Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ТОТРАДЗ ÆМÆ СОСЛАН



ТОТРАДЗ ÆМÆ СОСЛАН

Алæгаты Алымбегæн авд фырты æмæ иунæг чызг уыдис. Йе ’хсæз фырты æмæ йæхæдæг дæр Сосланы къухæй мард фесты; баззадис ма йын æрмæст чызг æмæ авдæнон лæппу. Лæппуйыл ном сæвæрдта Сырдон — Алымбеджы фырт Тотырадз, зæгъгæ. Лæппуйæ та ахæм уыд, æмæ разæй сыгъдæг æндон уыд, бон уыдисн рæзти, æхсæв та уылынг.

Сфæнд кодта Сослан Алымбеджы мыггаг бынтондæр сыскъуынын. Иубон бадзырдта фидиуæгмæ æмæ йын загъта:

— Ацу æмæ Нарты адæмæн фехъусын кæ: «Абон — майрæмбон, иннæ майрæмбоны Хъазæн фæзы хъаздзыстæм, æмæ нæлгоймаг кæй хæдзарæй нæ рацæуа уырдæм, уый уыдзæн чызг-уацайрагæй иваргонд!»

Фидиуæг дæр ацыдис æмæ Æртæ Нартыл ныхъхъæр кодта:

— Абон — майрæмбон, иннæ майрæмбоны Хъазæн фæзы фæсивæд хъаздзысты, æмæ уырдæм нæлгоймаг змæлæг кæмæй нæ рацæуа, уый уыдзæн чызг-уацайрагæй иваргонд!

Тотырадзы саударæг мад уый куы фехъуыста, уæд йæ авдæнон лæппуйы уæлхъус æрбадти, йæ цæстысыг гæр-гæрæй нызгъæлдта æмæ дзуры:

— Хуыцау дын æй ма ныббара, Сослан, — Алымбеджы хæдзарæй рацæуæг кæй нæ ис, уый зоныс, æмæ та мын мæ иунæг фæстаг хъæбулы сæр дæр ахæрынмæ хъавыс!

Лæппу уæд фынæй уыдис. Фехъал ис йæ мады кæуынмæ æмæ дзуры:

— Цы кæныс, Нана, цæуыл кæуыс?

— Ницæуыл кæуын, Нана дæ фæхъхъау фæуа, — загъта мад, — нæ йын æй хъæр кодта.

Куынæуал æй уагъта лæппу, уæд ын загъта:

— Цæуыл ма кæуон, мæ хъæбул? Дæ размæ мын цыдæриддæр нæлыстæгæй цот уыдис, уыдон дæр æмæ дæ фыд йæхæдæг дæр фæмард сты Сосланы къухæй. Иунæг ды ма мын баззадтæ дæ хоимæ, æмæ мын сымах дæр хæрынвæнд скодта: иннæ майрæмбоны, дам, Хъазæн фæзмæ нæлгоймаг кæй хæдзарæй нæ рацæуа, уый, дам, иваргонд уыдзæнис чызг-уацайрагæй. Нæ хæдзарæй нæлгоймаг ацæуæг нæ уыдзæн, æмæ дын дæ иунæг хойы чызг-уацайрагæй иварæн исгæ кæндзæнис.

— Ма тæрс, мæ мад, æз дын ацæудзынæн Хъазæн фæзмæ Нарты тыхджындæртимæ хъазынмæ, ахæм худинаг мæ сæрмæ не ’рхæсдзынæн — мæ иунæг хойы иварæн нæ ратдзынæн.

— Ды мын Нарты хъæзтытæм цæуынхъом куы уаис, мæ хур, уæд мæ бонтæ афтæ мæгуыр нæ уаиккой, — загъта мад.

— Уæдæ æз мæ фыд Алымбеджы фырт ма фæхуыйнон, мæ иунæг хойы чызг-иварæн куы радтон! Уæд ма мыл Гæтæджы фырт Сырдон «Алымбеджы фырт Тотырадз», зæгъгæ, ном та цæмæн сæвæрдта?! — загъта Тотырадз æмæ базмæлыди йæ авдæны. Авдæныл фæйнæрдæм ахæцыдис Тотырадз æмæ авдæны тъæпæнтæ атыдта, афтæмæй авдæны хæйттæ фæйнæрдæм фæтахтысты: йæ иу ных асхъиудта æмæ сæмбæлдис хохыл, æмæ хæхтæ кæрæдзийæ гъеуæд фæхицæнтæ сты, йе ’ннæ ных сæмбæлдис быдыры, æмæ быдыр арыхъхъытæ уæдæй нырмæ фæцис; фæрстæй иу сæмбæлдис хъæды — уæдæй нырмæ хъæд фæцис бындзыггай; иннæ та сæмбæлдис доны, æмæ дзы сакъадæхтæ уæд фæзынд.

