сæм бадзуры:

— Кæд лæппу дæн, уæддæр мын ныббарут, фæлæ цалынмæ Мæргъуыдз æрбацæуа, уæдмæ æз фынгмæ не ’рæвналдзынæн.

Сыхъуысти Мæргъуыдзмæ, уазæг æнæ дæу кæрдзын нæ хæры, зæгъгæ. Мæргъуыдз йæ пылыстæг басмахъытæ йæ къæхтыл бакодта, йæ тинты кæрц йе уæхсчытыл æркодта æмæ йæм рацыди уазæгдонмæ.

Де ’зæр хорз, зæгъгæ, загъта уазæгæн. Æгъдау радтой кæрæдзийæн. Æрбадтысты. Хæрынц æмæ нуазынц. Уæд Уастырджи йæхинымæры дис кæны: «Хуыцау, ды амонд кæмæн нæ ратдзынæ, ахæм нæй! Мæнæ амонд кæй мидæг ныттымбыл кодтай, мæнæ! Ай дзы йе ас куынæ ис, йе дзы конд куынæ ис, уæдæ йæ цæсгомыл фындз дæр куынæ ис, уæд цавæр амонды хицау у?»

Бахордтой, банозтой. Мæргъуыдз уазæгæй куры:

— Хæтæны куы фæцæуиккам иумæ.

Сразы ис уазæг.

Мæргъуыдз дзырд радта йæ кæстæртæн:

— Боныцъæхмæ мын рæгъауæй дыууæ бæхы куыд æрбахæццæ кæнат, афтæ.

Боныцъæхмæ кæстæртæ рæгъауæй дыууæ бæхы ’рбахæццæ кодтой. Мæргъуыдз Уастырджийæн зæгъы:

— Дæ бæх фæллад уыдзæн, æмæ мæ бæхтæй искæуыл рацу хæтæны.

Уазæг загъта, мæхи бæхыл йеддæмæ хæтæны никæй бæхыл сарæхсдзынæн, зæгъгæ.

— Уазæг, мæ коммæ бакæс, дæ бæх фæллад уыдзæн, æмæ мæ бæхыл рацу, дæ бæх та уал йæ фæллад суадздзæн.

Акасти Уастырджи бæхбæттæнмæ æмæ федта бæхбæттæны саргъæвæрд бæх — гæбæрбарц, гæбæрдымæг. Уæд Уастырджи загъта йæхинымæры: «Утæппæт рæгъæуттæй йæхицæн æндæр хуыздæр бæх йæ цæст кæмæн нæ уарзы, уый мæнæн цавæр бæх ратдзæн?!»

Бафарста Мæргъуыдзы:

— Уыцы бæхыл цæуыс?

Мæргъуыдз загъта:

— О, уыцы бæхыл.

— Ау, æмæ уыцы дзæбæх рæгъæуттæ дæ мад куы нæ ныййардта, уæд сыл цы ауæрдыс, — иу дзæбæх бæхыл дзы цæуылнæ рацæуыс?

Уæд ын Мæргъуыдз зæгъы:

— Уæу, мæнæ æрра уазæг, конд хъаруйæн æххуыс нæу, уый нæ зоныс?!

— Уæу, мæнæ цы лæг ис! Уыцы бæхыл дæ мемæ чи фена, уый цы зæгъдзæн?

— Ай æрра уазæг нæу?! Куы дын зæгъын, конд хъаруйæн æххуыс нæу, зæгъгæ.

— Ау, æппын дзы уый æммадæлон куыд ничи ис дæ рæгъауы?! — зæгъы Уастырджи.

Уазæджы ныхæстæ Мæргъуыдзы зæрдæмæ куынæ фæцыдысты, уæд ын афтæ зæгъы:

— Сусæны мæй у, æмæ хорз бæхтыл ауæрдын хъæуы.

Ницыуал æм сдзырдта Уастырджи.

Араст сты æмæ цæуын байдыдтой. Иу-æртæ бонцауы æнæ ’рæнцайгæйæ фæцыдысты.

