Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





АЙСАНА. САТАНАЙЫ ЛÆППУ



АЙСАНА

Нарты Уырызмæгæн лæппу райгуырди, æмæ уæларвон Сафамæ арвы цæлхъау фехъуысти. Лæппуйæн куывд чи скодтаид, йæ хъаны бар уый уыди. Сафа урс галы æфцæгыл зæлдаг бæндæн бафтыдта æмæ йæ æркодта Нарты хъæумæ. Ныхъхъæр кодта Уырызмæджы дуарæй: «Чи райгуырд, уый цæринаг, йæ хъаны бар та мæн куыд уа!» Йæхæдæг гал аргæвста æмæ куывд скодта Нартæн. Лæппуйыл ном сæвæрдтой Айсана, зæгъгæ; стæй йæ Сафа ахуыдта йемæ уæларвмæ.

Айсана куы рахъомыл ис, уæд æм цыдысты уынынмæ Сафайы хæлæрттæ: Уастырджи æмæ Æфсати иумæ æрцыдысты, Тутыр æмæ Уацилла иумæ, Ногбон æмæ Елиа та иумæ.

Хъан сæ размæ рацыди æмæ сын хистæрæй-кæстæрæй сæ бæхтæ райста. Бæхты сæргътæ систа, сæ ехсытæ æмæ сын сæ нымæттæ бахаста æмæ сæ бафснайдта.

Сафа уазджыты бакодта хæдзармæ, æрбадын сæ кодта дывæхсыг бандæттыл æмæ сын сæ разы фынгтæ æрæвæрдта алыхуызон минасимæ. Айсана йæ худ систа æмæ уазджыты раз уырдыг лæууын байдыдта. Уазджытæ фынгæй куы сыстадысты, уæд зæхмæ фæлгæсын байдыдтой, кастысты Нарты хъæумæ. Кæсынц, æмæ Нарты хъæуы Агуыры ’фсæдтæ бæхы фаджысы бын фæкодтой.

Нарты адæмæн сæ бæгуыдæртæ хæтæны уыдысты, фæлæ иннæтæ иу ранмæ æртымбыл сты, симд сарæзтой æмæ симынц. Агуыры ’фсæдтæ фат йæ уæнтыл кæмæн ныццæвынц, уый рогдæр асимы, арц йæ уæрджытыл кæмæн ныццæвынц, уый тынгдæр скафы.

Дисыл фесты дауджытæ: «Цæмæй конд сты ацы Нарт — йе сæ фат куы нæ хизы, йе сæ кард куы нæ кæрды?»

Ноджы уыцы рæстæджы Сосланы ус рацыди — хурау худгæ кодта, Бонвæрнонау тыбар-тыбур — æмæ дон нозта; дон йæ хъуырæй æрттивæнтæ калдта, зынди суанг уæларвмæ, хъуыры куыд цыди, уый.

Дауджытæ фæстæмæ баздæхтысты, æрбадтысты та фынгтыл æмæ дисгæнгæ радзырдтой Сафайæн, зæххыл цы федтой, уый.

Сæ ныхæстæм Айсанайæн йæ дурын йæ къухæй æрхауд, æмæ йын Сафа зæгъы:

— Дæ хал, дæ бæндæн фæхауа, кæд нырма дæуæн ус афон нæу, дæ дурын дæ къухæй куыд æрхауд?!

— Усы коймæ бæргæ не ’рхауд мæ дурын, фæлæ Нарты хъæуы зæронд мад æмæ фыд ныууагътон, æмæ сæ афонмæ Агуыры æфсæдтæ сæ бæхты къæхты бын ныккодтой, æз та ам кæрдзынтæ хæрын. Хурау æрттивгæ чи кæны, Бонвæрнонау тыбар-тыбур, уый нæ чындз у, Сосланы ус. Æмæ та, сыгъдæгæй, нæ лæгтæ сæфты балцы фæцыдысты, уыййеддæмæ махмæ чи æрбауæндыдаид, стæй нæ чындз дæр хъастмæ нæ рацыдаид.

Сафа йæ уазджытæм дзуры:

— Мæ хъанæн мын лæвæрттæ ракæнут.

Уæд Уастырджи зæгъы:

— Æз ын мæ къуылых уадсуры ратдзынæн.

— Æмæ дын æм цы миниуæг ис?

— Хуыцау æмæ зæхх ме ’вдисæн: бæстæн йæ иу кæронæй йе ’ннæ кæронмæ арвы æрттывдау ахæццæ вæййы, — зæгъы Уастырджи.

— Елиа, ныр та дæ рад у, ды та цы лæвар кæныс мæ хъанæн?