Фæгæпп кодта лæппу, царыл йæ сæр скъуырдта æмæ зæххыл лæджы лæуд акодта æмæ фæрсы йæ мады:

— Мæ фыд Алымбег йæ цæрæнбонты хæтæг лæг уыдис, куы хъусын, хорз лæг уыд, куы зæгъынц, уæд ын æппын бæх дæр нæ баззад?

— Бæргæ йын баззад бæх, фæлæ уæртæ ныккæнды фаджысæй йæ дыууæ хъусмæ сси: зылд æм нал ис, æмæ уым æндон æрттигътæ хæры, — дзуапп ын радта мад.

Тотырадз ехс райста æмæ ныккæндмæ фæраст ис.

— Фæлæуу, мæ хур, — дзуры йæм мад, — дыууадæс цæдæй цы къæй æрластой, уый ныккæндæн йæ дуарыл фæлдæхт у, искæмæты дын адзурон, кæннод дын йæ бакæнын зын уыдзæн.

Нæ йæм байхъуыста лæппу, бацыд ныккæнды дуармæ, ехсы дыдагъæй фесхуыста къæйы. Бæхы фаджысæй йæ дыууæ хъусæй фелвæста æмæ йæ донмæ аласта. Уым æй сапонæхсад, айкæвдылд акодта, стæй йæ фæстæмæ ’рбаласта æмæ йыл йæ фыды ’взист саргъ сæвæрдта.

— Уæдæ мæ фыд æнæ хæцæнгæрзтæ дæр нæ уыдаид, — дзуры та Тотырадз мадмæ.

— Дæ фыдæн йæ хæцæнгæрзтæ уæртæ мидæггаг уаты хæстмондагæй къулыл цъæх арт уадзынц, сау хъандзалджын æфсæн чырыны мидæг та — йе згъæр хæдон æмæ йе згъæр худ.

Фæраст та ис Тотырадз мидæггаг уатмæ; авд дуарыл бахызтис, æстæймаг куы байгом кодта, уæд кæсы, æмæ йæ фыд Алымбеджы хæцæнгæрзтæ уаты къулыл æрттывдтытæ калынц. Сау хъандзалджын æфсæн чырын байгом кодта, систа дзы йæ фыды згъæр хæдон æмæ згъæр худ æмæ сæ ’ркодта йæ уæлæ. Æрбаста йæ фыды хæцæнгæрзтæ æмæ рацыд йæ мадмæ.

— Уæдæ мах бинонты номæй та æз цæуын Хъазæн фæзмæ Нарты фæсивæдимæ хъазынмæ! — загъта æмæ фæраст ис бæхмæ.

Мад бакатæйттæ кодта, — тарстис ын Сосланæй, — фæлæ лæппу рæвдзæй рауад, бæхыл абадт, æмæ бæх йæ быны скафыд.

— Ракæс-ма, Нана, æддæмæ, бæхыл та дын куыд фидауын? — дзуры Тотырадз йæ мадмæ. — Кæд нæ фидауын барæгæн, уæд нæ цæуын.

— Куыд нæ фидауыс, мæ чысыл хур! — дзуапп ын радта мад. — Растæндæр æрвнæрынгæнæг Уацилла!

Мады базонын фæндыдис, уæнды йæ фырт бæхыл æви нæ, æмæ йæм дзуры:

— Дæ фыд-иу балцы куы цыдис, уæд-иу нæ бæхы ныццæлхъытæ кодта æмæ-иу быруйы сæрты асæррæтт ласта, фæстæмæ дæр та-иу æрбасæррæтт ласта, хæрзбон-иу мын загъта æмæ-иу афтæмæй араст ис.

Ныкъкъæрцц кодта Тотырадз йæ бæхы, æмæ бæх быруйы сæрты уыциу сæррæтт аласта; фæзылдта йæ фæстæмæ, ноджыдæр та — къæрцц, æмæ та фæстæмæ — сæррæтт. Стæй фæцагайдта йæ бæхы æмæ фæраст ис.

