Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БЕДЗЕНÆДЖЫ ФЫРТ ЧЫСЫЛ АРÆХДЗАУ



БЕДЗЕНÆДЖЫ ФЫРТ ЧЫСЫЛ АРÆХДЗАУ

Дæллаг Нартæн лæппу райгуырди, Уæллаг Нартæн та чызг. Дыууæ дæр иу æхсæв. Лæппу-иу авдæнæй сбырыди æмæ-иу ноггуырд чызгмæ бахъуызыди æмæ-иу æхсæв-бонмæ йемæ фæци. Уыйадыл гыццыл чызгыл йæ авдæнбæттæнтæ нал æххæссыдысты. Дис кодтой, уæдæ нæ чызг цæмæй дæнгæл кæна, зæгъгæ. Уалынмæ чызгæн лæппу райгуырди — йæ цокора сызгъæрин, ахæм. Сатанамæ фæуадысты: «Нæ чысыл чызг лæппу куы ныййардта!»

— Быны хъæр уæ рацæуæд! Уый уæ Дæллаг Нарт куы фехъусой, уæд уæ фæндырты фæцæгъддзысты. Ныр гæнæн нал ис, фæлæ Борæты аххæрæгæн йæ кæрон ныллыг кæнут; уымæй лагъз скæнут æмæ сывæллоны уым нывæрут, тæлытæ йыл бакæнут, дæлæ йæ фурдмæ фæхæссут æмæ йæ уым баппарут, цалынмæ уæ Дæллаг Нарт нæ базыдтой, уалынмæ, — зæгъы Сатана.

Сатана сын куыд бацамыдта, афтæ бакодтой; лæппуйы фурды баппæрстой, æмæ йæ дон ласы, уæдæ цы кæны.

Быдыры кæмдæр царди Бедзенæг-æлдар; уыди æнæзæнæг лæг.

Фос æм бирæ уыди, уыдис æм ноджы кæфахсджытæ. Иубон куы уыди, уæд кæфахсджытæ сæмбæлдысты лагъзыл æмæ йæ доны былмæ раппæрстой, мæнæ цы дзæбæх лагъз и, зæгъгæ.

Схастой йæ Бедзенæг-æлдармæ.

— Сæфтаут-ма йын йæ сæр, кæддæра йæ хуылфы цы ис, — зæгъы кæфахсджытæн æлдар.

Сæфтыдтой лагъзы сæр, æмæ дзы сывæллоны цъæхахст ссыди.

Бедзенæг-æлдар æркасти лæппумæ æмæ ныццин кодта:

— Уæ, йæ рынтæ йын бахæрон, хуыцауæн. Ай цæрынæй-хæрынмæ цæмæ бæллыдтæн, уый мын куы радта.

Йæ усмæ фæуади:

— Тагъд æвгъæды бадгæ!

Ус тыхæвгъæды бады, æмæ йын лæппуйы йæ фарсмæ цæвæрдтой. Бедзенæг-æлдар фидиуæгмæ фæдзырдта:

— Дунетæн фехъусын кæ, Бедзенæгæн лæппу райгуырди, зæгъгæ.

Фидиуæг фехъусын кодта дзыллæйæн, Бедзенæгæн лæппу райгуырди, зæгъгæ. Йæ зонгæтæй чи загъта: «Æрæджы уым куы уыдтæн, æмæ ахæмæй куы ницы бафиппайдтон!» Чи загъта: «Кæд фидиуæг рæдигæ фæкодта?»

Æрæмбырд сты æнæхъæн дзыллæтæ Бедзенæг-æлдармæ. Бедзенæг-æлдар урс галтæ, урс уæрыччыты хуызæн, æргæвды фырцинæй.

Иу абонæй иннæ абонмæ фæминас кодтой дзыллæтæ Бедзенæг-æлдары хæдзары. Ноггуырды цæрæнбон фæнозтой, фæзарыдысты. Куывд куы райхæлди, уæд уазджытæ фæцыдысты сæ хæдзæрттæм.