— Æз та — мæ хъæргæнаг!

— Æмæ дын æм цы миниуæг ис?

— Хуыцау æмæ зæхх ме ’вдисæн: æфсады куы ’ргæрах кæна, уæд сæ хуырау фæйнæрдæм ныппырх кæндзæн.

— Тутыр, ды та йын цы лæвар кæныс мæ хъанæн?

— Æз ын лæвар кæнын мæ хæдæхсгæ сагъадахъ.

— Уацилла, ды та?

— Æз та йын — болат кард.

— Ногбон, ды та цы лæвар кæныс мæ хъанæн?

— Æз дæр ын æххуысгæнæг уыдзынæн хæсты быдыры, мæ лæвар райсдзæни хæсты фæстæ.

Айсана йæхи хæстон арæзт скодта, Уастырджийы лæвар — æртыкъахыг бæхыл сбадти æмæ ’рцыди Нарты хъæумæ. Нарты хъæу сыстадысты æмæ йыл цин кодтой. Сатана уыцы рæстæджы йæ цæгаты уыд, æмæ уымæ дæр арвыстой йæ цæгатмæ.

Æрмæст Сосланы ус йæ бынатæй уæлæмæ дæр нæ фезмæлыд, æмæ йын Айсана зæгъы:

— Хорз ус, цæй уæззау дæ? Æз хион дæн, фæлæ дæ бынатæй фезмæлын куы нæ фæразыс!

Ус ын загъта:

— Цы дын стон, мæ хур, исты мын Агуыры ’фсæдты куы нæ аздæхтай Нартæй.

Уыцы ныхасмæ Айсана йæ бæхыл абадт æмæ фырмæстæй цæхæртæ калгæ Агуыры ’фсæдты цур балæууыд. Байдыдта сæ цæгъдын, æмæ кæй мардта, уыдоны туджы зæй иннæты ласта, афтæмæй Агуыры ’фсæдты ныццагъта, Нарты хъæуы фервæзын кодта, йæхæдæг фæстæмæ æрбаздæхти.

Нарты хъæу уырдыг ныллæууыдысты йæ размæ æмæ йæ фырцинæй зæхмæ нал уагътой, фæлæ Сосланы ус уæддæр йæ бынатæй нæ фезмæлыд.

Айсана йæм бадзуры:

— Хорз ус, куыд уæззау дæ, æппын уæлæмæ куы нæ стыс!

Ус ын загъта:

— Цы дын стон, мæ хур, исты мын, хурныгуылдæй æмбисæхсæвмæ дидинæг чи æфтауы, æмбисæхсæвæй бонмæ рæгъæд чи кæны æмæ дыууæ хохы фырыты хæст кæуыл кæнынц, уыцы бæлас мæ дуармæ, мыййаг, куы нæ ныссагътай!

Айсанамæ хъыг фæкаст уыцы ныхас, æмæ аздæхт уыцы бæлас хæссынмæ. Фæндагыл æй йæ бæх фæрсы:

— Кæдæм цæуыс, хуыцауæн æнады гуырд, мæнæн дæр ма йæ зæгъ.

Айсана бæхæн зæгъы:

— Уæлæ, хурныгуылдæй æмбисæхсæвмæ дидинæг чи ’фтауы, æмбисæхсæвæй бонмæ рæгъæд чи кæны æмæ дыууæ хохы фырыты хæст кæуыл кæнынц, уыцы бæлас хæссынмæ.

Бæх æм дзуры:

— Ма дæ бафæндæд уыцы хъуыддаг: уымæ къорд дæ хуызæттæ фæцыд хæссынмæ, фæлæ фæстагмæ сæ сæртæ дæр нал æрхастой.

— Нæй гæнæн, хъуамæ йæ æрхæссон, — зæгъы Айсана.

Бæх ын загъта:

— Уæдæ мын ме ’хтæнгтæ фидар балвас, мæ къæдзил мын хъæбæр балхынцъ кæн, æрмæст ма дзы æртæ хъисы æнæ ’лхынцъæй ныууадз. Стæй мын ахæм къæрцц фæкæ, æмæ мæ агъды фарсæй уафсхор куыд фæхауа, дæ армы дзыхъхъæй ехсытъæпæнхор.

Дыууæ хохы кæронмæ куы бахæццæ сты, уæд Айсана бæхæн йе ’хтæнгтæ фидар балвæста, йæ къæдзил ын хъæбæр балхынцъ кодта, стæй афтæ ныкъкъæрцц ласта йæ бæхы, æмæ йæ армы дзыхъхъæй ехсытъæпæнхор фæхаудта, бæхы агъды фарсæй та — уафсхор.