— Фæлæуу, мæ хъæбул, ма тагъд кæн, — дзуры йæм мад. — Де ’фсымæртæ æмæ дын дæ фыды чи бахордта, уый уым дæ разы лæудзæн, æмæ дын æй бацамонон. Хъазæн фæзмæ куы ныххæццæ уай, уæд-иу адæммæ акæс æмæ, йæ къæхтæ тæссарæвæрд чи кæна, йæ цæстытæ сасиры чъилы йæстæ кæмæн уой, йæ иу цæсты дыууæ гагуыйы кæмæн уа, йæ зачъетæ уызыны сындзы хуызæн кæмæн уой, уымæй-иу дæхи бахъахъхъæн — дæ фыд æмæ дын де ’фсымæрты уый бахордта.

Лæппу йæ бæхыл ахъазыдис æмæ хъæуæй ахибар ис.

Уыдис майрæмбон — Нарты хъазты æмгъуыды бон. Нарты фæсивæд иууылдæр Хъазæн фæзы æрæмбырд сты, нæ дзы уыдис æрмæст Алæгаты Алымбеджы хæдзарæй змæлæг.

Байдыдтой Нарты фæсивæд сæ хъæзтытæ, амæй-ай диссагдæртæ æвдисынц. Сау барæг — Сослан се ’ппæты дæр амбылдта.

Уалынмæ кæсынц, æмæ хъæуы ’рдыгæй сау мигъы къуыбылой фæзындис, сау мигъы къуыбылойæн йæ сæрты сау халæттæ тæхынц. Дисы бацыдысты Нарт, уый цы уа, зæгъгæ.

Уæд Сырдон æдзынæг ныккасти æмæ дзуры:

— Сау мигъы къуыбылой кæй хонут, уый сау мигъы къуыбылой нæу, фæлæ ’рбацæуы Алæгаты Алымбеджы цъæх бæх, æмæ уый йæ комы тæф æмæ йæ фындзыхъуынчъыты тæф у. Сау халæттæ кæй хонут, уыдон сау халæттæ не сты, фæлæ уыдон, йæ цыппæртæй цы сыджыты къуыбæрттæ ’ппары, уыдон сты, — йæ сæрты тæхынц.

— Диссаг, барæг ыл куы нæ зыны, бæх йæхæдæг æрбацæуы, фæлæ! — дзурынц фæсивæдæй чидæртæ.

Уæд та сын Сырдон загъта:

— Барæг ыл ахæм ис, ахæм, æмæ йæ ныртæккæ фендзыстут!

Дис кæнынц фæсивæд, уый цавæр у, зæгъгæ, саргъы гоппæй уæлæмæ зынгæ дæр куынæ кæны, уæд куыд бауæндыдис бадын Алымбеджы номдзыд бæхыл.

Уалынмæ æрбахæццæ ис барæг.

— О, фарн уæ хъазты уа, Нарты хъал фæсивæд! — дзуры сæм барæг.

— О, æгас нæм цæуай, æгас, Алæгаты Алымбеджы фырт Тотырадз, — дзуапп ын радта Сырдон — йæ номæвæрæг.

Аздæхтытæ кодта йæ бæх Тотырадз Нарты фæсивæды ’хсæн, агуры йæхицæн хъазты ’мбал. Йæ цæст æрхæцыд Сосланыл, — базыдта йæ йæ мады амындмæ гæсгæ.

— Цæй, Сослан, æз æмæ ды ныр иумæ ахъазæм! — дзуры Сосланмæ Тотырадз.

— Гъæ, куыдзы хъæвдын, — загъта Сослан, — дæ хъуымыз нырма дæ донгæмттæй куы кæлы, уæд æз демæ куыд хъазон?! Стæй мæ демæ хъазгæ чи фена, уый мын зæгъгæ та цы кæндзæн?

— Нæй дын мемæ æнæ хъазгæ, — загъта та Тотырадз.

— Цы кæныс, Алымбеджы фырт, дæ фыд дын мæргътæн куы байуардзынæн, де стджытæ та куыйтæн! — дзуры йæм Сослан.

— Ницы кæны, хъазæм иумæ! — нал æй уадзы Тотырадз.

— Цæй, уæдæ, — загъта Сослан, æмæ абадтис йæ бæхыл.

