Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





УÆРХТÆНÆДЖЫ ФЫРТ НÆРТОН СЫБÆЛЦ



УÆРХТÆНÆДЖЫ ФЫРТ НÆРТОН СЫБÆЛЦ

Уæрхтæнæг Нарты астæу фæцард зæронды онг æнæ усæй. Нарты фæсивæд бауынаффæ кодтой: «Уæрхтæнæгæн байзæддаг нæй, нæй йын бындар, æмæ йын ус ракурæм. Кæд нæ коммæ нæ бакæса, уæд та йæ дуртæй амарæм».

Уæрхтæнæгмæ бацыдысты Нарты фæсивæды минæвæрттæ æмæ йын загътой:

— Уæрхтæнæг, байзæддаг дын нæй, нæй дын бындар, æмæ ус ракур.

Уæрхтæнæг сразы ис ус ракурыныл æмæ Нарты фæсивæды минæвæрттæн загъта:

— Майрæмбоны-иу уæ алчидæр рæвдзæй æрбацæуæд æмæ уын уæд зæгъдзынæн, усгур кæдæм фæцæуын хъæуы, уый.

Майрæмбоны Нарты фæсивæд æппæтæй дæр рæвдзæй æрбацыдысты Уæрхтæнæгмæ. Уæрхтæнæг сæ къордтæ-къордтæ фæкодта: фæндырдзæгъдджыты хицæнæй, кафджыты хицæнæй, бæхыл хъазджыты хицæнæй, зарджыты хицæнæй, — афтæмæй сæ цæуыны рæвдз ракодта.

Рацыдысты. Сæ фæндыры хъæрмæ сæм болатрихи Хæмыцы чызг авд уæладзыджы сæрæй ракасти.

Уæрхтæнæг болатрихи Хæмыцы чызджы уый размæ дæр зыдта. Куы йæ ауыдта, уæд чындзхæсджытæн загъта:

— Æрбаздахут, мæ хуртæ, уæ бæхтæ болатрихи Хæмыцы хæдзармæ.

Чындзхæсджытæ бацыдысты Хæмыцы хæдзармæ; фæминас кодтой, фæкафыдысты, фæзарыдысты, стæй Уæрхтæнæгæн Хæмыцы чызджы рахастой.

Цæйбæрц ацардысты Уæрхтæнæг æмæ болатрихи Хæмыцы чызг иумæ, чи зоны, фæлæ сын уалынмæ лæппу райгуырд, æмæ йыл ном сæвæрдтой — Сыбæлц.

Сыбæлц æхсæвы райгуырди. Куы сбон ис, уæд Хур рудзынгæй æрбакастис, æмæ хуры тынтæ Сыбæлцы цæстытыл хъазын байдыдтой; лæппуйы цæсгом ныррухс ис хуры тынтæй.

Уæрхтæнæг уый куы ауыдта, уæд бахудти, æмæ йæ йæ ус афарста:

— Цæуыл афтæ зæрдиагæй ныххудтæ, нæ лæг?

Уæрхтæнæг ын загъта:

— Æз ма йын уымæй тарстæн, хъуыддаг куы нæ суа, мыййаг, зæгъгæ, фæлæ ныр хорз рауад — дысон Хурæн дæр чызг райгуырди, æмæ ныр рудзынгæй Сыбæлцы цæстытæм æрбакасти æмæ лæппуйы бауарзта, æмæ æз гъеууыл ныххудтæн.

Сыбæлц рахъомыл ис æмæ Хуры хъæуы лæппутимæ хъазын райдыдта, Иубон куы уыдис, уæд æй Хуры хъæуы лæппутæ раскъæфтой, мæнæ нæ сиахс, зæгъгæ, æмæ йæ Хуры хæдзармæ бахуыдтой. Æмæ Хуры чызг Адæдзæимæ кæрæдзийы базыдтой. Хур йæ чызджы радта Сыбæлцæн, æмæ лæппу æмæ чызг Хуры хæдзары лæг æмæ усы æгъдауæй цардысты. Цæйбæрц фæцардысты, чи зоны, фæлæ Сыбæлц æнкъард кæнын байдыдта, æмæ йæ йæ ус Адæдзæ-рæсугъд фæрсы:

— Цæуыл æнкъард кæныс?

Æмæ йын Сыбæлц афтæ зæгъы:

— Ам мæ цардæй нæ хъаст кæнын — хорз у, фæлæ мæ мад æмæ мæ фыд мæ зæрдыл лæууынц, æмæ мæ нæхимæ æрфæндыд.

— Уæдæ мæнмæ дæр афтæ хуыздæр кæсы: хъæздыг цæгатæй мæгуыр хæдзар хуыздæр у, æмæ дæ кæд фæнды, уæд цом дæ фыды хæдзармæ.

Сыбæлц æмæ Хуры чызг Адæдзæ-рæсугъд Хуры хæдзарæй сæхимæ цæуын фæнд скодтой, æмæ Адæдзæ йæ фыд Хурæн афтæ зæгъы:

— Мæ хицауæн цы лæвар фæхæссон?