Лæппу бахъомыл ис, адæмы æхсæнмæ цæуын байдыдта. Уæд иухатт куы уыди, уæд лæппу бацыд Бедзенæг-æлдармæ æмæ йæ бафарста:

— Баба, ном та мыл цæуылнæ сæвæрыс?

— Ном æвæрæн дыл нæма ис, цалынмæ дыл ме ’рдхорд Нарты Сослан сæвæра ном, уæдмæ.

Цы ма загътаид лæппу!

Лæппу иубон цуаны ацæуын сфæнд кодта æмæ йæ мадæн загъта:

— Цуаны цæуын, æмæ мын фæндаггаг сцæттæ кæн.

Фæндаггæгтæ йын скодта. Райста сæ æмæ Сау хохы бынмæ бацыд цуаны. Цуан кæны, афтæмæй йыл хуыцау Сосланы сæмбæлын кодта. Кæрадзийæн æгъдау радтой, стæй лæппу дзуры Сосланмæ.

— Иумæ цуан кæнæм æви нæ?

Сослан зæгъы:

— Бынат уал æркæнæм нæхицæн, стæй уæд фендзыстæм.

Лæппу февнæлдта, мусонг акодта сæхицæн æмæ та дзуры Сосланмæ:

Цæй, ныр иумæ цуан кæнæм æви нæ?

— Цæй, цуан кæнæм, æрмæст, цы амарæм, уыдон нын иумæйаг куыд уой, афтæ, — зæгъы Сослан.

Райсомраджы ацыдысты, изæрмæ фæцуан кодтой. Изæры лæппу раздæр æрцыдис сæ бынатмæ. Арт скодта, физонджытæ артыл бавæрдта, лыстæн бакодта, афтæ Сослан дæр бахæццæ ис.

Физонджытæ бахордтой. Лæппу Сосланы фæрсы:

— Бафæрсын аипп ма уæд, мæ хистæр, фæлæ истæуыл фæхæст дæ æви нæ?

Æмæ йын Сослан зæгъы:

— Ацы бонæй налатдæр мыл бон нæма скодта — тæрхъус дæр мæ къухы нæ бафтыдис. Дæуæн та куыд рацыди дæ цуан?

— Мæныл дæр ацы бонæй æвзæрдæр бон никуы скодта, цы чысыл бонтæ ацуан кодтон, уыдонæй — дыууиссæдзы иу хъуаг йеддæмæ нæ амардтон сагтæ, — загъта лæппу.

Сосланæн хъыг уыдис, æмæ йе ’рфгуытæ фæтар кодта.

Ныххуыссыдысты æхсæвы.

Райсомæй сыстадысты, аходæн бахордтой æмæ та ацыдысты цуан кæнынмæ. Изæрæй та лæппу раздæр æрцыди, арт скодта, физонджытæ артыл бавæрдта Сосланы æрцыдмæ. Сослан дæр та ’рцыди, æхсæвæр бахордтой, æмæ та лæппу Сосланы фæрсы:

— Куыд рацыд абон дæ цуан?

— Никуы æмæ ницы — ацы дыууæ боны æппын мæнæн мæ къухы ницы æфты, фæлæ дæуæн куыд ацыд дæ цуан?

— Ницы мæнæн дæр, æртиссæдзы иу хъуаг амардтон, æндæр мæ къухы нæ бафтыд — зæгъы лæппу.

Сослан та мæстæймæлгæйæ ныххуыссыди.

Сыстадысты та райсомæй, аходæн бахордтой æмæ та ацыдысты фæйнæ коммæ цуаны.

Изæры та лæппу раздæр æрцыди; арт скодта, физонджытæ артыл бавæрдта, афтæ та Сослан дæр фæзынди.

Бахордтой æхсæвæр, æмæ та лæппу Сосланы фæрсы:

— Мæ хистæр, абон дæр ницы бафтыди дæ къухы?

— Нæй, ницы, — ацы æртæ боны мæ къух ницæуыл хæст кæны, фæлæ ды цы бадæ?

— Ницы, ныууадзæм нæ цуан, мæнæн дæр ницы æфты мæ къухы, абондæргъы фæзылдтæн æмæ цыппарыссæдзы иу хъуаг йеддæмæ сырдтæй мæ къухы нæ бафтыдис.