Кæрæдзийы бæхтæй скъуырдтой. Сосланы бæх асхъиудта æмæ зæххыл æрхаудис. Тотырадз февнæлдта æмæ Сосланы йæ арцы фындзыл фелвæста. Нарты фæсивæд уый куы федтой, уæд фæйнæрдæм лидзынмæ фесты, алчи сæ йæ сæр æфснайыны куыст кодта, цæгъддзæн нæ, зæгъгæ. Бон-изæрмæ Тотырадз йæ арцы фындзыл рахæсс-бахæсс фæкодта уæлбæхæй Сосланы, æппын æй зæхмæ не ’руагъта, ды мын мæ фыд æмæ ме ’фсымæрты амардтай, æмæ дæ ныр маргæ кæнын, нал дæ ауадздзынæн, зæгъгæ.

Куы ’ризæр ис, уæд лæгъстæ кæнын байдыдта Сослан:

— Маргæ дын дæн, фæлæ мын ацы хатт ныббар — мæ бинонты ма фенон. Абон — майрæмбон, иннæ майрæмбонмæ не ’мгъуыд, уæд та Фæс-Нарт-Хусдзæгаты, рæстытæ æмæ хæрæмттæ кæм æвзарынц, уыцы тыппырыл сæмбæлдзыстæм æмæ лæгæй-лæгмæ рахæцдзыстæм.

Кæрæдзийæн дзырд радтой, æмæ ’руагъта уæд Тотырадз Сосланы зæхмæ, барст уал дын уæд, зæгъгæ. Йæхæдæг йæ бæх фесхуыста æмæ сæ хæдзармæ афардæг ис.

Уæнтæбæрзонд æмæ сæргуыбырæй Сослан дæр Сатанамæ бацыдис, бандоныл мæсты уагъд æркодта йæхи æмæ бандоны цыппар къахы бамур сты.

— Цы кæныс, ме ’нæныййаргæ лæппу, кæй æфхæрд дыл сæмбæлдис, æви дæ исты рисгæ фæкодта? — фæрсы йæ Сатана.

— Цы ма кæнон, æгæргæнæг æгæр кæны! — абондæргъы мæ Алымбеджы æнахъом сывæллон фæхынджылæг кодта, йæ арцы бырынкъыл мæ фæрахæсс-бахæсс кодта, зæхмæ мæ не ’руагъта. Уыцы лæппуйæн ныр цы кæнон, — ныридæгæн мæнæй тыхджындæр у, стæй ма уагæры йæ афонмæ куы ахæццæ уа, уæд мæ æгас кæм ныууадздзæни!

— Æмæ ма йæм ныр цæудзынæ хъазынмæ? — фæрсы йæ Сатана.

— Дзырд ын радтон иннæ майрæмбонмæ. Уæд Фæс-Нарт-Хусдзæгаты, рæстытæ æмæ хæрæмттæ кæм æвзарынц, уыцы тыппырыл хъуамæ сæмбæлæм æмæ лæгæй-лæгмæ рахæцæм. Мæ дзырд нæ фæсайдзынæн, æмæ мæ маргæ кæндзæнис.

— Ма тæрс, уæдæ, кæд дын уыйбæрц рæстæг ис, уæд, æз дын хос скæндзынæн. Тагъд, бадгæ мауал кæн, фæлæ ног стыгъд бирæгъдзæрмттæ кæрцхор самал кæн æмæ мæм сæ ’рбахæццæ кæн, стæй Куырдалæгонмæ ссу, балæгъстæ йын кæн, æмæ дын сараза сæдæ хъуытазы æмæ сæдæ мырмыраджы. Уыдон иууыл дæ къухы куы бафтой, уæд тæрсгæ мауал кæн.

Сослан ацыди æмæ Сатанамæ кæрцваг ног стыгъд бирæгъдзæрмттæ æрбахæццæ кодта. Сатана бнрæгъдзæрмттæн карз æлдыгъ акодта æмæ дзы Сосланæн кæрц ахуыдта. Сослан та фæцыди Куырдалæгонмæ, ныллæгъстæ йын кодта, æмæ йын Куырдалæгон сарæзта, алы ’взагæй чи уасыдаид, ахæм сæдæ хъуытазы æмæ сæдæ мырмыраджы. Уыдоны дæр Сатанамæ æрхæццæ кодта Сослан.