Иу райсом раджы Мæргъуыдз зæгъы:

— Гъеныр изæрмæ куы нæ бахæццæ уæм, уæд нæ балц фехæлдзæни.

Цæуынтæ та систой, æмæ Уастырджийы бæх стайын байдыдта. Æрцæфтæ кæны Уастырджи йæ бæхы, расæпп кæны, фæлæ та уайтагъд фæсте аззайы. Мæргъуыдзы бæхыл — гæбæрбарц, гæбæрдымæгыл — цæст дæр нæ хæцы, скъæры размæ.

Мæргъуыдз Уастырджимæ дзуры:

— Æрцæфтæ-ма йæ кæн, изæрмæ нæ нæ бынатмæ бахæццæ кæнын хъæуы, дæ мад æй куынæ ныййардта, мыййаг.

Æрбамбырдтæ йæ кæны Уастырджи йæ бæхы, разгъоры æнæбары, фæлæ та цæстыфæныкъуылдмæ фæсте аззайы.

— Гъæ, уæ бындар фæуат, ацы рæстæджы лæппутæ, — бæхыл ауæрдынмæ диссаг сты! Уæвгæ ацы сызгъæринцæфхадджын бæхтæ хæфсау хæлынвад сты, — зæгъгæ, загъта Мæргъуыдз.

Уыцы ныхæстæм Уастырджи йæ сæр ныттилы æмæ зæгъы:

— Ай, цы мыггаг сты — бæхæй, лæгæй, адон хуызæн дауджытимæ дæр куы никуы федтон!

Бахæццæ сты иу доны былмæ, æмæ Уастырджи дон куы федта, уæд дзы мæт бацыди: «Кæд нæ ацы доны иннæрдæм цæуын хъæуы, уæд мæ ацы фæллад бæхыл дон ласдзæни». Мæргъуыдз доны багæпп ласта, æмæ дзы йæ бæхы сæфтæг ныгъуылгæ дæр нæ фæкодта. Уастырджи дæр дзы багæпп кодта, æмæ йæ дæлæ дон фæласы. Уæд æм Мæргъуыдз фæстæмæ æрбаздæхти æмæ йæ йæ фæсарцмæ æрбайста, йæ бæхы йын доны хъæдласæгау æрбаласта æмæ афтæ зæгъы:

— Уæ, уæ бындар фæуат, ацы рæстæджы лæппутæ! Доны гæдыйау пыррыкк кæнынц.

Изæрæй иу бæстæм бахæццæ сты.

Мæргъуыдз зæгъы Уастырджийæн:

— Ды уал ам лæуу, æз афæлгæсон.

Ацыди æмæ иу бæрзонд цъуппæй акасти.

Фæстæмæ кæугæ æрбаздæхтис, æмæ йæ Уастырджи фæрсы:

— Дæ кæуын дæ былалгъыл куы дарыс, мæ фысым?!

— Куыннæ дарон мæ кæуын мæ былалгъыл? Уалæ ма уыцы тигъмæ ссу æмæ дзы акæс, æрмæст-иу былæй дæхи тынг ма авдис.

Уастырджи дæр ссыд бæрзонд тигъмæ, систа йæ худ æмæ фæлгæсы: «О хуыцау, цы диссаг у ай? — хур арвыл фенын, фæлæ йæ зæххыл ныры йеддæмæ никуы федтон!» Фæстæмæ раздæхт æмæ зæронд Мæргъуыдзæн дзуры:

— Хур арвыл фенын, фæлæ йæ зæххыл ныры йеддæмæ никуы федтон.

— Уый хур нæу, мæ уазæг, уый цæджджинаг у; ахæм цæджджинаг, æмæ дзы иу йе дзаг куы сфыцынц, уæд сын авд азы фаг у: алы бон дæр дзы сæ фаг нуазынц, уæддæр цæджджинаг дзагæй-дзагдæр кæны; ноджы ма йæм ис ахæм миниуæг, æмæ дзы ноггуырдæн авдæнмæ йæ ных куы байсæрдынц, уæд сывæллоны афæдз дзидзи нæ хъæуы. Уый уыдис нæ фыдæлты хæзна, æмæ нын æй Донбеттыртæ тыхæй байстой.