Ныххуыссыдысты та, фæлæ Сослан фырмæстæй нæ фынæй кæны: «Ныр уаргæ кæндзæни сырдты æмæ мæнæн къаддæр хай дæтдзæнис, æмæ уый бæсты мæ мæлæт хуыздæр у, цы цæсгомæй ма бацæудзынæн Нарты ’хсæнмæ?!»

Сбон та ис, аходæн бахордтой, æмæ лæппу Сосланмæ дзуры:

— Цом, мæ хистæр, æмæ байуарæм, хуыцау нын кæй радта, уыдон.

Æртæ ’мбисы скодта сырды мæрдтæ лæппу. Сослан фырмæстæй кæсгæ дæр нал кодта сырды мæрдтæм, йе ’рфгуытæ ныттар кодта.

Уæд лæппу дзуры Сосланмæ:

— Сис, мæ хистæр, уый дын дæ хистæрæггаг.

Сослан йе ’рфгуытæ фæбæрзонд кодта æмæ систа иу хай.

— Сис ныр та æмбалы хай.

Сослан та дыккаг хай дæр систа.

— Мæнæ ацы хай та мæн фæуæд, — зæгъгæ, сырды мæрдтæ йе ’ккойы акодта, Сосланæн хæрзбон загъта æмæ араст ис.

Сослан йæ фæстæ кæсгæйæ баззад æмæ дис кæны: «О хуыцау, æз Нæртон лæг куы дæн, æмæ ай хуызæн тыхджын лæгыл куы никуы фембæлдтæн, уæд цавæр у, цы у?!» Фæсте йæ сурын байдыдта. Лæппу фæстæмæ фæкасти; Сослан æрцæуы, уый куы федта, уæд æрлæууыд æмæ Сосланы фæрсы:

— Цы ма дæ ферох и, мæ хистæр?

Сослан дæр ын зæгъы:

— Иумæ фæцуан кодтам æртæ боны, æмæ дын дæ ном нæ базыдтон æмæ дæ фæсте уый тыххæй расырдтон.

— Ном мын нæма ис. Мæ фыдæн загътон, ном мыл цæуылнæ æвæрыс, зæгъгæ, æмæ мын загъта: «Цалынмæ дыл Нарты Сослан сæвæра ном, уæдмæ дыл ном æвæрæн нæй».

Æмæ йын Сослан цингæнгæ афтæ зæгъы:

— Уæдæ, Сослан æз дæн, дæ фыды æрдхорд, æмæ дæ ном фæуæд Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау.

Арæхдзау æрцыди сæхимæ æмæ йæ фыдæн загъта:

— Æдзух Нарты кой кæнынц адæм, æмæ мын сæ æнæ бабæрæггæнгæ нæй.

— Уæ, дæ рынтæ дын бахæрон, ды мын балцы цæуынхъом куы фæуис, уæд ма мæнæн уымæй æхсызгондæр цы уаид, — зæгъы йын Бедзенæг. — Фæлæ дæ кæд афтæ тынг фæнды, уæд дæлæ идон райс, æмæ дæ кæцы бæх фæнды, уый æрцахс рæгъауы æмæ фæфæндараст у.

Æрцахста Арæхдзау рæгъауæй иу бæх, саргъ ыл сæвæрдта æмæ рараст ис Нартмæ.

Хъæугæрон ыл къулыбадæг ус сæмбæлди:

— Дæ фæндаг раст, Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау.

— Зæрдырай фæу, хорз ус!

— Кæдæм цæуыс, мæ хур?

— Нарты бабæрæг кæнын мæ зæрды ис.

— Æмæ уый цы хуызæн бæхыл цæуыс? Уыдонæн сæ фыййæуттæм кæрдзын хæссынæн ахæм бæхтæ куы ис; уый дæ кард цы хуызæн у? Уыдонæн се ’фсинтæм цыхт лыг кæнынæн ахæм кæрдтæ куы ис; уый дæ хъæргæнаг цы хуызæн у? Уыдонæн сæ фыййæуттæм уадындзтæ уый хуызæттæ куы ис. Ды Бедзенæджы фырт нæ дæ, кæцæйдæр дæ хæмпæлæй æрхаста. Уæд дын, йæхицæн буц цы бæх дары æмæ цæуынмондагæй æрттигътæ чи хæры, уый радтаид. Уымæн йæ бæх у асткъахыг æмæ цыппæрхъусыг, дæуæн йæ цæст кæй нæ уарзы, уыцы бæх. Æмбисонд йæ кард, йæ хъæргæнаг — хæстмондагæй цъæх арт чи уадзы.