Се ’мгъуыды бон куы ’рхæццæ ис, уæд Сатана сæдæ хъуытазы æмæ сæдæ мырмыраджы Сосланы бæхы барцыл бабаста, ноджы йын æй алыхуызон хæцъилтæй хъулон-мулон сарæзта, бирæгъдзарм кæрц Сосланыл скодта зыгъуыммæ æмæ йын бафæдзæхста:

— Ацу ныр уæ нысангонд бынатмæ. Ды раздæр бацæудзынæ Алымбеджы фыртæй æмæ-иу фæстыппыр æруром дæ бæх. Æз дыл сылæг мигъ фестын кæндзынæн æмæ дæ уымæй æрæмбæрздзынæн, — æппындæр нæ зындзынæ. Алымбеджы фырт дæр æрбацæудзæнис тыппырмæ. Тыппырыл слæудзæн æмæ ницы уындзæнис, мигъы йеддæмæ, афтæмæй дæм ныхъхъæр кæндзæни: «Йе, Сослан, кæм дæ? Абонмæ нын æмгъуыд куы уыд, рацу, æмæ схæцæм!» Ма йæм-иу ракæс — йæ бæхæн йе ’ргом дæуырдæм уыдзæни. Алæудзæни иудзæвгар æмæ та дыккаг хатт ныхъхъæр кæндзæн: «Йе, мæнгард Сослан, кæм дæ? Абонмæ нын æмгъуыд куы уыд, рацу, æмæ хæцæм!» Ма йæм-иу ракæс уæд дæр — уæд дæм уыдзæнис йæ фарс арæзт, æмæ дæ къухы нæ бафтдзæн. Æртыккаг хъæр ныккæндзæни: «Ард де ’рдыгæй, Сослан! Нæ рацыдтæ æддæмæ, фæсайдтан дæ дзырд!» æмæ аздахдзæни йæ бæх хъæуы ’рдæм. Гъеуæд дæ хъару æмæ дæхæдæг! Ма йыл-иу бацауæрд. Уымæн йæ бæх дæлимонты хаст у, — бирæгъдзæрмттæй тæрсгæ кæны, стæй ноджы дæ бæхы æвиппайды хъулон-мулонæй куы ауына, æмæ йыл хъуытæзтæ æмæ мырмырæгтæ алы ’взæгтæй куы сцæгъдой, уæд æй уромæг нал бауромдзæн, дæ разæй лидздзæни, æмæ-иу æй ды фæсте цæв, уымæн разæй цæвгæйæ мæлæт нæй — сыгъдæг æндон у разæй.

Рагацау ацыдис Сослан сæ нысангонд бынатмæ. Æрæмбæхсти, Сатана йыл фестын кодта сылæг мигъ, æмæ æппындæр тыппырмæ нæ зындис. Уалынмæ бахæццæ ис уырдæм Тотырадз дæр. Мигъы ’рдæм йе ’ргом сарæзта Тотырадз æмæ ныхъхъæр кодта:

— Рацу, Сослан, хæцæм, абонмæ нын æмгъуыд уыдис!

Цæй Сослан æмæ цæй цыдæр! Фæлæууыд лæппу иудзæвгар, стæй мигъы ’рдæм йæ фарс азылдта æмæ та ноджыдæр ныхъхъæр кодта:

— Йе, Сослан, кæм дæ? Абонмæ нын æмгъуыд куы уыдис — рацу, хæцæм!

Сослан зынæг та уæддæр никуыцæй ис. Алæууыдис та иудзæвгар. Хъæуы ’рдæм разылдта йæ бæхы ’ргом, афтæмæй ныхъхъæр кодта:

— Ард де ’рдыгæй, Сослан, абон уыди нæ хæсты бон, æмæ фæсайдтай дæ дзырд. Æгас Нарты ’хсæн мæнгардæй фæцæр! — загъта Тотырадз æмæ араст ис.

Сослан дæр, цыма хæмпæлы бынæй цъиусур февзæрд, уыйхуызæн мигъы бынæй фæгæпп ласта æмæ дзуры Тотырадзмæ:

— Мæнæ дæн, мæ дзырд нæ фæсайдтон, фæлæуу мæм!