Бæх уыциу гæпп бакодта дыууæ хохы ’хсæнмæ. Айсана бæласы æд уидæгтæ стыдта æмæ фæстæмæ фездæхт. Уалынмæ сæ дыууæ хохы æрбаййæфтой æмæ бæхæн йæ къæдзилæй æртæ хъисы аскъуыдтой.

Рацыдысты, æмæ бæх зæгъы Айсанайæн:

— Мæ мад ма мын æртæ боны дзидзи куы бадардтаид, уæд уыцы ’ртæ хъисы дæр нал аскъуыдтаиккой хæхтæ.

Æрцыд Айсана Нарты хъæумæ æмæ, цы бæлас æрхаста, уый ныссагъта Сосланы усы дуармæ.

Нарт æрæмбырд сты Айсанайыл æмæ йыл цин кодтой, — мæнæ нын цы диссаджы бæлас æрхаста, зæгъгæ.

Сосланы ус уæддæр нæ сыстад йæ бынатæй, æмæ йæм Айсана дзуры:

— Ныр та цæуылнæ сыстыс, цы ’фсон ма кæныс?

Ус ын загъта:

— Цы дын стон, исты мын Саумæрон Бурдзæбæхы куы нæ æрхастай?

Айсана йæ бæх фæзылдта æмæ Саумæрон Бурдзæбæхмæ хæссынмæ ацыд. Саумæрон Бурдзæбæх ахæм мæсыджы бадти, æмæ йын йæ сæр цæст нæ уыдта, æмæ ахæм лæгæн куымдта, мæсыгæн йæ бынæй йæ сæрмæ йæ хъæр кæмæн фехъуыстаид.

Бирæ усгуртæ йæм фæцыди, фæлæ йæм дзы никæй хъæр сыхъуысти, æмæ-иу цавддуртæ фестадысты.

Айсана мæсыджы бынæй ныхъхъæр кодта, фæлæ йæ хъæр мæсыджы æмбисмæ дæр нæ сыхъуысти, æмæ йæ уæрджытæй дæлæмæ цавддур фестад. Дыккаг хъæр ныккодта, фæлæ та нæ фехъуыст йæ хъæр, æмæ астæуæй дæлæмæ цавддур фестади. Стæй уæд йæ цæстытæ доны разылдта, æмæ йæм йæ бæх дзуры:

— Цы фæдæ, мæ барæг?

Айсана йæм дзуры:

— Мæнæн мæ бон ницыуал у, фæлæ дæ хъару æмæ дæхæдæг — дæ сæр мæ бахъуыд!

Уæд бæх ныууасыд, æмæ мæсыджы цъуппæн йæ тигъ æркалди, Айсана дæр цы уыд, уый фестад.

Саумæрон Бурдзæбæх базыдта Айсанайы йæ бæхы уастæй æмæ рараст ис мæсыджы сæрæй.

Куы ’рцыди мæсыгæн йæ бынмæ, уæд Айсанамæ дзуры:

— Æрхæццæ мæм дæ, Айсана?!

— Æрхæццæ дæм дæн, бæгуыдæр, фæлæ рацу æддæмæ æмæ цом.

Саумæрон Бурдзæбæх рахызт мæсыгæй æмæ Айсанайы фæсарц бабадт. Куы рацыдысты, уæд æй Айсана фæрсы:

— Ацы урс дуртæ та цы сты, куыд арæх сты?

— Уыдон дуртæ не сты, фæлæ мæнмæ курæг чи фæцыд, уыдон сты: сæ хъæр мæм-иу нæ фехъуыст мæсыджы сæрмæ, æмæ-иу цавддуртæ фестадысты.

Айсана йын зæгъы:

— Уæдæ ма сæ фæстæмæ лæгтæ фестын кæн!

Саумæрон Бурдзæбæх дзуры Айсанамæ:

— Уый дæ ма бафæндæд. Дæу дæ бæх сарæзта, фæлæ ам дæуæй хуыздæр лæппутæ уыди, æмæ куы райгас уой, уæд мæ дæуæн хæссын нал ауадздзысты.

— Нæй гæнæн, хъуамæ сæ райгас кæнай, — зæгъы Айсана уæддæр.

Саумæрон Бурдзæбæх йæ зæлдаг кæлмæрзæн рахизырдæм разылдта æмæ цавддуртæ лæгтæ фестадысты.

Æмхуызонæй лæбурæг сысты Айсанамæ.