Æмæ йын Хур зæгъы:

— Мæнæ йын ацы згъæр ахæсс.

Æмæ йын радта згъæр. Згъæр та ахæм згъæр уыди, æмæ йе ’фцæгготæй заргæ кодта, йæ риутæй хъырнгæ, йæ дыстæй æмдзæгъд, йæ фæдджитæй та кафгæ. Згъæр рахастой, афтæмæй æрцыдысты Сыбæлц æмæ Хуры чызг рæсугъд Адæдзæ зæронд Уæрхтæнæджы хæдзармæ æмæ уым чындзæхсæвтæ фæкодтой.

Иуахæмы Сыбæлц ацыди афæдзбалцы.

Уæрхтæнæг дæр, йæ чындз ын цы згъæр æрхаста, уый скæны æмæ Ныхасмæ рацæуы.

Диссаджы згъæр уыдис, æмæ-иу Уæрхтæнæгыл адæм æмбырдтæ кодтой.

Уæд иухатт Соппары æртæ фырты Уалыппы бæрзондæй ракастысты æмæ Нарты Ныхасы федтой Уæрхтæнæджы бадгæ, йе згъæр йæ уæлæ, афтæмæй æмæ загътой: «Цы диссаджы згъæр ис уыцы æвзæр зæронд Уæрхтæнæгыл! Цæй æмæ йæм фæцæуæм — йе згъæр дæр ын байсдзыстæм, стæй йын йе рагъæй дыууæ гæрзы дæр рауадздзыстæм». Соппары æртæ фырты æрцыдысты Уæрхтæнæгмæ æмæ йын йе згъæр байстой, йе рагъæй йын дыууæ гæрзы рауагътой æмæ сфардæг сты сæхимæ. Уæрхтæнæг, мæгуыр, гуыбыр-гуыбыр ссыд сæхимæ, уатмæ бацыд æмæ уым, уаты къуымы, ныттымбыл ис.

Уæдмæ афæдз дæр рацыди, æмæ Сыбæлцы дæр йæ бæх æрбахаста. Æхсæвы æрбахæццæ Сыбæлц æмæ йæ усмæ уаты дуар бахоста, æмæ йæм йæ ус радзырдта:

— Нæ дын байгом кæндзынæн дуар, цалынмæ мын Нæртон дзырд радтай, цы дын зæгъон, уый кæй бакæндзынæ, ууыл.

Æмæ йæм Сыбæлц бадзырдта фæстæмæ:

— Дæттын дын Нæртон дзырд, фæлæ тагъд бакæн дуар — мæлын.

Адæдзæ-рæсугъд дæр ын дуар фегом кодта, æмæ Сыбæлц фæмидæгдуар ис.

Сыбæлц йæ дзауматæ раласта, æмæ фæттæ йæ фæрстæй гæргæргæнгæ æркалдысты, æмæ дзуры усмæ:

— Мæлын мæ фæрстæй!

Адæдзæ-рæсугъд дæр фæгæпп ласта, Сыбæлцы царм æмæ фыды ’хсæн ныггæпп кодта æмæ фæттæ раппæрста, — цæфтæ адзæбæх сты.

Сыбæлц куы сдзæбæх и, уæд йæ усы фæрсы:

— Ныр ма мын зæгъ, ныхас мæ цæмæн агуырдтай, дуар куы ’рбахостон, уæд?

Адæдзæ-рæсугъд æм бадзуры:

— Цæмæн куы зæгъай, уæд Соппары æртæ фырты æрцыдысты, дæ фыды зæрондæй дын фæхынджылæг кодтой, — йæ згъæр ын байстой, йе рагъæй йын дыууæ гæрзы рауагътой, æмæ уæртæ уаты йæ хуыссæны тымбылæй лæууы, æмæ дæ фыды æфхæрд куыд райсай, афтæ.

Сыбæлц райсомæй раджы фестади, йæ гутон арæвдзытæ кодта æмæ Соппары зæххыл хуым кæнын райдыдта.

Уæд Соппары æртæ фырты Уалыппы бæрзондæй сæ быдырмæ ракастысты, æмæ сæ зæххыл хуымгæнгæ куы федтой, уæд зæгъынц: «Диссаг нæу ай — нæ зæххыл нын не ’вастæй чи бауæндыд хуым кæнын?!» Æртæ ’фсымæрæй дæр æм рацыдысты æмæ йæм куы ’рхæстæг сты, уæд æм дзурынц:

— Уый Нарты æвзæр зæронд Уæрхтæнæджы фырт куы дæ, æвæццæгæн, дæ фыды æфхæрд исыс!

Æмæ сæ кæстæрмæ дзурынц:

— Марадз ды, æмæ йын цы хъæуы, уый бакæн, мах уал цуан акæнæм.