— Нæ амал цы уа, уый кæндзыстæм, — зæгъы Уастырджи.

Райсомæй бон куы сцъæх ис, уæд Уастырджи ахæм сау рувас фестади, æмæ йæ алы хъуын дæр хъуытазау уасгæ кодта, мырмырагау та зæланг. Хъæуы кæрæтты алыгъди æмæ фæсивæды хæрзты быдырмæ асайдта. Дыккаг лыгъд æркодта æмæ сывæллæтты æмæ зæронд лæгты дæр асайдта. Мæргъуыдз та ахæм цæргæс фестади, æмæ йæ иу базыр барæджы нымæты йас уыд, йæ зæнгтæ — бæрз бæласы стæвдæн, йæ сæр та Нæртон куырдадзы хъæсдарæджы йас. Адæм рувасыл куы фесты, уæд зæронд Мæргъуыдз дæр йæхи зилгæ-зилгæ ауагъта, йæ ныхтæй цæджджинаджы дыууæ хъусыл ныххæцыди æмæ йæ рахаста. Уалынмæ рувас дæр, æвзагластæй, лæфлæфгæнгæ, æрбахæццæ ис. Фæстæмæ лæгтæ фестадысты Мæргъуыдз æмæ Уастырджи; сæ бæхтыл абадтысты æмæ рараст сты.

Доны былмæ куы ’рбахæццæ сты, уæд Уастырджийы бæх хорзау нал уыди — бастади. Мæргъуыдз бавнæлдта æмæ Уастырджийы йæ фæсарцмæ ’рбаргъæвта æмæ йæ доны фаллаг фарс фæкодта, йæ бæхы дæр ын идадзæй айста, æмæ йын йæ тæнрæбынтæ ехсæй æрдзæхстытæ ласта, æмæ сæ фæстæ гæпп кодта бæх. Доны фаллаг фарс сæ куы фæкодта Мæргъуыдз, уæд афтæ зæгъы: «О хуыцау, мæнæн мæ уазæгыл мæ зæрдæ куыд риссы, адæм лæг кæй хонынц, уый зæрдæ дæр-иу йæ уазæгыл кæддæриддæр афтæ риссæд!»

Доны иннæрдыгæй фарс куы фесты, уæд Уастырджи йæхи бæхыл сбадти, — ницæмæйуал тарсти.

Иу ран иу обаумæ æрбахæццæ сты, рахызтысты æмæ сæ бæхтæ Хизынмæ суагътой. Уастырджи бæхты цурмæ рацыди, фæлæ Мæргъуыдз обауы сæрмæ схызти æмæ скуывта. Куы скуывта, уæд йæ цæстысыгтæ обауыл æркалдта, схуылыдзы фаг. Уый фæстæ сæ бæхтыл сбадтысты æмæ рацыдысты. Мæргъуыдз сæхирдæм фæндагыл рацыди, Уастырджи та сæхирдæм фæндагыл; куы хицæн кодтой, уæд кæрæдзийæн арфæ ракодтой.

Уазæг буц у, зæгъгæ, Мæргъуыдз цæджджинаджы Уастырджийæн радта.

Уастырджи фæндагыл йæхинымæры дистæ кæны: «Цавæр хъаруджын лæгыл сæмбæлдтæн! Дауджытæй дæр ахæм куы никуы федтон. Цымæ уыцы хъаруджын лæгæн йæ фындз цы кодта? Уæ, куыд амардтæн, куыннæ йæ бафарстон!» Фæстæмæ йæ бæх фездæхта æмæ Мæргъуыдзы æрбаййæфта.

— Фæлæуу-ма мæм, мæ фысым, — загъта Уастырджи. — Фæрсын дæ, Мæргъуыдз: дæ конд конд куы у, уæд дыл фындз цæуылнæ ис? Дыккаг фарст та дæ уымæй кæнын зæронд куы бадæ, уæд дын ус цæуылнæ ис? Æртыккаг фарст та дæ уымæй кæнын: ацы обаумæ куы ’рхæццæ вæййæм, уæд куы ныллæууыс æмæ кæуын куы байдайыс, уæд уый цæмæн у?