Сæ иу Айсанайы кардæй æрцæвынмæ куыд хъавыди, афтæ Саумæрон Бурдзæбæх йæ зæлдаг кæлмæрзæн галиуырдæм фæзылдта, æмæ та иууылдæр цавддуртæ фестадысты.

Айсана Саумæрон Бурдзæбæхы рахаста уырдыгæй æмæ æрцыд Нарты хъæумæ. Нарты хъæу æмхуызонæй цин кодтой Айсанайыл æмæ сæ чындзыл, хастой сæм хуынтæ алырдыгæй. Сатана дæр йæ цæгатæй æрбацыд; тынг фæцин кодта йæ лæппуйыл æмæ куывдæн ронг бантыдта.

Уырызмæг, Сослан æмæ Хæмыц дæр æрцыдысты хæтæнæй, æмæ уыдон цинæн та æппын кæрон нал уыди, Агуыры æфсæдты пырхæй куы федтой, уæд.

— Йæ рынтæ йын бахæрон мæ чысыл Айсанайæн, нæ хъæу нын чи фервæзын кодта знаджы бæхы сæфтджытæй; йæ цæрæнбон бирæ уа ме ’рдхорд Сатанайæн дæр, ахæм саггуырд лæппу чи схъомыл кодта Нартæн, — загъта Уырызмæг.

Сосланы ус дæр æнæбары сыстад йæ бадæнæй, æмæ йæм Айсана дзуры:

— Уа ’нæбары цæмæн сыстадтæ, хорз ус, бадтаис фæлтау!

Ус ын зæгъы:

— Цы дын стон цæрдæг, исты мын, хуыцауы раз йæ хъуырæй заргæ чи кæны, йæ дыстæй — æмдзæгъд, йæ фæдджитæй — кафгæ, уыцы кæрц, мыййаг, куы нæ ’рхастай!

Уæд ын Айсана зæгъы:

— Уыцы кæрц кæд ды бахуыдтай, уæд æй æрхæсдзынæн, кæннод йе ’рхæссын мæ бон нæу!

Ус дæр ныхъхъус и, уæдæ цы уыдаид.

САТАНАЙЫ ЛÆППУ

Иухатт Нарты Уырызмæг афæдзбалцы ацыди, чи зоны, кæдæм. Йæ ус, — Нарты Сатана, — хæстбойнон баци. Æвæдза, гъеныр афон ралæууыди, афтæ Нарты Сатана æртæ мыдамæсты ракодта æмæ хуыцаумæ скуывта:

— Хуыцауты хуыцау, мæхи хуыцау! Афæдзæй-афæдзмæ нæ бæстыл цы мигъ, цы ’врагъ æрбада, уый ацы сахат Нарты хъæуыл цы ’рбады, уый радт!

Тар мигъ ныббадт Нарты хъæуыл. Уæд Сатана Тутыры гуырд уæнгуытæ уæрдоны баифтындзын кодта, Терчы былмæ йæхи фæласын кодта, æмæ йын уыцы ран лæппу райгуырди.

Ноггуырдæн скодтой чырынгонд, чырынгонд бæлæгъы цæвæрдтой æмæ йæ уыцы хуызæнæй фурды басхуыстой.

Галуæрдоны та бабадти Нарты Сатана æмæ та æгас хæдзар ссардта.

Бæлæгъ фурды сæрыл узгæ-узгæ згъоры, фæйлауæнтæ дзы хъазынц, пуртийау æй раппар-баппар кæнынц алырдæм.

Уыцы хуызæнæй кæсагахсджытæм ныйирвæзт.

Уыдон баурæдтой бæлæгъ, райгом кодтой чырынгонд, удæгасæй дзы сывæллоны систой æмæ йæ бахастой æлдары хъæумæ.

Æлдар сывæллоны хæссынтæ байдыдта йæхи хъæбулы хуызæн.

Куы байрæзт сывæллон, уæд ын фæбæрæг сты йæ уды конд, йæ зæрдæйы арæзт: нæртон туг кæй зылди йæ тугдадзинты, уый базыдтаид алчидæр, Нарты чи зыдта, уыдонæй. Фыццаг уыди, æмæ дзы хъазгæ-хъазын фæлмæцын байдыдтой йе ’мгар сывæллæттæ — чызгæй, лæппуйæ. Уый фæстæ дзы хъæстгæнæг уыдысты дондзаутæ, куыройдзаутæ: дурын сын дурынæн нал уагъта, къуыстил къуыстилæн, къæсса къæссайæн йæ фат æмæ йе ’рдынæй. Знаггадæй, фыдуаг мийæ фæсте ницыуал ныууагъта.