Алымбеджы фырт дæр ма уыцы иу зылд бæргæ фæкодта йæ бæхы, фæлæ бæх Сосланы бирæгъдзæрмтты кæрц æмæ хъулон-мулон арæзт бæхы куы ауыдта, стæй йыл сæдæ хъуытазы æмæ сæдæ мырмыраджы алы ’взæгтæй куы суасыдысты, уæд куыннæ фæтарстаид! Ахаста йæ барæджы. Тотырадз дæр ма йæ бæргæ уромы, фæлæ йын ницыуал фæразы: йæ тых-йæ бонæй йын йæ идоны рохтыл æрбахæцыд æмæ сæ æрбатыдта, авнæлдта йын йæ барцмæ æмæ йын æй æрбарæдывта, уæддæр ын уромын нæ комы. Айвæзта йæхи размæ Тотырадз æмæ бæхæн йæ дыууæ хъусыл фæхæст ис, æрбастыгъта хъустæ дæр саргъы гопмæ, уæддæр йæ лидзыны куыст кæны бæх. «Гъей, дарæг дæ ма уа, æз дзы куы нæ тæрсын, уæд ды кæдæм лидзыс, кæдæм?» — загъта Тотырадз æмæ та айвæзта ноджы размæ æмæ бæхæн йæ бинаг æфсæрыл фæхæст ис, æрбафаста уый дæр йæ мæргъгæйы онг. Гъеуæддæр бæх йæ уад нæ уадзы. Уалынмæ йæ Сослан баййæфта æмæ йæ фатæй фæсте ставд цæфтæ æмæ лыстæг хуынчъытæ ныккодта, стæй йын арцæй йæ уæнтæ нытътъæпп ласта. Тотырадз асхъиудта йæ бæхæй æмæ зæххыл фæдæлгоммæ ис, йæ уд фелвæста.

Сослан дæр йæ бæхыл сиргæ-сиргæ рараст ис йæ хæдзармæ хъæлдзæгæй.

Тотырадзы мадæн йæ зæрдæ куыннæ ’хсайдтаид йæ чысыл хъæбулмæ! Рарвыста дыууæ лæппуйы æмæ сын загъта:

— Абон Фæс-Нарт-Хусдзæгаты, раст æмæ хæрам æвзарæн тыппырмæ уыдис нысангонд мæ фырт æмæ Нарты Сосланæн; бабæрæг ма мын æй кæнут.

Дыууæ лæппуйы араст сты бæрæггæнæг. Фæндагыл сæ ауыдта дардмæ Сослан, йæ сæр басылыхъхъæй æрбатыхта, ма мæ базоной, зæгъгæ, афтæмæй сыл æрбамбæлдис.

— Кæдæм цæут, лæппутæ? — фæрсы сæ.

— Абон Алымбеджы фырт Тотырадз раст æмæ хæрам æвзарæн тыппырмæ ацыди Сосланимæ хæцынмæ, æмæ сæ чи фæмард ис, уый бæрæг базонынмæ нæ рарвыста йæ мад.

— Дзæгъæлы цæут, — дзуры сæм Сослан, — Алымбеджы фырт уæрæх быдырты йæ бæхыл хъазгæ фæцæуы, Сосланы мард та уартæ бирæгътæн холыйæн баззад.

— Дæ цæрæнбон бирæ, мах ма уый тыххæй дзæгъæлы фыдæбон кодтам, — загътой лæппутæ æмæ раздæхтысты фæстæмæ. Бацыдысты Тотырадзы мадмæ æмæ йæм дзурынц:

— Дæ хæрзæггурæггаг мах, — дæ фырт Тотырадз Сосланы амардта!

Зæронд ус сын æрцæттæ кодта нард фыдæй дзаг тымбыл фынг, доны арæхæн сын лæвæрдта алы нуæзт. Хæрынц, минас кæнынц лæппутæ. Мадæн уæддæр йæ зæрдæ кæм лæууы! — лæппуты уæле абадти æмæ сæ фæрсы:

— Уæхуыдтæг æй федтат Тотырадзы, æви уын исчи радзырдта уыцы хъуыддаг?

— Мæнг зæгъын худинаг у, — загътой лæппутæ, — нæхуыдтæг æй нæ федтам, фæлæ нын иу бæхджын загъта.

— Цавæр уыди уыцы бæхджын, ничи уæ йæ æрхъуыды кодта?

— Лыстæг æм фæкастæн, — загъта лæппутæй иу, — æмæ дисы бацыдтæн; бæхджынæн йæ сæр уыди басылыхъхъы тыхт, фæлæ йæ иу цæсты та дыууæ гагуыйы уыди.