Арæхдзау фæстæмæ раздæхти.

— Цæмæн раздæхтæ, Арæхдзау? — фæрсы йæ Бедзенæг.

— Æз дæ фырт нæ дæн!

— Цæуылнæ дæ?

— Уæд мын, цæуынмондагæй æфсæн æрттигътæ цы бæх хæры, уыцы бæх радтис, хæстмондагæй дын цъæх арт цы хæцæнгæрзтæ уадзынц, уыцы хæцæнгæрзтæ мын радтис.

— О, дæ рынтæ дын бахæрон, ды мын уыцы бæхыл бадынхъом æмæ уыцы хæцæнгæрзтæ хæссынхъом куы уаис, уæд ма мæнмæ уымæй хуыздæр цы кæсы! Фæлæ чысыл дæ нырма, æмæ семæ нæ сарæхсдзынæ, — зæгъы йын Бедзенæг.

— Уый мæхи хъуыддаг у! — зæгъы Арæхдзау.

— Уæдæ, уæртæ ныккæнды, дыууæ галы кæй нæ фæлдахынц, ахæм къæй ис, æмæ уый бын сты мæ бæх дæр, мæ гæрзтæ дæр.

Æмæ бакодта Бедзенæг лæппуйы æмæ йын бацамыдта йæ бæх æмæ йæ гæрзтæ.

Арæхдзау къæй йæ къахы фындзæй стъæпп ласта, æмæ къæй фæуæлгоммæ ис. Бæхы раласта, хъара-сапон райста, Хъара-Теркмæ æрбаласта бæхы æмæ йæ пылыстæг цæппузыры хуызæн скодта. Саргъ сæвæрдта, йæ гæрзтæ райста, сбадти бæхыл æмæ рараст и Нартмæ.

Нарт сæ дзаггарзыл æмбырд кæнынц æмæ кæрæдзимæ дзурынц:

— Цæй æмæ та минас кæнæм!

Уæд Уырызмæг зæгъы:

— Дæлæ нæ быдыры цыдæр фыдбылыз: мæй æмæ хур, мигъ æмæ дунейы маргъ иумæ ссæуынц, фæсте гутоны хахх зайы.

Кæсынц, æмæ йын ничи ницы иртасы.

Сатана мæсыджы бадтис. Сæрвыстой мæсыгмæ Сатанамæ:

— Дæ хорзæхæй, дæ арвы айдæнæй нын уыцы цæуæджы хъуыддаг раиртас.

Сатана акасти арвы айдæнæй:

— Гъе, Нарт, Нарт, цæрынæй-хæрынмæ тых фæкодтат дзыллæйæн, ныр уæхимæ ссæуы тыхгæнæг. Мигъ кæй хонут, уый у йæ бæхы комы тæф; дунейы маргъ кæй хонут, уый йæ асткъахыг бæх зæххæй фæрчытæ тоны йæ сæфтджытæй, æмæ йæ сæрты халæттау тæхынц; мæйтæ, хуртæ кæй хонут, уыдон — йæ гæрзтæ, цæстытæ сæм нæ лæууынц, афтæ æрттивынц; фæсте гутоны хахх кæй хонут, уый та уый у, æмæ у гыццыл лæппу, æмæ йæ кард зæхмæ хæццæ кæны æмæ йæ гæрдгæ цæуы. Ныр фурдмæ кæсут, æмæ йын кæд йæ тæнæг агура, уæд дзы тас нæу; кæд æмæ, цы ранмæ æрбахæццæ уа, уым комкоммæ æрбацæуа, уæд уын уый, цы тыхтæ фæкодтат, уыдон бакæндзæн уæхицæн. Йæ гыццылмæ йын ма кæсут.