Дзыллæ дзы нал уыдысты сæ сæрæн. Фæстагмæ адæм æрæмбырд сты, уыциу гуыппæй бацыдысты æмæ æлдарæн дзурынц:

— Бирæ дæм фæхъаст кодтам дæ арæггаг лæппуйы фыдуагдзинæдты тыххæй, фæлæ нырмæ дæр уый йæ фыдуагдзинæдтæ нæ уадзы, ды дæр ын уынаффæ нæ кæныс йæ басабыр кæнынæн. Æрсабыр афон та йын у, — уыйбæрц саби дæр нал у, — милтæ йыл фæхæцыди. Зæгъæм дын фæстаг хатт, не ’лдары хай: кæнæ дын мах, кæнæ дын дæ лæппу!..

Æлдар сагъæсыл фæци. Уыцы рахъуыды-бахъуыды фæкодта æмæ стæрхон кодта: «Мæ хъанæн нæ хъæу цæрæнбынат нал у, иу æцæгæлон бæстæм æй фервитын хъæуы».

Æппæтæй дæр æй хæрзифтонг скодта: дарæсæй, хæцæнгæрзтæй, йæ бæхрæгъæуттæм хуыздæр бæх нал ныууагъта, ахæм ын сбадын æввонг сарæзта. Стæй баздæхт æмæ йын дыууадæс барæджы бафтыдта йемæ. Барджытæм аивæй басидт æмæ сын сусæгæй фæдзæхсы:

— Мæ хъаны усгур æфсон æрвитын мæ хъæуæй. Абалц кæнут йемæ стыр фæндагыл. Æфсæн дуармæ бахæццæ уыдзыстут. Дуар æхгæд разындзæн; лæппу йыл æвзардзæн йæ ехсыхъæдæй, фæлæ йын нæ гом кæндзæн. Уæд æрцæфтæ кæндзæн йæ бæхы; бæх маргъау æфсæн дуары сæрты уыциу тахт бакæндзæн. Æвæдза, лæппу дуары иннæ фарс фæци, афтæ-иу фæстæмæ мауал ауæрдут лидзыныл. Рох уæ ма кæнæд — уыцы иуырдæм уæ дыууæ барæджы ма фæуæд, фæлæ-иу ныххæлиу ут алырдæм.

Араст ис æлдары хъан дыууадæс барæджимæ. Стыр фæндагыл бахæццæ сты æфсæн дуармæ. Лæппу дуарыл ехсыхъæдæй бахæцыд, фæлæ дуар нæ байгом ис. Лæппу бæхы ’рбамбырдтæ кæны, ехсæй йæм æрæвзиды; бæх тæрхъусы кафт скæны барæджы бын æмæ æфсæн дуары сæрты батæррæст ласы. Йе ’мбæлттæ иугæйттæй куый-хъæд, куый-дур баисты.

Лæппу ма иудзæвгар сæ фæдыл акæсы, стæй уæд цæуын байдайы размæ йæ фæндагыл. Бирæ фæцыд, чысыл фæцыд, чи зоны, фæлæ иу афоны æрфынæй ис йæ бæхы рагъыл. Бæх йæ цыды кой кæны. Уалынмæ йын æртæ барæджы фæдæргæвст æркæнынц йæ фæндаг. Барджытæ разындысты Нæртон адæм — Æхсæртæггаты разагъд лæгтæ: Нарты Уырызмæг, Нарты Хæмыц æмæ Нарты Сослан.

«Иудадзыг дзæгъæлы нæ фæци нæ балц, — загътой Нæртон адæм. — Уæртæ нын уыцы барæг истæмæнты сбæздзæн, — нæ сылгоймæгтæн нын, æппынфæстаг, уæрагæмбæрзæнты аргъ уæддæр ныккæндзæн».

Йæхи йыл раскъæрдта Нарты Сослан. Скъуырдта барæджы йæ бæхæй, фæлæ барæджы бæх, мара-зæгъай, æнкъуысгæ дæр фæкæна, — йæ цыды кой кæны.

Базмæлын кодта Нарты Хæмыц дæр йæ бæх, уыциу цæф скæны фыдæбойнаг барæджы бæхы... Уæд та ма куыд нæ фæчиуы бæх! Фæлæ бæх нæ халы ныр дæр йæ цыд. Уæд Нарты Уырызмæг фездахы барæгмæ йæ разагъд Æрфæны, фæлæ та ницы ком радта барæджы бæх Уырызмæджы Хъулонæн дæр.