Йæ рустæм фæлæбурдта, йæ уæрджытæ æрхоста Тотырадзы мад æмæ ныккуыдта:

— Сослан уыди, уæдæ, уый, Сослан! Уыййеддæмæ хуыцауы скондæй йæ иу цæсты дыууæ гагуыйы никæмæн ис. Фæцæут сæ хæцæн бынатмæ, æмæ кæд разæй цæф уа мæ фырт, уæд-иу æй æрхæссут, æз ыл кæуынæй мæхи бафсадон, æмæ йæ нæ уæлмæрдты бавæрæм; кæд фæсте цæф уа, уæд æй искуы фаджысы баныгæнут — уæлмæрдты ныгæнын аккаг нæу, уымæн æмæ уæд лидзгæ кодта, афтæмæй фæцæф ис.

Лæппутæ рацыдысты æмæ Тотырадзы мард æрхастой хъæумæ; хæдзармæ йæ нæ бахастой, фæлæ йæ уыциу цыдæй фæхæссынц фаджыстæм ныгæнынмæ. Фæндагыл сыл æрбамбæлдис Сырдон.

— Кæдæм æй хæссут? — фæрсы сæ Сырдон.

— Уæртæ фаджыстæм, ныгæнынмæ: лидзгæ кодта, афтæмæй фæмард ис, — дзуапп ын радтой лæппутæ.

— Йæ бæхы ма йын фенут, бæхы аххосæй мард ма уæд, уыййеддæмæ ахæм гуырд куы нæ уыд!

Ацыдысты бæхмæ æмæ йæ федтой. Радзырдтой йын йæ хабар: йæ идоны рохтæ — скъуыд, йæ барц дæр — афтæ, йæ дыууæ хъусы саргъы гоппы онг — стыгъд, йе ’фсæрыкъæдз йæ мæргъгæмæ фаст.

— Уæдæ бæхы аххос уыд, уыййеддæмæ лæппуйы аххос нæ уыд, — загъта йæ мад.

Ахастой уæд марды уæлмæрдтæм æмæ йæ бавæрдтой мæрдтимæ. Йæ мад ын афæдзæй-афæдзмæ хистытæ кодта. Алы сабатизæры дæр-иу сабæттагимæ цыд йæ уæлмæрдмæ. Афтæмæй йыл иу уазал рæстæджы æрбафтыдис Сослан æмæ дзуры рыст усмæ:

— Дойны мын у тынг, авæр ма мын дæ нуæзтæй.

Ус йæ цæссыгтæ згъалгæйæ ракастис зулмæ йе знагмæ æмæ загъта:

— Гъæ, дæ хъал бон ныккалай, гъе! Де стыр тых басæтта! Сæ хъæстæ сын ды фæдæ, ныр та сын сæ фæлдисинæгтæ дæр дæхæдæг хæрыс!

Сослан усы бæхы сынæгæй скъуырдта, йæ нуæзтытæ йын акалдта, йæ хæринæгтæ йын ныххæлиу кодта, йæхæдæг худгæ рацыдис.

Ус ингæныл ныддæлгом ис æмæ зæрдиаг куыд ныккодта:

— Сосланæн йе стыр хъару никуы асæтдзæн, йе стыр тых æвзары æмæ дын ацы изæр дæ фæлдисинаг къæбæртæ дæр ныххæлиу кодта!

Мады цæстысыгæй ингæн ныххуынкъ ис, æмæ уыцы хуынкъæй Алымбеджы фырт чысыл Тотырадзмæ хуры рухс кæсын байдыдта. Сайдæй йыл кæй рацыд Сослан æмæ йæ афтæмæй кæй амардта, уый тыххæй мæрдты хæцгæ кæндзысты Алæгаты Алымбеджы фырт Тотырадз æмæ Æхсæртæггаты болат Сослан. Æмæ диссаг уыдзæни уыдоны хæст: мæрдтæ сæм кæсынмæ ’мбырдтæ кæндзысты. Хъабахъ кæмæн уыд мæрдтæй, уый йæ хъабахъæй кæсдзæни, цырт кæмæн уыд, уый йæ цыртæй, дугъ кæмæн уыдис, уый та бæхы рагъæй кæсдзæнис уыцы хæстмæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.