Кæсынц, æмæ цы ранмæ схæццæ ис, уым фурды цæхгæрмæ, кæсаг куыд æрбасыффытт кæна, афтæ æрбауади, — тæнæг дæр нæ бацагуырдта, ивылд дæр нæ бацагуырдта.

— Мах дæ хорзæх, Сатана, цалынмæ нæм не схæццæ ис, уалынмæ нын уынаффæ бакæн, — дзурынц Нарт.

— Тагъд уæ куывдмæ цæугæут Алæгаты стыр хæдзармæ, æмæ уым авд рæнхъæй сбадут. Сосланы уырдыглæууæг скæнут. Лæппу у цæуæг æмæ уæле бадын нæ комдзæн æфсæрмæй, æмæ авд рæгъы дымæгмæ сбаддзæн, æмæ авд рæгъы дæр уымæ сиддзысты. Нозтæй йæ куы нæ амарат, уæд ын мæлæт нæй. Дзæгъæл дзырд æм мачи кæнæд, уæд уæ сыхгæйттæ фæкæндзæн, фесафдзæн уæ. Уымæн йе стыр ныфс йæ бæх у; баздæхут, æмæ Уырызмæджы Хъулоны авд хатты æнæдон сасмæй байсæрдут æмæ йæ авд хатты змисы мидæг стулын кæнут. Уыцы хуызæнæй-иу ын йæ бæх бабæттут Уырызмæджы Хъулонимæ иу бæхбæттæныл. Уазæджы бæх змис тондзæн, Хъулон та буарæй тондзæн æмæ йын йæ фæрстæ фæхуынчъытæ кæндзæн. Хъæумæ куы схæццæ уа, уæд æм æз дзурдзынæн: «Раздæх, фысым дын дæн, цæуæг лæппу куы дæ». Куы мæм æрбаздæха, уæд æй æз æрбахондзынæн æмæ йын йæ хæринагыл ныккалдзынæн хин æмæ кæлæн — ныфс æм куыд нæуал уа, афтæ. Кæд æмæ мæм не ’рбаздæха, уæд ын æз, уæртæ уынджы, йæ размæ цæттæ фæткъуы фестын кæндзынæн, дæлæмæ куыд згъæла, афтæ. Уымæй куы бахæра, уæд дæр хъауджыдæр нæу — ныфс æм нал уыдзæн.

Уалынмæ Арæхдзау дæр æрбацæуы, æмæ йæм Сатана хъæр кæны мæсыгæй:

— Æгас цу, Бедзенæджы фырт Арæхдзау, раздæх — фысым дын куы дæн!

— Мæ фыд дæр дæ хуызæн налæттæм фысыммæ нæ цыд, — зæгъы йын Арæхдзау.

— Уæд та дæ разы дзæгъæл фæткъуыйæ дæ ком ауазал кæн, дæ дзыппытæ дæр дзы айдзаг кæн, — дзуры та Сатана.

— Уæ налат, кæс-ма дæ бæласмæ!

Ехсæй йæ ныццæвы, æмæ бæлас гыбаргыбургæнгæ кæдæмдæр фæтæхы.

Ссыдис Нарты æмбырдмæ. Ракалдысты йæм:

— Æгас цу, Бедзенæджы фырт Арæхдзау! — нæ дардбæстаг уазæг.

— Йæ бæх уал ын бæхбæттæныл абæттут, тæвд у æмæ ауазал уа, дæлæ Уырызмæджы Хъулон дæр бæхбæттæныл баст у, æмæ йæ уыимæ абæттут, — дзурынц иутæ.

— Йæ гæрзтæ йын сисут æмæ йын сæ искуы æрцауындзут, — дзурынц иннæтæ.

Йæ гæрзтæ йын систой æмæ сæ куы иу рагъæнмæ бадавынц, куы иннæ рагъæнмæ, фæлæ сæ рагъæнтæ нæ уромынц — æртонынц уайтагъд.

— Уыдонæн сæ рагъæн æз мæхæдæг дæн — æриут сæ ардæм!