Уæд сæм дзуры уыцы барæджы бæх:

— Ма кæнут, ауадзут нæ нæ фæндагыл. На æмæ куы райхъал уа мæ барæг, уæд уæм хорз нал фæкæсдзысты уæ митæ.

Куынæ ’мæ, куынæ уыди, Нарт хуыцауы бар куы нал уагътой бæхы, уæд бæх ныууыгъта йæхи.

Барæг æрыхъал ис, асæрфта йæ цæстытæ æмæ фæкомкоммæ ис Нарты тыхгæнджытæм. Æрыздæхтытæ сæм кодта йæ бæх æмæ... Нарты Уырызмæг æмæ Хæмыцы хордзен-баст акодта йæ фæсарц, Сосланæн буарæй роны ’хсæн арц атъыста, бæхæй йæ райста æмæ йæ уыцы хуызæнæй хæссы йæ арцыл. Рахъæр сын кæны сæ бæхтыл æмæ сæ фæтæры размæ.

— Чи зоны, ахæм ми уыл æрцæудзæн, уый æнхъæл нæ уыдыстут, фæлæ уын æз цы хъомыс бауыдзынæн, уый фендзыстут. Баздæхдзынæн æмæ уæ ацы хуызæнæй уæ бæстæм фæхæсдзынæн æмæ уæ уыцы ран æрæвæрдзынæн уæ устыты раз, — дзуры Нарты гуыппырсартæм лæппу.

Раны фесты Нарты хæрзæджытæ! Уыйбæрц фæхаттысты, уыйбæрц тых фæкодтой, фæлæ сыл иу ахæм адæймаг нæма сæмбæлди.

Хорзау нал уыдысты Нарты сгуыхт лæгтæ. Катайыл сысты æмæ æваст фæфæлдæхтысты, се ’взаг суагътой:

— Ма нæ фесаф, ма нæ фæхудинаг кæн уыйбæрц, курæм дæ, дæхицæн æй аккаг ма скæн, нæ рæдыд нын ныббар. Фæлтау нæ ацы ран амар, уæддæр нын уыцы ми ма бакæн.

— Ацæргæ адæм стут, æмæ дын уый тыххæй барст ’фæуæд, фæлæ мын дзырд радтут, куыд нал бахъыгдардзыстут фæндаггон адæмы, — дзуры сæм лæппу.

Амал нал уыди. Радтой йын дзырд. Барæг суæгъд кодта Нарты, æмæ сæ алчи араст ис йæ фæндагыл.

Барæг цас ацыдаид, чи зоны, фæлæ ’васт фæстæмæ ’рбахæцыд йæ бæхы рохтыл.

«Мæрды рох мыл куыд бахæцыд! Ай кæдæм цæуын, уымæн куы ницы сæр ис, цы бæсты дæн, уымæн дæр куы ницы бæрæг ис, ус кæм курдзынæн, уымæн дæр куы ницы зонын, уæд æнæ бафæрсгæ куыд ауагътон уыцы адæмы. Уыдон та, чи ахатти, чи федта, бирæ таутæ чи ахордта, ахæм адæмы каст кæнынц, — бæрæг у сæ уæлæ. Цон æмæ сæ баййафон, кæд мын искуы бацамониккой иу чызг».

Нарт барæджы куы ауыдтой сæ фæдыл æрбацæйцæугæ, уæд лидзæг фесты.

— Фæлæуут мæм! Дзырд уын дæттын, ницы уын кæндзынæн, хъуыддагæн мæ хъæут! — хъæр сæм кæны лæппу.

Нарт фæсабыр сты сæ цыдæй; баййæфта сæ барæг æмæ сæм дзуры:

— Нæ хæдзарæй усгур рараст дæн, фæлæ а бæсты никæй зонын, сымах та, бирæ чи федта, ахæмтæ стут. Уæ хорзæхæй, иу чызг мын банымудзут.

— Дыууæ доны кæм баиу вæййынц, уыцы ран йæ галуанты цæры æмæ хæры Адыл, — загъта Нарты Уырызмæг. — Уымæн ис ахæм чызг, æмæ арв йæ къабæзтæ кæм ауагъта, уым уый хуызæн уындæй дæр, æгъдауæй дæр нæ разындзæн. Дунейы хæрзæджытæй йыл чи нæ сдзырдта, ахæм нал баззад, фæлæ нæ комы никæмæн. Уыимæ йæ фыд Адылы хъæздыгæн дæр хъуамæ макуы разына.