Дыууæ хистæры цуан кæнынмæ рацыдысты, кæстæр Сыбæлцмæ ныццыд, æмæ йæм дзуры:

— Куыдзæй чи райгуырди, ды кæй зæхмæ бауæндыдтæ æнæ бафæрсгæйæ!

Фæхъæбысæй-хъæбысмæ сты, рахæц-бахæц фæкодтой, стæй дыууæйæ дæр куы нал фæрæзтой, уæд фæйнæрдæм рацыдысты.

Райдыдтой та хæцын, æмæ Сыбæлц Соппары кæстæр лæппуйы амардта.

Уалынмæ иннæ дыууæ дæр цуанæй æрыздæхтысты, æмæ хистæр астæуккагмæ дзуры:

— Цу-ма, марадз, æмæ базон, нæ кæстæр æфсымæр Сыбæлцæн цы бакодта, уый.

Астæуккаг æфсымæр рараст ис кæстæр æфсымæры бæрæг базонынмæ, æмæ та Сыбæлц уыимæ дæр фæхъæбысæй-хъæбысмæ ис. Бирæ фæхæцыдысты æмæ куы бафæлладысты, уæд ныууагътой сæ хæцын æмæ фæйнæрдæм рацыдысты.

Йæ фæллад куы ’рцыди Сыбæлцæн, уæд багæпп ласта Соппары астæуккаг фыртмæ æмæ уый дæр амардта.

Уалынмæ хистæр æфсымæр дæр æрцыди; уыимæ дæр та фæхъæбысæй-хъæбысмæ сты. Цæйбæрц фæхæцыдаиккой, хуыцау зоны, фæлæ тынг бафæлладысты; сæ бон куынæуал уыди, уæд фæйнæрдæм фæцыдысты æмæ уым ахаудысты.

Уæд мæрдтæм болатрихи Хæмыцмæ байхъуысти: «Дæ хæрæфырт Соппары дыууæ фырты амардта, æртыккаг фыртимæ хæцыди, æмæ кæрæдзийы æрдæг мæрдтæ фæкодтой, æмæ сæ дыууæ дæр зæххыл дæргъæй лæууынц».

Болатрихи Хæмыц нымæтын ехс радавта æмæ мæрдтæй рацыди æмæ уайтагъд Сыбæлцы уæлхъус алæууыд; нымæтын ехсæй йæ ракъуырдта, æмæ Сыбæлц, цы уыди, авд хатты тыхджындæрæй æмæ дзæбæхдæрæй рабадти.

Соппары хистæр фырт æрдæгмардæй зæххыл дæргъæй лæууыди, æмæ йæм Сыбæлц дзуры:

— Мæ фыды згъæр, æмæ йын йе рагъæй цы дыууæ гæрзы рауагътат, уыдон кæм сты, уый мын бацамон, æмæ дæ нал амардзынæн.

Соппары хистæр фырт ын зæгъы:

— Дæ фыды згъæр, æмæ йын йе рагъæй цы дыууæ гæрзы рауагътон, уыдон сты уæртæ Тар-комы дымæпмæ, Соппары стыр лæгæты.

Сыбæлц куы базыдта, йæ фыды згъæр æмæ йын йе рагæй цы дыууæ гæрзы рауагътой, уыдон кæм сты, уый, уæд хистæр æфсымæры дæр амардта. Йæхæдæг Тар-комы дымæгмæ Соппары лæгæтмæ бацыд æмæ уырдыгæй йæ фыды згъæр æмæ дыууæ гæрзы рахаста.

Уæд æм Хæмыц дзуры:

— Цæй, ныр цуаны цом!

Сыбæлц сразы ис, æмæ фæйнæ фæндагыл рацыдысты. Хæмыц, цуаны æфсон, фæстæмæ мæрдтæм бадзæхст ласта. Сыбæлц сæ бынатмæ æрыздæхтис, саджы мард æрхаста, афтæмæй. Хæмыцмæ æнхъæлмæ фæкасти бирæ Сыбæлц, стæй куынæ зынди, уæд базыдта, Хæмыц фæстæмæ мæрдтæм кæй ацыдис, уый. Саджы мард уа, згъæр уа, йæ фыды рагъæй уагъд гæрзытæ уа, нымæтын ехс уа, — рамбырд сæ кодта æмæ æрфардæг ис сæхимæ.

Йæ фыды рагъæй йын цы дыууæ гæрзы рауагътой, уыдон æрæвæрдта йæ фыды фæсонтыл, нымæтын ехсæй сæ ракъуырдта, æмæ фыццаг куыд уыдысты йæ фыды уæнтæ, афтæ фестадысты. Радта йын йæ диссаджы згъæр дæр!

Ус дæр тынг фæцин кодта:

— Æгайтма дæ фыды æфхæрджыты бафхæрдтай æмæ йын йе ’фхæрд райстай.

Афтæмæй Нарты Уæрхтæнæджы фырт æмæ йæ ус — Хуры чызг Адæдзæ-рæсугъд дзæбæх цæргæйæ баззадысты Нарты ’хсæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.