Æмæ сæ йæ уæлæ ’рбаста.

Уæле йæ бадын кæнынц, æмæ нæ комы. Ракуырдта æмæ авд рæнхъы дымæгмæ сбадт, ам мын æмбæлы, зæгъгæ. Авд дæр сидынц, æмæ авд рæнхъы сидт дæр уымæ цæуы. Цас нуазы, цас хæры, уæддæр йе ’гъдæуттæ иннæтæй хуыздæр кæны. Сослан уырдыг лæууы æмæ нуазæн фæстæмæ нæ исы. Хызы фырт Челæхсæртæг уым уыди рæбынæй бадæг, Сайнæг-æлдар та дзы уыди хистæрæн. Сослан-иу дзаг нуазæн куы фæцæйхаста, уæд-иу фынджы кæрæттыл кафгæ бацыд рæбынмæ — хистæрты ’рдæм. Фынгæй-иу къæбæр дæр нæ ахауд, дзаг нуазæнæй-иу æртах дæр не ’ркалд, афтæмæй-иу фынгæн йæ иу кæронæй йе ’ннæ кæронмæ бацыд.

Хызы фырт Сосланмæ дзуры:

— Уæ нозтæй карздæр чи у, уымæй ма мын иу дзæбидыры сыкъа æрбахæссут.

Уый йын ронг бахаста.

Дынджыр галы сгуы систа, нуазæн райста Хызы фырт æмæ дзуры Сосланмæ:

— Дæлæ нæм уазæг куы ис, Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау. Адзур-ма мын æм, æз дæр ын мæ нуазæн авæрон.

Адзырдта йæм, æмæ Арæхдзау фæсæррæтт ласта цæрдæг, йæ уæззау гæрзтæ йæ уæлæ, афтæмæй, фынгмæ схызти æмæ дунейæн æмбисонды кафт кæнгæ фæцæуы. Хызы фыртмæ бацыди, æмæ йын Хызы фырт зæгъы:

— Мæнæ дын мæ нуазæн, уазæг дæ æмæ!

Арæхдзау нуазæн йæ тæккæ бынæй бануæзта, галы сгуы дæр, мæнæ бирæгъ куыд уа, афтæ ахсыдта, Хызы фыртæн раарфæ кодта æмæ йæ бынатмæ рацыди. Хызы фырт æнхъæлдта, уæдæ ма ацы нуазæн куы бануаза Арæхдзау, уæд ахаудзæн, фæлæ йæ Арæхдзау хъуыды дæр не ’ркодта.

Хызы фыртæн уый фæхъыг ис æмæ радзырдта:

— Куыдзы хъæвдын, дæ кæфы смаг калгæ ардæм цы ссыдтæ!

— Æз æцæг куыдзы хъæвдын — абон майрæмбон, иннæ майрæмбоны æз ацы уынгтæ бæхы фаджыс куы нæ фестын кæнон, — загъта мæстыйæ Арæхдзау. Фæтæргай ис æмæ рацыд.

Йæ бæхы куы федта, — хæрз маст та йын уæд уыдис. Йæ бæх фæтыхджындæр Уырызмæджы Хъулоныл, фæлæ йæ уæддæр тынг ныддæндагдзæфтæ кодта Уырызмæджы Хъулон.

Арæхдзау куы рацыд, уæд Хызы фырт хорзау нал уыди, катайы бацыд: «Хуыцау мæ бабын кодта, дзæбæх лæгæй мæхи нæ фæхæсджын кодтон! Фæстæмæ мын æй чи ’рбаздахид, уымæн стыр лæвар ракæнин».

— Æз æй раздахи», фæлæ мæнгард лæг дæ, нæ дыл æууæндын, — дзуры йæм Сослан.

— Хуыцау æмæ зæхх ме ’вдисæн, — зæгъы Хызы фырт, — цыдæриддæр мæ курай, уымæй дæ зæрдæхудт нæ райсдзынæн.

Хызы фыртæн уыди фыд рæсугъд чызг — Бедуха, зæгъгæ.

— Уæдæ мын Бедуха-рæсугъды радт, æмæ дын æй раздахдзынæн, — зæгъы йын Сослан.