Дыууæ доны астæу Адылы фидæрттæм йæ ных сарæзта лæппу. Йе ’мгæрттимæ мæсыджы бады Адылы рæсугъд чызг, къухми кæнынц чызджытæ. Уæд чызджытæй иу дзуры:

— Уæртæ нæм иу чидæр æрбацæуы, — нæма ’рбацыди уый хуызæн а бæстæм.

— Кæсут, æмæ кæд донæн йæ тæнджытæ агура, уæд ыл худæгæй нæхи схæсдзыстæм, ахъаздзыстæм дзы; кæд æмæ комкоммæ ’рбацæуа, уæд мын мойæн сбæздзæн, — зæгъы Адылы чызг.

— Йæ тæккæ иугуыры ’рбасхуыста, — загъта та чызг, — кæсаг дæр уый хуызæн не ’рбацæудзæн. Мара-зæгъай, уыцы фурды йæ бæх чиугæ дæр фæкæна, фатау æрбайгæрста дон.

Адылы галуанты æрхызти лæппу йæ бæхæй. Адылы рæсугъд чызг цы уаты бадти, уый дуарыл бахæцыд ехсыхъæдæй, æмæ дуар мидæмæ бахаудта.

— Дæ бон хорз уа, не ’взæр æфсин, — зæгъы лæппу Адылы рæсугъдæн.

— Хорзæй цæрай, Нарты Сатанайы хорз лæппу, — дзуапп ын радта чызг.

Цæрынтæ сын бацайдагъ ис лæг æмæ усæй Адылы фидæртты, дыууæ доны астæу хуыдзыхау кæм фæци зæхх, уым, æппæтæй дæр æххæст, афтæмæй.

Иуахæмы лæппумæ дзуры йæ ус:

— Æвæдза, лæппуйæн бинонтæ фæци, афтæ йæ нал фæхæссы хæдзарæй йæ къах. Кæсын дæм, æмæ дæ гуымиры тых цæйбæрц райрæзт, уыйбæрц дæ зонд нæма у! Гуымиры тыхы та зонд куынæ араза, уæд фыдбылызы сæдзы адæймаг. Баздæх æмæ Тархъы Сындзмæ фæцу. Уым ис сау рувас — йæ ныхы æртæ урс æрдуйы. Рувасы куы ’рцахсай, уæд ын сæ ратонын хъæудзæн. Сæ иу хъуын уыдонæй уыдзæн дæуæн зонд амонæг; аннæ фестдзæн рон, æртыккаг — æгънæджытæ, æвзист æмæ сыгъзæринæй арæзт. Уыдон та балæвар кæндзынæ мæнæн. Фæлæ уый зон, æмæ сау рувас æрцахсын æнцонæй нæ бафтдзæн дæ къухы. Тархъы Сындзмæ куы бафтай, уæд æй сурынтæ сисдзынæ, дæ дарæсæй ницыуал уыдзæн дæ уæлæ — гæбазгай баззайдзæн сындзыл, фысы фист ыл куыд баззайы, афтæ. Алырдыгæй дæ буарæн хъардзæн йæ туг. Дæ къухы нæ бафтдзæн; Сындзæй йæ расурдзынæ. Сурынтæ йæ байдайдзынæ уырыл: дæ дзабыртæ фæуæлгом уыдзысты, дæ къæхты пырх кæлдзæн. Фæлæ сау рувас дæр сфæлмæцдзæн, — дзыхълæуд ныккæндзæн уырыл: удæгасæй йæ ’рцахсдзынæ, уыцы æртæ урс æрдуйы æртондзынæ, стæй йæ ауадздзынæ...

Лæппу Тархъы Сындзы сау рувас удæгасæй куыд æрцахста, афтæ йын йе ’ртæ урс хъуыны ратыдта йæ ныхæй æмæ сæ бафснайдта, стæй рувасы ауагъта.

Сыздæхы сæ хæдзармæ, æмæ та Адылы рæсугъдимæ цæрынтæ æмæ хæрынтæ сисынц.

Цас та ацардаиккой, чи зоны, фæлæ та иуахæмы дзуры Адылы чызг:

— Лæгай, иунæгæй цæрæм ацы ран. Баздæх æмæ та нын фæцу балцы. Райсом æрыскъæф тонынмæ рацæудзысты ногъайы фæсивæд — чызгæй, лæппуйæ. Афтæ бакæн æмæ нын дзы фондзыссæдз къайы æрбахон æмæ сæ ’рцæрын кæн нæ алыварс, цæмæй нæ дунейы цард рогдæрæй арвитæм уыдон руаджы.

Ногъайы фæсивæдæй сæдæ чызджы æмæ сæдæ лæппуйы ’рбакодта Нæртон гуырд æмæ сæ Адылы фидæртты алфамбылай æрцæрын кодта, хъæу сæ сарæзта.