— Уæ мæ уазæг, уыдæттæй мæ куынæ бафарстаис, уæд хуыздæр уыдаид. Фæлæ мæ ныр кæм бафарстай, уым дын радзурдзынæн мæ хъуыддæгтæ. Æз лæппуйæ афтæ уыдтæн фындзæй, æмæ-иу сау зæххыл сырд кæуылты ацыдаид, уый базыдтаин. Æмæ бæстыл æртæ хорзы уыди, æмæ дзы иу мæ хай уыди, иннæйы Уацилла ахаста, æртыккаджы та — Уастырджи. Æз рахау-бахау кæм нæ кодтон! — хæтæны арæх цыдтæн. Иуахæмы та фæцыдтæн дард балцы. Æмæ мæм мæ уатæй ахæм смаг цыдис, цыма дзы искæй лæг хуыссы. Смаг куы базыдтон, уæд, — мæнæ ацы бæхты мыггаг хæйрæджытæй у, — æмæ йыл абадтæн æмæ мæ хæдзармæ æрхæццæ дæн. Хæдзармæ бацыдтæн: кæсын, æмæ лæг æмæ ус фæрсæй-фæрстæм хуыссынц. Мæ кард фелвæстон æмæ сæ скъуыхтæ кодтон, мæхæдæг уазæгдоны ныххуыссыдтæн. Райсомæй Нарты адæм мæ кæрты кæуын байдыдтой. Æз цыма ницы базыдтон, афтæ сæ бафарстон: «Цæуыл кæут, Нарт?» Уыдон загътой: «Цæуыл кæуæм, — дысон дæ лæппу æмæ дæ усы куы сæргæвстай!» Баныгæдтой сæ... Уæлмæрдтæй куы æрбацыдтæн фæстæмæ, уæд сæрдасæнæй мæ фындз ахауын кодтон. Гъе афтæ, мæ уазæг. Уæлæ цы обауыл фæкæуын, уым ис сæ ингæн. Уый дын мæ дзуапп дæ фæрстытæн.

Уастырджи загъта:

— Цом-ма, кæм ныгæд сты, уыцы обаумæ, æмæ сын рухсаг зæгъæм.

Ацыдысты уыцы обаумæ; сæ сыджыт сын ракъахтой. Уастырджи йæ нымæт систа, æрытыдта йæ обауы фарсмæ:

— Марадз, мæ фысым, æмæ мæрдты рахæсс æмæ сæ ацы нымæтыл æрæвæр.

Уастырджи нымæтын ехсæй æрцавта ус æмæ лæппуйы, æмæ райгас сты. Мæргъуыдзы фындзыл дæр рахаста нымæтын ехс, æмæ йæ фындз йæ бынаты абадти.

Стæй йæ Уастырджи бафарста:

— Нæ мæ зоныс, Мæргъуыдз?

— Нæ, — загъта Мæргъуыдз.

— Æз дæн уæларвон Уастырджи.

Уыдон уыцы ран фæуагъта, йæхæдæг атахт йæ хæдзармæ, æмæ йыл дауджытæ тынг фæцин кодтой.

Йæ хистæр усæн загъта:

— Хъыг дын ма уæд мæ кæстæр усы ныхас — Нæртон Мæргъуыдз кæд зæххон лæг у, уæддæр мæнæй æнæсæрæндæр нæу.

Уæд йæ кæстæр усæн загъта:

— Бирæ федтон дæу тыххæй фыдæбæттæ, фæлæ хъаруджын лæгыл дæр сæмбæлдтæн.

Уæд ын кæстæр ус загъта:

— Мæргъуыдзы ус мæ хо у, æмæ йыл æнæбары хъуыддаг сæмбæлди, æмæ ды адæмæн хостæ кæныс, æмæ кæд уымæн дæр исты хос скæнис, райгас æй кæнис, уый тыххæй дын æй загътон.

— Дæ зæрдæ ’рæнцайæд — райгас дын кодтон дæ хо æмæ йæ лæппуйы, — зæгъы йын Уастырджи.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.