— Арæхдзауимæ мæ бафидауын кæн æрмæст, æмæ дæу фæуæд, — загъта Хызы фырт.

Сослан йæ хъандзалсæфтæг бæх раласы, абады йыл æмæ Арæхдзауы фæсте расуры; куы йæ фæцæйæййæфта, уæд дзуры йæхинымæры: «Ныр йæ разæй фæуин, æмæ мæ разыбадæг хондзæн, фæсте йæ сурин, æм мæ фæдисон хондзæн!.. Цæй, цыдæриддæр уа, — йæ фæрсты цон».

Æмæ йæ фæрсты бацыд.

— Йе, Бедзенæджы фырт чысыл Арæхдзау, курын дæ, æмæ нæ тæргайæ ма ацу, дæу тыххæй Нарт æддæг-мидæг сысты.

— Хуыцау уæ кæрæдзийы цæгъдæг фæкæнæд! — зæгъгæ, йæм дзуры Арæхдзау.

«Цæй, лæппу у, æмæ йын исты зæрдæлхæнæнтæй зæрдæ сæвæрон, кæд истæмæ бабæллид», — ахъуыды кодта Сослан æмæ дзуры:

— Арæхдзау, куы раздæхис, уæд дын хорз лæвар ракæнин.

— Зæгъ-ма мын, дæ лæвар цы у, уый.

— Мæ бæх.

— Æмæ дын æм цы миниуæг ис?

— Хуыцау, зæхх — ме ’вдисæн, Хурыскæсæнæй йын Хурныгуылæнмæ цæстыфæныкъуылдмæйы цыд йеддæмæ нæу.

— Гъе, уæууæй, Сослан, уый диссаг кæмæ кæсы! Мах кæрæдзимæ къуымæл нуазынмæ ахæм бæхтыл фæцæуæм.

— Уæдæ ма мæм иу лæвар ис ноджыдæр — мæ кард.

— Æмæ дын æм цы миниуæг ис?

— Хуыцау, зæхх — ме ’вдисæн, дæ цæст цы фена, хъæдæй, дурæй йæ цæуыл рауадзай, — цыргъдæр йеддæмæ къуымых нæ кæны.

— Гъæ, уæууæй, Сослан, æмæ махæн не ’фсинтæм цыхт лыг кæнынæн ахæм кæрдтæ куы ис.

— Уæдæ ма мæм иу лæвар ис.

— Уый та дын циу?

— Мæ карды сæр — мæ хъуымбылæг.

— Æмæ дын æм цы миниуæг ис?

— Хуыцау, зæхх — ме ’вдисæн, сау мæйдар æхсæв мæ быдыры астæу куы æрæййафы, уæд уый рухсмæ мæ хæдзармæ сфардæг вæййын.

— Гъæ, уæууæй, Сослан, ды Нæртон лæг нæ дæ, уыдон диссæгтæ кæмæ кæсынц! Махæн нæ фыстæ æрæгмæ куы ’рцæуынц, уæд нæ чындзытæ сæ къæртатыл ахæмтæ бакæнынц фыстæ дуцгæйæ, мæйдары.

— Уæдæ мын дæу раздахыны тыххæй Хызы фырт Бедуха-рæсугъды дæтты.

— Афонмæ дæр мын уый загътаис, Сослан, — зæгъгæ, загъта Арæхдзау æмæ раздæхти.

— Курын дæ, æмæ дын дæ хорз хæзнатæ кæй фаудтон, уый дын хъыг ма уæд. — зæгъы Арæхдзау Сосланæн, æмæ рараст сты Нарты хъæумæ.

Фæндагыл сыл Уазы фырт Дзех дæр амбæлди; кæрæдзийæн сæ хъуыддæгтæ радзырдтой.

— Мæ фыдыстæн, уæдæ æз дæр сымахæй нал фæцæудзынæн, — загъта Уазы фырт Дзех æмæ семæ рацыди.

Хызы фырт куы базыдта, раздæхтысты, уый, уæд йæ ард фæсайдта æмæ Бедухайы къухыл рахæцыд æмæ Айнæджы фидармæ ссыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.