Уæд та иу рæстæджы Адылы рæсугъд дзуры йæ сæры хицаумæ:

— Уæ, мæ сæры хицау, æхсызгон кæнинаг ма дын у а дыууæ боны иу хъуыддаг. Нарт Гуры фидар басастой, цы фос дзы фæкодтой, уыдон уардзысты. Афтæ бакæн æмæ дзы дæхи хайджын фæкæ. Уый та афтæ зын нæу, фæндæй куы бакусай, уæд. Нарт бырсынмæ куы цыдысты, уæд къулыбадæг усы фæндагыл сбадын кодтой, лæбурджытæй фидармæ раздæр чи бахиза, уый сбæрæг кæныны тыххæй. Лæвæрттæй фыццаг бар раззагмæ цæуы. Æз дын уыцы усæн йæ фæлыст сараздзынæн къахæй къухмæ, ды йыл дæ фæндаг акæндзынæ æмæ йын сæ балæвар кæндзынæ, стæй йын бафæдзæхсдзынæ, фарст æм куы ’рцæуа, Нарты адæмæй Гуры фидармæ раздæр чи бахызт, зæгъгæ, уæд дæу куыд бацамона, афтæ.

Æрæмбырд сты Нарт Гуры фидарæй хаст хæзнатæ уарынмæ. Дыууадæс ивазны æрфæн уæрм скъахтой æмæ дзы Нарты Сырдоны аскъæрдтой, хъуыддаг хъаугъамæ куы тæра, уымæй тæрсгæйæ.

Фæрсынц зæронд усы:

— Уæдæ хæсты бон Гуры фидармæ фыццаджыдæр чи бахызтаид, уыцы амондджын чи уыдзæни, чи?

— Йæ бонæй уæд, уастæн, Адылы сиахс, уый бахызти Гуры фидармæ фыццаджыдæр, — загъта къулыбадæг ус.

— Дæ раззаджы хай сис, Адылы сиахс, стæй иннæ хæзнатæ лæджы сæрыл байуардзыстæм æмхуызон, — загътой Нарты хистæртæ.

Адылы сиахс æркаст хæзнатæм, æмæ йын амынд куыд уыди сау рувасы урс хъуынæй, уымæ гæсгæ дзы райста йæхицæн æртæ дзаумайы: æрчъиаджы султъы, нымæтын ехс æмæ гамхуд.

Нарт Сырдоны систой уæрмæй. Сырдон хæзнатыл рахаста йæ цæст æмæ фæрсы Нарты хистæрты:

— Раззаджы хай чи систа?

— Адылы сиахс, — дзуапп ын радтой Нарты хистæртæ.

— Рагæй дæр ницæйаг уыдыстут, Нарт, — зæгъгæ, загъта Сырдон, — æмæ та уæ ныр дæр хынджылæг фæчындæуыд: Нарты Сатанайы лæппу уын ахаста уæ хæзнатæ. Чи ма дзы æрызад, уыдон иу доны къусы аргъ дæр не сты!

Нарты Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан, Сырдоны ныхæстæ фехъусгæйæ, кæрæдзимæ бакастысты æмæ сфæнд кодтой басгарын Адылы сиахсы.

Рабалц кодтой Æхсæртæггаты стæрон лæгтæ. Адылы фидæрттæм фæцыдысты. Уыцы ран, куыд сыл æмбæлди, афтæ уазæгдоны раз æрхызтысты.

— Ныббарут мын, уазджытæ, фæлæ ма кæд исты зонын, уæд ма уæ цыма кæмдæр федтон, афтæ мæм зыны, — зæгъы лæппу.

— Нæ рæдийыс, — дзуапп ын радта Нарты Хæмыц, — ацы фидæрттæм дæ мах сарæзтам усгур. Стæй ма дын зæгъдзыстæм, нæ цыды сæр цæмæ уыди ардæм, уый дæр. Хæрз æрæджы базыдтам мах, — Сатанайæ кæй райгуырдтæ, уый; мæнæ дын уый та Уырызмæг Æхсæртæггаты, Сатанайы сæры хицау, мах та йе ’фсымæртæ — Хæмыц æмæ Сослан. Худинаг у Нæртон гуырдæн йæ каисты хæдзары цæрын — цам дзы кæны æгас мыггаг дæр.

Нарты Сатанайы лæппу æмæ йе ’фсин бафснайдтой сæ бирæ исбон, рахуыдтой сæ адæмы æмæ Нарты хъæуы ’рцардысты.

Нарт та фосы конды фесты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.